22 декабря 2024

«ÆЗ ДÆР ИРОН ДÆН, ИРОН»

30.12.2020 | 17:11

Æстайæймаг æнзти Хъоротæ сæ уæззау сæйгæ фæлластонцæ Мæскумæ сæйгæдонæмæ. Ленини проспекти 10-аг хæдзари медицинон наукон центрæн ци сæйгæдонæ адтæй, уоми имæ зилдæнцæ дохтиртæ, цæттæ ’й кодтонцæ операцимæ. Сæйгæн Иристонæй æ хæццæ ци хеуæнттæ рандæй, етæ кезугай æхсæвæй-бонæй адтæнцæ æ уæлгъос.

Еууæхæни къуаремæй  тургъи бæлæсти буни къелабæл сæ фæллад уагътонцæ, зæрдибун дзубанди син райеудагъ æй. Минкъий идарддæр бæласи буни бадтæй æ кари лæг, уонæмæ игъосгæй æ медбилти баходидæ.  Къуарæй æй кадæр бафеппайдта æма уотæ бакодта: «Цума нин аци хахойлаг ба нæ дзубандитæн ци лæдæруй, æ медбилти ци баходуй?» Уæд æнæзонгæ лæг æ бунатæй исистадæй, æрбацудæй сæмæ æма син уотæ: «Æз дæр ирон дæн, ирон!» Æма базонгæ ’нцæ. Е разиндтæй мæскуйаг ирон Хетæгкати Хетæг. Уордæмæ хæстæг цардæй æма сæйгæдони алливарс ци паркгонд адтæй, уоми бæлæсти буни кæдзос уæлдæфæй рауолæфун уарзта. Сæхемæ сæ зæрдиагæй худта, æма хестæри æфсармæ æрахæста – бабæрæг ин кодтонцæ æ фатер. Хетæгæн адтæй уруссаг уосæ, кизгæ æма биццеу. Сæ ирон иуазгутæбæл  хъæбæр бацийнæ кодтонцæ. Уоми ирон финги уæлгъос фусун Хетæгкати Хетæг æма  иуазгути хестæр Хъороти Гришæн лæмбунæг дзубанди райеудагъ æй. Дууæ цардфæлтæрд  адæймагемæн еумæйаг зонгитæ дæр рвзиндтæй. Хетæг æримиста е ’взонги бæнттæ: Мæскумæ куд рафтудæй æма си цæргæ куд байзадæй. Еуæй-еу хатт ибæл е ’нкъарæнтæ зæйи хузæн рацæуиуонцæ, æма æ хъур фехгæнидæ, æ дзубанди фæссабур уидæ, уæдта æ цæстисугтæ æ ростæбæл æргæр-гæр кæниуонцæ. Уомæн ба, гъай-гъай, адтæй рæуонæ.

Цæветтонгæ, Октябри революций нисантæ бахъæрдтæнцæ Иристони хуæнхти цъæстæмæ дæр. Хуæнхæгти зæрдитæмæ дæр бауагътонцæ нифс æма æууæндундзийнади æнкъарæнтæ. Адæм  æригонæй, зæрондæй  се ’ргом раздахтонцæ ахурмæ. Гъæууон райдайæн скъола хуарз бæрæггæнæнти хæццæ каст ка фæцæй, етæ райивулдæнцæ будуйрон рауæнтæмæ идарддæр исахур кæнуни фæдбæл. Еци дзамани Нари зилди цæрæг æртæ æмбали, Хетæгкати Хетæг, Кучити æма Хутити лæхъуæнтæ (Гришæ син сæ нæмттæ нæбал гъуди кодта) дæр исфæндæ кодтонцæ сæ ахур райидарддæр  кæнун. Сæ гъостæбæл æрцудæй, Мæску æма Ленингради, дан,  косæг скъолатæмæ мæгурти æнцонтæй есунцæ. Уоми си хæстæг кæмттæй ка ахур кодта, уæхæнтти дæр зудтонцæ. Æма Нарæй рабалци кодтонцæ Мæскумæ. Мæгур хуæнхæгти уæледарæс  æма къахидарæси, сæ дзæкъолти ирон лæги фæндаггаг – хæссунæн рæуæг æма хуæрунæн адгин – хуæнхаг цихт æма хъæбæрхуари кæрдзин. Цидæр минкъий къапеккити хæццæ – сæ ниййергутæ сæ бийнонти хъурæй ке фелвастонцæ, етæ цанæбæрæг гъæуама адтайуонцæ!.. Фал сæмæ нифс æма размæ цæуни тундзундзийнадæ ба  уоййасæбæл устур адтæй, æма нецæмæ зийнадæ кодтонцæ.  Æригонмæ царди цæлхдортæбæл рахезун ауæдзитæбæл цæхгæрмæ рауайæгау кæсуй.

