09 майя 2024

ДЕМОГРАФИ

22.07.2023 | 12:50

Цæгатиристойнаг статистикон управлени куд игъосун кæнуй, уотемæй аци анзи æртæ мæйемæ нæ республики цæргути нимæдзæ 780 адæймаги фæмминкъийдæр æй. Амунд рæстæг райгурдæй 1725 сувæллони, гъома, фарæ еци рæстæги хæццæ рабаргæй, 6,0% минкъийдæр. Ка рамардæй, уони нимæдзæ рауадæй 1855 адæймаги (фарæй 31,1% минкъийдæр). Республики цæргутæй æрдзон уагæй фæгъгъудæй 130 адæймаги (фари фиццаг квартали ба – 859 адæймаги).

2023 анзи æртæ мæйемæ республики исаразтонцæ 519 къайади, ихæлд ба ’рцудæй 931 къайади. Фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй, арæзт къайæдти нимæдзæ фæмминкъийдæр æй 12,6%, ихæлд къайæдти нимæдзæ ба 12,6% фæффулдæр æй.