21 декабря 2024

Æ ФИДИ ФÆНДÆУАГÆ КИЗГÆ

03.02.2024 | 12:53

Ка ’й зонуй, ескæд ирон театралон режиссури туххæй бундорон æртасæн куст ку фæззинна, уæд си тæккæ зингæдæр бунат æнæмæнгæ æрхаудзæнæй фиццаг силгоймаг-режиссер Бритъиати Елбиздихъой кизгæ Зарифæмæ, куд нæ исфæлдистадон интеллигенций искурдиадæгиндæр минæвар, куд фиццаг ирон силгоймаг-режиссер. Уæззау, цийфæнди тухгин нæлгоймæгтæ дæр ниууодæнсун кæмæн нæ бафæразтайуонцæ, уоййасæбæл уæззау карнæ фæцæй æ хай, уой дæр æ исфæлдистадон архайд æ тæккæ тæмæни ку бацудæй, раст гъе уæд. Æ уодæй-уод кæмæн кодта, ке хуарздзийнадæн архайдта,  еци дзилли ’хсæнæй кедæрти саузæрдити фæндæуагæй æй  æ таурæхъти аккаг фиди хузæн æвудæй баййафта карз æфхуæрд… Æ разагъди фиди, нæ национ театрæн бундорæвæрæг Бритъиати Елбиздихъой хузæн. Æ фурзинæй силгоймаг фæннезгун æй… Уой хæццæ ба ма, цума ин еци гъезæмæрттæ фагæ нæ адтæнцæ, уоййау, кæд æма æ рæстдзийнадæ æрæгиау æнæгъæнæйдæр исбæрæг æй, уæддæр ин æ цардвæндаги кæрони бæнттæ ба æрветгæ рауадæнцæ иронхуати…

Царди æверхъаудзийнæдтæ кæд еске бавзурста, уæд уонæй еу æй Бритъиати Зарифæ. Уой ба, хуæрзсабий ма уогæй ин æ ирисхъæ æгæрон зæрдрист исаразта – æдеугурæй ибæл æртæ анземæй минкъий фулдæр цудæй, уотемæй æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй æ фидæ Елбиздихъо (1881-1923), нæ Иристони дзурддзæугæдæр лæгтæй еу. Ци уæззаудзийнадæ ’рцудæй сæ бийнонтæбæл, уой кизгæ æ карæмæ гæсгæ, ка ’й зонуй, æнхæст нæ лæдæрдтæй, уæддæр зæрдрист ба фæцæй. Еци уæззау цауæй райдæдта журналист Абайти Арбилянæ æ уац Бритъиати Зарифи туххæй, кæций мухур кæнæн мах дæр абони.

* * *

Æверхъау дзурдтæ «Дæ фидæ рамардæй…» уайсахат фескъудтонцæ цуппаранздзуд кизги хейерхæфсæн архæйдтитæ. Ци æверхъаудзийнадæ ибæл æрцудæй, уой æ карæмæ гæсгæ, æвæдзи, æнхæст лæдæргæ дæр кæми бакодтайдæ, фал, ци ин загътонцæ, е ба ин æ зæрдæ уæддæр барæхуста цидæр æнахур тасдзийнадæй. Уайтæккæдæр фæууагъта æ гъазæнтæ æма исмедæг æй сæ хæдзари… Æ фиди агорæг… Фал тургъæмæ адæмæй бацæуæн нæбал адтæй… Æма сувæллон никки хъæбæрдæр фæттарстæй, никкудтæй. Кадæр æй æ гъæбеси æрбатухта, уатмæ ’й бахаста, кедæр рæвдауæн дзурдтæмæ кæунвæллад сувæллон синхæгти талингæ уати бафунæй æй.

