22 декабря 2024

ЗÆРДХЪУРМÆЙ ИМИСÆН, ХЪОНЦ КÆНÆН…

07.09.2024 | 19:42

Цийфæнди уæззау ристæн дæр æ дзæбæхгæнæг исуй рæстæг, зæгъгæ, кæд фæззæгъунцæ, уæддæр е, махмæ гæсгæ, бустæги раст гъуди нæй. Беслæни террористон фудракæнд арæзт ку ’рцудæй, уобæл инсæй анзи кæд исæнхæст æй, уæддæр нæ дзиллити, уæлдайдæр ба еци фудбæлахи ке сабийтæ, ке ниййергутæ, ке хеуæнттæ бастъалдæй, уони зæрдити рист ба æгириддæр нæ нидæн кæнуй. Уæдта, баруагæс уи уæд, цалинмæ аци фæлтæртæ цæронцæ, уæдмæ нæ нидæн кæндзæнæй. Сæ алæмæти уоди хъаурæ æма æгæрон фæразундзийнади фæрци кæд æма сæхебæл хуæцунгъон æнцæ, уæддæр сæ цæстисуг ба æгириддæр нæ исусуй… Нæ зундгонд поэт Балати Альберт уой фæдбæл е ’мдзæвгитæй еуеми уотæ финсуй:

 

Фæлыгъди циндзинад нæ удтæй,

Ныртхутæг рохст зæрдæты арт,

Беслæн нын бавдæлон йæ хуртæй,

Фæлæ æгъуыстаг у нæ цард.

 

Нырма нæ зæгъинаг нæ загътам,

Æрбаци хурæргом ызнаг…

Сындзарм ныл сау сагъæс æруагъта,

Æгæрон мастæй риутæ – дзаг.

 

Нæ зынгхуыст ахсджиæгты мысæм,

Мæрдты бæстæ сын уæд дзæнæт!

Цæссыгæй сын сæ уæлмæрд ’рыхсæм,

Ысты нæ судзгæ рис, нæ мæт.

 

Уомæ гæсгæ, куд инсæй анзей дæргъи алли анз дæр, уотæ аци анз дæр сентябри фиццаг æртæ бони нæмæ иссæнцæ уотид имисæн бæнттæ нæ, фал зæрдристæй хъонцгæнæн бæнттæ. Уони хуæдразмæ нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло Цæгат Иристони цæргутæмæ æ фæдздзурди уотæ баханхæ кодта:

– Аци анз мах æмбæлæн уæззау цаубæл – инсæй анзи рацудæй,  Беслæни террористон фудракæндæ арæзт ку ’рцудæй, уобæл. 2004 анзи 1 сентябри террористтæ Беслæни 1-аг скъолай ахури нæуæг анз райдайуни фæдбæл бæрæгбони мадзали архайæг ахурдзаути æма сæ ниийергути, сæ ахургæнгути амæнати ку райстонцæ, уæд е иссæй, фæстæмæ раздæхæн æма фæййервæзæн кæмæй нæбал ес, уæхæн æверхъаудзийнадæ. Нæ цардиуагæ нин бустæги исфæлхадта, зонундзийнæдти кæддæри райдзаст Бон нин иссæй æностæмæ асдзæгъдгæ рист, æма бауорамæн кæмæн нæййес, уæхæн хъонц.

Нур, инсæй анзей дæргъи, сентябри фиццаг æртæ бони Цæгат Иристони æнæгъæнæй дæр исунцæ  саударуни бæнттæ, фæимисæн, еци фудбæлахи ка фæммард æй, еци сувæллæнттæ æма хестæрти. 334 царди бабун кодтонцæ, адæймаг исхонун дæр ке нæ æнгъезуй, еци æлгъистæгтæ. Некæци хузи ес адæймаг исхонæн, сæ цъамар фæндитæ цийфæндийæй дæр исæнхæст кæнунмæ ка гъавта, нæдæр хатир æма нæдæр тæрегъæд ци æй, е кæмæ нæ гъардта, уони. 334 æвуд адæймаги, 186 си сувæллæнттæ, уонæн 1-аг скъолай æбуалгъ спортивон залæй уодæгасæй рацæун сæ бон нæбал бацæй.

