19 майя 2024

КАРЗ ТОХ – НАРКОТИКТИ ÆНÆЗАКЪОН ЗЕЛДОХИ НИХМÆ

25.03.2023 | 20:04

Наркотиктæй пайда кæнуни æма уони æнæзакъон зелдохи фудæй Цæгат Иристони ци уавæр исæвзурдæй, уобæл бæлвурд дзубанди цудæй, наркотикти нихмæ архайди фæдбæл арæзт республикон къамиси æмбурди.

Наркотикти нихмæ архайди къамиси разамонæг Луизæ Лебедевай загъдмæ гæсгæ, уавæр кæд ма нерæнгæ дæр сагъæссаг æй, уæддæр 2021 анзи хæццæ рабаргæй, уоййасæбæл лæгъуздæр ба нæ фæцæй.

Æ радзубандий куд фегъосун кодта, уотемæй хигъди æвæрд æрцудæнцæ, «наркоманий» незæй сахъат æй, зæгъгæ, диагноз фиццаг хатт кæмæн исбæлвурд кодтонцæ, уæхæн нæудæс æма æртинсæй адæймаги – 2021 анзи уæхæнтти бæрцæ адтæй дæс æма дууинсæй.  Зæранхæссæг наркотикон фæрæзнитæй ка пайда кæнуй, етæ иссæнцæ аст æма фондзинсæй адæймаги (2021 анзи – 116). Наркотиктæн дæлбарæ ка ’й, етæ ’нцæ 774 адæймаги – 2021 анзи хæццæ рабаргæй, е æй æртиндæс адæймаги фулдæр.

 

Сергей МЕНЯЙЛО:

«Нæ абониккон æмбурди ци фарстати фæдбæл цудæй дзубанди, уони æнхæст кæнунæй комкоммæ ихæсгин ка ’й, етæ гъæуама гъæугæ хатдзæгтæ искæнонцæ, уавæри тæссагдзийнадæ лæдæргæй. Еумæйагæй арæзт æма æнхæстгонд æрцæуонцæ ахедгæ мадзæлттæ, цæмæй не ’хсæнадæ, уæлдайдæр ба нæ фæсевæд наркотикти азарæй ервæзт уонцæ. Уой фæдбæл бæрнон кадæриддæр æй, уонæй карз дзуапп агурд цæудзæнæй».

 

Луизæ Лебедева ма куд радзурдта, уотемæй зæранхæссæг наркотикон фæрæзнитæй ка пайда кæнуй, уонæбæл нæ республики нимад цæунцæ 200 адæймаги, еци фæрæзнити фудæй сæйгити нимæдзæ 68 адæймаги минкъийдæр фæцæй.

– Сæйгити  бæрцæ бæлвурд кæнун еуæрдигæй статистикæбæл кæд лæгъузæрдæмæ зиннуй, уæддæр хуарз æй, уомæн æма махæн статистики «хуæрзуиндæй» сæйрагдæр гъæуама уа адæймаги æнæзæрдæдзоргæ карнæ. Æма уæхæн сæйгитæ æгайтима рабæрæг унцæ – уой фæрци фæззиннуй равгæ сæ фæййервæзун кæнунæн. Дзæбæх сæ кæнæн. Сæйгæ барвæндонæй наркоманийæй æхе дзæбæх кæнунбæл ку исарази уй, уæхæн фæткæ нæмæ нурмæ косуй, –  загъта къамиси разамонæг.

Е ма куд фегъосун кодта, уотемæй фарæ наркотикти æнæзакъон зелдохи хæццæ баст фудракæндитæ исаразтонцæ 823 адæймаги (еци фудракæндити бæрцæ 2020 анзæй фæстæмæ минкъийæй-минкъийдæр кæнуй: 2020 анзи адтæй 976, 2021 анзи – 818). Æнæзакъонæй наркотикти зелдохи хæццæ баст административон барадон ихæлдтитæ ба исаразтонцæ 1057 адæймаги.

Æ радзубандий Сергей Меняйло республики муниципалон искондти разамонгутæн, наркотикти нихмæ муниципалон къамисти сæрдартæн, медгъуддæгути министради разамундæн байхæс кодта, цæмæй, æмбурди ци фарстатæбæл цудæй дзубанди, уони кæрæй-кæронмæ исæнхæст кæнунбæл гъæугæ  мадзæлттæ еудадзугдæр аразонцæ.

Медгъуддæгути министрадæн бафæдзахста, цæмæй еугур барадæгъæуайгæнæг оргæнти хæццæ æ куст фæййахедгæдæр кæна наркотикти æнæзакъон зелдох бауорамуни туххæй, æ ирæзт ин фæууорамонцæ, æнæ дохтири финстæй наркотикæй пайда кæнуни равгитæ æгириддæр макæмæн маци хузи уа. Уой хæццæ ба ма уой дæр баханхæ кодта, æма фæсарæнтæй нæмæ ци адæм æрбацæуй мигрантти хузи, уонæн сæ кæцидæр хай дæр архайæг  разиннунцæ наркотикти æнæзакъон зелдохи хæццæ баст фудракæндити. Уомæ гæсгæ ба еци æрбацæуæг адæми хæццæ дæр гъæуй бæлвурддæрæй косун, наркотиктæ æнæзакъон зелдохи гъæуама ма  уонцæ.

Æмбурди ма æркастæнцæ, наркомани нæ нуриккон цардарæзти уоййасæбæл сагъæссаг фарста ке иссæй,  уой фæдбæл æхсæнадон цæстингас бæлвурдгæнæг социалон æртасæнти хатдзæгтæмæ, уæдта  ма фарстай фæдбæл æндæр хабæрттæмæ дæр.

Нæ уацхæссæг