АДÆМИ ФАРНÆН ИГУРД
Хæтæгти Артури нæ дзиллæн, мæнмæ гæсгæ, уоййасæбæл амонун дæр нæ гъæуй. Хуарз зундгонд син æй æ хуæрзæгъдауæй, æ арфиаг гъуддæгутæй. Æма мæ уомæ гæсгæ бафæндадтæй æ цардвæндаги хабæрттæ ракæнун.
Кæд игургæ Тъæпæн Дигори Хъалнæгъти гъæуи ракодта 1965 анзи, уæддæр æ сабийбонтæ ба Дæллаг Фæснæли рарвиста.
Æ фидæ Хъазбег æма æ мадæ Темираон Любæн ци дууæ биццеуи æма дууæ кизги исæнтæстæй, уонæй медкоми абони уæнгæ некема рагъаст кодта. Ездон, хуæдæфсармæ æма хебæлхуæцгæ зæнæг рауадæнцæ. Сæ куствæлтæрд мадæ æма фиди хъиамæттæ нæ фæдздзæгъæли ’нцæ.
Уогæ Хъазбег æма Любæй дæр æгъдау раттуни, оххайæй гъæстагæй некæд неке байзадæй. Сæхе хъаурæй цардæнцæ, адæми хæццæ лимæн, хæлар æма уарзонæй æрлæуунгъон адтæнцæ рæнгъæбæл.
Артурæн æ карæ куд æййафта, уотæ агъаз кодта æ ниййергутæн хæдзари кустити. Сог фадун гъудæй, фонсмæ зелун дæр æма ма берæ æндæр хæдзайрон куститæ сæйрагдæр биццеутæмæ хаудтæнцæ æма некæд зийнадæ кодтонцæ. Цубурдзурдæй, хуæрз сабий уогæй фæлтæрун райдæдта куститæбæл.
Фæснæлæн æхе медæги скъола ке нæ адтæй, уомæ гæсгæ биццеуи е ’мгæртти хæццæ аллибон дæр цæун гъудæй Мæхчески астанзон скъоламæ, астæуккаг ахурадæ ба райста Мæцути скъола-интернати. Нæ бон зæгъун æй федарæй: дууæ скъолайеми дæр æригон ахурдзау биццеуи гъолæ сах рабадтæй, уомæн æма си кустонцæ хъæбæр дæсни æма фæлтæрдгун ахургæнгутæ, сæ зонундзийнæдтæ æнæвгъауæй кæстæртæн ка лæвардта, уæхæнттæ.
Артур æ исонибони дæсниадæ равзарунбæл берæ нæ фæррасагъæс-басагъæс кодта. Æ зæрдæмæ хъæбæр цудæй аразæги дæсниадæ æма æ гæгъæдитæ балæвардта хуæнхон-металлургон институти арæзтадон хайадæмæ, уоми исахур кæнгæй, райста инженер-аразæги дæсниадæ. Еу рæстæг ракуста Мæхчески гъæусовети шоферæй уæзæгтæ ласæн машинæбæл. Еци цубур рæстæги дæр æ хуарздзийнæдтæ кæбæл нæ адтæй, уæхæнттæ æстæнтæ ’нцæ. Фæстæдæр æхе хузæн амалгъон адæми хæццæ кодта аллихузон куститæ.
РАЗДЗУРДИ ХУЗИ МÆ САГЪÆСТÆ…
КОЛИТИ Витали, Уæрæсей финсгути Цæдеси иуонг:
– Ескæд-еухатт мæ сагъæсти уацари ку бафтуйун, уæд мæмæ исæвзуруй уæхæн фарста. Гæрр, нæ Дигоргоми алæмæттаг æрдзи гъæбес нин еумæйаг ку æй, хор æ рæдау тунтæй æмхузон ку тавуй нæ еугурейдæр, цъететæй цæстисуги хузæн ци рæсог дон уайуй æхсæвæй-бонæй, уой æвдадзæн æмхузонæй адгинæн ку ниуазæн, нæ равгитæ æма рахуæцæнтæй æнæпайдагондæй ку неци изайуй, уæд нæ адæм ба сæ уодикондæй уотæ фæйнæхузон цæмæ ’нцæ?