Некæдбал фæууидта æ фиди еци бонæй фæстæмæ. Æма ма ’й кутемæй фæууидтайдæ – æ уæлзæнхон царди фæстаг рæстæги уæззау незæй фæгъгъезæмарæ кæнгæй, е райевгъудæй, æрбаздæхæн кæцæй нæбал ес, æ еци æносон дуйнемæ. Уогæ Зарифæмæ ба уæддæр еудадзуг æрæздæхидæ – кæд æ фидæй уотæ минкъийæй фæххецæн æй, уæддæр сабийи зунд цидæртæ багъуди кодта. Æма æ цæститæбæл уадæй: стъоли уæлгъос бадгæй, цидæртæ финсгæй. Номдзуд лæг, ирон драматургий æма нæ национ театри бундорæвæрæг Бритъиати Елбиздихъой кизгæ ке æй, уой Зарифæ фæстæдæр базудта. Æма зæрди исæмбохиуонцæ, фæккæрæдземæ уиуонцæ аллихузон сагъæстæ: еуемæй, фурзинæй маст кодта, уæхæн нифсæй æнæхай ке фæцæй цæрæнбонтæмæ, иннемæй ба гъенцъун кодта тасдзийнадæй, гъома, уæхæн Фиди аккаг ку нæ разинна æ базурсаст кизгæ…

Елбиздихъой цардæмбал Ольгæ Казбеги æ цуппар седзæри фæххаста æхе кæдзосзæрдæ хъиамæтæй (Дзæуæгигъæуи куста дæндæгути дохтирæй). Евгъуд æноси 20-30-аг æнзти стонг ка нæ æййафта, фæрзеу адæймагæн æхецæн дæр ку нæ фагæ кодта, æма си æндæр ескæмæн дæр ма рахай кæнунмæ кæми ададзидæ. Фал Ольгæ æ цæуæти ахур кодта æмгæртти уарзунбæл, æма етæ сæ фæстаг къæбæр дæр дех кодтонцæ синхаг сувæллæнтти ’хсæн. Уой хæццæ ба син цæстигагуй хузæн гъæуай кодта сæ уоди кæдзосдзийнадæ, ахур сæ кодта рæстзæрдæ унбæл, хийнæдзийнæдтæ æма фæливддзийнæдтæй хе гъæуай кæнунбæл, дзурдта син: цийфæнди фудаг миуæ ку ракæнайтæ, уæддæр æй мæнæй ма баримæхсетæ, сайун тæрсаги менеуæг æй. Æма еци зундамунд æ зæрдæбæл бадардта Зарифæ. Мади уозæлдæй зæрди æлхийтæ райхалдæнцæ, æ зинтæ цума æ къахи буни фæккодта. Ольгæ кæд æ уарзон цардæмбалæй фудæнгъæл фæцæй, уæддæр æй æ сувæллæнттæн иронх кæнун нæ бауагъта – хæдзари æнæзингæй цардæй Елбиздихъой фарнæ. Æма еухатт, Зарифæ тифæй ку фæссæйгæ ’й, æ исдзæбæхбæл æхуæдæг дæр ку нæбал æууæндтæй, æ хъоппæгъ сау цæститæ кæунæй ку бафæлладæнцæ, уæд ин Ольгæ нифситæ æвардта:

– Ма тæрсæ, мæ къона, радзæбæх уодзæнæ, æцæг дæхебæл фæххуæцæ. Нези хæццæ хъазауатонæй тохун гъæуй. Дæ фиди нез æгъатирдæр адтæй, фал е æ гъазæн дзурдæй мах дæр зæрдфедар кодта. Бустæгидæр ку æруатон æй, уæддæр æ финсун нæ ниууагъта. Хъæбæр æй фæндадтæй, цæмæй ескæд æ пьесæ «Амран» сценæбæл фæууина.

Æ фиди коймæ Зарифæ æрсабур æй, дзорун æ бон нæ адтæй, фал æхе медæгæ искарста: «Æз дæр гъæуама уой хузæн нифсгун æма бухсагæ уон, цæмæй ин æ фæндæ исæнхæст кæнон».

БРИТЪИАТИ Зарифæ Уруссаг драмон театри æригон артистти хæццæ.

