09 майя 2024

АХУРАДÆ

23.09.2023 | 21:52

Ахурадæ æма науки министрадæй куд игъосун кæнунцæ, уотемæй ахури нæуæг анзи нæ республики скъолати косун райдæдтонцæ 186 ахургæнæги. Сæ профессионалон ирисхъи райдайæни син разæнгардгæнæг уодзæнæй е дæр, æма сæ кусти фиццаг анзи дæргъи син уæлæнхасæн ма фист цæудзæнæй сæ мизди 70 проценти, дуккаг анзи ба – 50 проценти. Ахургæнæги дæсниадæ устур цæстиварди кæнун ке байдæдта, уомæн æвдесæн æй е дæр, æма еци дæсниадæ райсуни нисанеуæгæй аци анз астæуккаг сæрмагонд æма уæлдæр ахургæнæндæнттæмæ бюджетон бунæттæмæ ист æрцудæй 600 ахурдзауи. Педагогон æргомæздæхти профилон кълæстæ скъолати нерæнгæ иссæнцæ 50 бæрцæ.