Нæ еугур дæр уоййасæбæл зæрдрист ан, æма ни нуриуæнгæ дæр не ’руагæс кæнуй, еци æверхъау фудракæндæй абони уæнгæ инсæй анзи ке рацудæй, е. Раст цума æзинæ ’рцудæй, уотæ нæмæ кæсуй – уæхæн зæрдристæн евгъуди æмгъудтæ нæййес. Уой, сæ цардгъон кæстæрти ка байвардта, еци мадтæлтæй, сæ хеуæнттæй ка фæффудевгед æй, уонæй хъæбæрдæр неке лæдæруй. Лæдæрун æй, етæ цитæ бавзурстонцæ, уой фудæй сæ уодтæ кæмæй гъезæмарæ кæнунцæ, еци гъæдгинтæ, рæстæг ке бадзæбæх кæнуй, уæхæнттæ нæ ’нцæ. Фал уодæй федар уогæй, се ’гæрон уæззау уаргъ уæзæн сæттун нæ бакомгæй, етæ сæ уæззау хæссуйнæгтæн фæразон уогæй цæрунцæ, террористти амæттаг ка бацæй, сæ еци хеуæнтти туххæй имисуйнæгтæ аккагæй хæссунцæ.

Беслæни фиццаг скъолай ци фудбæлах æрцудæй, е инсæй анзей дæргъи иссæй айдагъ хецæн бийнонти æма хецæн сахари рист нæ – е иссæй нæ еумæйаг æрхун. Еци фудбæлахи ка бастъалдæй, уони хеуæнтти, уæдта си æфхуæрд ка ’рцудæй, уони фарсмæ абони ’нцæ, куд нæ республики, уотæ нæ бæсти, дуйней иннæ паддзахæдти мингай рæстзæрдæ адæймæгутæ дæр.

Гъо, 2004 анзи Беслæн, гъулæггагæн, æхебæл бавзурста, устур фудхæрандзийнадæ ци æй, уой. Фал уæддæр, уæдæй ардæмæ ци рæстæг рацудæй, уой дæргъци аци сахар иссæй еугуремæй дæр  зæрдæргомдæр искувдтити, тæккæ алæмæттагдæр хуарздзийнæдти дæнци, тæрегъæд кæнуни æма уарзондзийнади рауæн. Ардæмæ инсæй анзей дæргъи цæунцæ уæлдай рохсдæр уодгоймæгтæ, фæндуй сæ террористон фудракæнди амæттæгти хеуæнтти рази æрлæуун, се ’рхун син сæхемæ дæр райсун, ка си райервазтæй, уони уодти хъаурæй фæннифсгундæр ун цард рæстуодæй аразунмæ. Анзæй-анзмæ еци уолæн минкъийдæр нæ кæнуй, æма е ба ’й, Беслæн еунæг ке нæй, уой æвдесæн, æма мах гъæуама æгириддæр ма исустурзæрдæ уæн адæймагадæ æма адæймагдзийнадæбæл, нифсдæттæг нин гъæуама уонцæ цийфæнди уавæрти дæр.

Инсæй анзей дæргъи исирæзтæй нæ республики цæргути нæуæг фæлтæр. Уæди фудбæлахи ка бахаудтæй æма си ка райервазтæй, еци уацайрæгтæн сæ тæккæ-тæккæ кæстæртæ дæр нур рабайлæгъ æнцæ – æ фурристи гъæр æ цъухтæбæл фегуппæг æй, еци Геуæрги дæр, æ цæстингас алæмæти арф кæмæн адтæй æма киристон дзиуарæ æ реубæл кæмæн адтæй, еци Дианæ дæр, сæрмагонд нисанеуæги æфсæддонти къуарæй еу еци зиндонæй æ гъæбеси ци дзедзедай кизги рахаста, еци Аленæ дæр… Æз уотæ æнгъæл дæн, æма  алкедæр ни гъуди кæнуй еци æдзæм, фал уой хæццæ ба æгуппæггæнæг  къартæ – етæ иссæнцæ Беслæни фудбæлахи зæрдæбæлдарæн нисантæ.