Елбиздихъой цуппар бæдолемæй – Хадзимурат, Цопан, Ос-Бæгъатæр æма Зарифæ – скъоламæ раздæр Хадзимурат бацудæй. Зарифæ имæ хицæ кодта æма æ фæсте скъоламæ бахъæртидæ, æцæгхузæй къласи исбадидæ æма игъуста ахургæнæгмæ. Уотемæй скъоламæ бацæуни размæ базудта кæсун æма нимайун. Æ зæрдæ уæлдай æргъæвд адтæй ирон литературæмæ. Къостай «Седзæргæс» фиццаг хатт ку бакастæй, стонг сабийтæ æ цæститæбæл ку рауадæнцæ, уæд æ цæстисугтæ фемæхстæнцæ. Уæд банкъардта æригон кизгæ аййев дзурди хъаурæ. Хуарз гъæлæс ин ке адтæй, кæсунмæ – хуæрзарæхст, уомæ гæсгæ ’й ирон литератури ахургæнæг Туати Ольгæ ахид ракæнидæ фæйнæгмæ – Къостай æмдзæвгитæ кæсунмæ. Е ’мкъласон кизгутти берæ нæ гъудæй, уайтæккæ сæ цæститæ рауомæл уиуонцæ. Зарифæн ба æ зæрди иссугъдæй, нерæнгæ ма нур рабæрæг æй, фал идард стъалуй хузæн рохс ка кодта, уæхæн бæллец.

Скъола фæуунмæ бæрæггонд адтæй æ идарддæри над: гъæуама сценæбæл æвæра спектакльтæ. Дессаг имæ кастæй æримисгæ буцæутæ, зæрди римæхст монцтæ æвзарун. Кæд царди алци адæймаги барæ нæй, уæд æримисгæ дуйней ба архайд ирæзуй бæлвурд фæткæмæ гæсгæ, æма архайди хецау ба ду дæхуæдæг – режиссер!

1938 анзи Зарифæ фæлварæнтæ равардта Мæскуй театралон аййевæдти паддзахадон институтмæ, æма ма кæми адтæй æхецæй амондгундæр. Сæ къурси разамонæг адтæй Алексей Попов – æмбесонди хæларзæрди хецау, искурдиадæгин режиссер æма актер. Е суденттæн амудта, зæгъгæ, аййевадæмæ ка бакъахдзæф кæнуй, уомæн сонт миутæ кæнуни барæ нæййес, гъæуама æ зæрдæбæл дара, æхсæнади бæрни ке бацудæй, уой. Зарифæ ахур кодта хъæбæр хуарз, иста Сталини стипенди, фал еу фæлварæнæй «цуппар» райста, æма ин стипенди нæбал равардтонцæ. Уой базонгæй, Попов фæдздзурдта къурси старостæмæ æма ин загъта: «Зарифæ стипенди нæбал есуй æма ин хъæбæр зин уодзæнæй. Мæнæ дин æхца, ести рæуонæй ин сæ радтæ». Зарифæ цалинмæ институт каст фæцæй, уæдмæ æ хуæрзгæнæги ном на базудта, уотæ æнгъæл адтæй, е ’мкъурсон ин æхе æхцайæй рауæлдай кæнуй, зæгъгæ. Фал кизгæ æ ихæс федунбæл ку ниллæудтæй, уæд рабæрæг æй, уæхæн æдзæстхезæй ин ке агъаз кодта æ ахургæнæг, уой. Берæ адæм байзайуй адæймаги зæрди, фал си æвзурст бунати ба айдагъ цалдæрей исæвæруй, уони хæццæ си фæккæнуй дзубанди æ зин сахатти. Уæхæн бунати æвæрд адтæй Зарифæн Алексей Попов дæр.

Фæстегæй райзадæнцæ ахури æнзтæ, исфæлдистадон изæртæ, аййевади фæдбæл буцæутæ, фæскомцæдесон æмбурдтæ. Зарифæ сæ еугуреми дæр архайдта разæнгардæй, адтæй фæскомцæдесон разамонгутæй еу. Зундгонд адæми хæццæ фембæлун дæр хъисмæти лæвар æй – хуæнхти хузæн бæрзонди байзадæнцæ ирон кизги зæрди номдзуд режиссертæ Завадский, Таиров, Михоэлс…

