ЦАРДÆЙ АДÆМÆН ЦИРАГЪДАРÆЙ
Хидирти Ехйай поэтикон исфæлдистадæ бæрцæй берæ нæй, фал ин исаразун ци бантæстæй, етæ ба ’нцæ уæзгæ. Уæззау царди нæдтæбæл æй багъудæй рацæун, никки мæстаг ба адтæй æ ирисхъæ… Фал нин ци бунтæ ниууагъта, етæ ба нин абони дæр æнцæ нифсдæттæг, фæлтæрти размæ хонæг. Æ алли æмдзæвгæ дæр æй хецæн дуйне, хецæн нивæ, нæ си иссердзæнæ æнæрагъудигонд, æрдæгæууилд фæззелæнтæ.
Куд адæймаг, уотæ Хидирти Ехйай туххæй хъæбæр æнцон дзорæн æй. Хуæрз хумæтæг адтæй царди медæгæ. Кæд Мæскуй паддзахадон университети тæккæ цитгиндæр хайæдтæй – философон факультет каст фæцæй æ рæстæги, кæд имæ бæрзонд интеллектуалон зонундзийнæдтæ æгæрон берæ адтæй, уæддæр æ реу некæд хуаста: æз уæхæн æма уæхæн уæлдæр ахурадон уагæдонæ каст фæдтæн, мæнмæ уойбæрцæ хуæрзеугутæ æма кадгин нæмттæ ес, зæгъгæ, кедæртау. Ести хуæрзеуæг, кенæ грамотæ райсуни оххайбæл, хецауади косæнуæтти дуæрттæ æ сиусартæбæл ка батонуй æма сæмæ лæбурдтитæ кæнун ка райдайуй, уæхæнæй дæр æй нæ фæсмардтон. Мадта ес-нæййесæй дæр ести хецауи бунат байахæссунмæ æ тæлæнтæ ка хæссуй, уæхæн бунатбæлмард лæгæй дæр æй нæ зудтон. Хецауи бунат цийфæндийæй дæр цæмæй байахæсса, уой туххæй еске реубæл дæр æ къæхтæй нифсæрунмæ цæттæ ка ’й, уæхæнттæй дæр æ царди медæги æ уодхæссæг уидта. Нуртæкки ба, гъулæггагæн, нæ разамонгутæн сæ фулдæр уотемæйти исхецаугæндтитæ унцæ.
«ТÆХУНЦÆ ДЗУРДТÆ МЕД-ЗÆРДЕГÆ, ЕС СИН ХУЗÆ, ЕС СИН ИУОНГ…»
Нæ, Ехйа æндæр хузи тогæй æнтæст адтæй. Е æ сæрмæ хæсгæ дæр некæд æркодта æма, баруагæс уи уæд, æхецæн некæд нецихузи исаккаг кодтайдæ уæхæн куййæмгадæ миутæ кæнун, уомæн æма имæ алкæддæр бæрзонд бунати æвæрд адтæй адæймаг, уоди рæсогдзийнадæ æма поэти кæдзос ном. Еунæг хатт дæр некæд рахизтæй фæснадмæ æ равзурст надæй, некæд рацудæй гадзирахаттæй нæдæр æ Фидибæстæбæл, нæдæр æ маддæлон æвзагбæл, нæдæр ба ескæбæл дæр æма æхебæл дæр. Е дин æ сæйрагдæр менеугутæй еу. Уомæ гæсгæ байзадæй, æвæдзи, адæмæн уотæ уарзонæй сæ зæрдити.
