25 апреля 2024

АМАЛГЪОНАДÆ

21.01.2023 | 21:03

Экономикон райрæзти министрадæ куд фегъосун кодта, уотемæй фарæ амалгъонадæй архайæг æма хуæдбарæй косгутæй æвддæс райстонцæ паддзахадон агъаз. Алли амалгъон дæр æ гъуддаг исаразунæн райста 250 мин сомемæй ба 300 мин сомей уæнгæ. Сæ проекттæ ба баст æнцæ медæггаг туризми, хомагкустгæнæг кустади, хуæнхон æма æндæр зинбацæуæн рауæнти куститæ аразуни хæццæ. Гранттæ райсуни конкурс арæзт æрцудæй æхсæзæймаг хатт, æма кæд 2017 анзи уоми архайунмæ лæвæрд æрцудæй 30 курдиади, уæд фарæ ба – 90. Аци гъуддагæн фæстауæрцон фондæй радехгонд фæрæзнитæ, гъулæггагæн, еугурей фагæ не  ’ссæнцæ. Æма нур архайд цæуй, цæмæй фæрæзнитæ фулдæр дехгонд æрцæуа.