27 декабря 2024

ЦУБУР, ФАЛ АЛÆМÆТИ ÆХСАРГИН РАУАДÆЙ Æ ЦАРДВÆНДАГ…

13.07.2024 | 22:01

Советон Цæдеси Бæгъатæр Игорь Анатолийи фурт Машкови туххæй æрмæг абони хумæтæги нæ мухур кæнæн. Еуемæй,  æ райгурдбæл 2 феврали исæнхæст æй сæдæ анзи (1924-1961), сæйрагдæр ба – аци æхсаргин тугъдон адтæй ирон лæхъуæн. Уомæн ес берæ дæнцитæ. Зундгонд æфсæддон анзфинсæг Мурити Дадо  æ цæмæдесаг киунугæ «Иристони æхсаргин фурттæ»-йи Игорь Машкови туххæй æрмæги кой цæуй еу ахсгиаг цауи туххæй. Цæветтонгæ, Игорь Машков ци дивизий рæнгъити службæ кодта, уой командир, гвардий болкъон Иван Мошляк имæ ку фæдздзоридæ, æма сæ тугъдон гъуддæгути фæдбæл дзубандий рæстæг æй æнай-æнойти ку рафæрсидæ, циуавæр адæмихаттæй дæ, зæгъгæ, уæд сержант Машков сæрустурæй зæгъидæ: «Ирон дæн!..» Никки еума æвдесæн: советон доги мухури рацудæй дууæ киунугемæй библиографион бæрæгуат «Советон Цæдеси Бæгъатæртæ». Æма си Игорь Машкови туххæй уаци, кæци адæмихаттæй æй, зæгъгæ, уой туххæй амунд æй: «Ирон». Раст зæгъгæй, нæдæр Игорь æхуæдæг, нæдæр æ мадæ Маргаритæ Александри кизгæ некæд некæми иской кодтонцæ, уæддæр æ фидæ кæмæй адтæй, уой. Фал Игорь æхуæдæг ба, кæд æма игургæ дæр Иристони нæ ракодта, уæдта æ фиди райгурæн бæстæ бабæрæг кæнуни равгæ дæр ин нæ фæцæй, уæддæр æхе иронбæл ке нимадта, е нæмæ гъæуама цæстиварди уа, æгъдау ин кæнæн, æ рохс ном имисæн, цитгин æй кæнæн…

Донецки облæсти сахар Артемовски цæрæг Анатолий Машкови хæдзари 1924 анзи 2 феврали фæззиндтæй нæуæгигурд – фуригъоли хузæн биццеу. Ном ибæл исæвардтонцæ Игорь. Ирæзтæй, уæди рæстæгути сабийтæ куд байлæгъ кодтонцæ, уотæ  – ахур кодта скъолай, мадта хæдзари куститæй дæр нæ тиллеф кодта, уæгъдæ рæстæги ба е ’нгæртти хæццæ гъазта, уæди рæстæгути сувæллæнттæ сæхецæн ци берæ гъæзтитæ æримисиуонцæ, уонæй. Иссæй нæуæгдзау, фæстæдæр ба бацудæй фæскомцæдеси рæнгъитæмæ. Æвддæс анзи ибæл ку исæнхæст æй, уæд райдæдта Устур Фидибæстон тугъд.

Тугъди фиццаг бæнттæй фæстæмæ Игорь бæлдтæй фронтмæ рандæунмæ. Æ курдиадæ балæвардта сахари æфсæддон комиссари номбæл, фал ин е цæхгæрмæ «нæ» загъта, рарвиста æй косунмæ шахтæмæ. Фронт Донбассмæ ку æрбахæстæг æй, уæд иннæ цæргути хæццæ Игорь æма æ мадæ Маргарити рарвистонцæ æдас рауæнмæ – сахар Самаркандмæ.

Ами дæр бабæй Машков тухсун кæнун райдæдта æфсæддон комиссариати косгути, курдта, цæмæй æй рарветонцæ фронтмæ. Цидæр адтæй, уæддæр æ фæндæ æ къохи бафтудæй – æ курдиадæ æнхæстгонд æрцудæй. Æма 1942 анзи сæрди мæйтæй еуеми æрвист æрцудæй Сурх Æфсади рæнгъитæмæ. Æхсæг полкки æй цубур рæстæгмæ бацæттæ кодтонцæ, æма еци анз балæудтæй фронти.

