08 майя 2024

ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ.

26.08.2023 | 19:42

Уæрæсей Хецауадæ иннæ анзи фæлладуадзæн бæнтти раргъæвди фæткæ исфедар кодта. Нæуæганзон бæрæгбæнттæ рахæсдзæнæнцæ аци анзи 30 декабрæй иннæ анзи 8 январи уæнгæ, майи бæрæгбæнттæ ба – 28 апърелæй 1 майи æма 9 майæй 12 майи уæнгæ.

Федæни нæуæганзон бæрæгбæнттæ рахæсдзæнæнцæ  дæс боней дæргъи – аци анзи 30 декабрæй иннæ анзи 8 январи уæнгæ. 2024 анзи 23 февралæй 25 феврали уæнгæ, 8 мартъийæй 10 мартъий уæнгæ, 28 апърелæй 1 майи уæнгæ, 9 майæй 12 майи уæнгæ, 12 июнь, 3 ноябрæй 4 ноябри уæнгæ, уæдта 29 декабрæй 31 декабри уæнгæ нимад уодзæнæнцæ æнæкосгæ бæнттæбæл.

Иннæ анзи 6 æма 7 январь æнæкосгæ сабат æма хуцаубонмæ ке хаунцæ, уой нимайгæй, 6 январь рахæсдзæнæнцæ 10 маймæ, 7 январь ба – 31 декабрмæ. Уомæй уæлдай æнæкосгæ бæнттæ: сабат 27 апърелæй рахæсдзæнæнцæ авдисæр 29 апърелмæ, сабат 2 ноябрæй геуæргибони 30 апърелмæ, сабат 28 декабрæй  ба – авдисæри 30 декабрмæ.

* * *

Дзæуæгигъæу æма Еугонд Араббаг Эмиратти агъазиаудæр сахар Дубайи ’хсæн уæлдæфон маршрут байгон уодзæнæй 2023 анзи 1 октябри. Балцитæ æнхæстгонд цæудзæнæнцæ къуæре дууæ хатти – геуæргибон æма сабати. Уой хæццæ, нуриуæнгæ амунд маршрутмæ билеттæ рагацау балхæнæн ес авиакомпани «Победа»-йи сæрмагонд сайти.

Дзæуæгигъæуæй Дубаймæ балций тæккæ минкъийдæр аргъ уодзæнæй 16 мин сомей бæрцæ, уæлдæфон надбæл багъæудзæнæй 3,5 сахатти тæхун.

Нуртæккæ «Победа» Дубаймæ уæлдæфон балцитæ æнхæст кæнуй мæскуйаг аэропорт «Внуково»-йæй. 4 октябрæй фæстæмæ Эмиратмæ «Победа»-йи хуæдтæхгутæ рабалци кæндзæнæнцæ Махачкалайæй дæр. Уой хæццæ, 31 октябрæй фæстæмæ Иристони цæргутæй уæлдай ма, уæхæн фадуат фæззиндзæнæй волгоградæгтæн дæр.

* * *

Медбæстон туризми къабази Цæгат Иристон иссæй тæккæ хиццагдæр рауæнтæй еу. Аци анзи фиццаг æмбеси нæмæ бæлццæнттæ æрбацудæй, фари хæццæ рабаргæй, дæс проценти фулдæр. Цæугæ ба нæмæ æрбакодтонцæ нæ бæсти 74 рауæнеми цæргутæ, сæ фулдæр Мæску æма Мæскуй облæстæй.