ÆНОСТÆМÆ ЦИТГИЙНАГ ÆЙ Æ ЦАРДВÆНДАГ
Нæ номдзуд æмзæнхон, намусгин революцион архайæг Гетъоти Дохчихъой фурт Хаджеумари райгурдбæл исæнхæст æй авдинсæй анзи (1884-1918). Æ цардвæндаги хабæрттæ уотæ рауадæнцæ, æма Советон хецаудзийнади сæрбæлтау æ тох фулдæр адтæй идард Сибири (уордæмæ тухæрвист æрцудæй æ революцион архайди туххæй) номдзуд революционер Сергей Лазой æмархайæг уогæй.
Гетъоти Хаджеумар Елбиздухъи фурт (Харитон Николаевич) – аци ном мах адæмæн хъæбæр хъазар æй. Уæдта, айдагъ махæн нæ, фал фæллойнæгæнæг адæми сæрбæлтау сæ цард раттæг хъазауатонæн устур, æцæг аргъ ка кæнуй, уонæн сæ еугуремæн дæр.
Гетъой-фурти царди фадуæттæ æма хабæрттæ æнцæ æнæбæрцæ дессаги кинонивæ искæнуни аккаг. Æма, куд нæ уонцæ? Хаджеумари царди хуæздæр бонтæ, æнзтæ, æносмæ федар баст уодзæнæнцæ фæллойнæгæнæг адæми сæребарæдзийнадæбæл тох кæнуни гъуддаги фæдбæл.
Гетъоти Хаджеумари царди уолæнтæ рахастонцæ сауæнгæ Сибирмæ. Адтæй революционер, советон цардарæзти сæрбæл тохгæнæг. Æхе равдиста Октябри революций сæрбæлтау тохи бæгъатæрæй æма лæгигъæдгун разамонæгæй. Хаджеумари царди зинг æгæр раги бахустæй, фал æй ци гъуддагбæл равардта, уомæн ба некæд ес батар уæн.
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий паддзахадон архиви ес документтæ, кæцитæ дзорæг æнцæ Гетъой-фурти ахури, уæдта ма æ царди иннæ гъуддæгутæбæл дæр. Документтæ æвдесунцæ Хаджеумари куд ахурдзау: фиццагидæр Мæхчески скъолай, уой фæсте ба – Æрæдони семинарий гъомбæлкæнуйнаг. Революцион змæлди ке архайдта, уобæл дæр си ес æрмæг. Æ Райгурæн бæсти устур патриот ке адтæй, уой дæр бæрæг кæнунцæ документтæ.
Ци документти кой кæнæн, етæ ’нцæ æртæ: дууæ – «Свидетельство» ахуради туххæй, æртиккаг ба – курдиадæ («Прошение»), Хаджеумарæн æхе къохæй финст. Фиццаг «Свидетельство» æй, Гетъой-фурт Мæхчески зилди скъола каст ке фæцæй, уой туххæй. Лæвæрд ин æрцудæй 1897 анзи 26 июли. Гетъой-фурт уæд бацудæй æ цуппæрдæсæймаг анзи. Документти автор æй Владикавкази Епархий училищети совети æрæдойнаг хайадæ. Ес си хайади сæрдар æма иуонгти къохæвæрд. Аци документ Хаджеумарæн байгон кодта над идарддæри ахурмæ. 1898 анзи сентябри мæйи бацудæй Æрæдони семинаримæ. Æхсæз ахури анзи си рарвиста æма æй æнтæстгинæй каст фæцæй 1904 анзи. Уой туххæй ин равардтонцæ «Свидетельство» (æвæдзи, нури аттестати хузæн). Аци документ игъосун кæнуй, Хаджеумар семинарий циуавæр предметтæ (еугурæй – 23) ахур кодта æма сæбæл ци хузи бæрæггæнæнтæ райста. Бæрæггæнæнтæ сæ фулдæр æнцæ хуарз æма хъæбæр хуарз. Хаджеумар семинарий каст фæцæй дуккаг разрядбæл. Фиццаг разряд райсунмæ ба гъудæнцæ айдагъдæр хуарз æма хъæбæр хуарз бæрæггæнæнтæ. Документ финст æрцудæй 1904 анзи, октябри мæйи. Уæд Хаджеумар бацудæй æ еу æма инсæйæймаг анзи.