Не ’фсæдтæн тугъди æнзтæй  тæккæ уæззаудæр адтæй 1942 анз. Знаг еци лæборæги тундзтæй Волгæмæ æма Кавказмæ. Игорь æхе хузæн æригон тугъдонти хæццæ уайтæккæдæр тохи цирени исмедæг æй. Æхсæз мæйей дæргъи архайдтонцæ еци карз тугъдтити. Сæ фестæгæфсæддон ротæ еу æма дууæ хатти не ’схъаурæ кодта знаги æрбампурститæн бафæразунæн, нихкъуæрд ин раттунæн. Е нæ, фал ма сæхуæдтæ дæр къуар хатти бампурстонцæ, фашисттæ кæми æрфедар æнцæ, уордæмæ. Еци карз тугъдтитæй еуеми Игорь уæззау цæф фæцæй, æма ’й дзæвгарæ рæстæг бæргæ фæдздзæбæх кодтонцæ госпитæли, фал е ’нæнездзийнадæ уæддæр уотæ хиццаг, тугъдон лæги аккаг уавæри нæбал адтæй, æма ’й æфсæддон службæй исуæгъдæ кодтонцæ. Ци гæнæн ма ин адтæй – рандæй Самаркандмæ, уоми куста киномеханиккæй, фæстæдæр æй æ мади хæццæ раййивтонцæ Уралмæ, æрцардæнцæ сахар Челябински.

Цидæр адтæй, уæддæр ци куститæ кодта, уонæй агъаз кодта Райгурæн бæстæн, æ бон ци адтæй, уомæй æ хъиамæти хай хаста, цæмæй знаг тагъддæр дæрæнгонд æрцæуа, еци еугурадæмон гъуддагмæ. Фал уæддæр æ зæрдæ æ катаййæй нæ сабур кодта – куд æцæг фæскомцæдесон, Фидибæстæ æхседгæ уарзтæй ка уарзта, еци патриоти, фæлтæрдгун тугъдони бон нæ адтæй фашистон æрдонгти нихмæ уодуæлдай тохи рæстæги фæскъилдуни бадун.

Æма бабæй нæуæгæй къахфедуд бацæй æфсæддон комиссариатмæ дæр æма дохтиртæмæ дæр, туххæйдæр сæ æууæндун кодта, æнæнез ке æй, тохкæнунгъон ке æй, уобæл, æма курдта, цæмæй æй нæуæгæй æфсадмæ рарветонцæ, уой. Æгæр карз ке ниллæудтæй æ фæндони фæдбæл, уомæй, æвæдзи, бафæлладæнцæ, гъуддаг кæмæй аразгæ адтæй, етæ æма ин æ курдиадæбæл исарази ’нцæ. Гъе уотемæй 1943 анзи Игорь Машков балæудтæй хуæцæг æфсади, Степной фронти.

Советон æфсæдтæ 1943 анзи августи-сентябри Днепри тохи рæстæг ци тухгин размæмпурсæг операци исаразтонцæ, уой нисан – Галеубилгæрони Украинæ æма Донбасс немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнун, уæдта цæугæдон Днепри сæрти бахезун – æнтæстгинæй æнхæстгонд æрцудæй. Советон тугъдонтæ бавдистонцæ алæмæти æхсардзийнадæ, уæлдай хъæбæрдæр си ка фескъуæлхтæй, еци 2438 рæнгъон æфсæддонтæ, сержанттæ, афицертæ æма инæлартæн ба аккаггонд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном. Уонæй еу адтæй Игорь Анатолийи фурт Машков дæр.

Рæнгъон Машкови иснисан кодтонцæ 37-аг æфсади 62-аг гвардион æхсæг дивизий 182-аг гвардион æхсæг полкки тъасхæгæнæгæй. 62-аг дивизий исконди архайдта Украини еу, Левобережная, зæгъгæ, ци хай худтонцæ, уоми сахартæ æма гъæутæ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнуни тугъдтити, знаги бунæттæмæ багъузгæй си «æвзæгтæ» амал кæнуни сосæг операцити, уæдта знаги фæскъилдуни арæзт рейдти. Иссæй полкки хуæздæр тъасхæгæнгутæй еу, æхсаргин, арæхстгин, цæрдæг æма нифсхаст. Игори æ сæрæндзийнади фæрци зудтонцæ æнæгъæнæ дивизий дæр, сæрустур си адтæнцæ полкки, уарзтонцæ ’й æма ин аргъ кодтонцæ тъасхæгæнæг роти.

Уæдмæ, 1943 анзи сентябри райдæдта агъазиау цæугæдон Днепри сæрти байервæзуни номдзуд тугъд. Рæнгъон Машков ами равдиста лæгдзийнадæ æ бæгъатæрдзийнадæй, архайдта къуар æнтæстгин тъасхæгæнæн операцити. Днепропетровски облæсти Верхнеднепровски райони гъæу Мишурин Роги фалдзости 28 сентябри сæ дивизий тугъдонтæй фиццæгти хæццæ банакæ кодта Днепри иннæ фарсмæ. Еци æскъуæлхтдзийнади туххæй Игорь Машковæн 182-аг гвардион æхсæг полкки командир, гвардий болкъон Антонови бавдистмæ гæсгæ 1944 анзи 22 феврали ССР Цæдеси Сæйраг Совети Президиуми Указæй лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном.

