18 октября 2024

БОТУЛИЗМ: БАГЪÆУАЙ СИ КÆНÆ ДÆХЕ!..

20.07.2024 | 21:29

Нæ амондæн, нез ахид не ‘мбæлуй. Мæлæтдзаг æй, фал хуæцгæ нæй. Æ расайæг бактери адæймаги бауæри райдайуй æ марг уадзун: зæрдæ си фæххæссуй, губун ниддунсуй, тогдадзинтти куст искарз уй. Гъигæдард æййафуй адæймаги нервити хизæ. Ци æй незæн æ анхосаг æма си куд ес хе багъæуай кæнæн?

Фид æма кæсалги, уæдта халсартæй конд консервтæ исунцæ нези анхосаг. Тæссаг æнцæ, гъæугæ уавæрти æма сæ кæнуни технологитæ æнхæст кæми нæ цæунцæ, еци салаттæ дæр. Нез расайæг ботулинум ахид æмбæлуй мæри, цæугæдæнтти, кæсæлгитæ æма цæрæгойти хæлæртти.

Куд базонæн ес, хуæруйнаг си фæгъгъæстæ ‘й, æви нæ? Консервтæ æма цæхгунтæ ци балæнтти ‘нцæ, уони сæртæ искъуппæ унцæ, сæ дон исæнгъезуй. Зестæй банкитæ дæр – уотæ. Уæхæн хуæруйнæгтæ нæййес хуæрæн! Фид æма кæсалги хуæруйнаг гъæуй хуæрзвунх кæнун. Хуайраги ботулизмæй сæйгæн зин фæууй нихъуæрун кенæ дзорун. Ком сор кæнун райдайуй, цæсгони дууæ фарси дæр æрлæмæгъ унцæ, цæстити рази нивтæ дувæрæй зиннун райдайунцæ, кенæ ба сæбæл фæлмæ исбадуй. Сæ уæлтъæфæлттæ раæмраст унцæ, адæймагбæл хуæстуолæфт бахуæцуй. Зæрдæ фæххæссуй, губун æлхинцъитæ кæнун райдайуй, адæймаг исæнæхъаурæ уй.

Ботулизмæн цалдæр хузи ес. Никифорови номбæл Æвæстеуатон æма радиацион медицини еугуруæрæсеуон центри бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ дех кæнунцæ хуайраг, мæрæ æма сувæллæнтти ботулизмбæл. Бактеритæ мæрæй бауæри гъæнæмæ ку бахаунцæ, уæд æ токсин расайуй тæссаг инфекци. Нез рартасунæн фæууй уæлдæр ранимад бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ. Гъæнти  ботулизмæй тæвдæ бæрзонд исхезуй, адæймагбæл ехæнрезæ бахуæцуй.

Ес ма сувæллæнтти ботулизм дæр. Бактерий споритæ ирæзун райдайунцæ 2-8-мæйдзуд сабийи хæлæртти. Сувæллæнтти губун ниссор уй, бæрзæйи гъолтæ ислæмæгъ унцæ, æма сувæллон æ сæр нæбал фæууорамуй, æ сæтæ фæккæлуй, ислæмæгъ уй, мади ‘хсир зинтæй фæддæйуй, тæлфун æ бон нæбал фæууй. Ботулизми æртæ хуземæн дæр гъæуй æвæстеуатæй агъаз бакæнун сæйгæдони уавæрти. Уæ зæрдæ фехсайдта, зæгъгæ, уæд æвæстеуатæй фæдздзоретæ Тагъд агъазмæ!