Уæди сæдæгай бæгъатæр сабийтæ, рабайлæгъ уогæй, абони аразунцæ сæхе æма нæ Фидибæсти зæрдæмæдзæугæдæр исонибон, ахур кæнунцæ, косунцæ, беретæ си сæхуæдтæ иссæнцæ ниййергутæ. Цард, куд берæвæрсуг æй, уотемæй æ размæцуди æнæрлæугæй цæуй – уомæн æма е æй мæлæтæй тухгиндæр, хуарздзийнадæ ба кæддæриддæр лæгъуздзийнадæй уæлахезондæр адтæй æма уодзæнæй.

Иристони ралæудтæнцæ хъонци бæнттæ, æма етæ ’нцæ куд нæ уæззауæй-уæззаудæр æрхун, уотæ нæ федар еудзийнадæ æвдесæг бонтæ. Махæн нæ еугуремæн дæр еци рæстæг æнæгъæнæй дæр ахсгиаг æй уомæй, æма исуй, беслæйнаг сувæллæнттæ, беслæйнаг фидтæлтæ æма мадтæлтæ еу ке ан, Беслæни фудбæлахи мæстæйдзаг фæстеугутæ нæ зæрдæбæл ке бадардзинан, уомæн ирд æвдесæн.

Нæ сæртæ ниллæг æркъолæ кæнæн амæнати бахаугæй си ка фæммард æй, еци сувæллæнтти, хестæрти, сæрмагонд нисанеуæги къуари иуонгти зæрдхъурмæй имисгæй, сæ кæстæртæ 1-аг скъолай кæмæн бастъалдæнцæ, еци ниййергути уодти федардзийнади рази. Трагедий амæттæгтæ рохсаг уæнтæ. Иннæ гъигæдард баййафæг адæм ба еугурæй дæр æнæнез æма сабур царди фарнæй хайгин уæнтæ!..

Æртæ имисæн бони… Фиццаг бон сауæнгæ сæумæрагийæй сауæнгæ изæрдалингти уæнгæ Беслæни скъолай террористти амæттæгти рохс нæмттæ æримисуни фæндæй аци фудæнхи рауæнмæ æнæрлæугæй цудæнцæ æма цудæнцæ мингай адæймæгутæ – нæлгоймæгтæ æма силгоймæгтæ, кæстæртæ æма хестæртæ… Зæрдæбæл куд не ’рбалæууй е дæр, æма инсæй анзей размæ дæр раст уæхæн райдзаст сæумæ искодта, аци скъолай тургъæмæ, сæ райдзаст исонибонмæ æхцæуæнæй бæлгæй, рохс гъудити хæццæ ахури нæуæг анзи райдайæни зонундзийнæдти бæстæмæ хонæгæн син федоги хузæн ци фиццаг дзæнгæрæг ниййазæлдзæнæй, уой фæдбæл бæрæгбони мадзалмæ рæсугъд деденгути бæстити хæццæ ка цудæй, уонæн… Фал фæффудевгед æнцæ… Сæ цийнаг бæрæгбон син зиндонæ фестадæй…

Уæдæй абони уæнгæ райевгъудæй инсæй анзи… Æма уæд еци зиндонæй ка райервазтæй, етæ нур сæргубурæй, цæстисугæй идзаг цæстити хæццæ ралæудтæнцæ, се ’дзард æмбæлттæ æма ахургæнгути къариститæ бæрзонд исесгæй. Инсæй анзей фæсте дæр бабæй райзæлдæй скъолай фиццаг дзæнгæрæг – æцæг, уæди фудбæлахи ка бастъалдæй, уони номерæнæн, аци хатт деденгутæ дæр лæварæн не ’рбахастонцæ – æрбахастонцæ сæ спортивон залмæ, еци фудбæлахи амæттæгти номерæнæн, уони номбæл иссодзун кодтонцæ мудадзин цирæгътæ дæр…