Ехйа кæд дессаги æргомзæрдæ æма харакет адæймаг адтæй, уæддæр æ меддуйне ба уоййасæбæл æнхæст адтæй уæхæн аллихузон, хуæрз менеугутæй æма уони раргом кæнунæн ба, æвæдзи, гъæуй æхе халдех ацъагъуæ. Уомæ гæсгæ ба мæ бон æй уотæ зæгъун, æма Ехйай туххæй зин финсæн æй, уæлдайдæр ба, ци исфæлдистадон бунтæ ниууагъта, уонæбæл. Ехйай æмдзæвгитæ фиццаг æркастæй куд æнцон кæсæн æнцæ, сæ медгъуди ба уотæ уæлæнгай лæдæрæн нæй. Æцæг поэзийæн æнæуинон æнцæ æма адтæнцæ сор, æнæ ести гъуди æма æнæ бундор рифмæбид дзубандитæ.
Литературæ устур дессаги искондадæ ’й. Ес си берæ фæггæнæнтæ, цæмæй автори ном æностæмæ игъустгондæй байзайа. Уотæ дæр рауайуй, æма еунæг роман, еунæг пьесæ, поэмæ, кенæ æмдзæвгæ хузæнон ниффинсæ æма дæ ном литератури байзайдзæнæй. Хатгай ба æррæстæ дууæ рæнгъи дæр фагæ фæуунцæ, цæмæй сæ ниффинсæги ном исæносон уа, уомæн. Хъæбæр ахид ба уотæ дæр рауайуй æма поэтæн æ уодæгасæй бантæсуй цалдæр киунуги рауадзун, фал си киунугæкæсæг ба æ зæрдæбæл бадаруй кæми еу æмдзæвгæ, кæми ба цалдæр рæнгъи, кæми ба æгириддæр неци.
Хидирти Ехйай уадзимистæбæл ба адæймаг æ цæстæ ку рахæссуй, уæд къæппæги бахауй, кæци си тухгиндæр æй, хуæздæрæн си ке равзарон, зæгъгæ, уомæн æма сæ еугур дæр æнцæ еци-еу бæрзонд æмвæзадæбæл нивæнст.
Хаттæй-хатт ба Ехйамæ еунæг дзурд æнæгъæнæ цардæгас нивæ исуй: «Къетелæг», «Фатæууилд». Къетелæгмæ ци маргъ бафтуйуй, уомæн æ цард цæйбæрцæбæл æнадæ исуй, уæлдайдæр ба арви цъæхи уæгъдебарæй тæхун ахур ка уа, уой уоди уавæр æнцон балæдæрæн æй еци еунæг дзурдæй дæр. Мадта, тугъди рæстæги нæ райгурæн зæнхæ ци устур зинтæ æма гъезæмæрттæ бавзурста, уобæл дзоргæй автор испайда кодта айдагъдæр еунæг рабарстæй – «фатæууилд» æма æ кæсæгæн, еци дзурд бакæсгæй, лæдæрд фæууй тугъди уæззау уавæр. Айдагъдæр еунæг дзурд, фал си цæйбæрцæбæл устур тухæ æма уæзæ ес!
Литератури иннæ жанртæй игъаугидæр, æмдзæвгæ хецæн кæнуй æ цубурдзийнадæй. Гъуди æхсти æрцæфи хузæн гъæуама уа цубур æма æлвæст, гъудифæткъуæрæнау раст æма нисанбæл æмбæлгæ, уотæ ку нæ уа, уæдта уадзимис рахезуй уотид дзæнгæдамæ, адæймаги зæрдæ æма цæститæ фæллайгæ кæмæй кæнунцæ, гъудитæбæл æй ка не ’фтауй, уод цæхæр кæмæй нæ фестуй, уæхæн æмдзæвгæ-прозæмæ.
«НÆМА БАФИСТОН МЕ ’ХÆСТÆ.
МÆ МАДÆ ’МА НÆ БÆСТÆН…»
Гъай-гъайдæр, Хидири-фуртæн æ устурдæр æнтæститæ ’нцæ æ эпикон уадзимистæ æма поэмитæ, фал уони æнвæрстæ æ цубур æмдзæвгити ахедундзийнадæ минæгдæр нæ кæнуй. Поэт æ исфæлдистадон цардвæндаги райдайæнæй æ фæстаг бонти уæнгæ дæр архайдта æхе хецæн, бæрæг ка дардтайдæ, уæхæн къахнад иссерунбæл æма еци зинвæндагбæл цæугæ дæр ракодта æнтæстгин æма арæхстгинæй.
