21 ноября 2024

РÆСТДЗИЙНАДИ  –  НÆ  ХЪАУРÆ

16.03.2024 | 20:36

Сæрмагонд поезд «Хъаурæ рæстдзийнади æй» исхъæрттæй Дзæуæгигъæумæ дæр.

Уæрæсей Федераций Гъæуайкæнуйнади министради хъæппæресæй 23 феврали – Фидибæстæ гъæуайгæнæги  Бони райдæдта еугуруæрæсеуон акци «Сила в правде».

Министради тематикон поезд   Мæскуйæй рабалци кодта æма æрзелдзæнæй нæ бæсти 67 регионебæл. Акций кæронбæттæни мадзал ба рацæудзæнæй Мæскуй Уæлахези бони агъоммæ.

Евгъуд хуцаубони поезд исхъæрттæй Дзæуæгигъæумæ. Экипажбæл вагзали исæмбалдæнцæ нæ республики Хецауади иуонгтæ, æхсæнади минæвæрттæ, кадетти скъолай, суворовон училищей гъомбæлгæнуйнæгтæ æма «юнармеец»-тæ ке хонунцæ, еци фæсевæд.

Мадзали архайгутæн райарфæ кодта Цæгат Иристон-Аланий Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Томайти Ирбег.

– Нæ бæсти ирæзгæ фæлтæри патриотон гъомбæладæ кæддæриддæр вазуггин фарста адтæй. Фидибæстæмæ уарзондзийнади цæхæр æвзонг зæрдити иссодзун кæнун æма багъæуаги сахатти æ сæрбæлтау гъæуайгæнгути рæнгъити æрлæуунмæ цæттæ ун æнцæ æцæг патриоти менеугутæ. Акций сæйраг нисан æй нæ бæсти берæнацион адæми тугъдон истори багъæуай кæнун, Устур Фидибæстон тугъди фашизми нихмæ æма нацизми уедагæ исæскъунунæн ци æнæмæлгæ æскъуæлхтдзийнæдтæ  равдистонцæ, сæребарæдзийнадæ тогæй ке балхæдтонцæ, еци истори ирдæй равдесун. Нигулæйнаг бæститæ архайунцæ Устур Фидибæстон тугъди сифтæ усхъуммæ рахатунбæл, фал син сæ фæндæ исæнхæст кæнун нæ бауадздзæнæнцæ, абони Украини ка тохуй, еци тугъдгъон фæсевæд. Нæ тухæ æмæ нæ хъаурæ  еудзийнади, рæстдзийнади ’нцæ, æма Уæлахез дæр уодзæнæй мах, – бакастæй Томай-фурт нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой финстæг.

Кадгин митинги радзубанди кодта эшелони хецау, контр-адмирал Александр Гринкевич дæр.

– Аллирауæн дæр нæбæл цийнæ æма кади хæццæ исæмбæлунцæ. Нæ тематикон экспозицитæ ба нин абони уæнгæ фæууидтонцæ 12 мин адæймагемæй фулдæр. Æригон кизгуттæ æма биццеутæ цæмæдесæй фæккæсунцæ нæ равдиститæмæ. Эшелони фæууинæн еу Устур Фидибæстон тугъди тохæнгарз, уæдта еугур майдантæ æма ордентæ. Фал сæйрагдæр мадзал æнцæ нæ бæсти Гæрзефтонг тухти нуриккон хотухтæ, нигулæйнаг бæститæ Украинæмæ ци тохæнгарз æрветунцæ, уони хузæгтæ. Мадта æвзонг æфсæддонтæ «юнармеец»-тæн ба эшелони исаразтан ерис, тохæнгарз райхалун æма исæмбурд кæнунæй. Мах ирæзгæ фæлтæри хæццæ фулдæр косдзинан, нæ Фидибæсти хъисмæт кæстæрти къохти æй æма нæ размæ цæун гъæуй нифсгунæй, нæ бæстæ хъаурæгиндæр æма амондгундæр кæнуни нисантæмæ, – дзурдта Александр Гринкевич.

Акций архайгутæн райарфæ кодта нæ республики ветеранти Совети сæрдар Фриати Хъазбег дæр æма загъта, ауæхæн акцити фæрци нæ къохти ке бафтуйдзæнæй ирæзгæ фæлтæри зундирахастмæ тæккæ хуæздæр менеугутæ бахæссун. Акций рæстæг Уæрæсей Федераций Устур Фидибæстон тугъди центрон музей Дзæуæгигъæуæн балæвар кодта 1159-аг æхсæг полкки тугъдон туруса. Аци полк исæвзурдæй 1942 анзи августи Кавказбæл карз тугъдтити рæстæг. Æфсæнвæндаги вагзали фæзи Дзæуæгигъæуи 40-аг æма 22-аг астæуккаг скъолати ахурдзаути кадгин уавæри райстонцæ «Юнармеец»-ти рæнгъитæмæ. Уомæй уæлдай, фæзи куста «будуйрон цæлгæнæн» æма алкæмæн дæр фадуат адтæй салдати касæй исахуадун.

Акций архайгутæ бакастæнцæ сæрмагонд æфсæддон операци æма Афгайнаг тугъди бæгъатæрти хузистити равдистмæ дæр.