09 ноября 2024

«ÆНЦОН НАД МИН НÆ АДТÆЙ, ÆМБАЛ, МÆНÆН…»

31.08.2024 | 21:19

Алим КЕШОКОВ (æртиккаг галеуæрдигæй) Елхотти арæзт литературон мадзали.

Алим Кешокови туххæй абони ци уац мухур кæнæн, уой ниффинста æ балхъайраг æрвадæ, Кæсæг-Балхъари адæмон поэт Кайсын КУЛИЕВ (1917-1985). Мухур æй кæнæн, æ рæстæги æй (1969 анзи) куд ниффинста, уотемæй – дууемæй дæр нур, гъулæггагæн, не ’хсæн нæбал æнцæ æма син сæ рохс нæмтти цитгиндзийнадæ нимайгæй, ци гъудитæ ниффинстонцæ, уони фæлхатун нæ федауй, иннемæй ба æцæгæй адæмон финсæг цалинмæ дзиллити зæрдити æй, цалинмæ син æ исфæлдистадæ зæрдтагон æй, уæдмæ цардæгас æй. Æма Алими нерæнгæ дæр ма айдагъ Кæсæг-Балхъари нæ, фал уомæй еуварсдæр рауæнти дæр ке имисунцæ, е уомæн æй ирд æвдесæн…

Алим Кекшокови æмдзæвгитæй еуей уæлдай хъæбæрдæр бадардтон мæ зæрдæбæл. Æхуæдæг мин æй бакастæй Дони будуртæй кæмидæр. Цæбæл си цудæй дзубанди? Еу æфсæддон æ  рагъи фæххаста æ тугъдон æмбали.  Е уæззау цæфтæ адтæй æма æ ервæзунгæнæгæн дзурдта: «Ниууадзæ мæ, кенæ ба ду дæр мæн туххæй исæфис! Ниууадзæ мæ!.. Еске нин, миййаг, амонд не ’хсæн дууæ æмраст дехи нæ ракодта. Ниууадзæ мæ!» Фал æфсæддон кæми байгъуста æ цæф æмбали дзубандитæмæ. Знаги нæмгутæ сæ сæрти тахтæнцæ, е ба кæми  æ уæргутæбæл тундзтæй, кæми ба æ фазæбæл бурдæй, зæнхæ дæндагæй æхсидта, фал е ’мбали фæййервæзун кодта.

Æз аци æмдзæвги хабар хумæтæги не ’римистон. Мæнмæ уотæ кæсуй, æма е Алим Кешоковæн æвдесуй æ еугур исфæлдистади сæйрагæй-сæйрагдæр медес – адæймагæн рæстуодæй байагъаз кæнун, æ тухст уавæри ’й æ зиндзийнадæй фæййервæзун кæнунбæл байархайун… Е иссæй, æ кой нæ цитгин Райгурæн бæстæбæл кæмæн райгъустæй, уæхæн финсæг. Царди гургъахъ нæдтæбæл рацудæй, царди тингун скъолай бакастæй, тугъди уæззау фæлварæнти федар кодта, æхсистæй æ меддуйне, æ уодигъæдæ, домбайдæр кодта æ дзурд, хъæбæрæй-хъæбæрдæр лæдæрдтæй лæгдзийнади, æфсарми, зунди, фарни æма амонди рæсугъддзийнадæ, æновудæй-æновуддæр кодта æ адæмбæл, æ уарзон зæнхæбæл.

Алим Кешоков æ фиццаг киунуги хæццæ æ уарзон литературæмæ ’рбахаста нæуæг сорæттæ, гъудитæ, зæлтæ, мадзæлттæ. Бонæй-бонмæ æндиуддæр къахдзæфтæ кодта исуйнаг устур поэт. Уой еугуремæй раздæр æрæстæфтæй нæ хестæр æмбал æма хæларзæрдæ ахургæнæг Али Шогенцуков. Æригон поэт æ размæ æвардта устур бæрнон нисантæ. Уомæн æвдесæн иссæй æ идарддæри исфæлдистадæ. Али Шогенцуков фæммард æй тугъди. Алим Кешоков исиста, Шогенцукови къохæй ка ’рхаудтæй, нæ поэзий еци туруса, разæнгардæй æй хаста æма ’й абони дæр нифсгунæй хæссуй.

