27 декабря 2024

ЕЦИ ХЪИАМÆТИ БÆНТТÆ – ÆНОСТÆМÆ ИМИСУЙНАГ…

29.06.2024 | 22:25

ДЗИУАТИ Батрази конд хузæ.

Хуæрзæрæги 22 июни Уæрæсей бæрæггонд æрцудæй имисуни æма хъонци бон – æртæ æма цуппаринсæй анзей размæ, 1941 анзи 22 июни немуцаг-фашистон æрдонгтæ гадзирахаттæй æрбампурстонцæ Советон Цæдесмæ… Тогмондаг æзнагæн мæлæтдзаг нихкъуæрд раттунмæ исистадæй нæ бæсти еугур дзиллæ дæр, райдæдта Устур Фидибæстон тугъд… Хъæбæр радаргъ æнцæ еци хъиамæти бæнттæ, хъæбæр æверхъаудзийнæдтæ бавзурстонцæ нæ адæм. Фал син уæддæр ниффæразтонцæ, уодуæлдайæй тох кодтонцæ Уæлахези сæрбæлтау… Уомæ гæсгæ ба имисæн æма хъонци Бон дæр айдагъ 22 июни бæрæг кæнунæй гъæуама ма евгъуйа – еци æверхъау тугъди цаутæ æма хабæрттæ нин æностæмæ алли бон дæр имисуйнаг æнцæ. Æма нæ еци ихæс мах, газет «Дигорæ»-йи редакций косгутæ æнхæст кæндзинан еудадзуг дæр, мухургонд цæудзæнæнцæ аллихузон æрмæгутæ. Уæлдайдæр ба нур – иннæ анз нæ Цитгин Уæлахезбæл цуппаринсæй анзи ке æнхæст кæнуй, уой нимайгæй. Уæхæн æрмæгутæ кæсетæ нæ газети абони номери.

Фашистон Германи 1941 анзи 22 июни æрбампурста Советон Цæдесмæ, гадзирахаттæй ибæл рацæугæй. Райдæдта Устур Фидибæстон тугъд. Гитлеронтæ федарæй æууæндтæнцæ, тугъд берæ рæстæг ке нæ рахæсдзæнæй æма ке фæууæлахез уодзæнæнцæ, уобæл. Фал сæ сау фæндитæй фæффудевгед æнцæ. Аккаг аргъ не ’скодтонцæ, советон адæмтæ сæ еумæйаг Фидибæстæбæл цæйбæрцæбæл æновуд  æнцæ æма æ сæрбæлтау тохмæ цæйбæрцæбæл уодуæлдайæй цæттæ ’нцæ, Сурх Æфсад тохунгъон æй, уой.

Тухгæнгути фиццаг цæф æхемæ райста Брести федар æма фиццагидæр бацудæй Фидибæсти тугъди историмæ. Е ’скъуæлхтдзийнадæ иссæй евгъуд тугъди намусгиндæр сифтæй еу. Еци-еу рæстæг цудæнцæ тухгин тугъдтитæ æгас территорибæл дæр. Раст загъта англисаг историк Б. Лиддел Гарт, фиццаг хатт уруссæгти гъæддухдзийнадæбæл немуцæгтæ исæмбалдæнцæ Брестбæл æртеголи, зæгъгæ, æма е адтæй устур нифсдæттæг урок, знагмæ федæни ци æнгъæлмæ кастæй, уомæн.

Брести федар багъæуай кæнуни тугъдтити еузæрдиуонæй тох кодтонцæ  нæ бæсти цæрæг  дæс æма инсæй адæмихаттей минæваремæй фулдæр, уони хæццæ – Цæгат Иристони фондзсæдæ фуртемæй фулдæр.  Кедæрти си æримисæн: Амилахуанти Мухаджир, Бадзити Кермен, Будтути Агубе, Гъуцъунати Асаф, Дзодзайти Алихан, Хъаирти Назир, Хъарданти Хадзимæт, Махъоти Ибрагим, Ехиа æма Джабраил, Химилонти Рамазан, Цъебойти Мæхæмæт æма Нох, Цомайти Дзадте – Ирæфи районæй; Акъоти Тох, Билаонти Дудар, Гæдзаути Геуæрги, Уæзæгти Исмаил, Мамукъати Таймураз, Мæрзойти Михал, Сæбанти Хангери – Дигори районæй; Годжисати Александр, Кокайти Дзамболат, Бигъулти Мæхæмæт, Зæйттати Алихан – Хумæллæгæй; Бæцæзати Темурхъан – Заманхъулæй, Кутепов Андрей æма Дудиати Георги – станицæ Змейскийæй; Дудиати Хъантемур – Црауæй; Къибирти Барис æма Мсойти Хъадзимурат – Емаусæй (Раздзогæй); Челдити Илья – Алагирæй… Уонæй беретæ ами байзадæнцæ æностæмæ. Никки фулдæр ба си фæгъгъезæмарæ кодтонцæ фашистти дзæмбути.

