ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ. НИСАНТÆ.
Лæвар медицинон агъази фæдбæл паддзахадон зæрдæдарæнти территориалон программæ æнхæст кæнуни нисантæн 2024 анзи æхцай фæрæзнитæ фæффулдæр уодзæнæнцæ 1,5 миллиард соми æма исуодзæнæнцæ 14,8 миллиард соми. Уони фæрци нæ республики цæргутæн медицинон лæггæдти æмвæзадæ бæрзонддæр къæпхæнмæ исхездзæнæй. Æнæнездзийнади къабази нæмæ исæвзурдæнцæ нæуæг фæззелæнтæ дæр. Уæлдай фулдæр æргом раздахдзинан онкологон, эндокринологон æма зæрдидадзинтти незтæмæ.
* * *
Нæ республики нæдти инфраструктури ирæзтæн уæлдайдæр ба хуæнхон рауæнти, иннæ анз нисангонд цæуй 6 миллиард соми. Кæронмæ фæууодзæнæнцæ нæдтæбæл куститæ курорт «Мамисон»-и, идарддæр архайд цæудзæнæй Дигоргом æма Алагири район байеугæнæг нади арæзтадæбæл. Федералон автомобилон над Чикола-Мæцутæ-Коми-Арт арæзт фæцæй. Иннæ кустити хай ба уодзæнæй тъунели райарæзт 2024 анзи. Уотемæй, нæ республики еугур кæмттæ дæр байеу кæндзинан хуæрзгъæдæ нæдтæй, æма е агъаз фæууодзæнæй туризми ирæзтæн.
* * *
Нæ республики идарддæр æнхæстгонд цæуй, кæлæдздзаг цæрæнбунæтти ка цæруй, еци адæмæн нæуæг фатертæ раттуни программæ. Уой туххæй аци анзмæ нисангонд ихæс æнæгъæнæйдæр æнхæстгонд æрцудæй. Æртæ æма дууинсæй берæуæладзугон хæдзæртти æрцæрдзæнæнцæ 1200 адæймаги.
* * *
Цæгат Иристони хузæгæнгути равдистити зали хуæрзæрæги байгон æй аллианзон равдист конкурс «Вернисаж года-2023».
* * *
Цæгат Иристони скъолати киунугæдæнтти фонд фæффулдæр æй нæ маддæлон æвзагбæл финст дæс мин киунугей бæрцæ. Сæ автортæ ’нцæ нæ национ литератури номдзуд финсгутæ. Уæдта ма си ес фæсарæйнаг финсгути уадзимистæ нæ маддæлон æвзагмæ тæлмацгондæй.