Беслæни фудбæлахи ка бастъалдæй, уони рохс нæмттæ æримисуни фæдбæл ци берæ аллихузон мадзæлттæ арæзт цудæй, уони рæстæги фиццаг скъолай тургъи, раст спортивон зали комкоммæ игонгонд æрцудæй итайлаг скульптор Ренцо Вандий конд скульптурæ «Крик Беслана». Зундгонд куд æй, уотемæй Ренцо Ванди аци скульптурæ искодта 2006 анзи, уæд æвæрд æрцудæй итайлаг сахар Сан-Мариной, нур ба ’й бафæндадтæй, цæмæй æ халдех скульптурæ лæууа Беслæни дæр, фудбæлах кæми ’рцудæй, раст гъе уоми. Аци цауи туххæй бæлвурддæр æрмæг кæсетæ 5-аг фарсбæл.

Аци бæнтти ма Беслани фиццаг скъолай азгъунсти арæзт музейи игонгонд æрцудæй, фудбæлахи ка бацарæфтуд æй, уони хузтæ. Исхузæ сæ кодта сахар Ульяновски цæрæг хузæгæнæг Михаил Чернов.

Имисæн бæнтти уæлдай зæрдхъурмæй æрбацæунцæ, инсæй анзей размæ спортивон залæй ка райервазтæй, етæ. Хъибизти Райæ уæд 2-аг къласи сабийтæн адтæй ахургæнæг. Æ цæстисуг нæ уорамуй, æ зæгъуйнæгтæ, дзорун ин зин æй.

– Мæ зæрдæбæл алцидæр лæууй, ахургæнгутæ се скъоладзаути куд агурдтонцæ зали, – айдагъдæр уой зæгъун исфæразта, Беслæни 1-аг скъолай 44 анзи райдайæн кълæсти ахургæнæгæй ка бакуста, еци силгоймаг. Исрæмугъди фæсте спортивон залæй ка райервазтæй, еци кизгæ – Хосонти Дзерассæ имæ бацудæй, æхе ниттухта æ ахургæнæгбæл. Гъулæггагæн, гъигæдард баййафта исрæмугъдæй, æ цæстæ æ уæле нæбал æй…

Зиндони артæй райервазтæй, уæд æстæймаг къласмæ ка бацудæй, еци цардбæллон биццеу Къомайти Æхсарæ. Скъолай тургъи исæмбалдæй е ’мкъласонти хæццæ, хъонци  бон кæд æй, уæддæр кæрæдзебæл бацийнæ кодтонцæ.

– Уæззау бæнттæ ’нцæ, гæнæн нæййес… Нæ зæрдити нин цæргæ-цæрæнбæнтти ’нцæ нæ хæццæ ка нæбал æй, нæ еци æмбæлттæ, – æрхун гъæлæсиуагæй дзоруй Æхсарæ. – Аци зин хабарæн иронхгæнæн нæййес. Фал идарддæр цæрун гъæуй, косун æма змæлун, царди цалх зелуй идарддæр. Бадзорæн кæрæдземæ, фембæлæн нæ цийни дæр æма гъиги дæр. Аци хабари фæсте цардæн æндæр аргъ кæнун, адæймаг зиндзийнæдти фæсте æндæр цæстæй  кæсун байдайуй цардмæ. Цæйбæрцæ мæбæл цæуй, уомæй каргундæрбæл нимайун мæхе. Уотæ мæмæ кæсуй, цума уæззаудæр зунд æрцæуй адæймагмæ. Дзæбæх нин уæнтæ нæ хестæртæ, дзæбæхæй цæрæнтæ нæ кæстæртæ, мах ба фæраздзинан…

