«ТУХСТ МЕГЪИ ФИЦУНЦÆ МÆ БОНТÆ…»
Рæстæг уоййасæбæл тагъдæй евгъуйуй, æма си кæмæндæрти расагъæс кæнун нæ бантæсуй, цæй туххæй ин аккаггонд æрцудæй уæлзæнхон цард, кадæртæ ба уой æгæр раги дæр ма æстæфун байдайунцæ, æма син кæми цийнаг, кæми ба гъенцъуйнаг исуй.
Тухсти мегъи фицунцæ мæ бонтæ,
Тухст æмдзæвгæй мæ цæсгон.
Уорс гæгъæдий лигъзбауæр фæсонтæ
Ниттудта къæрандаси халон.
Хаттæй-хатт æмдзæвгæн æ губуни
Æнæууилдæй иссерун фæлгонц.
Мæ сагъæси рæнгъити тар хуми
Дзæгъæл тезгъо кæнуй дзурдти фонс.
Мегъи раздарæн даруй мæ зæрдæ,
Хаттæй-хатт-еу байсусуй мæ зар.
Уазал зумæг баууелуй мæн сæрдæ,
’Ма ин арвбæл нийтауй æ цар.
Уотæ финста е ’мдзæвгæ «Зин бон»-и Гибизти Оскар. Æма æ загъд «Уазал зумæг баууелуй мæн сæрдæ…» цæйбæрцæбæл уæззау зæрдрист адтæй, уой абони ма бæргæ лæдæрæн, фал… Уоййасæбæл агъазиау нифситæ нæхецæн кæмæй æвардтан, нæ еци искурдиадæгин Оскар хуæрзæригонæй бацудæй е ’носон дуйнемæ – уæлзæнхон цард ин нæ иссæй сæрди хузæн цийнæдзийнæдти гъарæй рæвдауæг, уазал зумæги хузæн ин баууилдта æ карнæ…
Фал ин уæддæр ци бантæстæй æ цубур цардвæндаги рæстæг, уæлдайдæр ба æ исфæлдистади, етæ ба нин æнцæ нæ национ литератури хæзнадони алæмæти æвæрæнтæ.
Гибизти Оскарæн ци киунугутæ уагъд æрцудæй дигорон æма уруссаг æвзæгтæбæл, уонæбæл ма æрæги бафтудæй нæуæг æмбурдгонд – уоми еу киунуги медæгæ байеу æнцæ е ’мдзæвгитæ уруссаг æма дзиуиттаг æвзæгтæбæл. Киунугæ хуннуй «На задворках моей души». Уагъд æрцудæй аци анз Тель-Авиви, рауагъта æй рауагъдадæ «Beit Nelly Media».
Куд зонæн, уотемæй аци авторæн е ’мдзæвгити фиццаг æмбурдгонд «Слеза в глазу колыбели», зæгъгæ, дуйней рохс фæууидта 2007 анзи – æ редактор, зундгонд поэт æма публицист, финсæг, республикон журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор Скъодтати Эльбрус, æ исаразæг, финсгутæ Гибизти Руслани æма Тотрати Руслани фæрци. Мухургонд си æрцудæнцæ дигорон æма уруссаг æвзагмæ тæлмацгонд æмдзæвгитæ. 2019 анзи поэзиуарзгутæ æхцæуæнæй исæмбалдæнцæ поэти дуккаг киунугæ «Хори цæстисугтæ», зæгъгæ, æмдзæвгити æмбурдгондбæл. Æ редактор æй искурдиадæгин финсæг Будайти Милуся, æ исаразæг ба зундгонд поэт Колити Витали.
Мæнæ нур Гибизти Оскарæн ци нæуæг киунугæ рацудæй, е дуйней рохс фæууидта профессор, филологон наукити доктор Тахъазти Валерийи хъæппæресæй. Аци æмбурдгонди цæмæдесдзийнадæ уой медæгæ ’й, æма имæ хаст æрцудæнцæ поэти æмдзæвгитæ уруссаг æма иврити æвзæгтæмæ тæлмацгондæй. Æмдзæвгитæ ивритмæ ратæлмац кодтонцæ Петр æма Давид Криксуновтæ.