Еуæй-еуетæ айдагъдæр сæхе гули буни цæмæн æндзарунцæ, айдагъдæр сæхе цæрайæй цæмæн цæрунцæ, æнæгъæнæ дуйней дæр ранихъуæрунмæ цæмæн бæллунцæ, сæ равгæ ку уидæ, уæд?
Уогæ цардиуагæ уæхæнтти уодикондæй арæзт нæ цæуй. Арæзт цæуй рæдау зæрдихатт кæмæн ес, уонæй, уони гъуддæгутæй. Уони уодиконд ба уæхæн æй, æма æррæстæ къæбæр еске хæццæ дууæ дехи бакæнун дæр сæ устурдæр бæлдæ ’й. Уæхæн таукел адæймæгутæй æй, мæнæ уин абони ке туххæй рахабæрттæ кæнуйнаг дæн, еци лæг дæр – адæмæн берæ хуарздзийнæдтæ аразæг Хæтæгти Артур.
Советон хецаудзийнади фехæлд фиццагидæр лæгъузæрдæмæ фæззиндтæй адæми царди уагæбæл, гъæууон хæдзаради, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади, промышленности берæвæрсугон къабæзтæбæл. Ци дæсгай, мингай, миллионгай адæмтæ си кустонцæ, етæ æнæнгъæлти æгустæй райзадæнцæ, сæ бийнонтæ ба – æгудзæгæй.
Кæддæр цалдæргай мин сæри сторвонс æма листвонс ци колхозти адтæй, райони æма республики раззагдæрбæл ци хæдзарæдтæ нимад адтæнцæ æма фæллойнæгæнæг дзиллæ сæ уоди хъаурæ æма сæ хедивдулд цæнгтæй ци еумæйаг есбойнадæ æмбурд кæнунбæл фæхъхъиамæт кодтонцæ, ейæ дæр æма хæдзаради техникæ, фонс, æндæр мулкитæ уайтæккæ цалдæргай бæлвурд лæгти хъурти райервазтæнцæ, сæ цæстæ дæр си неке æрникъулдта, адæмæй дæр си неке фефсæрми æй, уотемæй сæ сæхе бакодтонцæ, адæм ба, куд фæззæгъунцæ, – хъуахъхъгæнгæй райзадæнцæ. Уогæ уой размæ дæр хæдзарæдтæ еугай лæгтæ хуардтонцæ, уой фæсте ба берæгъти ервæзт бакодтонцæ æма си дор-дорбæл нæбал ниууагътонцæ.
Бæргæ ма кадæртæ архайдтонцæ еци хæдзарæдтæ фæстæмæ сæ къæхтæбæл ислæуун кæнунбæл, фал сæмæ фарсдарæг нæбал фæцæй хецауади ’рдигæй. Еузагъдæй, адæми еумæйаг фæллойнæ дон æ бунмæ фæлласта.
Еу дзуапдæттæг ба сæбæл куд нæ фæцæй? Уæдта кутемæй? Æз фулдæр ранихъуæрунбæл ериси гъуддаг кæми иситинг уй, уоми ма адæми мæтæ кæмæ фæууй?
Уогæ мæ аци бафарстæй бустæги раст ке нæ дæн, уомæн ба ирд æвдесæн æнцæ, мæнæ уин ке туххæй радзоруйнаг дæн, еци адæймаги цардиуаги хабæрттæ. Хæтæгти Артурæн æ дæсниадæ, мæнæ раздæр æй ку загътон, æй аразæг.
Сæрбонзонгæ адæймаг фæстаг æнзти æхемæ райста сæ колхози зæнхитæ æма зæрдегенæй бавналдта, цæмæй кæддæри хæдзаради зæнхитæй æнæгъудгондæй мацибал байзайа, хъамил сæбæл ма ниххуæца, уобæл архайунмæ.
Ке зæгъун æй гъæуй, æнæ еске агъазæй – техникæй æма материалон фæрæзнитæй æнхæст нæ уогæй, зин рахуæцæн адтæй райдайæни. Фал лæг мадзалæн конд æй, зæгъгæ, фæззæгъунцæ. Артурæн косун амонун некæд гъудæй, æ мади губунæй æй рахаста, æвæдзи, кустмæ рахастдзийнадæ.