Куд хъæбæр бæлдтæй æригон режиссер Иристонмæ исæздæхунмæ, нæхе национ театрмæ, цæмæй уоми сценæбæл æвæстеуатæй æ зонундзийнæдтæ бавзара. Фал ин Устур Фидибæстон  тугъд æ бæлдитæ исæнхæсти æмгъуд ниддаргъ кодта. Иннæ студентти хæццæ бавзурста тугъди рæстæги фудбæнттæ: къуæрегæйттæ, мæйгæйтти дæргъи къахтонцæ æгæрон гъæуайгæнæн къæхтитæ, æнхæст кодтонцæ хецауади бардзурд. Иннетæй раздæр некæд ниууагъта Зарифæ æ куст, фæразта биццеути æмбæрцæ. Æма куд нæ – е ’нсувæртæ æртемæй дæр тухтонцæ алли фронтти, хъæбæр сæрустур си адтæй, фæндадтæй æй уони аккаг ун, уæлахези бæллеццаг бон фæххæстæгдæр кæнун. Уой туххæй бацудæй радистти скъоламæ дæр, цæмæй æй еуафони тугъди цæхæрмæ багæлдзонцæ. Фал скъолай рауагъдонти айдагъдæр зонгæ районтæмæ æрвистонцæ, æма Зарифæ балæудтæй Тифлиси, уæдта Дзæуæгигъæуи. Нур æхуæдæг иннети ахур кодта бастдзийнади аппаратури хæццæ. Фал ин амондæй нисангонд адтæй исфæлдистадæ æма аййевади уæлахезтæ.

Æригон ирон театри ибæл устур æхцæуæнæй исæмбалдæнцæ æ фиццаг фæлтæри фæсевæд: Таутиати Солæман, Цæликкати Маирбег, Къомайти Василисæ, Баллати Валоди, Дзуккойти Афассæ, Гусити Валоди, Борухъуати Барис, Магкати Арсен… Зарифæ имиста: «Алкедæр мин си агъаз кодта, æ бон цæмæй адтæй, уомæй. Æма уæд мæхецæн искодтон хумæтæги хатдзæг: нæ дæсниадæ æй коллективон. Еу адæймаги бон си неци бауодзæнæй.
Гъæуама сценæбæл кæрæдзей лæдæргæй косонцæ актертæ, режиссер, композитор, хузæгæнæг».

1945 анзи Зарифæ исæвардта æ фиццаг спектакль «Талинги фембæлд». Спектакли фæсте адтæй еумæйаг æмбурд. Зарифæн æ зæрди гупп-гупп цудæй, æнгъæлмæ кастæй карз критикæмæ. Фал спектакль хуарзбæл банимадтонцæ:

– Режиссери нисан адтæй персонажти æнкъарæнтæ раргом кæнун, æма е Зарифи къохи бафтудæй. Арф гъудигæнæг ке ’й, е дузæрдуггаг нæй, – загъта æмбурди радзубандигæнгутæй еу – Еленæ Маркова. Дзурдтонцæ е ’мгустгæнгутæ, аргъ ин кодтонцæ æ фиццаг кустæн Тотрати Бесæ, Дзукъати Аннæ, Мерденти Юри, Хъариати Тамарæ, Маринæ Литвиненко.

Цал æма цал хъисмæти, характери, сценикон буцæуи равзурста уæдæй фæстæмæ Зарифæ. Æ спектакльти нимæдзæ сæдей уæнгæ исхизтæй. Уони хæццæ, ирон театрæн ном æма цæсгон ка искодта, еци агъазиау куститæ: Къостай «Фатимæ», Шекспири «Отелло», «Дууадæсæймаг æхсæвæ», «Ромео æма Джульеттæ», Плити Гриси «Чермен», «Æууæнкæ», Дæбей «Æфхæрдти Хæсанæ», Туати Дауити «Мæрдтæйдзæуæг», М. Горькийи «Содзгæ зæрдæ», «Æвудæй фудгинтæ», Ф. Шиллери «Мария Стюарт», Ж.Б. Мольери «Тартюф», Саламти Къолай «Дууæ киндзæхсæвæри», Уруймæгти Езетхани «Знæгтæ». Исæнхæст кодта æ фиди фæндæ дæр, исæвардта ин æ пьеситæ «Амран» æма «Дууæ хуæри». Устур исфæлдистадон æнтæстити туххæй 1960 анзи Мæскуй ирон литературæ æма аййевади дæсниади театри сæйраг режиссер Бритъиати Зарифæн лæвæрд æрцудæй Сурх Турусай орден.