Туати Анастасия еци анз æхсæзæймаг къласмæ бацудæй, сæ параллелон къласи ахурдзаути хæццæ е ’мбæлттæй фæгъгъудæнцæ аст æма инсæййемæй… Нæхе цæстæй фæууидтан, ка си фæййервазтæй, етæ куд зæрдиагæй цийнæ кодтонцæ кæрæдзебæл, сæ уадæлттæбæл цæстисугтæ уайгæй…

– Нæ хъаурæ æма æнцойнæ нин æнцæ изолдæр цæрунæн, кæрæдзей уарзунæн, мах хæццæ ка нæбал æй, уони гъуди кæнун. Уæлæрвтæмæ сæмæ искæсæн æма нæ гъудитæ æрветæн. Æруагæс ми кæнуй, етæ дæр нæбæл нур хуарзæн ке ауодунцæ. Ме ’мбæлттæ багъомбæл æнцæ, аккаг адæймæгутæ иссæнцæ. Беретæ си косунцæ дохтиртæй, ахургæнгутæй, ервæзунгæнгутæй, кадæртæ се ’фсæддон ихæс æнхæст кæнунцæ сæрмагонд æфсæддон операций. Цард æхе кæнонтæ кæнуй, уæди сабийтæ нур æнцæ берæсувæллонгин мадтæлтæ æма фидтæлтæ. Мæхуæдæг нур минкъий кизгæ нæбал дæн, исахур кодтон, косун. Кæд гæнæн ес, уæд мæ фæндуй зæгъун, куд берæ уарзун сæ еугурей дæр! – æфсæрмигæнгæй загъта Анастасия.

Анастасия куд загъта, уотемæй уæди амæнати ка бахаудтæй æма си ка фæййервазтæй, уонæй еуетæ нур архайунцæ сæрмагонд æфсæддон операций, беретæ си хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ паддзахадон хуæрзеугутæй: Айларти Аслан – Жукови майданæй, Хæсигати Сослан – майдан «За боевое отличие»-йæй, Кокайти Илья – Суворови майданæй. Се ’ртебæл дæр амæнати ку адтæнцæ, уæд цудæй 7-8 анзи.

Инсæй анзей размæ 1-аг скъолай амæнати адтæй биологий ахургæнæг Суанти Светланæ.

– Адæймагæн æ цæститæбæл уайунцæ, ци уавæрти адтан еци цалдæр бони, етæ. Иронх дæр ни некæд кæнунцæ, фал æнзти цуди хæццæ рист нæ минкъийдæр кæнуй. Уæхæн бон нæ фæууй, нæхе медæгæ сæ кæд не ’ргъуди кæнæн ахургæнгути хæццæ, аци æртæ бони бустæги уæззау фæуунцæ. Мæ зæрдæ ниссæххæтт кæнуй, террористон цаути, исрæмугъдтити, тугъди цаути кой ку фегъосун, уæд. Сувæллæнтти къартæмæ, ку фæккæсун… (æ цæстисуг сæрфуй), зæрдæй не ’ронх кæнунцæ… Уæддæр адæймаг цæруй… Нæ ахурдзаути хуарздзийнæдтæ ку фæууинæн, бийнонтæ ку искæнунцæ, кæстæртæ син ку фæззиннуй, уæд нæ зæрдитæ барохс унцæ. Æгайтима сæмæ уойбæрцæ хъаурæ ес. Æнæнез уæнтæ, идарддæр сæ цард дзæбæхæй куд æрветонцæ, е нæ фæндуй, – æ арфитæ кæнуй амæнати ка адтæй, еци гъомбæлгæнæг.

 

Беслæнмæ аци бæнтти цудæнцæ æма цудæнцæ адæм айдагъ Иристони, айдагъ Цæгат Кавкази аллирауæнтæй нæ, фал Уæрæсей берæ-берæ рауæнтæй дæр. Оренбурги облæсти Шарлыки гъæуæй Беслæнмæ иссудæнцæ сувæллæнтти адæмон театр «Смешинка»-йи хуæдахур артисттæ, уæдта Мæскуй 937-аг скъолай æригон æфсæддонти къуар. Скъола хæссуй Александр Перови ном, е бæгъатæрæй фæммард æй, амæттæгти уæгъдæгæнгæй.