Фиццаг дууæ документти дуйней рохс фæууидтонцæ Иристони (Мæхческ – Æрæдон). Æртиккаг документ ба райгурдæй идард Сибири, Енисейи губернийи, 1917 анзи æхсæзæймаг апърели. Фæйнæхузи æнцæ сæ рæстæг (1897-1904-1917 æнзтæ), се ’рмæг, сæ «географи», еу ба сæ кæнуй Гетъоти Хаджеумари кадгин ном: дигорон хуæнхаг лæг, кæци æнæрцæф хъисмæти фæндæй иссæй Сибири цæрæг. Фиццаг дууæ документти финсунцæ Хаджеумарбæл, æртиккаг ба æхе къохæй рацудæй. Уомæ гæсгæ ба, æ аргъ æма ахедундзийнадæ уæлдай бæрзонддæр æнцæ. Еузагъдæй, аци документтæ æргом кæнунцæ, исуйнаг революционер-большевик нифсгунæй æма разæнгардæй куд цудæй ахуради къæпхæнтæбæл царди бæрзæндтæмæ.
Лæмбунæгдæр гъæуй æркæсун Хаджеумарæн æхе финст документмæ, кæцими имисуй æ раздæри революцион куст Иристони, уæдта æргом кæнуй æ фæндитæ идарддæрмæ, нæуæг Уæрæсей уавæрти. Æхуæдæг финсуй, цæй фæдбæл æма кутемæй рафтудæй идард Сибирмæ. Бæрæгдæр уобæл дзоруй Хаджеумари финстæг. Цæмæн æй исхудта – «Курдиадæ» («Прошение»)?
Раздæр бал хуæздæр базонæн, ци фадуæттæ æма уавæртæ бацæттæ кодтонцæ, уæдта си куд фæззиндтæй аци документ. Уой туххæй райдайун гъæуй Уæрæсей фиццаг революций хабæрттæй. Еци рæстæги – æригон уогæй – Хаджеумар æхе бавдиста революций активон архайæгæй. Паддзахи гъæуайгæнæг оргæнтæ ин искодтонцæ устур «аргъ», уайтæккæдæр бахаудтæй уони цæстингаси. Райдæдтонцæ ин æ фæдбæл зелун.
Æхе римæхсгæй, Хаджеумар бахъæрттæй Тифлисмæ. Къуар рæстæги си рарвиста еске номбæл конд паспорти фæрци. Æхуæдæг неци зæгъуй, фал куд раргом æй, уотемæй паспорт адтæй Сохити Дмитрийи номбæл.
Ес уæхæн хабар, цума Хаджеумар хумæтæги нæ бамедæг æй Тифлисмæ, æ зæрдæ дардта хеуæнттæбæл, зонгитæбæл. Уони ’хсæн – Тифлиси хуарз бунати косæг, зундгонд лæг, Хаджеумарæн ба ма е ’рвадæ – Гетъоти Дафа. Фал ин уæддæр нæ бантæстæй æхе знæгти дзæмбутæй ратонун. Паддзахи фæсдзæуинттæ, куд фæззæгъунцæ, дзæгъæли дзол нæ хуардтонцæ. Иссирдтонцæ ин æ римæхсæн бунат. Искодтонцæ имæ устур деголæ. Гетъой-фурт куд финсуй, уотемæй цидæр гæгъæдитæ имæ адтæй, уони барæй фесафта («принужден был … уничтожить»), цæмæй ин ма базудтайуонцæ е ’цæг муггаг. Хаджеумари ном уæд игъустгонд адтæй айдагъ Дигоргоми нæ, фал еугур Иристони дæр.
