ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ.
ФÆФФУЛДÆР УОДЗÆНÆЙ КУСТГЪОН КА НÆЙ, УОНИ НИМÆДЗÆ
Уæрæсей нури цæрæг дзиллæн сæ 24 проценти ’нцæ, косунгъон кари ка нæбал æй, уæхæн адæймæгутæ. Фарæ ба еци бæрæггæнæн адтæй 25,8 проценти. Мадта 2026 анзмæ ба сæбæл бафтуйдзæнæй 2,4 проценти. Сæ карæмæ гæсгæ кустгъон ка нæбал æй, еци адæми нимæдзæ уодзæнæй 1,5 миллион адæймагей бæрцæ.
Советон Цæдес ку фехалдæй, уæди уæнгæ, кустгъон ка нæбал уидæ, уони нимæдзæ 20 процентемæй уæлдæр некæд уидæ, 2000-2019 æнзти ба Уæрæсей цæргути цуппæрæнхай кустгъонбæл нимад нæбал уидæ. Пенсион реформи фæсте – 2027 анзи уæнгæ – сæ нимæдзæ дæлдæргæнгæ цæудзæнæй æма æрхаудзæнæй 22, 5 процентемæ. Уой фæсте бабæй нæуæгæй хæрдмæ хезун райдайдзæнæй.
ФЕДДОНТÆ БАЙЗАЙДЗÆНÆНЦÆ
«Земский доктор» æма «Земский учитель», зæгъгæ, федералон программити архайгутæн гъæуама фист ци æхцатæ цæуонцæ, уони бæрцитæ 2030 анзмæ фæффулдæр уодзæнæнцæ. Уой туххæй Уæрæсей Президент фегъосун кодта Идард Искæсæни экономикон форуми. Уордæмæ косунмæ ци дохтиртæ æма ахургæнгутæ рандæнцæ, уонæн фист цæудзæнæй еурæстæгон феддонтæ. Иннæ анзæй фæстæмæ ба ма уæхæн хузи материалон фæрæзнитæ федун райдайдзæнæнцæ культури къабази косгутæн дæр: гъæууон клубти, исфæлдистадон хæдзæртти, киунугæдæнтти, музыкалон скъолати æма музейти косгутæн.
ХУÆДТОЛГИТÆ ФÆХЪХЪАЗАРДÆР ÆНЦÆ
Августи куд рабæрæг æй, уотемæй рæуæг хуæдтолгити æргътæ рæстæмбес нимадæй фæббæрзонддæр æнцæ 2 процентей бæрцæ æма исхизтæнцæ 3,65 миллион сомей уæнгæ. Уогæ алли рауæнти еци бæрæггæнæнтæ ’нцæ фæйнæхузон. Зæгъæн, Мæскуй фæхъхъазардæр æнцæ 1 проценти, Новгороди облæсти – 3,3 проценти, фал уæддæр Мæскуй хуæдтолгити æргътæ нуртæккæ ’нцæ тæккæ хъазардæр.
АХУРГÆНГУТÆ НÆ ФАГÆ КÆНУЙ
Уæрæсей скъолати нæ фагæ кæнуй 20 мин ахургæнæгей бæрцæ. Кусти уавæртæ аккаг æмвæзадæбæл æвæрд ке нæ фæуунцæ, сæ кусти мизд бустæги ниллæг ке æй, уомæ гæсгæ ахургæнгутæ институти фæсте, дууæ анзей бæрцæ бакосгæй, сæхецæн æндæр кусти ниллæууни мадзæлттæ агорун райдайунцæ. Скъолай ахурадон программитæ æгæр ахид æййивд цæунцæ, мадта скъолатæмæ ахид цæунцæ аллихузон бæрæггæнгутæ дæр ахургæнгутæн сæ кусти гъæдæ исбæлвурд кæнунмæ.
Уомæ гæсгæ ба нæ бæсти берæ рауæнти, уæлдайдæр ба устур сахарти дæр ахургæнгутæ нæ фагæ кæнуй. Ахургæнгутæй сæ кустбæл æ къох ка исесуй, етæ ба ахиддæр исунцæ репетитортæ, кенæ æндæр ести уæхæн гъуддагбæл хуæст косгутæ.