Карз тугъдтитæ цудæй 1943 анзи декабри Кировогради облæст знагæй исуæгъдæ кæнунбæл. Уæд Игорь Машковæн лæвæрд æрцудæй сержанти цин. Иснисан æй кодтонцæ тъасхæгæнæг взводи командири хуæдæййевæгæй. Декабри кæрони Машков нæуæгæй уæззау цæф фæцæй. Дзæвгарæ рæстæгмæ фæххецæн æй æ тугъдон æмбæлттæй. Фондз мæйей дæргъи дохтиртæ фæттох кодтонцæ æ фæййервæзун кæнунбæл. Æма сæ къохи бафтудæй. Игорь Машков, куддæр фæдздзæбæх æй, уотæ 1944 анзи  нæуæгæй балæудтæй фронти, фал аци хатт ба Сурх кавалерий рæнгъити.

Уæдмæ ин лæвæрд æрцудæй старшинай цин æма ’й иснисан кодтонцæ 5-аг гвардион Донаг хъазахъаг корпуси 63-аг бæхгин дивизий кавалерион полкки комсоргæй. Еци æфсæддон исконди архайдта  немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй Советон Молдави исуæгъдæ кæнунбæл, уæдта сæ Румыни, Болгари, Венгри æма Австрийæй фæссорунбæл тугъдтити. Будапешти рæбун тугъдтити нæуæгæй фæццæф æй, фал уæддæр тугъди будур нæ ниууагъта, цалинмæ гитлеронти атакæ нæ фегуппæг æй, уæдмæ. Еци тугъдтити æскъуæлхтдзийнади туххæй Игорь Машковæн исаккаг кодтонцæ Фидибæстон тугъди дуккаг къæпхæни орден.

Устур Фидибæстон тугъди фæсте Машков каст фæцæй сæрмагонд скъола Ленингради æма куста паддзахадон æдасдзийнади оргæнти Винници, Ужгороди, Одесси. Куста, тугъди рæстæг знаги нихмæ куд уодуæлдайæй тох кодта, уотæ æновудæй, æ хъауритæбæл нæ ауæрдгæй,  æнхæст кодта ахсгиаг æма бæрнон ихæстæ.

Игорь уарзта æ куст, е ’мкосгути ’хсæн ин адтæй устур кадæ. Мадта уотид  амондæй дæр æнхæстæй хайгин фæцæй – адтæй ин хуарз цардæмбал Зоя, кизгæ Наташæ. Æ цардæй адтæй боз. Фал æй хъæбæр гъигæ дардтонцæ æ цæфтæ, контузи, акъоппити царди зиндзийнæдтæ ибæл æртæфстæнцæ, кеун байдæдта е ’нæнездзийнадæ… Бæргæ æхсаргинæй тох кодта æ незти нихмæ, фал… Гъулæггагæн, 1961 анзи 6 майи рахецæн æй æ уæлзæнхон цардæй… Цудæй ибæл æдеугурæй æвддæс æма инсæй анзи. Кади хæццæ ’й байвардтонцæ Одесси сахайраг уæлмæрдти.

Советон Цæдеси Бæгъатæр Игорь Анатолийи фурт Машкови цардвæндаг кæд æгæр цубур рауадæй, уæддæр адтæй алæмæти  ирд, намусгин  цаутæй гъæздуг. Е адтæй хумæтæг, рæстзæрдæ адæймаг. Адтæй уоййасæбæл хуæдæфсармæ æма е ’скъуæлхтдзийнæдти туххæй æгириддæр дзорун нæ уарзта, саæунгæ ’й хеуæнттæ ку фæффæрсиуонцæ æ тугъдон хабæртти туххæй, уæд син цубæрæй зæгъидæ: «Уадессагæй си неци ес…» Уомæ гæсгæ ин æ цардвæндаги туххæй хъæбæр минкъий зонæн.

Игорь Машкови туххæй цубурæй финст ес, энциклопеди  «Советон Цæдеси Бæгъатæртæ»-йи æма Мурити Дадой киунугæ «Иристони æхсаргин фурттæ»-йи («Осетии отважные сыны»), уæдта ма цалдæр æндæр киунугеми. Уонæй фиццаг дууæ киунугеми  дæр, ку зæгъæн, финст ес, гъома, Игорь Машков адтæй ирон, фал си нæдæр æ фиди туххæй, нæдæр ирон ке адтæй, уомæ гæсгæ æй Иристони хæццæ ци баста, уой туххæй неци загъд ес.

Уомæ гæсгæ хуарз уайдæ,  нæ республики цæргутæй Машкови ниййергути, æ цардвæндаги туххæй кæд еске ести зонуй, уæд редакцитæмæ, кенæ ба республики ветеранти Советмæ уой туххæй хабæрттæ ку фегъосун кæниуонцæ, уæд.