03 декабря 2024

НИСАНТИ УÆЛЕУÆГДЗИЙНАДÆ ХУЗÆНОН КУСТÆЙ ÆЙ!..

31.05.2024 | 18:18

Зундгонд куд æй, уотемæй нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрæги æ аллианзон доклад-нистауæни бæлвурдæй фæннисан кодта Цæгат Иристони идарддæри социалон-экономикон æма культурон райрæзти нисантæ. Æма нин цæмæй етæ æнхæстæй бантæсонцæ, уой фæдбæл ба куст æвæстеуатæй райдайун гъæуй. Уой фæдбæл æй нæ идарддæри дзубанди.

 

Æ ИХÆСТÆ ÆНХÆСТ КÆНУНÆЙ ТИЛЛЕФГÆНÆГ – ЗÆРАНХÆССÆГ…

Сергей Меняйло æ доклад-нистауæни сæрмагондæй е ’ргом раздахта, нæ республики транспортон къабази уавæрмæ. Æ загъд уотæ адтæй:

– Аци бон ма хъæбæр æдзæллаг уавæри ка ’й, еци æздæхтбæл – бæлццæнттæ ласуни гъуддагбæл дæр косæн. Хецæн адæймæгути къохтæмæ ке бахаудтæнцæ автовагзалтæ, электротранспорти сахайраг депо, сахари медæгæ æма муниципалитетти ’хсæн косæг маршруттæ, уомæ гæсгæ исæвзурдæй, идарддæр бухсæн кæмæн нæбал ес, уæхæн уавæр. Фарæ исфедар кодтан сæрмагонд программæ æма бацæттæ кодтан гъæугæ гæгъæдитæ уавæр цæхгæр раййевуни туххæй. Устур куст нæ бакæнун гъæуй. Абони е нæ къохи ку бафтуйа, уæд федæни дæсгай æнзти ахсгиаг траспортон къабазæ зæрдæдзоруйнаг нæбал уодзæнæй…

Транспортон къабази архайди фæткитæ нури домæнтæмæ гæсгæ райаразунбæл куст ке цæуй, уомæн еу æвдесæн иссæй, Сергей Меняйло республики прокуратури, медгъуддæгути министради минæвæртти хæццæ ци фембæлд исаразта, е дæр. Дзубанди си цудæй бæлццæнттæ ласуни гъуддаг фæррæвдзæ дæр кæнуни фарстатæбæл.

Республики разамонæг куд загъта, уомæ гæсгæ еугур хъауритæй дæр архайунцæ бæлццæнттæ ласуни гъуддаг банивæбæл кæнунбæл, закъони бундормæ ’й раййевунбæл. Уомæ гæсгæ ахсгиаг æй транспортон реформæ царди рауадзун, социалон ахедундзийнади хæццæ фарста «аууонæй» ракæнун.

Транспорт æма фæндаггон инфраструктури комитети сæрдар Солити
Тариэль куд радзурдта, уотемæй нуртæккæ кустуат «Октябрьское»-йи бæрни ес 160 транспортон карти. Уотемæй ба нæдтæмæ рарветуй 5-12 машини, æма уомæ гæсгæ адæм тухсунцæ. Республики Прокуратурæ рартаста «Октябрьское»-йи организаций берæ барадæихæлдтитæ, «Ространснадзор» сæмæ административон бæрнондзийнадæ бадомуни туххæй балæвардта фараст  гъуддаги, æртæ æрмæги нуртæккæ ’нцæ тæрхондони.

Сергей Меняйло исæвардта маршрутти хæццæ æмдзогæнæг транспорт рарветуни ихæстæ:

– Адæми ка ласуй, е кæд æ ихæстæ не ’нхæст кæнуй, уæд æхе дæр гъæуама  дзæбæх ма ’нкъара. Уони гъуддæгутæ æвзурст цæудзæнæнцæ тæрхондони, мах ба гъæуама исаразæн фадуæттæ бæлццæнттæн.

Солити Тариэль радзурдта, тагъд рæстæги ке балхæндзæнæнцæ, еци транспорти туххæй. Уотемæй кустуат «Октябрьское»-йи æ маршруттæй еуварсгонд æрцæудзæнæй.

