04 октября 2024

ХАБÆРТТÆ, ЦАУТÆ

24.06.2023 | 23:41

Цæгат Иристон гъæууон фæзуæтти райрæзтæн аци анз райсдзæнæй 1,3 миллиард æма 637,7 миллион соми. Уони фæрци арæзт æма нæуæггонд æрцæудзæнæнцæ культури Хæдзæрттæ, коммуналон къабази объекттæ, сабийти рæвдауæндæнттæ æма скъолатæ, спортивон архайæндæнттæ.

* * *

Цæгат Иристони сахари æрæги еумæйаг æмбурд исаразтонцæ Дзæуæгигъæуи æма Нальчики силгоймæгти Советти иуонгтæ. Æма си бундоронæй æрдзубанди кодтонцæ нури уавæрти маддæлон æвзæгтæ багъæуай кæнуни æма сæ идарддæри райрæзти хæццæ баст фарстатæбæл. Аци хабари фæдбæл зæгъун æнгъезуй уотæ: еугæр силгоймæгтæ гъуддаг сæ къохтæмæ райстонцæ, уæд æй тæккæ хуæздæр хузи исараздзæнæнцæ.

* * *

Алли анз дæр июни дуккаг къуæрей кæрони еугур æхсæнадæ дæр исбæрæг кæнуй Донори дуйнеуон бон. Уомæн æ медес агъазиау æй: æ тог ка раттуй, еци адæймаг сæйгæ адæмæн искæнуй дессаги лæвар – æ тоги хæццæ ин е ’уæнгти бауадзуй цæруни нифс. Æма еци арфиаг лæварæн аргъ нæййес. Æма Уæрæсей Сурх Дзиуари цæгатиристойнаг хайадæ тогдæттуни республикон Станцæ æма æзмæлд «Медиктæ-волонтерти» хæццæ еумæ еци бони нисанæн алли анз дæр исаразунцæ донорон акци.

Аци анз тогдæттуни Æхсæндуйнеуон бони тог равардтонцæ дæс æма дууинсæй адæймагемæй фулдæр. Уонæн, сæ хуарздзийнадæй си боз уогæй, исаккаг кодтонцæ зæрдæхцæуæн лæвæрттæ, æма, ке зæгъун æй гъæуй, гъуддаг исаразгути арфитæ.

* * *

Мæздæги райони рæзæдарæн хæдзарадæ «Хæлардзийнадæ»-йи гъавунцæ хъаппæгун культурити фæзуæттæ фæуурухдæр кæнун. Аци хæдзарадæ нур фондз æма инсæй анзей дæргъи фæлхасгæнгутæмæ æрветуй экологон æгъдауæй кæдзос рæзæ. Тагъд рæстæги ба ма сæмæ фæззиндзæнæй балий, къерамий æма алтъамий бæлæстæ сагъд кæми уодзæнæнцæ, уæхæн рæзæдæнттæ.