Цубурдзурдæй, гъуддаг судмæ æрцудæй. 1911 анзи Кавкази тугъдон-округон суди тæрхонмæ гæсгæ, Хаджеумар æрвист æрцудæй Сибирмæ æхсæз анзей æмгъудæй. Берæ рауæнтæ бавзаргæй – Сибири уогæй – фæстагмæ ба æрбунат кодта Кански сахари. Уоми æй æрæййафта 1917 анзи феврали революци. Дессаг ба куд нæ ’й революционери ирисхъæ. Хаджеумар, фиццаг революций (1905-1907 æнзти) ке архайдта, уой туххæй ахæст æрцудæй. Дуккаг революци (1917 анзи, феврали) ба æй уæгъдæ искодта. Æхуæдæг куд финсуй, уотемæй амнистигонд æрцудæй, иссæй нæуæг, æнæпаддзах Уæрæсей сæребарæ гражданин. Фæззиндтæй ин фадуат райгурæн Иристонмæ цæунмæ.
Ес уæхæн хабар, цума Гетъоти Хаджеумармæ æ фидæ Елбиздухъ ниффинста, нæхемæ рацо, зæгъгæ. Æхе дæр куд нæ фæндадтæй, фал революцион кусти гъуддæгти уотæ арф бацудæй æма ин иссæуни равгæ уæд нæма адтæй. Фæстæдæр куд рабарæг æй, уотемæй, е ’нæферохгæнгæ Дигоргомæй, Иристонæй рахецæн æй æносмæ. Ирисхъæ ин нæбал балæвар кодта уæхæн амонд, цæмæй ма уæддæр фæстаг хатт фæууина æ уарзон хуæнхтæ, райгурæн гъæу Къаматæ, æ хъазар бийнонти. Хаджеумар æхуæдæг куд финсуй, уотемæй фиццаг рæстæги æууæнки цæстæй кастæй нæуæг хецауадæмæ. Æвæдзи, сæребарæдзийнадæ уой къохтæй ке райста, уомæ гæсгæ. Фæндадтæй æй нæуæг Уæрæсе гъæуайгæнæг æфсæддонти рæнгъитæмæ бацæун. «Курдиади» куд финсуй, уотемæй гъавта, æфсадмæ цæуни размæ, тугъдон зонундзийнæдтæ райсун прапорщикти скъолай. Уæхæн скъоламæ бацæунмæ ба гъудæй, ахур ке искодта, уой туххæй документ. Куд зонæн, уотемæй, 1904 анзи каст фæцæй Æрæдони семинари. Райста «Свидетельство», фал æй иннæ документти хæццæ барæй фесафта 1909 анзи Тифлиси, уой туххæй раздæр загътан. Æма, Гетъой-фуртæн финсгæ ’рцудæй Æрæдони семинарий хецауадæмæ. Ниффинста сæмæ 1917 анзи, æхсæзæймаг апърели, курдта си, цæмæй ин рарветонцæ «Свидетельство»-й къопи, кенæ ба æндæр документ семинарий фæууни туххæй. Гъе уомæ гæсгæ Хаджеумар æ финстæг исхудта «Курдиадæ» («Прошение»). Æхсæз дæс къаппеккон маркъи си байвардта, цæмæй гъуддаг ецирдигæй дæр ма къулумпи кæна, зæгъгæ. Æрæдони семинарий æй райстонцæ, е штампи амундмæ гæсгæ, 12 майи. Мæйæй фулдæр фæцæй надбæл Сибирæй Иристонмæ. 1917 анзи 30 майи ба ин рарвистонцæ, документи къопийæй ци нæуæг къопи исистонцæ, уой. Еузагъдæй, къопий къопи, документ сæ къохæвæрдæй бафедар кодтонцæ семинарий уæди ректор-архимандрит Феодорий æма æ правлений секретарь – Виноградов. Къопи æрвист æрцудæй Гетъой-фурти амунд адресбæл: «Енисейи губерний, Енисейи уезди Калачински почтæ æма телеграфон хайадæ». Документæн æ идарддæри хъисмæт нæбал исбæрæг æй. Уæрæсей еци рæстæги устур æзмæнститæ цудæй: революци карзæй-карздæр кодта. Кæми ма адтæй Гетъоти Хаджеумарæн рæстæг прапорщикти скъолай ахур кæнунмæ. Кæд æма имæ æнгъæл кастæй æнæбæрцæ дессаг æма вазуггин скъола – революцион змæлд. Фæззиндтæй ин фадуат, æ царди хуæздæр æнзтæ ци гъуддагæн исаккаг кодта, уой уæлахездзийнадæбæл идарддæр тох кæнун. Революций скъолай идарддæр архайгæй, Хаджеумар æхецæн иссирдта федар бунат большевикти рæнгъити. Айдагъ большевиктæ архайдтонцæ, цæмæй адæми исафæг дуйнеуон тугъди æверхъау цæхæр хустгонд æрцæуа. Уой туххæй ба гъудæй тугъдзмæнтæг гъæздугутæ æма уони номæй унаффæгæнгутæй Уæрæсе исуæгъдæ кæнун. Уæхæн гъудитæ Хаджеумар æхемæ арф райста, большевикти хæццæ æ идарддæри цард æма ирисхъæ бабæтгæй.