Поэт æ царди сæйрагдæр ихæсбæл, æ нисанбæл нимайуй адæми ’хсæн кадæ-радæй фæццæрун:
Æнгъудгæнгæй, хори цæстæ
Афонæбæл æз не ’сдæн
Нæма бафистон ме ’хæстæ
Мæ мадæ ’ма нæ бæстæн.
………………………………………
Ехх, ку уайдæ цардбæл тохи
Кадæ-радæй мæ адзал.
Айдагъ «кадæ-радæй» фæццæрун дессаг нæбал кæсуй лирикон бæгъатæрмæ. Æцæгæй æ Фидибæстæ зæрдæй ка уарза, е æ багъæуай кæнуни сæрбæлтау мæлæтмæ дæр гъæуама цæттæ уа. Цард ци æй адæймагæн, цæмæн æй гъæуй, дæ Райгурæн бæстæ, дæ уарзон адæм, гъæубæстæ, дæ хеуонтæ кедæр къæхти буни æфсойни къæлæти буни ку гъæрзонцæ, уæд. Æцæг поэт уой æ сæрмæ некæд æрхæсдзæнæй, уомæ гæсгæ ба имæ мæлæт нивæ æрхауæгау кæсуй.
Цард æма адзал… Аци дууæ дзурди æносон царди кæрæдзебæл куд æнгон баст æнцæ, уотæ æнæфæххецæнгæнгæ нихмæвæрдæй дæр ахид æмбæлунцæ Хидири-фурти исфæлдистади дæр. Поэт уарзуй æ цард уалдзигон деденæгау, боз си æй, æ зæрдæ рохс æй, цийнæ кæнуй мудхæссæг биндзитæбæл дæр, фал еци еугур цийнæхæссæг дзæбæхдзийнæдтæ дæттæг мадæ-зæнхæ уой размæ цитæ бавзурста, еци тогæрхæн бæнттæ, æ сабийдоги имисуйнæгтæй æ зæрдæбæл ку ’рбалæуунцæ, уæдта еци цийнадæ æрбацидæр уй, фунæй æрбайсæфуй æма æ цæстити рази æристуй æ рагбонти зинуотæхсæн е ’цæгдзийнади хæццæ. Ехйа æма е ’мдогонтæ ци уæззау бæнттæ бавзурстонцæ, ци уайæнти рауæдтитæ кодтонцæ, уой æ зæрдæ е ’знаги бæдæлттæн дæр нæ зæгъуй:
Минкъий уогæй тугъди бæнтти
Мæ рагъæй ласинæ сог;
Бæгъæнвадæй нæ тар гъæдти
Седзæрау уинæ æстонг.
Салд къотæрбæл тæхгæцъеутæ
Бадиуонцæ мæ уæлгъос.
Къахдзонæхтæбæл биццеутæ
Гуриуонцæ мæ фалдзос.
Фæндæуидæ мæ сæ хæццæ
И бæрзонд къолтæй гурун.
Фал нæ уидæ мин уойбæрцæ
Евдæлон рæстæг æппун.
«Æрхæн»
Уогæ тугъди рæстæги цард еугурей дæр еци æмхузон уавæрмæ ’ркодта. Æгудзæгдзийнадæ син сæ къæхти бæгънæг къелтæмæ лæбурдта, беретæ ба си сæ марамæлай къæбæр баууелун æма ниннихъуæрунгъон дæр нæбал исиуонцæ, уотемæй æнæниннихъуæрдæй сæ хъури байзайидæ, сæ уод сæ фур æгудзæгæй есгæй.
