27 декабря 2024

ИРИСТОНÆН ДÆР ÆЙ Æ ХЪÆБОЛÆ

29.06.2024 | 22:14

СОВЕТОН ЦÆДЕСИ ДУУÆ ХАТТИ БÆГЪАТÆР, ИНÆЛАР-МАЙОР ИВАН ФЕСИНИ РАЙГУРДБÆЛ ИСÆНХÆСТ ÆЙ 120 АНЗИ

Устур Фидибæстон тугъди дзамани Советон Цæдеси Бæгъатæр ка иссæй, Иристони еци æхсæрдæс æма æртинсæй æхсаргин фуртемæй дууемæн – Плити Александри фурт Иссæн æма Иван Ивани фурт Фесинæн – нæ бæсти аци цитгиндæр хуæрзеуæг аккаггонд æрцудæй дууæ хатти. Уой дæр И.Фесинæн еци цитгин ном дууæ хатти лæвæрд æрцудæй еу анзи дæргъи – 1943 анзи мартъий æма ноябри.

Æ берæ æскъуæлхтдзийнæдтæн ин аргъ кæнгæй, æримисуни аккаг ке æй, уобæл алкедæр исарази уодзæнæй. Фал уой хæццæ ба, ка ’й зонуй, еске уотæ дæр бафæрсдзæнæй, гъома, Иристон æй æ аккаг фуртбæл цæмæ гæсгæ нимайуй, нæ республикæмæ ци барæ даруй… Уомæ гæсгæ ба Иван Фесини туххæй райдайæн æ тæрнади хабæрттæй.

Иван Фесин райгурдæй 1904 анзи 24 июни Ростови Каменски райони хутор Муравлевойи. Сæ бийнонти царди уавæртæ уоййасæбæл æгудзæг адтæнцæ, æма биццеу дæсанздзудæй иссæй къæбæр амалгæнæг, ихуæрсти бацудæй бонгинтæмæ. Дæс анзи ибæл исæнхæст æй, уотемæй æ фидæ фæммард æй гермайнаг фронти, Фиццаг дуйнеуон тугъди архайгæй. Уомæй цуппар анзи фæстæдæр ба рамардæй æ мадæ – фургустæй, фурæгудзæг царди уавæрти бæлахæй. Гъе уотемæй цуппæрдæсанздзуд Иван бустæги седзæрæй райзадæй. Косунмæ бацудæй.

Архайдта, аразта æ карни хабæрттæ. Цалинмæ имæ 1926 анзи нæ фæдздзурдтонцæ Сурх Æфсади рæнгъитæмæ. Æфсæддон служби фæрци гъæуккаг биццеуи цард æхе цæхгæр раййивта. Иван разæнгардæй æнхæст кодта служби ихæстæ, лæмбунæг ахур кодта  тугъдон техникæ æма ’й 1927 анзи ахур кæнунмæ рарвистонцæ Дзæуæгигъæуи фестæгæфсæддон скъоламæ. Цубур рæстæгмæ лæхъуæн иссæй ахургæнæндони раззагдæр курсанттæй еу. Æфсæддон ахургæнæндонæ æнтæстгинæй каст фæууогæй службæ кодта, Пятигорски, Грознай æма Дзæуæгигъæуи ка æрбунæттон æй, еци медæфсæдти рæнгъити.

Æригон афицер архайдта æ зонундзийнæдтæбæл æфтаунбæл, ахур кодта командирти цæттæ кæнуни системи, фæстæдæр фæсаууонмæ ахур кæнунмæ бацудæй Мæскуй М.Фрунзей номбæл æфсæддон академимæ æма ’й 1941 анзи каст фæцæй. Академий фæсте Иван косун райдæдта Дзæуæгигъæуи арæнгъæуайгæнæн училищей ахургæнæгæй. Устур Фидибæстон тугъд дæр æй аци бунати æрæййафта.

Тугъди райдайæнæй цалдæр бони фæстæдæр майор Фесини рарвистонцæ Цæгат-Нигулæн фронтмæ æма ’й ами исæвардтонцæ 159-аг дивизий фæдæсгарунади хецауæй. Иван фæдæсгаргутæн лæвардта дæсни разамунд, æ дæлбаргинти хæццæ берæ хæттити адтæй фашистти фæскъилдуни æма си æнхæст кодта диверсион ихæслæвæрдтæ.

Æхсаргин æма хъæппæресгун афицери 1941 анзи августи исæвардтонцæ сахар Зæронд Руссæмæ хæстæг тугъдтити архайæг 259-аг дивизий полкки командирæй. Карз тугъдтити архайгæй, Иван Фесин 20 августи фæццæф æй æма æртæ мæйей дæргъи ’й фæдздзæбæх кодтонцæ æфсæддон сæйгæдони.

Ноябри кæрони Фесини рарвистонцæ Генералон штаби академимæ цубургонд программæмæ гæсгæ ахур кæнунмæ. Аци ахургæнæндонæ каст фæууни фæсте ин равардтонцæ дæлболкъони цин æма ’й 1942 анзи майи исæвардтонцæ 3-аг танкон æфсади 13-аг фестæгæфсæддон бригади командирæй.

Фесини бригадæ архайдта Воронежаг фронти агъазиау тугъдон операций, 1943 анзи январæй мартъий уæнгæ фашистон æфсæдтæй уæгъдæгонд æрцудæнцæ сахартæ Россошь, Чугуево æма æндæр цæрæн рауæнтæ.

Еци тугъдтити И.Фесин æгæрон лæгдзийнадæ ке бавдиста, уой туххæй ин исаккаг кодтонцæ Советон Цæдеси Бæгъатæри ном. Уой фæдбæл курдиадæ бафинстонцæ 3-аг танкон æфсади æма Воронежаг фронти командæгæнгутæ инæлар-лейтанант П.Рыбалко æма инæлар-болкъон Ф.Голиков.