Разиндтæй ма ин, æхе хузæн зæрдæй ка ресуй зæнхи æдзæллагдзийнадæбæл, уæхæн фарс фæххуæцгутæ дæр. Халæ-халæбæл æфтаунæй, уес-уесбæл бийгæй, Хæтæгти Артур, кæддæр зæууатмæ ци будуртæ æрæфтудæй, уони нæуæгæй «мæрдтæй» раздахун кодта. Ес имæ сторвонс, байтауй нартихуар.
Гъо, нæй æгудзæг нецæмæй Артур. Æцæг æ еци дзæбæхдзийнæдтæ Артурмæ ’рбацæунцæ æхе æхсæвæй-бонæй еудадзугон хъиамæти фæрци. Уæдта æ сæйраг менеуæг уой медæги дæр нæй. Артурмæ нæййес хецмæрездзийнадæ. Архайуй, цæмæй айдагъ æхуæдæг гъæздуг ма уа, фал ма иннетæ дæр æгудзæг ма уонцæ, уобæл. Ци тиллæг æрæмбурд кæнуй Артур фæззæги, уомæй æхемæ бæрцæй уоййасæбæл берæ нæ байзайуй, æ фулдæр хай ин адæмбæл байуаруй.
Уæхæн хабар некæд адтæй, æма Артурмæ æхе еске ести гъуддаги фæдбæл бахадта æма ’й æнæ дзуаппæй ниууадза. Кедæрти хузæн къумдзæвæнтæ кæнуни незæй сæйгæ нæй, æ амондæн. Æ бон цæйбæрцæ ’й, æ равгæ куд амонуй, уотæ агъаздзийнадæ дæттуй е ’мбæстаг адæмæн, æхе имæ ка бакъолæ кæнуй, уонæн еугуремæн дæр.
Адтæй уæхæн рæстæг дæр (Тъæпæн Дигори цæргутæ ’й сæхуæдтæ хуарз гъуди кæнунцæ) æма Хæтæги-фурт хæдзаргай, æнæ еу цохæй алли бийнонтæн дæр байурста æхе харзæй фæйнæ фондз килей бæрцæ стори фид, цалдæргай килтæ сæкæр, æндæр аллихузон продукттæ.
Æ цонгбæл ин неке рахуæстæй, топп дæр имæ, мадта, неке ниддардта, цо æма, æнæмæнгæ, уотæ бакæнæ, зæгъгæ.
Æхе хъаурæй, æхе фæлмæнзæрди фæндæй æй бафæндадтæй адæмæн сæ царди тухстаг уавæрти естæмæйти сæ мæтæ фæррæуæгдæр кæнун. Багъæуаги æхе номæй косæрттаг дæр рауæлдай кæнуй ескæмæн æ тухсти фæййагъаз кæнуни оххайбæл. Æма е, куд зæгъетæ, адæймагдзийнадæ нæй? Куд ма уа уомæй хуæздæр æма бæрзонддæр адæймагон æууæлти менеуæг?
Хæтæгти Артурæй сæрустур æнцæ, ци скъолати ахур кодта, уони коллективтæ дæр. Скъолатæн ци кунæг фæрæзнитæ уагъд æрцæуй, етæ нæ еугуремæн дæр зундгонд æнцæ. Идардмæ си нæ рахуæцдзæнæ. Артур ба æ уарзон Мæхчески скъолайæн цал æма цал хуарземи бацудæй. Хуæруни продукттæ син цал æма цал хатти барвиста æхе харзæй, сувæллæнттæн ма сауæнгæ гъазунмæ сеткитæ æма хъазмузтæ дæр æрбаласта. «Еске дзиппæмæ кæсун ходуйнаг æй», – зæгъгæ, фæззæгъунцæ. Цæмæдæр гæсгæ мæмæ уотæ кæсуй, цума Артурæй дзæвгарæ гъæздугдæр ка ’й, фулдæр кæмæ хауй, уæхæн адæмтæ дæр ма разиндзæнæй, æцæг си адæммæ ба некæд неке райевдалдæй… Уогæ, алкæмæн æ тæрегъæд æхе.
Зонун æй, аци æрмæг ка бакæса, уонæй кадæртæ мæ хæццæ арази нæ уодзæнæнцæ, фал алкедæр барæ ес сæ гъудитæ зæгъунæй. Æз ба уоди рæстдзийнадæ алкæддæр нимадтон æма нимайун амондæй дæр бæрзонддæрбæл.