Ехйай бийнонтæбæл цард е ’гудзæги сау пæлæз тугъдæй никки раздæр æрæмбарзта, раздæр сæмæ балæбурдта е ’нæхатир дзæмбутæй.
Еу адæймаги культи азарæй евгъуд æности 30-аг æнзти кæрони ци миллионгай адæмтæ бастъалдæй æвудæй, уони хæццæ адтæй нæ исонибони искурдиадæгин поэти фидæ Батæрбег дæр. Нæ адæмæн берæ хуæрзти рæстуодæй бæргæ бацудæй, фал уæддæр кедæрти фудцъухти азарæй нимад æрцудæй «адæми знагбæл». Догæ ба уæхæн æзмæнст æма æмæнтъери адтæй æма – «цо равзарæ – ка хæран, ка раст». Еугæр «адæми знагбæл» нимад æрцудтæ, уæд дæ хеуонтæ дæр – знаг, дæ зæнæг дæр æлгъист.
Ехйа æнхæст дзæбæх дæр нæ бафæсмардта æ фиди, нæ ин бавзурста æ дирзæг, куствæллад армитъæпæнти табедзæ. Мади ба, цалдæр сабийей хæццæ æризайгæй, æ кæстæрæн «додо-бодотæ» кæнунмæ нæ евдалдæй. Цубурд дзурдæй, нæ исонибони поэт ирæзтæй рæвдудгъæуагæй. Фал уæддæр æ зæрдæ нæ ниддор æй, кæд цийфæнди берæ зинбæнттæ бавзурста æ царди, уæддæр адæммæ æ уарзтади рахастдзийнадæ нæ раййивта, еци цæрæццагæй байзадæй æ царди кæронмæ.
«СЕДЗÆРГÆС ДИГОРОН ЗÆРДРИСТ УОСÆ, ЦИ ’ХСАРГИН ДÆ, УОГÆ ФУР ХУÆРЗТОГ…»
Ехйай бийнонтæ цитæ бавзурстонцæ еци рæстæгути, кутемæйти гъомбæл кодтонцæ, уой аййевадон хузи равдиста æнхæстæй æ автобиографион поэмæ «Мæ рохсаггаг ниййергутæ»-йи. Зæрдæ нирресуй уæззау цæф фæууогау, мæнæ аци рæнгъитæ кæсгæй:
Исфицидæ гахæн цъæх цивдзосæ,
Ци ’й и сог, ку ’взарай, цит, æстонг?
Седзæргæс дигорон зæрдрист уосæ,
Ци ’хсаргин дæ, уогæ фурхуæрзтог…
Ку нин фæууидæ ’мпъузт нæ дивилтæ,
Арти рохсмæ ’хснадта сæ гъе уæд.
Уазалæй салдайуонцæ æ билтæ,
Уотемæй ба рафснаидæ скъæт.
Æз Ехйай цардвæндаги хабæртти кой барæй нæ кæнун мæ финсти. Æ поэмæ ин райдайæнæй кæронмæ ка бакæса, е æй æхуæдæг балæдæрдзæнæй, царди ци гургъахъ нæдтæбæл рацудæй Хидири-фурт, уой.
Æхе æрмдзæф, æхе сæрмагонд бацуд æй хецæн кæнунцæ беретæй. Неке хæццæ ин ес феййевдзигæнæн.
Адтæй ма Ехйамæ еума менеуæг дæр. Æмдзæвгæ цалинмæ «листæгæууилд» нæ бакæнидæ, уæдмæ ’й нихъуæргæ некæд кодта, гъома, газети æй рауадзунмæ некæд тагъд кодта. Хуарз ма гъуди кæнун, нæ еумæйаг æмбурдти æ алли гъуди, алли рæнгъи сæрбæл куд федар хуæцидæ, уомæн æма зудта, ци поэтикон тухæ æма имæ рæстдзийнадæ ес, уой.
