ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ. НИСАНТÆ.
Цæгат Иристон æй, æнæтæхæгæй зелдохгæнæг авиасистемитæ ахур кæнун кæми райдайдзæнæнцæ, еци уæрæсейаг регионтæй еу. Ахур кæнуни равгæ ба си уодзæнæй 950 скъоладзауи æма студентемæн. Аци гъуддагæи фæдбæл федералон гранти бæрцæ æй 298 миллион соми.
* * *
Мæскуй арæзт агъазиау еугуруæрæсеуон равдист «Продэкспо»-йи архайæг цæгатиристойнаг сæлдæгуадзæг компаний уагъд хуайраги æртæ хуземæн исаккаг кодтонцæ «Анзи хуæздæр продукт-2024» дуйнеуон конкурси æртæ сугъзæрийнæ майдани.
Зæгъун гъæуй уой, æма дзæуæгигъæуккаг компани «Снежная Королева» ци продукци уадзуй (сæдæ хуземæй фулдæр), уой æрветуй нæ бæсти нæудæс регионемæ.
* * *
Уæрæсей хецауадæ гъæууон хæдзаради аллихузон къабæзти архайгутæн уæлбарæ æфстæутти хузи радех кæндзæнæй инсæй миллиард соми. Æхца субсидити хузи харзгонд цæудзæнæнцæ агропомышленнон комплекси кустуæттæн æфстæутти хузи гъæууонхæдзарадон продукци рауадзун æма бакосунæн. Уони фæрци гъæууон хæдзаради фæллойнæгæнгутæ æфстæутти хузи сæхецæн пайдайаг уавæрти алли афæнтти будуйрон куститæн райсдзæнæнцæ 804 миллиард соми.
* * *
Аци анзи райдайæни бæрæггæнæнтæ куд æвдесунцæ, уотемæй Цæгат Иристонмæ фулдæр цæун райдæдтонцæ туристтæ искæсæйнаг бæститæй. Январи фулдæр туристтæ иссудæй Китаййæй, зæгъæн, фари хæццæ рабаргæй. Цæунцæ нæмæ Еугонд Араббаг Эмираттæй, Вьетнамæй дæр.
* * *
Мæскуй идарддæр æ куст кæнуй Æхсæндуйнеуон равдист «Уæрæсе». Ци берæ аллихузон мадзæлттæ си арæзт цæуй, уонæн сæ агъазиаудæртæй еу иссæй национ æнтæстдзийнæдти форум «Нæ культурæ». Нæ бæсти иннæ регионти минæвæртти хæццæ си архайдтонцæ нæ республики аци къабази бæрнон косгутæ дæр. Форуми рæстæг алли регионæн дæр си фæцæй равгæ сæ культурон æмвæзади æнтæстдзийнæдтæ æнхæстæй бавдесунæн, идарддæри райрæзти нисанти туххæй радзорунæн, зонгæ кодтонцæ кæрæдзей фæлтæрддзийнади хæццæ.