ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ. НИСАНТÆ
Зундгонд пластикон специалист цæсгони-æфсæри хирург Хасан Биев зæрдæ байвардта, дуйней æма Уæрæсей хуæздæр хирургти къуари хæццæ аци анз сентябри ке исцæудзæнæй Цæгат Иристонмæ. Æма ами исараздзæнæнцæ Цæгат Кавкази медицинон агъазгъæуагæ сувæллæнттæн агъазиау хуæрзауодæн акци. Е исуодзæнæй цуппæрæймаг уæхæн мадзал. Уой рæстæги сувæллæнтти клиникон сæйгæдони хирургон корпуси вазуггин операцитæ конд æрцæудзæнæй цæсгони-æфсæрти игурцæй рахæсгæ сахъатдзийнæдти хæццæ, зингисервæзти бæлахи бахауæг дæсгай сувæллæнттæн.
***
Цæмæй Уæрæсей сувæллонгин бийнонтæн алли анз дæр сувæллæнтти Æхсæндуйнеуон бонмæ фæццæрунæн фæрæзни тæккæ минкъийдæри 20 процентей бæрцæ феддонтæ фист цæуа, уой туххæй закъони проект хаст æрцудæй Паддзахадон Думæмæ. Еци феддон фист цæудзæнæй 1-31 майи, æ райсуни барæ ба уодзæнæй ниййергутæй еуей, кенæ сувæллони гъомбæл кæнуни ихæстæ æхемæ райсæг адæймагæн. Феддон нимад нæ цæудзæнæй бийнонти еумæйаг æфтуйæгти медæгæ, цæмæй ма фæббæрæг уа ци социалон феддонтæ син нисангонд уа, уонæбæл.
***
Куд нисангонд цæуй, уотемæй Дзæугигъæуæн æ цæгатварсæрдигæй фæззиндзæнæй сахар-æмвæндаггон. Æрахæсдзæнæй 280 гектарей бæрцæ фæзуат. Æнхæст уодзæнæй социалон инфраструктурæй. Æрбунат си кæндзæнæнцæ берæуæладзугон хæдзæртти хæццæ цæрæн кварталтæ, тукæнттæ, æхсæнадон азгъунститæ, адæмæн лæггадæгæнæн рауæнтæ, алцæмæй фæлгонцгонд гъæунгтæ си исфедаудзæнæнцæ.
***
Нæ бæсти аллирауæнтæй æма фæсарæнтæй нæмæ ‘рбацæуæг бæлццæнтти федауцæй исиуазæг кæнунмæ нерæнгæ цæттæ ‘й нæ республики иуазæгуæтти номерти фонди дæс æма цуппаринсæй проценти. Куд æнгъæлмæ кæсунцæ, уотемæй нæмæ иуазгутæ, фари хæццæ рабаргæй, аци анз гъæуама ‘рбацæуа финддæс проценти фулдæр (фарæ сæ бæрцæ адтæй 800 мин адæймагемæ хæстæг).