Еу рæстæги (60-аг æнзти) нæ республики Уруссаг театрти куст зингæ фæллæмæгъдæр æй. Æма си уæд сæйраг режиссерæй нисангонд æрцудæй Зарифæ. Е æрæстæфтæй репертуари лæмæгъдзийнадæ æма байархайдта æ фæххуæздæр кæнунбæл, фæд-фæди исæвардта цалдæр романтикон-интеллектуалон пьеси. Æма театри кадæ нæуæгæй фæббæрзонд æй, актертæ сæхебæл исхуæстæнцæ. Театр ба идзаг кæнун райдæдта аййевадæуарзгутæй. Режиссери уодуæлдай куст фæззиндтæй театрбæл, æ спектакльтæй еуемæн – Уруймæгти Езетхани «Перед грозой»-æн исаккаг кодтонцæ Хетæгкати Къостай номбæл преми.

Зарифи фæстæдæр хонун райдæдтонцæ æндæр театртæмæ дæр. Ци æй нæуæг театр, нæуæг спектакль? Сæ алкæцидæр – исфæлдистадон тох, нæуæг аййевадон фæрæзнæ æма нæуæг уæлахез. Састи бунати нæ байзадæй ирон режиссер, æууæнки аккаг разиндтæй æ берæвæрсуг искурдиадæ, Цæцæн-Мæхъæли театри, Болгарий, сахар Кырджалий театри спектакльтæ æвæргæй дæр. Грознай исæвардта М. Солцаеви пьесæ «Борьба», Кырджалийи – Хъайттати Сергейи «Мади зæрдæ». Се ’нтæстдзийнæдти туххæй еци æнзти финста мæскуйаг журнали «Театр», болгайраг газети «Народная культура». Кырджалийи театри директор Теофана Текелиева финста Зарифæмæ: «Ваша постановка, как видите, имеет полный успех. Мы очень рады этому и надеемся сохранить ее на долгие годы».

Цæгат Иристони делегаттæ Советон Цæдеси Компартий съездтæй еуеми. Галеуæрдигæй фиццаг бадуй БРИТЪИАТИ Зариффæ.

Уæлтæмæн æма æнтæстдзийнадæй рохс бæнттæ, мæйтæ, æнзтæ. Зарифи дзурдæн алкæддæр уæзæ адтæй. Æ кусти, театри гъуддæгути еугур фæззелæнтæ дæр уотæ хуарз зудта, æма æ унаффæбæл, феппайуйнæгтæбæл арази адтæнцæ мæскуйаг театрти дзурддзæугæ архайгутæ дæр. Уомæн æрцудæй æвзурст æма берæ æнзти фæккуста Еугуруæрæсеуон театралон æхсæнади цæгатиристойнаг хайади сæрдарæй. Цæмæй æ бон адтæй, уомæй æнхæст кодта республики театри косгути социалон домæнтæ, æнæ дзуаппæй некæд неке раздахта. Зарифæ Тæбæхсæути Балой туххæй ци дзурдтæ финста – «Ирон театри Бало ке фæззиндтæй, е ин адтæй Хуцауи лæвар» – уони зæгъун гъæуй Зарифæн æхецæн дæр. Уомæн æма режиссер æй ирон театри историй бæрæгдаргæ хай. Е ’новуд кустæй е тох кодта æхсæнади царди гъæнтæ æма хæрæнтти хæццæ, адæймаги уодæфхуæргути хæццæ.

Гъо, фал фудæнхæ æносон æй æма æ азарæй басугъта кæдзосзæрдæ Зарифи дæр, исфæлдистади рохс риндзæй æй ниггæлста фудæнхи тармæ. Шекспири Отелло æма къарол Лири хузæн, нæрæмон Чермени хузæн Зарифæ æхе уодбæл бавзурста æнаккаг адæймæгути æфхуæрд, æмгæртти мæнгарддзийнадæ. Бустæги æвудæй æй ахæстдони бакодтонцæ, байстонцæ ин æ паддзахадон хуæрзеугутæ, æ намус ин исæвдулдтонцæ цъифи. Е 1937 анзи нæ адтæй, фал 1980-аг æнзти.

