Æ БЕРÆ ХУÆРЗТÆ ИРОНХ НÆ ’НЦÆ!..
«…Цал æма цал хатти уидæ уотæ: дæс сахаттебæл операцигæнæн уати дуари сæрмæ иссодзидæ цирагъ æма си разиннидæ финст «Сабур. Ами кæнунцæ операци». Профессор Тахъулти Урухсан æ агъазгæнгути хæццæ тохи бацæуидæ адæймаги æ нези адзалæй фæййервæзун кæнунбæл æма ’й зæрдрохс цардмæ раздахунбæл…»
Уотæ финсуй аци разагъди лæги туххæй, Цæгат Иристони паддзахадон медицинон академий профессор Сергей Плахтий. Еци æма ма æндæр æрмæгутæ ба абони мухур кæнæн уомæ гæсгæ, æма Устур Фидибæстон тугъди архайæг Цæгат Иристони науки æскъуæлхт архайæг, медицинон наукити доктор, профессор Тахъулти Тæтæрхъани фурт Урусхани райгурдбæл 16 декабри исæнхæст æй дæс æма фондзинсæй анзи (1913-1980).
Цæгат Иристони паддзахадон медицинон институт (нури академи) каст ка фæцæй, уонæй æма æ ахургæнгутæй беретæ нимад æнцæ нæ республики интеллигенций нимаддæр минæвæртти хæццæ.
Уонæй еу адтæй медицинон наукити доктор, профессор Тахъулти Тæтæрхъани фурт Урусхан дæр. Финддæс анзей дæргъи æвæллайгæй фæккуста институти еумæйаг хирургий кафедри разамонæгæй. Ка ’й зудта, ке хæццæ куста æма æмбалдæй, уони зæрдити байзадæй куд ездон лæг, устур зæрди хецау, хуæдæфсармæ, хуæрзæгъдау, алæмæти дæсни дохтир, курухон хестæр.
Рæстуодæй уарзта адæми, сæ хæццæ цийнæ кодта сæ цийнæбæл æма сæ æнтæстдзийнæдтæбæл, сæ хæццæ тухстæй сæ зинтæбæл, æ зæрдæмæ хæстæг иста сæ гъигæ, сæ маст. Еузагъдæй, æ цард æнæгъæнæйдæр адтæй адæймаги царди сæрбæлтау уодуæлдай тох. Цал æма цал адæймаги фæййервæзун кодта уæззау незти адзалæй, берети ба си, зæгъун æнгъезуй, ратонидæ мæлæти дзæмбутæй!
Æз дæр æй уæхæн дессаги хуæрзæгъдау æма искурдиадæгин адæймагæй базудтон. Абони дæр æй имисун уæхæнæй. Æ хæццæ хæстæгдæр базонгæ дæн 1973 анзи. Уæд æз кустон медицинон институти парткоми секретарæй. Е дæр адтæй парткоми иуонг. Кæд мæнæй берæ хестæр адтæй, уæддæр хъæбæр балимæн ан. Ахид исæмбæлианæ æ хæдзарæмæ хæстæг Терки билæбæл. Нæ дзубанди хаттæй-хатт райеудагъ уидæ сауæнгæ æмбесæхсæвæмæ. Нæ еци фембæлдтитæ мин ахсгиаг уомæй адтæнцæ, æма мин æ дзоруйнæгтæ дессаги зундихуасæ иссæнцæ. Никки ба ма уони фæрци мин раргом æй, цæйбæрцæбæл дессаг рауадæй аци разагъди лæги цардвæндаг.
Тахъулти Урусхан райгурдæй Киристонгъæуи (нури Дигора) 1913 анзи. Исгъомбæл æй зундгонд, кадгин адæми ’хсæн. Æ зæрдæмæ хæстæг райста æ мади фидæ Гетъоти Елбиздихъой. Е хъæбæр арæхстæй адæми ’хсæн дзорунмæ. Адтæй сурх партизан, 1918 анзи бацудæй революцион парти «Кермен»-и рæнгъитæмæ, фæстæдæр ба Еугурцæдесон Коммунистон (большевикти) партий Мæхчески къуармæ, иссæй Сурх-Дигори гъæуи бундорæвæргутæй еу.