Æмбурди ци дзубанди рауадæй, уомæн æ еумæйаг гъуди уæхæн адтæй: «Æ комкоммæ ихæстæ хузæнонæй ка не ’нхæст  кæнуй, уони хæццæ нин неци кустаг ес. Уомæн æма тиллефгæнæги хæццæ гъуддаг хузæнонæй исаразæн нæййес…»

ÆНÆНЕЗ АДÆЙМАГ – ÆНÆНЕЗ ÆХСÆНАДÆ…

Æ доклад-нистауæни Сергей Меняйло бæлвурдæй æрдзубанди кодта æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази уавæрбæл. Æма си ци фарстати кой искодта, уони фæдбæл абони ци арæзт цæуй, уомæ æрæги æркастæнцæ нæ республики Хецауади æмбурди.

Цæгат Иристони Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг, республики архитектурæ æма арæзтади министр Отарати Георги
куд загъта, уотемæй исаразун гъæуй тарнезæй сæйгити номхигъд 2024 анзæн, цæмæй еци сæйгитæн цæрæнуæттæ райсунæн сертификаттæ лæвæрд æрцæуа, уой туххæй. Куд загъта, уотемæй аци фарстай фæрци тарнезæй сæйгæ уæлбаргин (льготон) къуармæ хаст граждæнтæн сæ цæрæн уавæртæ фæххуæздæр кæнунæн паддзахадон агъаз амунд цæуй. Зæгъæн,  2022-2023 æнзти тарнезæй сæйгæ граждæнтæ кæми ес, уæхæн бийнонтæй фондзсæдемæн сæ цæрæн уавæртæ гъæугæ хузи хуæздæргонд æрцудæнцæ, уой туххæй  син дехгонд æрцудæй 1,6 миллиард соми æхца.

– Ахсгиаг æй идарддæр дæр аци архайд æнхæст кæнун, – загъта Отарати Георги.

Онкологон æма зæрди-тогдадзинтти незти нихмæ тох кæнуни мадзæлттæ  кæддæриддæр хъæбæр ахсгиаг  æма вазуггин адтæнцæ. Цæгат Иристони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министр Тебиати Сослан куд радзурдта, уомæ гæсгæ уæлдæр амунд незтæй сæйæг сæйгитæн гъæугæ æма хуæрзгъæдæ медицинон агъаз бакæнуни нисанеуæгæй æнхæстгонд цæунцæ онкологон æма зæрди-тогдадзинтти незти хæццæ тохи паддзахадон æма регионалон проекттæ. Уони фæрци арæзт цæуй  профилактикон куст, карз незти фæззинд рагацау исбæрæг кæнун æма син ахедгæдæр мадзæлттæ исаразунбæл, телемедицинон технологитæ, хирургон æма радиологон-химион мадзæлттæй пайдагæнгæй, психологон реабилитаций нуриккон программитæ агоргæй агъаз кæнунбæл. Тебий-фурти загъдмæ гæсгæ проектти бундорбæл министрадæ фембæлдтитæ араздзæнæй нæ бæсти хуæздæр специалистти хæццæ, сæ фæлтæрддзийнадæ æма амунддзийнæдтæ  пайдайаг уодзæнæнцæ нæ сæйгити сæ незтæй фæййервæзун кæнуни сæрбæлтау архайди.

Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади фарстати фæдбæл дзубандий кæронбæттæни республики Хецауади Сæрдар
Дзанайти Барис загъта:

– Абони ци унаффитæ рахастан, етæ гъæуама æнæмæнгæ рæстмæ фæббæрæг уонцæ регионалон программитæ онкологон æма зæрди-тогдадзинтти незти нихмæ тох кæнуни мадзæлтти. Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министрадæн е ’ргом раздахун гъæуй льготон хуастæй сæйгити ефтонг кæнуни профилон специалисттæ æма гъæугæ аппараттæ æма техникæ амал кæнуни фарстатæмæ. Уомæй уæлдай, идарддæр æнхæст кæнæн, цæрæнуæттæ радех кæнунæн сертификаттæ дæттуни фарста дæр.

 

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