Поезди ку рабадтæнцæ æма ку рараст æнцæ, уæд ма уонæй амондгундæр ка ’дтæй!.. Фал сæбæл Мæску, куд æнгъæл адтæнцæ, уотæ зæрдирайæй нæ исæмбалдæй. Уоми дæр адæм сæхе хузæн мæгур адтæнцæ, æцæгæлон син разиндтæнцæ æртæ ирон  сæрæнигурди. Еуемæй, сæ уæледарæс æма уиндæй уони хузæн нæ адтæнцæ, иннемæй ба уруссаг æвзаг рæстмæ нæ зудтонцæ. Ахурмæ сæ некумæ райстонцæ. Æма рахау-бахау кæнун байдæдтонцæ æртæ лæхъуæни. Бонæй сæ губуни харзбæл сагъæс кодтонцæ, æхсæвæ ба – æхсæвеуатбæл. Сæ хуæздæр цæрæнбунæттæ иссæнцæ вагзалтæ, парктæ. Гъо, фал тагъд фæууазал уодзæнæй, æма уæд ци кæндзæнæнцæ?.. Гъудитæ, сагъæстæ сæ сæ буни æуурстонцæ, фал уæддæр сæ нифс ба æгириддæр нæ састæй. Æма еууæхæни сæ зæрдæбæл æрбалæуудтæй, Сталин ирон ке ’й, е. Уæдмæ е иссæй нæ бæсти разамонгутæн сæ сæйрагдæр. Æма лæхъуæнтæ раунаффæ кодтонцæ:

– Цæуæн æма нæ гъæститæ уомæн  иронау фæккæнæн. Кæд нæ балæдæридæ, ами ци агорæн, ахур кæнун нæ ке фæндуй, уой…

Æма рараст æнцæ Кремлмæ. Еци рæстæги Советон хецауадæмæ бæсти алли рауæнтæй аллихузон фарстати фæдбæл берæ адæм цудæй. Æма сæмæ æригъосæг дæр адтæй, сæ домæнтæ, сæ  курдиæттæ син, куд гæнæн æма амал уидæ, уотæ æнхæст кодтонцæ. Уæд æцæг адæмон хецауадæ бадтæй Кремли æма бунæтти дæр.

Кремлмæ бауагътонцæ æртæ ирон лæхъуæни дæр. Никки ма син сæ фадæварцитæмæ ку æркастæнцæ, уæд ци базонун гъудæй, идардæй ке цæунцæ, уой.

Сталини косæн рауæнмæ бацæуæни размæ уати сæ  секретарь бауорæдта æма сæ фæрсуй, кæцæй айтæ,  цæмæ имæ цотæ, ци ин зæгъон, зæгъгæ. Фал, уруссагау бустæги æнхæст ке нæ арæхстæнцæ, уомæ гæсгæ сæ цуди сæр балæдæрун кæнун нæ фæразтонцæ, æма сæ лæг медæмæ нæ уагъта. Биццеутæ рамæстгун æнцæ, се ’ригон тог рафунхтæй, айуæнгæ æрбахъæрдтан  æма нур фæстæмæ раздæхæн, зæгъгæ, æма Сталини косæнуатмæ бампурстонцæ.

Сталин æ секретари æма биццеути æстуф ку райгъуста, уæд æ бунатæй фæггæпп кодта. Ка ’й зонуй, æ фурдесæй, гъомæ, уотæ карзæй мæмæ ка тундзуй, зæгъгæ. Фал лæхъуæнти хуæнхаг дарæсти ку рауидта, уæд æрсабур æй, æхемæ сæ бакодта. Фал æрбацæугутæ ба уæддæр нæ сабур кодтонцæ: кæрæдземæн дзурди барæ нæ дæтгæй, сæ гъаст ин кæнунцæ.