«’МА КУД БАЙЙЕВОН АБОНИ ÆНДÆР ÆВЗАГБÆЛ МЕ ’ВЗАГ…»
Ехйай тухгиндæр поэтикон æнтæститæй еу æй æ уадзевзи «Не ’взаг». Дигорон æвзагбæл литературæ уа æви нæ, уобæл рагæй цудæй буцæутæ, уæдта ма нуртæккæ дæр еуæй-еу «талингæ ахургæндтитæ», исфæлдистадæмæ æгириддæр ка неци барæ даруй, етæ исхуæцунцæ дигорон æвзаг нæ цардæй райеуварс кæнун, къæхти буни æй нинсæндунбæл. Уонæн Хидири-фурт ци тæрнихсæттæн нихкъуæрд равардта е ’мдзæвги, е абони дæр ма æй актуалон, поэтæн ба æ ном исиста никки бæрзонддæр æмвæзадæмæ. Еци «гоппойти къуарæн» дзуапп дæтгæй сæ Ехйа æргомæй фæрсуй:
’Ма куд баййевон абони
Æндæр æвзагбæл ме ’взаг.
Мæ минкъий фуртæн æ коми
Куд æрлух кæнон е ’взаг.
Мæ ниййергутæн сæ циртмæ
Ке ’взагæй зæгъон рохсаг.
Куд син зæгъон сæ сигитмæ:
«Исхæран мин æй уе ’взаг».
Гъулæггагæн, нуртæккæ не ’взагæртасæг ахургæндтæй еуетæ уотæ зæгъунцæ: «Ес æрмæстдæр, дигорон литературæ кæбæл ирæзуй, уæхæн æвзаг». Æма цума аййевадон литературон æвзаги ратæдзæн ба маддæлон æвзаги бундорбæл не ’нцойнæ кæнуй, æ ратæдзæн уордигæй нæй? Евгъуд æноси 50-70-аг æнзти нæ дигорон æвзаги сæрбæл тæккæ карздæрæй ка исхуæстæй, уонæй адтæнцæ: Малити Батраз, Кертанти Тæхир, Тобойти Цæрæг, Гетъоти Виктор æма Хидирти Ехйа æхуæдæг. Уони фæрци нæмæ ес абони цардæгас хуарз аййевадон литературæ, етæ Блашка, Геуæрги, Созур, Тазе æма Хъазбегти Хъазбеги фæсте адтæнцæ нæ нуриккон литератури авдæнауозгутæ. Уони фæсте ци фæлтæр фæззиндтæй, етæ ба сæ устур искурдиадæй нимбарзтонцæ не ’взаги нихмæдзоргути: Скъодтати Эльбрус, Къибирти Амурхан, Бабочити Руслан, Хохойти Энвер æма иннетæ. Уонæй еунæгей дæр нæ зонун æма æ рæстæги Хидири-фурт цæстуарзон агъаз кæмæн нæ бакодта, æ курухондзийнадæй кæмæн нæ бахай кодта.
Сæрмагонд дзубандий аккаг æй Ехйайæн æ граждайнаг цæстингас царди фæззелæнтæмæ. Автор дигорон æвзагбæл ке финста, уой ин кæд беретæ æ цæстæмæ дардтонцæ, æ нæдтæ ин лух кодтонцæ, уæддæр сæмæ некæми æма некæд кастæй хæрани цæстæй. Уомæн æвдесæн æ уадзевзитæ:
Ес ин Мæскуйæй, Гурдзийæй
Æнхус кæнунмæ устур зеу.
Уобæл мæлæн нæ фурцийнæй
Иристон ке ’суодзæй еу.
«Фæндаг»
Трансками над байгон кæнунæн уотид æ кой ма, æвæдзи, цудæй уæлдæрлæууæг хецауади къæбинетти, бæрæг дæр нæма адтæй, гъуддаг исирæздзæнæй æви нæ, е. Ехйа ба уæд ниффинста æ аци уадзевзи. Е дæр дзорæг æй, поэт цæйбæрцæбæл идардмæуинагæ адтæй, уобæл. Поэти гъудитæн арæнтæ некæд фæууй, арæнтæ гъæуама ма уа Иристони дууæ къабазей медастæу дæр.