– Махмæ, еумæйаг скъолати раздæри ахургæнгутæмæ, æфсадмæ фæдздзурдтонцæ 1939 анзи, нæ цæстæ дардтан арæнтæмæ, цæугæдон Буги æндаг билгæрони лæдæрдтан цидæр бæлах, – нæ еу фембæлди æримиста политикон разамонæги раздæри хуæдæййевæг Гогичати Александр.

– Мæ бон æй федарæй уотæ зæгъун, æма тугъд мах, ирæнтти къуари, 125-аг фестæг полкки пулеметон роти уогæй, æгудзæгæй не ’рæййафта нæ хæлардзийнади фæрци, – дзурдта Кокайти Дзамболат.

Мах, фæскомцæдесон активистти, полкки хестæр пропагандист Четверяков 1941 анзи 21 июни æхсæвæри фæсте ракодта Брестмæ афицерти Хæдзарæмæ. Уордигæй æрбаздахтан фæсæмбесæхсæвæ. Федарæй еуминкъий æндæдæр Буги билгæрон фегъустан цидæр дзанхъула æма танкити рæхисти æзгули. Сурхæфсæддон Мудойти Мухтар гъуддаг балæдæрун кодта хестæр лейтенант Щукинæн. Е цæхгæр загъта: «Ма тæрсетæ». Уæддæр цидæр бæлах лæдæргæй, мах 3-аг пулеметон роти политикон разамонæги хуæдæййевæг Джелити Майрæни хъæппæресæй сосæггай искодтан нæ дзаумæуттæ.

Уомæй къуæрей раздæр  цæгатаг колдуæрттæмæ хæстæг Буги билгæрон иссирдтан нæ хъалагъуртæй еуей мард. Æ тохæнгарз æ хæццæ нæ разиндтæй, ка ’й рамардта, етæ ин æй, æвæдзи, сæ хæццæ фæххастонцæ. Цалдæр боней дæргъи нæмæ фæззинниуонцæ хабархæсгутæ дæр. 21 июни ба нæмæ къазармамæ ’рбацудæй авгæвæрæг, польшаг. Е загъта: «Цæмæн гъæуй æвгитæ æвæрун, кæд æма ахсæви алцидæр æрцæудзæнæй пурхæгонд. Æмбæлттæ, уæхе гъæуай кæнетæ. Исон уæбæл немуц æрбампурсдзæнæнцæ…» Махæй фунæй неке кодта. Дзурдтан сабургай иронау. Старшина дæр нæ фунæй кодта. Æвæдзи, лæдæрдтæй тасдзийнадæ.

– Арв бамбарзта тогсурх мегъæ, лæбурдта имæ сау хъуæцæ, – æ дзубанди идарддæр кодта Александр. – Уæлдæф байдзаг æй хъилмайæй, тахтæнцæ имæ агоридортæ, дортæ, зæнхи гæппæлтæ, калдæнцæ бæлæстæ, ихалдæнцæ хæдзæрттæ. Уотемæй мах исæмбалдан тугъдбæл…

Советон тугъдонти фулдæр хай еугæйттæй, уæдта къуæрттæй еци трагикон рæстæг кодтонцæ бæгъатæр тох. 197-аг фестæг полкки тугъдон Коцти И., зæгъæн, 21 июнæй 22 июнмæ æхсæви ци федæрттæ арæзт цудæнцæ, уони гъæуайгæнгæй, знаги æрбампурсти сахатти байахæста дот æма, уоми пулеметтæй æхсгæй, нæ бауагъта цæугæдон Санбæл нихмæлæугути æрбахезун. Æскъуæлхтдзийнадæ равдистонцæ болкъон Н. Дементьеви 99-аг фестæг дивизий тугъдонтæ Перемышбæл тохи. Уоми елхоттаг, танкити взводи командир лейтенант Габисати Дзанхот ниппурхæ кодта знаги æртæ танки.