Цалдæр анзей размæ мухури рацудæй Мæстиноки гъæубæл киунугæ. Исаразта ’й финсæг Хохойти Энвер. Киунугæ рауадзунбæл цидæриддæр гъудæй харзæй, уони еугурæйдæр æхемæ райста Артур. Уой фæрци Мæстинокæй рацæуæг адæм абони зонунцæ сæ муггæгти анзфинсти хабæрттæ. Мадта Артур сæхе муггаги алли гъуддаги дæр ке фарсмæ нæ балæууй, æ агъаздзийнадæй хайгин ка нæй, уæхæнттæ нæ разиндзæнæй.
Фидæй-фуртмæ айдагъ Хæтæгтæ нæ, фал æнæгъæнæ Мæстинокæ дæр ци Елиамæ кувтонцæ, еци ковæн бунат рæстæгути æма æндæр цæйдæрти фудæй бустæги зæууати уавæрмæ ’рхаудтæй. Уой нæуæгæй барæвдзæдæр кæнун, фæуурухдæр кæнун, цубур дзурдæй, еугур гъуддæгутæ дæр æхемæ райста Артур. Æма нур ба алли анз дæр Мæстинокæй раледзæг адæм, зæрдæмæдзæугæ фадуæтти зæрдæй баковунцæ сæ изæди хаймæ. Уомæй Артур айдагъ сæ изæди хайæн нæ бацудæй хуæрзти, фал ма цитгин кæнуй æ рагфидтæлти кадгиндзийнадæ дæр.
Кадæ алкæддæр æздæхуй, æхуæдæг адæмæн кадæ ка кæнуй, уомæ фæстæмæ. Артур æнæнивæ нæй æ царди медæгæ дæр. Ес ин бийнонтæ, кæстæртæ. Æ цардæмбал Хурити Оксани хæццæ гъомбæл кæнунцæ æртæ кизги. Хестæр кизгæ Зæринæ каст фæцæй Мæскуй паддзахадон университет æма райста паддзахадон аудитори дæсниадæ, сæ дуккаг кизгæ Миленæ дæр ахур кæнуй Мæскуй медицинон институти. Се ’ртиккаг кизгæ София ба ма нерæнги скъоладзау æй.
Сæ ниййергути фарнæй æнæмæнгæ хайгин ке уодзæнæнцæ, е ни æруагæс кæнуй. Сæ фидæ адæмæн ци берæ лæггæдтæ кæнуй æма хуарздзийнæдтæ аразуй, уонæбæл ма етæ дæр устур байвæрæнтæ ке бафтаудзæнæнцæ, уобæл æууæндæн.
Артури фидæ Хъазбег раги бацудæй е ’носон дуйнемæ, фал ма æ мадæ Темираон Любæ ба абони дæр нифсдæттæг æй æ кæстæртæн. Цæруй Артури хæццæ.
Уогæ ба цæйбæрцæбæл устур нифс фæддæттуй, хæдзари хестæр ку уа, еци гъуддаг. Ку нæбал фæууй ниййерæг, уæдта адæймаги усхъитæ хъæбæр фæггубур унцæ. Æма Артури бийнонти Хуцау бахезæд еци цауæрцудæй. Дæ сæдæ анзей сæрти æнæнезæй, зæрдрохсæй рахезæ, Любæ! Арфиаг ди ’нцæ Тъæпæн Дигорæ, уæхæн сæрæн фурт ке исгъомбæл кодтай, уой туххæй. Дæ берæ хъиамæттæ дзæгъæли нæ фæцæнцæ. Дæ зæнæг адæми тонхи ку рацæуонцæ, уæд ма уомæй устурдæр амонд ци фæууй! Ду ба си фæххайгин дæ æнхæстæй!..
Аци æрмæгбæл косгæй мæхе Артурмæ ку бакъолæ кодтон, мæ гъудитæ фæббæлвурддæр кæнуни туххæй, уæд ми æхе фæттиллеф кодта цидæр рæуæнттæй. Е дæр дзорæг æй æ уодисконд, æ меддуйней хуæдæфсармæдзийнадæбæл. Е дæр æцæг лæги менеугутæй еу æй. Уæхæн хуарз менеугутæ ба ма Хæтæгти Хъазбеги фурт Артурмæ дзæвгарæ ке ес, уобæл æз æгириддæр дузæрдуг нæ кæнун!
КОЛИТИ Витали