Аци киунуги фæззинди фæдбæл æрæги Дзæуæгигъæуи Национ киунугæдони арæзт æрцудæй зонгæ кæнуни мадзал. Æ исаразæг æма амонæг адтæй Иристони адæми уæлдæр Совети сæрдари хуæдæййевæг Дзекъойти Юрий.
Архайдтонцæ си нæ республики зундгонд финсгутæ æма поэттæ, журналисттæ, наукон косгутæ, аййевадон архайгутæ, æхсæнади минæвæрттæ, поэзиуарзгутæ…
Мадзали райдайæни иуазгутæ видеоравдисти фæрци байгъустонцæ киунугæн раздзурд ниффинсæг профессор, политикон наукити доктор, журналист Дмитрий Стровскийи дзубандимæ. Æ гъудимæ гæсгæ Гибизти Оскар æй цæмæдесаг поэт, зæгъун æнгъезуй, хайгонд фæцæй космосон искурдиадæй, кæцимæй фæххайгин унцæ ефстæгтæ…
Поэти цард æма исфæлдистади туххæй лæмбунæг æрдзурдтонцæ зундгонд журналист Цæголти Олег, профессор, филологон наукити доктор Тахъазти Федар, Цæгат Иристони культури министри хуæдæййевæг Хъусати Зæлинæ, ахурадæ æма науки министри хуæдæййевæг Габети Вадим, нæ республики адæмон поэт Дзасохти Музафер, Национ киунугæдони разамонæги хуæдæййевæг, Цæгат Иристони культури æскъуæлхт косæг Бибойти Иринæ, æмбурдгондæн иллюстрацитæ исаразæг Цæллагти Фатимæ. Мадзали архайгутæн цæмæдесаг иссæй Республикæ Мордовийи æскъуæлхт финсæг Николай Голиков ци финстæг исæрвиста аци мадзалмæ, е. Куд си фегъосун кодта, уотемæй æ зæрди ес Гибизти Оскари æмдзæвгитæ мокши æвзагмæ ратæлмац кæнун.
Нæ республики адæмон поэт Гуржибегти Иринæ, Къибирти Амурхан æма Мамукъати Хъазбег бакастæнцæ, Гибизти Оскари номи кадæн сæрмагондæй ци æмдзæвгитæ ниффинстонцæ, уони.
Нæ республики дзиуиттæгти æхсæнадæ «Шолом»-и сæрдари хуæдæййевæг Анатолий Харин куд баханхæ кодта, уотемæй, Гибизти Оскари æмдзæвгитæй иврити æвзагмæ тæлмацгонд ка ’рцудæй, уонæми бæрæг даруй поэти бæрзонд искурдиадæ. Тæлмацгæнгути фæрци ба поэти исфæлдистадæ рахезуй ци паддзахæдти минæвæрттæ ’нцæ, уони арæнти сæрти, æма фæххæлеу уй еугур дуйнебæл дæр, е ба, æнæмæнгæ, агъаз æй еугур адæмихæттити дæр культури фæрци кæрæдземæ фæххæстæгдæр кæнунæн.
Уæрæсей Федераций æскъуæлхт артист Сæбанти Тамерлан æма Цæгат Иристони адæмон артист Хадати Альберт, изæрмæ æрбацæугути зæрдитæ барохс кодтонцæ поэти æмдзæвгити аййев бакастæй. Кæстæр фæлтæр дæр сæ байвæрæн бахастонцæ мадзалмæ: педагогон колледжи студенткæ Елойти Дианæ æма Чиколай 1-аг астæуккаг скъолай 7-аг къласи ахурдзау Дедегкати Алинæ хъæбæр дæсни радзурдтонцæ поэти æмдзæвгитæ. Мадзали кæронбæттæни киунугæ рауадзгутæн райарфæ кодтонцæ, Гибизти Оскари райгурæн сахар Дигорай æхсæнади минæвар Владимир Караваев, хеуæнтти номæй ба поэти æнсувæр Гибизти Владимир.
БИЧИЛТИ Алетæ