СÆ РАВГÆ НÆЙ
Уæрæсей сахъат адæмбæл нимад ка цæуй, уони æмбеси бон нæй интернетæй пайда кæнун. Никки ба ма сахъат адæм се ’мдогæнттæй минкъийдæр пайда кæнунцæ интернетæй. Æнæнез адæмæй интернетæй ка пайда кæнуй, уони нимæдзæ ’й 1,4-37 проценти, сахъатгинти нимæдзæ ба иссæй 20-60 проценти. Е æй, гъæугæ фæрæзнитæ син ке нæййес, уой фудæй.
СÆ СОСÆГДЗИЙНÆДТÆ ÆРГОМ КÆНУНЦÆ
«Ведомости»-й бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ айдагъдæр аци анзи фиццаг æмбеси, Уæрæсей сæ сосæгдзийнæдтæ æргомгонд æрцудæнцæ 986 рæнгъей бæрцæ. Фари хæццæ рабаргæй, еци нимæдзæ ’й 33 проценти фулдæр. Фари хæццæ рабаргæй 415 хатти фæффулдæр æнцæ, кедæр сосæгдзийнæдтæ раргом кæнуни гъуддæгутæ дæр. Уæрæсей фæлхасадæмæ цæстдарæг управленийæй ба давд æрцудæй 500 миллион рæнгъи аллихузон бæрæггæнæнтæ.
ЗНАГГАДÆХÆССÆГ КЪАНАЛТÆ
Паддзахадон Думи фæззигон сессий æркæсуйнаг æнцæ телеуинунади къаналтæй кæцидæртæ адæмти ’хсæн æзнаггадæ хæссæг куст ке кæнунцæ, еци фарстатæмæ. Депутатти гъудимæ гæсгæ телевизион къаналтæ ахид сæ комкоммæ ихæстæ æнхæст кæнуни бæсти рахезунцæ зианхæссæг равдиститæмæ. Сæ рæдуд син амунд ку ’рцудæй, уой фæсте ба си дууæ устур къанали сæ нæмттæ раййивтонцæ, фал уæддæр знаггадæхæссæг куст ба идарддæр кодтонцæ.
УÆЛÆНХАСÆН КУСТИТÆ
Уæрæсей косæг адæми 29 проценти алли бон дæр сæ сæйраг кустæй уæлдай ма кæнунцæ уæлæнхасæн куститæ дæр. Фарст ка ’рцудæй, еци адæмæн сæ цуппæрæймаг хай куд байамудтонцæ, уотемæй уонæй къуæремæ æртæ хатти алкедæр багъæуй уæлæнхасæн рæстæгутæ бакосун. Æдеугурæй ба уæхæн куст кæнунцæ уæрæсейæгти 80 проценти. Сæ фулдæр кусти байзайунцæ, иннæ косгутæ бунати ке нæ разиннунцæ, куст æгæр уæззау ке фæууй, уомæ гæсгæ. Еци-еу рæстæг сæ фулдæр хаййæн сæ еци уæлæнхасæн кустбæл æхца фист нæ цæуй. Уотемæй ба се ’нæнездзийнадæ уой фудæй лæмæгъдæргонд æма гъигæдарддæр цæуй.
КУСТАДОН ФИДБИЛИЗТИ НИМХÆ ТОХÆН – АХЕДГÆ ФÆРÆЗНИТÆ
Уæрæсей премьер-министр Михаил Мишустин куд фегъосун кодта, уотемæй 2025 анзи кустадон бунæтти фидбилизтæ ’рцæуни нихмæ тох кæнуни мадзæлттæ аразунæн æма косгути æнæнездзийнадæ гъæуай кæнуни уавæр фæххуæздæр кæнунæн дехгонд æрцæудзæнæй 35 миллиард соми. Аци анз еци гъуддæгути фæдбæл хæрзтæ хъæртунцæ 28 миллиард сомемæ. Æма мæнæ нур ци унаффæ хаст æрцудæй, е зингæ фæййагъаз уодзæнæй кусти рæстæг фидбилизæрцудтити бæрцæ дзæвгарæ фæмминкъийдæр кæнунæн, косгутæн ба зæрдæмæдзæугæдæр уавæртæ аразунæн.