Æ фурт, Урусхани мади ’нсувæр Гетъоти Хаджумар – номдзуд революционер. Уой туххæй берæ æрмæгутæ мухургонд æрцудæй аллихузон историон æма аййевадон киунугути, дзиллон хабархæссæг фæрæзнити. Æ революцион архайд адтæй идард Сибири. Уоми уорсгвардионти къохти бахаудтæй æма ’й етæ 1818 анзи сахар Читай фалдзости æверхъау мардæй рамардтонцæ. Рæстзæрдæй ке уарзта, æ еци дзиллæ ибæл искодтонцæ намуси зартæ. Æ ном лæвæрд æрцудæй колхозæн, цалдæр рауæнеми гъæунгтæн. Сибири, сахар Ачински Сурх-Дигори ин исæвардтонцæ циртдзæвæн.
Фал еу гъуддаг адæм бæлвурд нæ зонунцæ. Хаджумари бийнойнаг Юлия Закусило дæр адтæй революционер. Æ лæги ин ку фехстонцæ, уæд æ еунæг фурт Кермени хæццæ тухамæлттæй исхъæрттæй Дигорамæ, Хаджумари фиди хæдзарæмæ. Кермен æма Урусхан ирæзтæнцæ, гъомбæл кодтонцæ еумæ. Фæстæдæр Елбиздихъойæй, Хаджумари фидæй, муггаги хестæртæй барæ райсгæй, Юлия дуккаг хатт æрцудæй лæгмæ. Цардæй Украини. Ци сувæллæнттæ ин исæнтæстæй, етæ дæр сæхе финстонцæ Гетъоти муггагбæл. Рагацау æй зæгъон: Кермен æма Урусхан Устур Фидибæстон тугъди архайгæй, Ленинградбæл фашистон æртухсти рæстæги гъæуай кодтонцæ аци сахар, кæрæдзей туххæй неци зудтонцæ, уотемæй. Гетъоти Хаджумари еунæг фурт бастъалдæй еци тугъдтити рæстæг, æностæмæ байзадæй еци тугъдæфхуæрд зæнхи.
Æ сабийбонтæ имисгæй, Урусхан уотæ дзурдта:
– Мæ ниййергутæ, мæ мади фидæ, æ цæуæт адтæнцæ фæллойнæуарзагæ. Еци менеугутæй æз дæр, æвæдзи, фæххайгин дæн. Æма мæ минкъийæй фæстæмæ бавзурстон уæззау куститæ. Ме ’мгæртти хузæн мæ гъазунмæ ахид нæ евдалдæй.
Æнзтæ кæрæдзей фæдбæл евгъудæнцæ… 1941 анзи Тахъулти Урусхан иссæй Ленингради С.М. Кирови номбæл тугъдон-медицинон академий ахурдзау. Уой каст фæууогæй æма æфсæддон дохтири ном райсгæй, æрвист æрцудæй медгъуддæгути Адæмон Комиссаради æфсæдти 20-аг дивизимæ. Уæди рæстæги еци æфсæддон хай тох кодта немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ, «Невай гæппæл», зæгъгæ, ке худтонцæ, уоми. Е адтæй Дубровки рази Невай дони галеуварс минкъий зæнхи гæбазæ. Уордæмæ фашисттæ уойбæрцæ бомбитæ фæккалдтонцæ, дзармадзани нæмгутæ имæ уойбæрцæ «барвистонцæ» æма ’й исхудтонцæ «мæлæти будур». Еци уавæрти ами бæгъатæрæй тох кодтонцæ нæ фестæг æфсæддонтæ, денгизонтæ, артиллеристтæ, дохтиртæ. Ами тохи цæхæри адтæй Урусхан дæр.
Невай Дубровки фæсте Урусхан бафæразта Ленингради æртухсти фудбонтæн. 1942 анзи ами бацудæй Коммунистон партий рæнгъитæмæ. Не ’фсæдтæ æртухсти цæг ку рарæмугътонцæ, уæд медицинон роти командир æрлæудтæй хирургти къуари сæргъи. Косун гъудæй цуппар операцигæнæн стъолебæл, агъаз ин кодтонцæ æ хуæдæййевæг æма цуппар медицинон хуæри. Уæхæн хабæрттæ дæр уидæ, æма тугъди будурæй цæфти æхуæдæг рахæссидæ.