Иссæребарæ ’й Фæскавказ,
Не ’фхуæрд Хонсар Иристон!
Не ’ннæ Иристон Цæгатварс
Æй республикæ ’хсицгон.
Нуртæккæ «тугъди сувæллæнттæ» ке хонунцæ, еци фæлтæрмæ хаудтæй Хидири-фурт дæр. Тугъд сæ æрæййафта сæ тæккæ ирæзуни рæстæг. Уомæ гæсгæ ба еци уæззау бонти хуæрз æстæнтæй уæлдай сабийдоги амондадæ неке бавзурста поэти æмдогонтæй. Æ къохмæ къæпе райсунгъон кадæриддæр адтæй, етæ сæ еугурдæр кустонцæ еумæйаг хæдзаради.
Нæ фæййеуварс кодта тугъд Хидирти бийнонтæбæл дæр. Сувæллон зæрдæбæлдарагæ ’й, зæгъгæ, фæззæгъунцæ. Æ зæрдæбæл хуарз бадардта Ехйа дæр сæ гъæуи цæргути фудæбæнттæ, æ фурт кенæ æ цардæмбал тугъди фæммард æй, зæгъгæ, хабар кæмæ исигъусидæ, еци седзæргæс уоститæ æма мадтæлти зæрдæскъунæн гъарæнгæ.
«ТУГЪДИ НÆ БАСАСТÆЙ Æ НИФС, ФАЛ НУР БА КУ БАЦÆЙ, КУ МÆРДАУ…»
Гъæуи уæлмæрдти ревæд циртити нимæдзæ æнæуагæ берæ. Фæстæдæр Ехйа уой туххæй уотæ финста:
Не ’нккæтей мадæ ’й нæ Зæнхæ,
Ирæзæн мах æ гъæбеси.
Тугъд ку ’рхæссуй нин фудæнхæ,
Æнкъусуй уæд зинтæ ’фсесæй.
Æ фуртти мæрдтæ æ рони
Æ сау сасугæй бамбæрзуй.
Ке фæммард æнцæ ’нагъомæй.
Тугъди цæфтæй, уомæй гъæрзуй.
«Нæ туруса сæребарæ»
Зæрдæ æхе къолтæбæл ниххуайуй, уадзевзи «Цæф салдат» кæсгæй. Лæхъуæн хуæрзæригонæй рандæ ’й тугъдмæ, æ хæдзари ба æ мадæ æвæгæсæгæй байзадæй. Тугъдæн æ райдайæнæй ба æ фæуунмæ фæццудæй уой æнæнади нæдтæбæл. Нур цæфæй исæздахтæй æ райгурæн уæзæгмæ. Бæргæ имæ радогъ кодтонцæ синхбæстæ, хеуонтæ, бæргæ сæ хъуритæ кæнуй, фал цæстингасæй ба агоруй, тугъди будури уогæй ин нифси цæгиндзæ ка адтæй, æ еци исхæссæг мади. Фал…
Еунæгæй ниууагъта æй дзиназгæ
Æ фæсте, тугъдмæ цæугæй, неугæй.
Ма кæнæд ин нур ба нæфæразгæ,
Ку нæ уайуй сæ размæ кеугæй.
Фал имæ никкудтæй синхон уосæ:
«Нæй дæ мадæ нæбал цæунгъон,
Дæу хезгæй, байзадæнцæ æносмæ
Æ цæститæ е ’сцохи игон…»
Цæветтонгæ ’ма йбæл топп февастæй,
Нецибал балæдæрдтæй уоййау.