Раги загъд æрцудæй мæнæ ауæхæн гъуди: «Кæцифæнди адæмæн дæр поэзи æй е ’фсармæ, æ цæсгон…» Уæхæн бæрнон æй поэти фæллойнæ. Аци загъд комкоммæ хауй Алим Кешоковмæ, е ’сфæлдистадæмæ. Мæнæн хуарз зундгонд æй, Алим литературæмæ ци цæстæй кæсуй, е. Æ исфæлдистади туххæй æхуæдæг уотæ финста: «Хæзнатæ агорæг, дæуæн дæ над даргъ æма зин æй…» Уæдта идарддæр: «Еци хæзнати æвæрæнмæ цæун гъæуй нифсгунæй, кæдзосзæрдæй…»

Алли поэтæн дæр, кæмифæнди ку уа, уæддæр æ цæргæ-цæрæнбонти æ гъостæбæл уайуй, æригонæй сæ хæдзарæмæ хæстæг ци цæугæдон уадæй, уой уолæнти сур-сур. Еци зари муртæ ин æнцæ еугуремæй зæрдæмæгъаргæдæр, еугуремæй аййевдæр æма рæсугъддæр. Уотæ ’й хузæгæнæг дæр. Тæккæ хæстæгдæр имæ адæми зæрдæ, адæми сагъæстæ, бæлдитæ æма фæндитæ ’нцæ. Дæсгай æнзти дæргъи Алим цидæриддæр исфæлдиста, етæ æнæфæххецæнгæнгæ баст æнцæ æ дзилли хæццæ.

Кешокови æмдзæвгитæ æма поэмитæ тухгин æнцæ сæ цардбæллондзийнадæй. Е хуарз зонуй, цард æнцонтæй ке нæ фæууй. Зонуй, фæууæлахез унбæл цæйбæрцæ тухæ æма хъауритæ бахарз кæнун гъæуй, уой дæр. Фал цард цард æй. Уомæй бæрзонддæр æма тухгиндæр дуйней неци ес. Адæймагæн е тæккæ хъазардæр æй. Æ сæрбæл тох кæнун гъæуй. Мæ дзубандити рæстдзийнадæн æвдесæн æнцæ Алимæн æхе æмдзæвги рæнгъитæ:

 

Мах фехъусæм арæх цыбыр, дам, у цард;

Фæллой ма йыл бафтауы азтæ æдзухæй.

Куы кæнай фыдмитæ дæ къухæй, мæнгард,

Уыдзæни цыбырдæр дæ цард, уæд дæ къухæй.

 

Финсæгæй финсæг рауайун кæнунцæ, æ алливарс ка æма ци фæууй, етæ. Хуæнхтæмæбургути хуæнхтæмæ бурун къæдзæхтæ исахур кæнунцæ. Хуæнхæгтæ еугуремæй дæснидæр фæуунцæ хуæнхтæмæ бурунмæ, фал си дони накæ кæнунмæ хуарз ка арæхсуй, уæхæнттæ ба берæ нæ фæууй. Æз уотæ зæгъунмæ нæ гъавун, æма финсæгæн æ уадзимистæ баргъонæй равдесæн ес, æхуæдæг ци бавзурста, айдагъдæр уой фæрци. Æз уотæ зæгъунмæ дæр нæ гъавун æма гъæуама алли финсæг дæр бавзара берæ зиндзийнæдтæ, кæд адæймаг æхуæдæг ци бавзара, уой нецæмæй баййевæн ес, уæд. Ке зæгъун æй гъæуй, алкæд еухузон нæ фæууй. Цард æма исфæлдистадæ аллихузон æнцæ. Фал зундгонд æй еу гъуддаг – царди цидæриддæр цæуй, уони финсæг гъæуама цæфбæл ахæсса. Е ку нæ уа, уæд нæййес искурдиадæ дæр. Исфæлдистадæ домуй цардæн лæггадæ кæнун. Еци гъуддагбæл еузæрдиуон æй Алим Кешоков.

Алим Кешоков адтæй æма нур дæр æй, хуарздзийнадæ æма рæстдзийнадæн ка лæггадæ кæнуй, еци адæми, еци финсгути рæнгъити. Мæ дзубандитæ æгæр гъæрæй загъд æнцæ, зæгъгæ, уомæй нæ тæрсун, уомæн æма дзорун устур финсæги поэзий, исфæлдистади, фæллойни туххæй.

Алли финсæгæн дæр æ уарзон литератури, æ уарзон адæми историй ци бунат ес, е бæрæггонд цæуй, æ дзилли культури хæзнадонæмæ æ исфæлдистадæй нæуæгæй ци бахаста, уомæ гæсгæ. Мах абони цийнæ кæнæн нæ финсæгбæл, уомæн æма е хъæбæр берæ исаразта Кæсæг-Балхъари литератури, нæ еугур культури ирæзтæн. Алим Кешоков æ исфæлдистадæй бæрзæйсæттæн цæф никкодта нæ литератури нæбæзгæдзийнадæй цидæриддæр адтæй, уонæн. Поэт идарддæр райрæзун кодта æма нæуæг бæрзæндтæмæ исиста, æ разæй ци финсгутæ адтæй, уони къохи ци бафтудæй, уой. Алим æ уадзимисти бауагъта царди нæуæг комиуолæфт. Е нæ литературæмæ ’рбахаста нæуæг хуарæнтæ, феййевдзи кæнæн кæмæн нæййес, уæхæн мадзæлттæ æма сорæттæ, бæрзонд культурæ. Е ба ’й искурдиади фиццаг бæрæггæнæн.