– Барæнайтæ!.. Сабур æма кезугай дзоретæ, куд уæ балæдæрон, уотæ, – лигъзæй сæмæ ивазгæ дзоруй иронау.

Лæхъуæнтæ фæлмæн дзубандимæ æрсабур æнцæ, хеуондзийнадæ си балæдæрдтæнцæ æма ин хеуони дзубандитæ ракодтонцæ. Лæмбунæг сæмæ байгъуста, уæдта æ агъазгæнæгмæ фæдздзурдта æма сæ уой барæ бакодта, бафæдзахста ин, цæмæй сæ  ахурмæ бакæна, уæдта, кæми гъæуама цæронцæ, уæхæн рауæн дæр син амалгонд æрцæуа.

Æма æртемæй дæр изæйрон скъолай ахур кæнун райдæдтонцæ, цæргæ ба кодтонцæ æмдзæрæни. Ахур ку фæцæнцæ, уæд Хетæг æма Кучити лæхъуæн Мæскуй цæргæ  байзадæнцæ, Хутити уон ба Иристонмæ исæздахтæй. Хетæг  ма каст фæцæй уæлдæр скъола дæр, иссæй инженер. Уæдмæ Устур Фидибæстон тугъд райдæдта, æма тохи будурмæ  рандæй. Сæрæгасæй си æрæздахтæй фæстæмæ Мæскумæ. Куста агъазиау заводи бæрнон бунæтти, уæдта рацудæй пенсий.

Зæгъун ма гъæуй уой дæр, æма Хетæгкати Хетæг  адтæй зундгонд ехсæттæн наутæ «Ленин» æма «Арктикæ»-йи раздæри таурæхъон капитан, Цæгат полюс басгарæг, Социалистон Фæллойни Бæгъатæр Кучити Юрийи мади хуæрз æнсувæр.

 


Аци цаутæ нæ газети абони бæрæгбони номери уомæ гæсгæ æримистан, цæмæй сæбæл алкедæр расагъæс кæна æма федарæй исфæндæ кæна нæуæг анзи æ цард зæрдхæлардзийнади фæткæмæ гæсгæ аразун. Æма ни алке дæр уобæл ку архайа, уæд нæ фидтæлти хузæн нæ царди сæр исуодзæнæй фарнæхæссæг æгъдау. Уотæ ма бангъæлетæ, æма уой зæгъуйнаг ан, цума раздæри дзаманти æведауцæ æма рафауйнагæй неци адтæй. Адтæй æма кæстæр хестæрмæ зулун цъухæй исдзоридæ, нæлгоймаг силгоймагæн, силгоймаг ба нæлгоймагæн аккаг кадæ не ’скæнидæ, мадта давгæ дæр æма кæрæдзей маргæ дæр кодтонцæ. Цард цард æй æма си алцидæр æрцæуидæ. Фал нæ фидтæлтæ зундгин уомæй адтæнцæ, æма еци гъæндзийнæдтæ дзæбæх кодтонцæ сæ цæфбæл, цæмæй хуæцгæ нези хузæн ма фæппурхæ адтайуонцæ æнæгъæнæ æхсæнадæбæл!..

Гъеуомæй нæ абони бафæнзун гъæуй нæ фидтæлти – æгæр, æгæр нæмæ исберæ ’нцæ илгъагдзийнæдтæ, кæцитæ нин æгадæ кæнунцæ æма æгудзæг уавæри æвæрунцæ нæ цардарæзт. Уомæй ихæсгин ан, мах, нæ адæми абони фæлтæртæ. Нæ зæрдæбæл æй бадарæн: æгъдау цæуй æфсармæй, æгъдауæй ба – намус. Уомæн æма æгъдау æй царди медес, æма ’й куд арфдæр æнкъарай, куд рæсугъддæр, медесгундæрæй æй æнхæст кæнай, уотæ дæ намус кæндзæнæй хъаурæгиндæр. Адæймаг æности нæ цæруй, æности цæрунцæ æ  кадæ кенæ æ ходуйнаг. Æма фæрнгун адæймаг ходуйнаги бæсти кади хæццæ рамæлун хуæздæрæн уомæн равзурста. Æ цæуæтæн, æ фæстагæнттæн æ ходуйнаг нæ ниууагъта, фал æ кадæ, æ намус.