09 майя 2024

ПАТРИОТОН ГЪОМБÆЛАДÆ

05.09.2023 | 16:35

Цæгат Иристони 2024 анзи косун райдайдзæнæй æфсæддон-патриотон гъомбæлади Центр. Анзи дæргъи си арæзт æрцæудзæнæй дууинсæй фæлтæри, уоми ахурти архайдзæнæнцæ еумæйагæй æртæ мин скъоладзауемæй фулдæр. Аци анз сентябри ба нæ республики скъолати байгон уодзæнæй 23 кадетон къласи. Кæд æма ахури евгъуд анзи кадетон æзмæлди архайæг скъоладзаути нимæдзæ адтæй цуппаринсæй, уæд нур ба ахури нæуæг анзи исуодзæнæй минæй фулдæр. Республики æфсæддон комиссариатæй куд игъосун кæнунцæ, уотемæй ахури евгъуд анзи æфсæддон цæттæдзийнади гъуддаги архайдтонцæ 3,5 мин ахурдзауи.