Знаги нихмæ бæгъатæрæй хуæстæнцæ инæлар Г. Макушеви 41-аг фестæг дивизий тугъдонтæ. Етæ ин айдагъ карз нихкъуæрд нæ лæвардтонцæ, фал аст километри бауоддæр æнцæ Польший æрдæмæ. Аци дивизий тухтонцæ Цæгат Иристонæй мин æма фондзсæдæ тугъдонемæй фулдæр: фестæг ротити командиртæ, лейтенанттæ Туккати П. Дигорайæй æма Саулохти И. Веселыйæй; пулеметон взводи командир лейтенант Сотати К. Уоми бæгъатæрæй фæммард æнцæ 102-аг фестæг дивизий комиссар, дигорайаг, майор Кацанти В. æма танкити батальони командир, кировигъæуккаг, хестæр лейтенант Туати В.

Еци анз июли Киевмæ бацæуæни сахар Белая Церкови райони карз тугъдтити архайдта 165-аг фестæг дивизи. Е арæзт æрцудæй Дзæуæгигъæуи. Литвай-Германий арæнбæл немуцаг тухгæнгутæбæл фиццаг исæмбæлæг 10-аг фестæг дивизий исконди адтæй, 1939 анзи æфсадмæ Цæгат Иристонæй кæмæ фæдздзурдтонцæ, уæхæн 500 тугъдонемæй фулдæр. Таллин гъæуайгæнгæй, архайдтонцæ цæгатиристойнæгтæ: майор Багати Н., лейтенант Н. Иваненко, капитан Мурасти С., рæнгъонтæ æма сержанттæ Гæлæбути И., Г. Матрос, Цорæти Б, Охъазти Г., Гæззати Н. æма берæ æндæртæ.

Райгурæн къæсæрæй идард рауæн, Заполярьей æма Ленинградмæ денгизбæл бацæуæни, Райгурæн бæстæ гъæуай кодтонцæ 14-аг æфсади 52-аг фестæг дивизий исконди Баликъоти Мæхæмæт, Лагкути Мæхæмæт, Легкойти Батæрбег, Легкойти Хадзирæт, Цорити Дзанхот, Хъибизти Дзандар, Худæлти Харитон æма иннетæ, æрдæгсакъадах Ханкойи – æхсæг взводи командир Хуадонти Сулейман æ бийнойнаг Вери хæццæ, денгизон Дзарасати Роберт.

Карелий фронти 62-аг хецæн æсгарæг батальони командир майор Худæлти Харитон тох кодта 1941 анзи 28 июни Баренци денгизи билгæрон Мурманскмæ бацæуæни немуцаг-фашистон хуæнхаг-æсгарæг дæлхайадæбæл æрцудæй устур зиантæ – фæммард си æй 1250 адæймаги, æма знаг изолдæр тохун нæбал бандиудта.

Тæккæ нигулæндæр арæнбæл тугъд æрæййафта 20-аг механизацигонд корпуси 24-аг мотоциклетон полкки командир чиколайаг Хуасдзаути З., уæдта болкъон Бекмæрзти И.

Арæнбæл ма тугъд æрæййафтонцæ не ’мзæнхонтæй беретæ. Уони хæццæ адтæнцæ 200-аг фестæг полкки пулеметæй æхсæг Айларти Данел, фестæг взводи командир лейтенант Баликъоти Зикир, 13-аг æфсади 50-аг артиллерион полкки артдивизий комиссар Гæзæнти Адулгери, 359-аг артполкки дзармадзантæй æхсæг Гогати Сулейман, 75-аг фестæг полкки æхсæг взводи командир Хъæдохти Амурхан, 30-аг танкити бригади 30-аг хецæн дзармадзанæй æхсæг дивизиони артвзводи командир Хъаирти Хъудæберди, бастдзийнади сæрмагонд эскадрони взводи командир Хъибизти Андрей, взводи командир Махъоти Темурхъан, дзармадзанæй æхсæг Махъоти Азрат, кæстæр политразамонæг Фидарати Геуæрги, взводи командир Цæголти Хъазбег, фестæг взводи командир, лейтенант Цæрикъати Хусин, автоæрмæдзти хецау Цирихати Александр, взводи командир Чибити Хизир æма иннетæ.