1918 анзи фиццаг мæйти адтæй Каски советон милицæ аразæг, уæдта æ хецау. Еци рæстæги Уæрæсей райдæдта æма карздæр кодта граждайнаг тугъд.
Еци уавæрти Гетъой-фурт, большевикти амундмæ гæсгæ, е ’ргом раздахта революций тугъдон хъауритæ аразун æма федар кæнунмæ Кански уезди, уæдта Сибири иннæ рауæнти. Цубур рæстæгмæ Хаджеумар æма æ революцион æмбал Сергей Лазой бæгъатæрдзийнади кой идæрдтæбæл райгъустæй. Знæгтæ дæр син «аргъ» кодтонцæ. Цох сæ нæ уагътонцæ, зилдæнцæ сæ фæдбæл. Фæстагмæ сæ дууæ дæр æнæхатир знæгти къохмæ бахаудтæнцæ. Уæззау цæф фæууогæй, Хаджеумар бахаудтæй уорсæфсæддонти къохмæ. Сахар Читай ахæстдонæмæ ’й багæлстонцæ. Уоми исæмбалдæй æ мæлæтбæл дæр – 26 октябри 1918 анзи. Фехста ’й прапорщик Шалокин. Гетъой-фурт, бæгъатæр революционер, цæмæй зудта, прапорщикти скъоламæ цæунмæ ку гъавта, уæд æ цардбæл ин прапорщики дамбаца ке раханхæ кæндзæнæй, уой.
Æвæдзи, уæхæн зæгъгутæ дæр уодзæнæй, æма уотæ ка зæгъа, цæмæн æма ке сæрбæл равардтонцæ сæ цард Гетъоти Хаджеумар æма уой æмбæлттæ, зæгъгæ. Уоци фарстайæн æмбæлуй раттун уæхæн дзуапп.
Раздæри царди дæр, уæдта нури доги дæр нæ адтæй æма нæййес æхсæнадæ æнæ гъæздугдзийнадæй, æнæ гъæздугутæй. Нуриуæнгæ истори нæма æргъуди кодта æндæрхузи æхсæнадæ. Большевиктæ гъæздугути фæссурдтонцæ, фал сæхуæдтæ ба – фæндадтæй сæ, нæ сæ фæндадтæй – уони бунат æрахæстонцæ. Большевикти-коммунистти фæсте нæма фæззиндтæнцæ «нæуæг» гъæздугутæ. Давæггаг мулкæй исхъал æнцæ. Сæ зундирахаст æма культурон райрæзт ба ’нцæ æдзæллаг уавæри, уомæн æма син мулкау радавæн нæййес. Гъæуй сæбæл берæ рæстæги косун, нифсгунæй, æнæзийнадæй. Еци райрæзтæн хуарз агъаз æнцæ – алкæддæр! – историй байамунддзийнæдтæ. Уой байамундтитæ нури гъæздугутæ æма унаффæгæнгутæ ку нецæмæ даронцæ æма æрдаронцæ, уæд бабæй еци æнамонд рæстæг фæстæмæ æрæздæхдзæнæй. Æнгъæл сæмæ кæсдзæнæй уæди гъæздугути æгадæ карнæ æма кæрон. Фæззиндзæнæнцæ адæми сæребарæдзийнадæбæл тохгæнгутæ, Гетъоти Хаджеумари туруса æма гъуддаг ка рахæсса, уæхæнттæ. Гъе уой туххæй, Уæрæсей æртæ революций æнцæ – граждайнаг тугъд дæр сæ хæццæ – карз, фал æнæбæрцæ гъæугæ скъола.
