НИЙЙЕРГУТÆ ÆМА ЦÆУÆТ ЕУМÆЙАГ УАРГЪ ХÆССУНЦÆ…
Нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Плати Альбинæ ин разамунд лæвардта, уотемæй æрæги арæзт æрцудæй æнагъонти гъуддæгути фæдбæл республикон къамиси кезуй æмбурд. Ци фарстатæмæ си æркастæнцæ, етæ не ’хсæнадæн цæйбæрцæбæл ахгсиаг æнцæ, уомæн дæнцæн æрхæсдзинан нæ фидтæлтиккон таурæхъ.
Цæветтонгæ, еу мæгургомау цæрæг лæг исфæндæ кодта æлдари фæххинцун. Æма имæ хонæг ку бацудæй, уæд е исарази æй, æцæг ин загъта:
– Кæд си мæнæй æлдардæр уодзæнæй, уæд дæмæ нæ фæццæудзæнæн.
– Нæ, нæ!.. – æ уодæй арт исцагъта хонæг.
Æрбацудæй æлдар еци лæги хæдзарæмæ. Алцæмæй дæр идзаг фингæбæл æй æрбадун кодта фусун. Мийнасæ райдæдта. Уæдмæ дин иннæ уатæй сувæллони кæун райгъустæй. Æлдар фесхъиудтæй:
– Æз дæ, мæнæй æлдардæр уæмæ ес, зæгъгæ, нæ фарстон?
– Е сувæллон æй, æлдар!
– Сувæллон æлдарæй æлдардæр æй, – загъта иуазæг… Уоййадæбæл исистадæй æма рацудæй еци хæдзарæй…
Гъе уæхæн бæрзонд цæстиварди адтæнцæ кæстæртæ нæ фидтæлтæмæ, сауæнгæ цийфæнди цитгин æлдарæй дæр æлдардæр син адтæнцæ. Нæ, æнæгъæуаги фуримонау сæ нæ кодтонцæ, фал сæбæл ауодудтонцæ, цæмæй байлæгъ кодтайуонцæ лæгигъæдгунæй æма хуæрзæгъдаугинæй, хестæртæ си боз æма сæрустур куд адтайуонцæ, уотемæй.
Уой фæдбæл нæ адæми цардиуаги берæ ахедгæ æгъдæуттæ æма фæткитæ байзадæй. Фал гъуддæгутæ сæхе куд æййевгæ цудæнцæ, уотæ си берæ кæцидæртæ, гъулæггагæн, фæсвæд нæдтæбæл райзадæнцæ.
Уотемæй ба нин абони ахсгиагæй бæргæ исбæззиуонцæ нæ кæстæрти нуриккон æхсæнадон уавæрти раст гъомбæл кæнуни гъуддаги. Уавæртæ ба уæхæн æнцæ, æма берæ цæмæйдæрти тасдзийнади æфтаунцæ.
Уобæл цудæй дзубанди аци æмбурди, бæлвурддæрæй ба – Интернет æма æндæр социалон хизæгти ци берæ аллихузон криминалон субкультуритæ æма æндæр зæрдирахаст ихалæн идеологи парахатгонд цæуй, уонæй ирæзгæ фæлтæрти багъæуай кæнунбæл, уæдта æнагъонти ’хсæн æгъдæуттæ ихалгутæ æма фудракæндтитæ ма ’руадзуни фæдбæл профилактикон архайд ахедгæдæр кæнуни фæдбæл.
Ирæзгæ фæлтæрти аллихузон æгъдауихæлдтитæ аразунæй багъæуай кæнуни куст ци организацитæ кæнунцæ, уонæй еу æй фæсевæди социализаций Республикон центр. Е æ аллибони архайди ци профилактикон æма гъомбæладон мадзæлттæй пайда кæнуй, уой туххæй адтæй Цæгат Иристони фæсевæди гъуддæгути фæдбæл Комитети сæрдар Джусойти Руслани радзубанди.
Социалон æгъдауæй цауд уавæрти ка ’й, еци кæстæртæн аллихузон профилактион æма хеерхæфсæн фембæлдтитæ аразуй комитет дæр. Уонæн ес равгитæ цæмæдесаг исфæлдистадон къуæрттæ æма спортивон секцити архайунмæ (етæ косунцæ фæсевæди республикон Галауани исконди). Æма уæхæн кустæн ба æ фæстеугутæ æнцæ зæрдæмæдзæугæ. Зæгъæн, æ рæстæги фæсевæди социализаций Республикон центри хигъди ка лæудтæй, еци æригæнттæй беретæ, сæ зулунæрдæмæ арæзт зундирахастæй фæййервæзгæй, фæстæдæр иссæнцæ фæсевæдон æма хуæрзауодæн организацити бархеонтæ, агъаз кæнунцæ зин уавæрти ка бахаудтæй, еци адæмæн.
Фæсевæди гъуддæгути фæдбæл Комитет æ гъомбæладон-профилактикон архайди æнгон æмгустадæ кæнуй нæ республики медгъуддæгути, ахурадæ æма науки министрадти, адæмæн куст дæттуни Комитет æма иннæ республикон ведомствити хæццæ. Еци æмархайд циуавæр фæтки бундорбæл ирæзуй, уой туххæй дзуаппон докладтæ искодтонцæ еци ведомствити минæвæрттæ.
Аци æмбурди туххæй дзоргæй ма зæгъуйнаг ан, æма хецаудзийнадæ æнагъонти абони цардиуаги æма сæ исонибони райдзастдзийнадæбæл ке тухсуй æма æновудæй ке аразуй ахедгæ мадзæлттæ, уой.
Мадта æнагъонти бийнонтæй дæр гъæуама фулдæр агурд цæуа сæ кæстæрти гъомбæлади фæдбæл. Нæ рагфидтæлтæ хумæтæги нæ зæгъиуонцæ: «Ниййергутæ æма сæ цæуæт еумæйаг уаргъ хæссунцæ!..» Еци уаргъ ба æй хуæрзæгъдаугин бийнонтæй дзилли ’хсæн цæрун. Зин уаргъ æй, фал ин æнæ исесæн ба нæййес нæ рагъмæ.
Аци фарси æрмæгутæ мухурмæ бацæттæ кодта ХАМИХЪОТИ Сабинæ