Алим Кешоков æй, е ’сфæлдистади æцæг, фарнæхæссæг нæуæгдзийнæдтæмæ ка тундзуй, уæхæн финсæг. Уой гъæлæс фегъустонцæ Советон Цæдеси сауæнгæ тæккæ идарддæр рауæнти дæр. Финсæг бафтудта, æ цардæй фулдæр ке уарзуй, æ еци адæми намус æма кадæбæл. Алим Кешокови фæрци мингай киунугæкæсгутæ базонгæ ’нцæ кæсгон адæми уодигъæди кæдзосдзийнадæ, тухæ, циргъзунддзийнадæ, хæлар зæрдихатт æма бæгъатæрдзийнади хæццæ. Алим Кешокови исфæлдистадæ айдагъ поэзийæй нæ хецæн кæнуй. Раст зæгъгæй, мæхуæдæг æмдзæвгитæ ке финсун, уомæ гæсгæ фулдæр дзурдтон æмдзæвгити туххæй. Алимæн еугурцæдесон киунугæкæсгутæ устур аргъ искодтонцæ æ роман «Вершины не спят»– æн. Уоми æвдист æрцудæнцæ медтугъди цаутæ. Романи кой идæрдтæбæл райгъустæй. Цубур рæстæгмæ уагъд æрцудæй цалдæр хатти. Алим Кешоков ниффинста берæ зæрдæмæгъаргæ публицистон æма литературон статьятæ.

1969 анз.

*  *  *

Кæронбæттæни ба ма уин уой зæгъуйнаг ан, æма Алим Кешоковæн лæвæрд æрцудæй Социалистон Фæллойни Бæгъатæри ном (1990), Ленини дууæ ордени, Фæллойнадон Сурх турусай  æртæ ордени, Октябри революций, Адæмти Хæлардзийнади «Кади Нисан»-и, Устур Фидибæстон тугъди I къæпхæни ордентæ, майдантæ. Адтæй Кæсæг-Балхъари адæмон поэт. Æ ном хæссуй Нальчикки сæйраг гъæунгтæй еу, аци сахари бæрæгастæу ин æвæрд æрцудæй циртдзæвæн. Мæнæ дæлдæр ба мухур кæнæн Алим КЕШОКОВИ æмдзæвгитæй еу, ирон æвзагмæ ’й ратæлмац кодта ХЪУЛАТИ Кермен.

*  *  *

Æнцон фæндаг нæ уыд, æмбал, мæнæн,

Хылдтæн æз хæхтæм, къæдзæхтæм æдæрсгæ.

Куы-иу мæхæдæг раздзог дæр фæдæн,

Куы та лæгæрстон раздзогæн йæ фæстæ.

 

Зын фæндæгтæм æмхиц кæм вæййы фарн,

Уый фидарæй мæ зæрдæмæ æз хастон.

Хъызт рæстæг никуы бацагуырдтон хъарм,

Мæхи æнтæф бон сатæгмæ нæ ластон.

 

Нæ бæстæйыл куы айхъуысти фыдуац,

Куы кодтой знæгтæ зилæнтæ нæ сæрмæ, –

 Æз кодтон семæ хотыхтæй ныхас,

Фæсырдтон сæ сæ лæгæты къæсæрмæ.

 

Æрыздæхтæн. Тызмæг рæстæг фæцис:

«Дунейы фарн, сабыр цардыл нæ бафтау!»

Мæ къухтæм райстон топпы бæсты сис, –

Æмдзæвгæтæ фыстон рæнхъон салдатау.

 

Куы мын загътой: «Дæ нысанмæ, хæлар,

Кæй тындзыдтай цæсгомджын æмæ рогæй,

Гъе, уый тыххæй дын мах кæнæм лæвар:

Куыд уыд дæ фæндаг, афтæ райдай ногæй».

 

Зæгъин сын: «Нæ, æндæр у ныр нæ уаг.

Мæн ног фæндæгтæ басгарын æрфæндыд.

Æмæ та мыл æрцыд рæдыд, мыййаг, –

Уæд – ног хуызы мæ рæдыд дæр, мæ рæдыд!»