Ленингради фæсте Урусхани æ тугъдон нæдтæ ракодтонцæ Польшæмæ, Австримæ, Германимæ. Нæ Устур Уæлахез æй æрæййафта Берлинмæ хæстæг. Уæдмæ нæ тугъдон дохтирæн исаккаг кодтонцæ дууæ Сурх Стъалуй ордени, «Кади нисан»-и орден, берæ майдантæ.
Уæлахези 30 анзей бони Урусхани номбæл иссудæй æвдесæндар, «Невай Дубровки ветеранæн». Уоми уотæ финст адтæй: «Райгурæн бæстæ æма Ленинград гъæуайгæнæг, Невай æрдхуæрæни «гæппæл»-и тугъдтити архайæгæн». Еци гæгъæди Урусхан нимадта устур хуæрзеуæгбæл.
Уой фæсте Урусхан æ бийнойнаг, тугъди ветеран Антонини хæццæ Невай билæбæл, Невай гæппæлбæл ахид исæмбæлиуонцæ сæ тугъдон æмбæлтти хæццæ.
Тахъулти Урусхан 1948 анзи æ ахури гъуддаг идарддæр рахъæртун кодта Цæгат Иристони медицинон институти. Еци анз иссæй ординатор, анзи фæсте ба – онкологон диспансери сæйраг дохтир, еци-еу рæстæг адтæй еумæйаг хирургий кафедри ассистент дæр.
…Профессори кафедри размæ æрлæудтæй Тахъулти Тæтæрхъани фурт Урусхан. Студенттæ ниссабур æнцæ. Еу сибиртт дæр не ’гъусуй. Дзоруй устур ахургонд, педагог, Цæгат Иристони науки æскъуæлхт архайæг, медицинон наукити доктор, профессор, еумæйаг хирургий кафедри сæргълæууæг. Æ лекций темæ æй ахсæни рак æма æ хирургион æгъдауæй дзæбæх кæнуни мадзæлтти туххæй. Студенттæ игъосунцæ лæмбунæг, сæ тетрæдти финсунцæ профессори, сæ уарзон ахургæнæги алли гъуди дæр. Кафедри уæхæн æгъдау ес: студенттæн устур аргъ кæнæ, дæ зонундзийнæдтæ æма фæлтæрддзийнадæй син æгириддæр маци æвгъау кæнæ, цæмæй си уой фæсте ба арф зонундзийнæдтæ агорай. Уой студенттæ дæр æма ахургæнгутæ дæр бæлвурд зудтонцæ еугурæйдæр.
Урусхани лекцити хуæрзгъæдæдзийнадæ уой медæгæ адтæй, æма еумæйаг хирургий берæ фарстатæ рартаста æхуæдæг. Раки незихатт бауæри алли хæйтти бæрæг кæнгæй, лæмбунæг фæккастæй 966 сæйгемæ. Лæмбунæг сæ рартаста æма æ бæрæггæнæнти бундорбæл ниффинста устур ахсгиаг куст: «Раки рæсуд æма рæсуд лимфи туххæй». Ахсæни раки еугур еци бæрæггæнæнтæ æма æ дзæбæх кæнуни мадзæлттæ Урусхан æрæмбурд кодта еу агъазиау æрмæги, æма си берæ фудæбæнтти фæсте, рауадæй дессаги диссертаци. Æнтæстгинæй æй багъæуай кодта 1963 анзи Ленингради дохтирти зонундзийнæдтæ уæлдæр кæнуни институти. Æдеугурæй ба Урусхан ниффинста цуппаринсæй наукон кусти æма æртæ монографий…
Лекци фæцæй, фал аудиторийæй рандæ унмæ неке тагъд кæнуй. Студенттæ æрбамбурд æнцæ профессори алливарс. Байеудагъ син æй зæрдибун дзубанди. Урусханæн ес, æ гъомбæлкæнуйнæгтæн ци зæгъа, е. Дууинсæй анзей дæргъи фæккодта ахургæнæги, дохтири æма æхсæнадон куст…
Устур ахургонд Тахъулти Урусхан, наукæбæл еузæрдиуон, æновуд уогæй, кæддæриддæр хуæст адтæй æхе зундбæл, æхе гъудибæл, уомæн æма имæ етæ куд тæвдхæлæфæй нæ фæззинниуонцæ, фал сæ исбæлвурд кæнидæ лæмбæнæг расагъæстæ кæнуни фæсте. Е некæд бæлдтæй мухури уотид фулдæр куститæ рауадзунмæ. Сæдæ уæлæнгай æрмæгей бæсти, дан, дæс бундорон арф кусти хуæздæр æнцæ.