Фæлтæрдгун афицерæн 1943 анзи 1 мартъий равардтонцæ Советон Цæдеси Бæгъатæри ном, уæдта æмгъудæй раздæр – болкъони цин.

Уæззау цæфи фæсте номдзуд балхон нæуæгæй бабæй бахаудтæй, æртæ мæйи кæми рарвиста, еци æфсæддон сæйгæдонæмæ.  Æма æхе ку исдзæбæх кодта, уæд æй июли райдайæни исæвардтонцæ Будуйрон фронти 236-аг фестæгæфсæддон дивизий командирæй.

Сæрди Фесини дивизи архайдта Галеуварс Украини цæрæн рауæнтæ вермахти æфсæдтæй иссæребарæ кæнуни тугъдтити. 24 сентябри изæрæй æфсæддон еугонд бахъæрттæй сахар Днепропетровскмæ хæстæг цæугæдон Днепри билгæрæнттæмæ. Аци рауæн цæугæдони уæрхæ хъæрттæй 800 метремæ. Дивизийæн равардтонцæ Днепри сæрти бахезуни бардзурд. 26 сентябри æхсæви дивизий фæдæсгаргути къуар бæлæгътæбæл бахизтæй Днепри рахес билæмæ, бонæй ба цæугæдони сæрти хезун райдæдтонцæ дивизий сæйраг хæйттæ.

Знаг Днепри сæрти хезæг сурхæфсæддонти рауидта æма сæ дзармадзантæй æхсун райдæдта.Фал уæддæр сурхæфсæддонтæн бантæстæй цæугæдони рахес били хай байахæссун æма сæ фæстæмæ ратæрунмæ гъавæг фашисттæн тухгин нихкъуæрд раттун. Октябри 236-аг дивизий хæйттæ архайдтонцæ сахар Днепропетровск исуæгъдæ кæнуни тугъдтити. Днепри сæрти хезуни рæстæг тугъдон æскъуæлхтдзийнæдтæ ке равдиста, уой туххæй æфсæддон еугондæн равардтонцæ кадгин ном «Днепропетровскаг» дивизий финддæс æма инсæй тугъдонемæ ба – Советон Цæдеси Бæгъатæри ном (дивизий командир, болкъон Фесинæн – дуккаг хатт).

Номдзуд балхонæн еци хуæрзеуæг лæвæрд æрцудæй 1 ноябри, уой хæццæ ба инæлар-майори цин дæр ма.

1944 анзи 236-аг дивизи архайдта Рахесварс Украини сахартæ æма гъæутæ знагæй иссæребарæ кæнуни тугъдтити, 22 феврали Фесини дивизи фашисттæй исуæгъдæ кодта сахар Кривой Рог, бахъæрттæй Хонсайраг Бути билгæрæнттæмæ æма идарддæр рампурста Днестрмæ, фал раздæри уæззау цæфти фудæй æхсаргин тугъдони æнæнездзийнадæ фæссагъæссагдæр æй. Фесин нæуæгæй бахаудтæй сæйгæдонæмæ, æма е ’нæнездзийнадæ ку фæффедардæр æй, уæд æй исæвардтонцæ игъустгонд ахургæнæндонæ – Мæскуй, УСФСР-и Сæйраг Совети номбæл фестæгæфсæддон училищей – хецауæй. Бæрнон бунати уогæй, фæлтæрдгун æфсæддон фронтæн цæттæ кодта дæсни афицертæ.

Инæлар-майор И.Фесини 1948 анзи ахур кæнунмæ рарвистонцæ Генералон штаби академимæ, анз фæстæдæр ба ’й исæвардтонцæ амунд ахургæнæндони хестæр ахургæнæгæй. Аци бунати уогæй, фæлтæрдгун балхон иссæй доцент, багъæуай кодта æфсæддон наукити кандидати ном райсуни фæдбæл диссертаци, æ гъæздуг зонундзийнæдтæ æма тугъдон фæлтæрддзийнадæй рæдауæй хай кодта æмслужбæгæнгутæн.

Иван Фесин 1965 анзи æ карæмæ гæсгæ рацудæй пенсий. Отставки инæлар разæнгардæй архайдта æхсæнадон царди, берæ хæттити иуазæгуати адтæй Цæгат Иристони дæр, æма еци рæстæги æнæмæнгæ исæмбæлидæ Дзæуæгигъæуи æфсæддон училищети курсанттæ æма афицерти хæццæ, ракæнидæ син æ цардвæндаги хабæрттæ, зæрдиагæй æримисидæ æ тугъдон лимæнти, радзоридæ син уони æскъуæлхтдзийнæдти туххæй, æригон æфсæддонтæн бафæдзæхсидæ, цæмæй æновуд уонцæ ци æфсæддон дæсниадæ равзурстонцæ, уобæл, еци гъуддаги бацæугæй лæгигъæдгун унмæ куд тундзонцæ, æвæллайгæй куд архайуонцæ нæ Фидибæсти Гæрзефтонг тухти намусгин æгъдæуттæбæл сæхе æнтæстдзийнæдтæ æфтаунбæл.

Иван Фесин æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1991 анзи декабри. Байвардтонцæ ’й Мæскуй Новодевичьей уæлмæрдти. Намусгин балхони ном дзиллæй иронх нæй, кадæгонд ин цæуй. Мæнæ дæлдæр къари ци монумент уинетæ, е æ номерæнæн æвæрд æрцудæй  Ростови облæсти æ райгурæн хутор Муравлевойи.

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ГÆТИЙТИ Светланæ.