Нифс нæ ес, революцитæ æма революционертæ ке байзайдзæнæнцæ историй, нæ евгъуд бони. Нæ гъæздугутæ æма хецауадæ ба æнхæст кæндзæнæнцæ сæ устур социалон ихæс: æхсæнади рæнгъитæ федар кæнун æма кæрæдзебæл бæттун. Еци ихæс æнхæст кæнунмæ ба ес æнæсайд фæрæзнитæ: еумæйаг знаги нихмæ тох кæнун. Æхсæнадæн уæхæн «знаг» æй мæгурдзийнадæ – революцитæ æма иннæ социалон фидбилизтæ игурунгæнæг. Мæгурдзийнадæ ба айдагъ къæбæр æма мулкæй тухсундзийнадæ нæй. Уонæбæл ма бафтаун гъæуй уоди мæгурдзийнадæ æма æнæгъдаудзийнадæ, фæлмаст, уæлбун зундирахаст. Еузагъдæй, ниллæг культурон райрæзт.
Революционертæн дæр – Гетъоти Хаджеумар уони раззаг рæнгъити – сæ устурдæр фæндæ адтæй адæми рохс цардмæ кæнун, се ’хсæн культурæ æма зонундзийнæдтæ парахат кæнун. Ецирдигæй дæр æй æма уодзæнæй бафæнзуйнаг Гетъоти Хаджеумар! Документтæ ’й æвдесунцæ ахурмæ тулаваст, уæдта æхебæл косунмæ алкæддæр цæттæ ка адтæй, уæхæн адæймагæй.
Революционерти ирисхъæ фæббæрæг æй, сæ фæсте ци кæстæр фæлтæртæ исæнтæстæй, уонæбæл дæр.
Гетъоти Хаджеумарæн байзадæй еунæг фурт – Кермен. Е райгурдæй Сибири, исгъомбæл æй Иристони æ фиди фидæ Елбиздухъи хæдзари. Гетъоти Хаджеумари фурт Кермен фæммард æй Фидибæсти Устур тугъди. Фидæ æма фурт сæ цард равардтонцæ нæ Райгурæн бæстæ, нæ адæми сæрбæлтау: Хаджеумар – медæггон знæгти нихмæ тохи, Кермен ба – Устур Фидибæстон тугъди нæ бæсти сæрбæлтау.
Гетъоти Хаджеумари фурт Керменæн байзадæй кизгæ Лидæ æма фурт Юрик. Юрикки хæццæ мах еу къласи ахур кодтан Сурх-Дигори астæуккаг скъолай. Каст æй фæцан 1957 анзи. Мах фæлтæр адтæнцæ, куд фæззæгъунцæ, тугъди сувæллæнттæ. Мæн фидæ дæр, гъулæггагæн, тугъдæй нæбал исæздахтæй. Байзадтæн седзæрæй – æнæ мадæ, æнæ фидæ, уæдта ма – ка нæ райгурдæй – æнæ еци хуæртæ æма æнсувæртæй. Гетъоти Юрик мæнæн адтæй мæхе æнсувæри хузæн. Иннæ æнсувæрбæл ба нимадтон Хохойти Петяй – е дæр адтæй ме ’мкъласон, бадгæ дæр еу партæбæл кодтан. Юрик дæр æма Петя дæр, сæ дууæ дæр адтæнцæ ездон, æгъдаугин æма кадгин. Рохс цудæй сæ уиндæй дæр æма сæ дзурдæй дæр. Устур гъулæггагæн, æгæр раги батар æнцæ сæ царди бæнттæ, нæ бафсастæнцæ сæ кæстæрти хортæй, (рохсаг уæнтæ).