Аци циртдзæвæн Брести федари фæзуати æвæрд æй æ гъæуайгæнгути номерæнæн.

Тухгæнгути арæнтæбæл фиццагидæр ка исæмбалдæй, уонæй уоми беретæ æностæмæ байзадæнцæ. 1941 анзи июни-июли бæгъатæрæй фæммард æнцæ Цæгат Иристонæй мин æма фондзсæдæ адæймагемæй фулдæр. Айдагъ Рахесфарси районæй Брести фæммард æй 36 тугъдони. Тугъди фиццаг бæнтти Цæгат Иристони гъæутæ æма сахарти сæ зингхуст тугъдонтæбæл сæ цæстисуг фæккалдтонцæ 300 бийнонти. Сæ хæдзæрттæбæл нæбал исæмбалдæнцæ Хумæллæгæй – Азиати Хусин, Акъоти Алихан, Бæройти Хæмæтхъан, Зилгæй – Болиати Солтанбег, Борухъуати Афæхъо, Заманхъулæй – Гобати Хъазбег, Хъусати Азырум, Зæронд Бæтæхъой гъæуæй – Дамзати Петр æма иннетæ, Беслæнæй – Хаблиати Мисост, Бедойти Сафарбег, Фарнæй – Æлборти Хангерий, станицæ Черноярскаяйæй – Гокъинати Семен, сахар Мæздæгæй – Степан Городецкий, Борис Доценко (тугъди фараст бонеми – 22 июнæй 30 июнмæ фæммард æй 22 мæздæггаги), Хъизларæй – Ибрагим Довлатов, станицæ Павлодольскаяйæй – Алексей Жулин, станицæ Луковскаяйæй – Федор Торкунов, Къостайгъæуæй – Хутъинати Никъала, Гизæлæй – Адети Таймораз, Æлдаттати Петр (9 бонемæ – 8 адæймаги), Нартигъæуæй – Гусати Александр æма Барис (æдеугур Горæтгæрон районæй фæммард æй 29 адæймаги), Змейкæй – Дудиати Георги, Хæтæлдонæй – Хъайтмæзти Мурат, Алагирæй – Реуазти Тæтæри, Æрæдонæй – Æгкацати Юрий æма Адирхати Барис, Гъæдгæронæй – Гугкати Хъайсун æма Хосроти Александр, Синдзигъæуæй – Баскати Ладе, Уорсдонæй – Гизикти Зелимхан, Дур-Дурæй – Дзидзойти Барис, Дигорайæй – Тауасити Игнат æма Цирихати Михал, Толдзгунæй – Хæмицати Илас, Гулæрæй – Хамихъоти Хадзимурат, Чиколайæй – Баликъоти Шамил, Кертанти Амурхан, Хъаирти Хусин, Кæрдзинæй – Бæрæгъунти Сергей, Елхоттæй – 6 адæймаги (Кирови районæй – æдеугур 20 адæймаги), Дзæуæгигъæуæй – 36 тугъдони.

Тугъди фиццаг фараст бонеми Цæгат Иристонæй фæммард æй æхсæрдæс æма æртинсæй афицери, уонæй – дууæ болкъони, дууинсæйгай æнзтæй сæбæл фулдæр нæма цудæй, иннетæ ба сæ еугурдæр – кæстæр æма хестæр лейтенанттæ, тугъди райдайæнæй анз раздæр æфсæддон училищетæ каст ка фæцæй, уæхæнттæ. Рохсаг уæнтæ. Сæ рохс нæмттæ адæмæй некæд феронх уодзæнæнцæ…

БАТÆРТИ Урусбий

 

РЕДАКЦИЙÆЙ. Аци æрмæг ниффинсæг отставки болкъон, историон наукити кандидат Батæрти Урусбий абони, гъулæггагæн, не ‘хсæн нæбал æй. Фал уæддæр æ берæ исфæлдистадон хъиамæттæ, Устур Фидибæстон тугъди цаутæ æма хабæртти туххæй æ финст уацтæ, æ рауагъд киунугути хузи цæрунцæ, зонунади фарнæй нин лæггадæ кæнунцæ. Урусбий æ рæстæги куста Цæгат Иристони гуманитарон æма социалон æртасæнти институти хестæр наукон косæгæй.