09 майя 2024

ИСФÆЛДИСТАДОН ЕРИСТÆ

28.10.2023 | 21:44

Уæрæсей ахуради министради агъазæй 2020 анзæй фæстæмæ арæзт цæуй конкурс «Кæсæ – е Уæрæсе æй!..» Аци анз æ медеси фарста æй «Мæ райгурæн бæстæ. Мæ истори». Конкурси нисанеуæг æй, цæмæй исуа ахедгæ фæрæзнæ ирæзгæ фæлтæрти Фидибæстæбæл æновуд унбæл гъомбæл кæнуни, уæдта берæнацион æма берæконфессионалон Уæрæсей алли рауæнти цæрæг кæстæрти ’хсæн лимæндзийнадæ федар кæнуни гъуддаги. Уоми архайуни туххæй курдиадæ бадæттуни фадуат ес фондз адæймагемæй командæн, сæ бон си æй архайун 6-18-анздзуд астæуккаг, профессионалон æма уæлæнхасæн ахуради уагæдæнтти гъомбæлгæнуйнæгтæн.

Архайгутæ регистрацигонд цæунцæ аци анз 19 ноябрмæ проекти сайти https//lookitsrussia.ru/.