Урусхан уотæ гъуди кодта: наукæмæ гъæуама цæуонцæ æцæгæйдæр зонундзийнæдтæмæ ка бæллуй, æ цард ин иснивонд кæнунмæ цæттæ ка ’й, уæхæн искурдиадæгин адæм. Фал наукæмæ айдагъ ахургонди ном райсуни туххæй ка æмпурсуй æма æхецæй ка ниббоз уй, етæ ба ин неци пайда æрхæсдзæнæнцæ.
Урусхан алкæддæр адтæй, куд фæззæгъунцæ, царди гулфæнти. Ци гъуддаг кодта, уой – разæнгардæй, бундоронæй. Мæнæ уотæ кæмæй фæззæгъунцæ, адæми фарнæй хайгин æй, зæгъгæ, раст уæхæн адæймагæй зудтан Урусхани. Зæрдхæлар, ездон уогæй, домагæ адтæй æхецæй дæр æма иннетæй дæр.
Гъуддаг уотæ рауадæй, æма Тахъулти ахургонди 1954 анзи исæвардтонцæ Цæгат Иристони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министрæй, æма си æнтæстгин куст фæккодта 1957 анзи уæнгæ. Равзурстонцæ ’й ССР Цæдеси Сæйраг Совети депутатæй дæр, уæдта ма адтæй нæхе республики Сæйраг Совети депутат дæр. Цалдæр анзи куста Иристони хирургти наукон æхсæнади хецауæй, æвæлмæцгæй консультацитæ æма практикон амундтитæй агъаз кодта айдагъ нæхе республики районти медицинон косгутæн нæ, фал Кæсæг-Балхъари æма Цæцæн-Мæхъæли районти дæр. Æхе некæд райеуварс кодта институти партион комитети кустæй дæр. Наукон æма æхсæнадон кусти зæрдиагæй ке архайдта, уой туххæй æй 1979 анзи фиццæгти хæццæ бахастонцæ Цæгат Иристони медицинон институти Кади киунугæмæ.
Еухатт, мæ хæццæ дзубанди кæнгæй, Урусхан æ царди туххæй уæхæн гъудитæ загъта:
– Фиццагидæр, мæхе бафæрсун: цума царди мæ бунат раст равзурстон? Комкоммæ ин дзуапп раттун зин æй. Еуæй-еу хатт мæ фæффæндуй зæгъун: «Гъо, раст бакодтон. Дуккагæй ба, цума, мæ бон ци адтæй, уони еугурæйдæр искодтон? Нæ! Кæд берæ кустон, мæхебæл нæ аурстон, уæддæр. Æртиккагæй, арази дæн, ци исаразтон, ци мин бантæстæй, уомæй? Нæ, уæлдайдæр ба, науки, еци дзуаппитæмæ, мæнмæ гæсгæ, бафтауæн нецибал ес…»
Тахъулти Урусхани хæццæ алли сæумæ дæр фембæлианæ Дзæуæгигъæуи Терки билгæрæнтти, алке ни æ гъуддæгути фæдбæл ку цæуидæ, уотемæй. Уомæн æ над уидæ клиникæмæ. Уоми æ куст райдайидæ е ’мгустгæнгути хæццæ цубур æмбурдæй. Дæс сахаттебæл ба операцигæнæн уати дуари сæрмæ иссодзидæ цирагъ æма си разиннидæ финст: «Сабур. Ами кæнунцæ операци». Профессор Тахъулти Урухсан æ агъазгæнгути хæццæ тохи бацæуидæ адæймаги æ нези адзалæй фæййервæзун кæнунбæл, фулдæр хæттити ба ’й, зæгъун æнгъезуй, мæлæти цъухæй ратонунбæл, æма ’й зæрдрохс цардмæ раздахунбæл.
…Æгæр раги рахецæн æй Урусхан аци рохс дуйнейæй. Рамардæй 1980 анзи 66-анздзудæй. Адæмæй иронх нæй. Уæдта ’й некæд феронх кæндзæнæнцæ. Уомæн æма син берæ хуæрзти бацудæй. Уомæн æма æ цард æнæгъæнæй адтæй адæми сæрбæлтау æскъуæлхтдзийнадæ.
ПЛАХТИй Сергей, Цæгат Иристони паддзахадон медицинон академий профессор