Дæс анзи фулдæр цæуй, кæдæй карз нез байста нæ астæуæй Гетъоти Юрикки. Уæддæр ма ин æ фæстаг бæнтти ирисхъæ балæвар кодта, æнæгъæлти, дессаги фембæлд. Петербурги, дохтиртæмæ уогæй, еу дохтир æй бафарста, æ гæгъæдитæмæ ин ку ’ркастæй, уæд, Гетъоти Хаджеумар ба дин куд бауй, зæгъгæ. Юрик ин загъта, æ фурти фурт ке ’й Хаджеумарæн. Дохтир дæр æхе байамудта, æз ба, дан, Сергей Лазой фурти фурт дæн. Бæргæ кæрæдзебæл фæццийнæ кодтонцæ, фал ци уæззау æма зæрдхъурмæ рауадæй сæ фембæлд. Юрикки цардæмбал – Хъараон Ирæ– мин аци хабар ку ракодта, уæд æхецæн дæр æ цæститæ дони разилдæнцæ…
Гетъоти Хаджеумари туххæй нæмæ ци гæгъæдитæ (документтæ) ес, етæ зæрдрохс æма зæрдрист гъудитæ игурун кæнунцæ, уомæн æма нæмæ рохс кæнунцæ евгъуд дуйнейæй – нур дæр æма алкæддæр, бæрзонд кæнунцæ Гетъоти Хаджеумари æнæферонхгæнгæ ном.
Гобети Валоди, историон наукити кандидат.
* * *
Гетъоти Хаджеумари цардвæндаги туххæй æ рæстæги финст æрцудæй берæ аллихузон уацтæ, документалон æма аййевадон уадзимистæ. Уони ’хсæн бæрæг даруй Бесати Тазей финст документалон уацау «Цæй зын у цæргæсæн». Уой кæронбæттæни куд амунд æй, уотемæй 1925 анзи райдайæни Дигоргоми цæрæг адæмæн кадгин æмбурд адтæй Гетъоти Хаджеумари номбæл. Еци æмбурди фæдбæл газет «Рæстдзинад»-и финстонцæ: «Дигоргоми алкедæр зонуй, Гетъоти Хаджеумар 1905 анзи революций тохи раззагдæртæй ке адтæй, уой. 1905 анзи фæдбæл бæрæгбони ин сæрмагондæй æ ном иссирдтонцæ æнæгъæнæ тъæпæн Дигорæ дæр. Æрæмбурд æнцæ еугур адæм дæр, фæдздзурдтонцæ Хаджеумари кадæн. Митинги фæсте ин æ номбæл исаразтонцæ догъ…»
Бесати Тазе ма еци кæронбæттæни куд финсуй, уотемæй сауæнгæ 1920 анзæй фæстæмæ сибираг сахар Кански бæрæгастæуи райдзастдæр гъæунгтæй еу хæссуй Гетъоти Хаджеумари ном. Æма уоми уогæй, финсуй Тазе, мах сæрустурæй цудан сахари еци гъæунги. Сахайрæгтæй сæбæл ка рамбæлидæ, уонæй кедæрти дессагæн бафæрсиуонцæ:
– Ка адтæй аци гъæунгæ ке номбæл æй, е?
Æма етæ дæр сæрустурæй раттиуонцæ дзуапп:
– Кавказаг æхсаргин революционер, медбæстон тугъди бæгъатæр Гетъоти Хаджеумар.
Æма уомæ гæсгæ ба финсæг искодта уæхæн хатдзæг: «Адæмæй некæд иронх кæнунцæ сæ хуæздæрти нæмттæ…»
Махмæ гæсгæ, Гетъоти Хаджеумари цардвæндаги туххæй абони ци æрмæг мухур кæнæн, е цæмæдесаг уодзæнæй нæ нури кæсгутæн, бустæгидæр ба – кæстæртæн, евгъуд рæстæгути гъуддæгутæ уоййасæбæл æнхæст зонгæ син ке нæ ’нцæ, уомæ гæсгæ. Уæдта ма уой зæгъуйнаг дæр ан, æма аци æрмæг раги финст ке æрцудæй, уомæ гæсгæ фæббæлвурддæр кæнуйнаг æй. Æма нæ зæрди ес нæ газети хæстæгдæр номертæй еуеми уой, уæлдайдæр ба Хаджеумарæн æ фæдонти туххæй лæмбунæгдæрæй радзорун.