Гъиги бæнтти Иристонмæ иссудæнцæ Турки цæрæг ирæнтти æхсæнади сæргълæууæг Хъусати Садреттин æма Сæбæтхъуати Джан. Гъигæзæрдæ æма сагъæсхуз адтæй сæ дзубанди хестæр æма кæстæр фæлтæри минæвæрттæн. Хъусати Садреттин уотæ загъта:

– Кæд ардигæй изол цæрæн, уæддæр Иристони тог æма стæгæй конд ан, Иристони цийнæ æма тухстæй нæхе хайгинбæл нимайæн. Аци бæнтти алли анз дæр æрæмбурд уæн нæхе æхсæнади, имисæн æма кадæ кæнæн трагедий амæттæгтæн. Æртæ кæдзос ирон гъæуи ма байзадæй Турки. Æртæ мин бæласи ниййаразтан уоми сувæллæнтти номбæл. Иристойнаг лæхъуæнтæ, æхсæнадæ «Портал», зæгъгæ, уордигæй Туркмæ ’рбацудæнцæ æма еу сауæдонæ æргъуди кодтонцæ исаразун, æ алфамбулай ин исæхгæдтонцæ æфсæйнагæй, æ астæу ба сауæдонæ игуруй. Ниуазун дæ ку бафæндæуа, уæддæр дин амал нæ уодзæнæй, уомæн æма, сувæллæнттæ æдонугæй ке мардæнцæ, уой æвдесæг æй. Беслæни мадтæлти дæр æрбахудтан, уæлмæрдæй сикъит æрбаластæн æма ’й бæлæсти алливарс рапурхæ кодтан. Уæхæн трагеди Хуцау знагæн дæр ма исаккаг кæнæд, макæдбал æрцæуæд зæнхæбæл.

Сæбæтхъуати Джан ба загъта:

– Фиццаг хатт нæ дæн ами. Аци бон зин бон æй, Турки цæрæг ирæнтти номæй ан ами, цæмæй æрлæууæн не ’нсувæрти рази, сæ гъигæ син фæррæуæгдæр кæнæн. Мах ирæнттæ ан!

Фæсарæнтæй ка ’рбацудæй, уони хæццæ ’нцæ Франци æма Хорватий минæвæрттæ дæр.

«Беслæни мадтæлтæн» ци пресс-конференци исаразтонцæ, уоми, минут сабурæй ралæугæй, æ архайгутæ иссирдтонцæ теракти амæттæгти рохс нæмттæ. Гæдиати Анетæ куд бафеппайдта, уотемæй силгоймаг æнгъæл адтæй, Беслæни трагедий фæсте дуйне, гæнæн ес, фæххуæздæр уодзæнæй. Гъулæггагæн, уотæ нæ рауадæй, дуйней фæффулдæр æнцæ тухмиутæ, маст æма рист. Æвæдзи, хуæрзауодæн хъауритæ фагæ нæма ’нцæ, æма ма нерæнгæ сæ хъаурæ уойбæрцæ нæй, фæууæлахез унæн.

Саударæн мадзæлтти Уæрæсей Сурх дзиуари æхсæнадон организаци исаразта киунугæ «Красный крест. Беслан, мы вместе»-йи презентаци, æвдист æрцудæй Цæликкати Вадими документалон кинонивæ «Граждане Беслана». Дзæуæгигъæуи Сабурдзийнади фæзи рацудæй литературон-музыкалон изæр – реквием.

*  *  *

Беслæни террористон фудракæнди ка бастъалдæй, уони имисæн мадзæлттæ ма арæзт æрцудæнцæ 2-3-аг сентябри, куд Беслæни æма нæ республики æндæр рауæнти, уотæ Уæрæсей берæ регионти, фæсарæйнаг паддзахæдтæй беретæми Цæгат æма Хонсар Иристони.

 

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ГÆТИЙТИ Светланæ.

Къартæ исиста Татьянæ ШЕХОДАНОВА.