Еци аллайаг, æнаккаг гъуддаг ирон интеллигенци гъæуама кади гъуддæгутæй нихсна. Уогæ син Зарифæ ниххатир кодта æ кæдзос, æнæхийнæ уоди фарнæй. Æ трагеди Шекспири трагедитæй фуддæр разиндтæй. Фал æй некема ниффинста, неке зæрдæмæ ма багъардта. Аййевади арвмæ базурведарæй ке рарвиста, æ зæрди цæхæр кæмæн не ’вгъау кодта, уонæй æ фарсмæ неке æрбалæудтæй цалдæремæй уæлдай. Æ бафхуæргути намус – мæрдфунæй. (Уæддæр рæстзæрдæ адæймæгутæ разиндтæй, æма Зарифæ цардæй ку рахецæн æй 2001 анзи, уæд байархайдтонцæ, æма нигæд æрцудæй Намуси Аллейи).

Арфиаг уæнтæ, Зарифи зæрдæ æма искурдиадæн устур аргъ ка кодта, еци номдзуд лæгтæ: Михаил Ульянов, Рубен Симонов, Георгий Товстоногов, Андрей Попов, Василий Лановой. Етæ ниффинстонцæ сауæнгæ Брежневмæ, фал сæмæ игъосæг нæ фæцæй. Фæстæдæр æхуæдæг финстæг рарвиста Расул Гамзатовмæ: «Помогите мне добиться правды, ни один факт обвинения не доказан. Как сказал прокурор на суде, основанием для обвинения послужили показания секретаря-машинистки ВТО. Для их получения были применены шантаж и угрозы, в чем она призналась на суде. А еще были сфабрикованы в угоду некоторым работникам ОБХСС и прокуратуре бухгалтерская ревизия и экспертиза.

Причины обвинения и лишения свободы никому не понятны, а происходящее со мной – чудовищно…

Мне 65 лет, из них 43 года я служила искусству честно и бескорыстно…

Меня обвинили в воровстве, и это надругательство не только надо мной, человеком, подошедшим к финалу своей жизни, но и над законностью, правдой и справедливостью. Но даже теперь, когда надо мной, как дамоклов меч, висят 12 лет тюремного заключения, я не теряю веру в то, что правда восторжествует.

Я уверена, что Ваш голос сыграет решающую роль…»

Æма ирон силгоймаг нæ фæррæдудæй – авайраг курухон лæг Расул Гамзатов ин æ уоди рист æ зæрдæмæ хæстæг райста, æ бон цидæриддæр адтæй, уомæй байархайдта, Зарифи æвудæй бафхуæргæй, ци æверхъау рæдуд арæзт æрцудæй, уой исраст кæнуни фæдбæл. Расули фæрци е, цуппар анзи æма æхсæз мæйи кæми фæгъгъезæмарæ кодта, Амрани зинтæ кæми бавзурста, еци ахæстдонæй уæгъдæгонд æрцудæй. Уордигæй рацæугæй, æнгъæл ун æнгъизтæй, æма æнæгъæнæ дуйнемæ дæр ниффуд уодзæнæй, е ’дзæсгон бафхуæргутæй æ мæститæ есун байдайдзæнæй. Фал æ зæрдихатти кæдзосдзийнадæ айдагъ уомæй дæр рабæрæг æй, æма, кæд цийфæнди мæститæ бавзурста, уæддæр син сæттун нæ бакумдта, бафæразта син æма ниууодæнстæй, уодæй разиндтæй æ фидæ Елбиздихъой хузæн федар, æма загъта: «Амонд мæмæ зулун цæститæй нæ ракастæй, цæрæнбæнтти мин агъаз кодта мæ уарзон кусти…»

…Аци дессаги искурдиадæгин æма уодикондæй хъаурæгин æцæг ирон силгоймаг, гъулæггагæн, не ’хсæн нæбал æй (æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 2001 анзи 29 августи), фал уæддæр, зæгъун æнгъезуй, не ’хсæн æй, нимайæн æй не ’мдогонбæл, уомæн æма е нæ национ культури, бæлвурддæрæй ба нæ театралон аййевади райрæзти сæрбæлтау ци агъазиау хуарздзийнæдтæ исаразта, етæ абони дæр цæрунцæ æма агъазгæнæги хузи бæрæг дарунцæ нæ исфæлдистадон коллективти архайдбæл. Уомæ гæсгæ ба нæ бон æй федарæй зæгъун: «Цæрæд æностæмæ, ирон адæми уодигъæдæ, зунд, фарни бæрзонддæр риндзитæй еу – Бритъиати Зарифи ном!..»

 

АБАЙТИ Арбилянæ