19 апреля 2024

НÆУÆГ ДОГÆН – НÆУÆГ ФÆРÆЗНИТÆ

25.03.2023 | 14:24

Дигорон æвзаг гъæздуг ке æй, уой дузæрдуггаг нæ ’й. Тахъазти Федар ци æнæрабаргæ куст искодта, дууæ дзурдуати ке рауагъта, уомæн ма гъæудзæй хецæнæй устур аргъ искæнун. Æнæ дигорон-уруссаг дзурдуатæй нæ нуриккон уавæр уæдта нæ федæн уайуонцæ хъæбæр лæгъуз æма тæссаг. Дигорон æвзаг æвзагбæл дæр ке нимайæн дзурдуат æй уомæн æвдесæн.

Гъигагæн зæгъун гъæуй уой, æма дигорон-уруссаг дзурдуат нæмæ ке ес беретæ дæр нæ зонунцæ æма си нæ пайда кæнунцæ. Еуæрдигæй е уой туххæй æй, æма парахатгонд ке не ’рцудæй, уомæн.

Ма цæмæй æрмæстдæр киунуги ма байзайа нæ гъæздуг æвзаг, уой туххæй гъæуй исаразун æма рапарахат кæнун нуриккон электрон хузæмæ не ’взаги хæзнадонæ – дзурдуат.

Нур арæзт цæуй мобилон приложени «Дигорон дзурдуат», кæцими нæ бон уодзæнæй тагъд райагорун дигорон дзурдтæ, байгъосун куд финсгæ æма дзоргæ æнцæ, фæууинун ци нихаси хаймæ хауй дзурд, æма берæ æндæр гæнæнти хæццæ.

Дзурдуати уодзæнæй æртæ æвзаги – дигорон, уруссаг æма англисаг. Дзурдтæ нæ бон уодзæнæй цифæнди хузи агорун: дигоронау-уруссагау, уруссагау-дигоронау, дигоронау-англисагау англисагау-дигоронау.

Мобилон приложени фенхус кæндзæнæй дигорон æвзаги хæццæ ка архайуй, уонæн:

ахургæнгутæн, ахурдзаутæн, тæлмацгæнгутæн, лингствиттæн æма филологтæн, киунугутæ кæсгутæн, финсгутæн, поэттæн, редакцитæн.

Зæгъун гъæуй, æма еци гæнæнтæ фиццаг хатт ке фæззиндзæнæнцæ, уой. Дигорон æвзаг гъæуама æмдзо кæна нуриккон рæстæги хæццæ, фæстегæй изайун нин нæбал æнгъезуй.

Нури бонмæ мобилон приложени «Дигорон дзурдуат»-бæл куст исæнхæст æй æрдæгмæ. Программисттæн ма гъæуй си 1-2 мæйи байархайун, уæдта ма гъæуй дигорон дзурдти аудио ниффинсун.

Нæ къуарæн зин иссæй æхцай туххæй куст идарддæр хæссун, ма цæмæй нæ куст кæронмæ исæнхæст кæнæн уонæн нин багъудæй æрæмбурд кæнун æхцай фæрæзнитæ.

Мах сайт-и Digoria.com мухури рауагътан нæ уац æмбурди тухæй. Уоми бæлвурддæр финст æрцудæй ци аразæн, исистан видео, кæцими цубурæй æвдист цæуй дигорон дзурдуат федæни куд косдзæнæй, уой.

Проекти аргъ æй 460 мин соми. Нур æрæмбурд кодтан 90 мин соми. Устур арфæ кæнæн ка нин фæййагъас кодта еци адæймæгутæн. Цæттæ приложений хаст æрцæудзæй хигъд арфи дзурдти хæццæ,  ма си хецæнæй алли адæймагæн дæр е ’ргом ка раздахта аци гъæугæ гъуддагмæ æма æ бон ци адтæй уотæ фенхус кодта зæгъдзинан устур боз.

Æмбурд цæуй идарддæр, дузæрдуг нæ кæнæн нæ куст кæронмæ ке исараздзинан, уой. Дигорон адæм ами дæр равдистонцæ ке нæ бауаддзæнæнцæ фесæфун не ’взагæн.

Кæд уæ фæндуй проектæн фенхус кæнун, уæд дæлдæр нæ реквизиттæ.

Устур бознæ алкæмæндæр!

(2202 2001 4060 9163)

Будаев Мурат Олегович – проекти разамонæг