Тугъди æ нифс нæ басастæй,
Фал нур ба ку бацæй, ку, мæрдау…
«Цæф салдат»
Ехйа ци сорæттæ исаразуй, етæ ’нцæ цæстуингæ, комкоммæ цума бæлвурд адæймагмæ фæххаунцæ, уотæ. Æнæ уой ба уæхæн цæф, сахъат æфсæддонтæ еу æма дууæ тугъдæй исæздæхгæй, сæ ниййергути ку нæбал исæййафтонцæ. Еу æма дууæ седзæргæс мади нæ бахъæрæу æнцæ се ’дзард бæлццæнттæмæ иссæунмæ æнгъæлмæ кæсгæй. Беретæ… Хъæбæр беретæ!.. Фал æгæрон уæззаудзийнадæ аййевади фæрци бавдесуни ихæс æхемæ райсгæй, Ехйай бон ба бацæй еумæйаг сорæттæй хецæн фæлгонцтæ уотæ исаразун, æма сæ ка бакæса, уонæй, уæлдайдæр ба тугъдонтæй алкæмæн дæр æхе ниййерæг мадæ æ цæститæбæл рауайдзæнæй.
Ехйай граждайнаг лирики архайгутæ дæр æнцæ цæрæццаг: «Нæй æнадæ мæ зин цард», – зæгъуй автор. Зиндзийнæдтæ ба еу æма дууæ хатти не ’слæууидæ Ехйай размæ. Куд исфæлдистадон косæг, уотæ Ехйа поэти ном фæххаста кæдзосæй æма сæрбæрзондæй. Некæд исфæлхæттæй æ маддæлон æвзагбæл, æ цæрайæй цардæй, тох кодта еудадзугдæр æ кæдзосдзийнадæбæл.
Ехйа уодæй куд рæсогзæрдæ адтæй, уотæ кæдзос сауæдони хузæн æнцæ, уарзондзийнадæбæл æ финст уадзевзитæ дæр. Раст ку зæгъæн, уæд нимæдзæй уотæ берæ дæр нæ ’нцæ, фал æ фæсте ци цалдæр æмдзæвги байзадæй, етæ ба ’нцæ æцæг лирикон æнтæстдзийнадæ. Уарзтбæл ку рацæуй дзубанди, уæд адæймаги зæрдæ цидæр æнахур рохс ниууй, фæййирддæр уй æ алфамбулай æрдзæ дæр. Адæймаг уæди уæнгæ æстæфгæ дæр ке некæд кодта, сауæнгæ ма имæ етæ дæр тæмæнкалæг фæрдгутæй зиннун райдайунцæ. Поэти лирикон бæгъатæр æй хуæдæфсæрмæ, хебæлхуæцгæ, æ бон нæй фидтæлтиккон æгъдауи сæрти рахезун, уомæ гæсгæ ба айдагъ кизгæн нæ, фал ма сауæнгæ æхецæн дæр е ’нкъарæнтæ исæргом кæнунæй дæр тæрсгæ кæнуй. Æ уæздандзийнадæ ’й нæ уадзуй æ монцти сæрти рахезун. Уобæл æй поэти гъенцъун, æ катай.
Мæ зæрдæ ма æй уацари,
Дудзи хорау æй ме ’рхун.
Фал ку не ’фтуйуй мæ арми
Мæ зæрди ’нæфт исзæгъун.
…………………………………..
Æй мæ зæрдæ хоргун сæрдæ,
Нæ си нирхотуг æй уарзт.
Æхуæдæг æрмæст мæ зæрдæ
Басугъдæй уарзтæй тухуаст.
Уарзон кизги цæнгтæ поэтмæ кæсунцæ донæхсинцъи тасæг къалеутау. Арæхсуй, берæ ке уарзуй, æ зæрдæ кæмæ æхсайуй, уой сорæт æрдзи алæмæттаг рæсугъддзийнæдти хæццæ исбæттун.
«УОСГОРАУ ÆЗ БА БИЛГОНИ СÆ ФÆУУИНДМÆ ФÆТТАЙУН…»
Уотæ цардæгас æнцæ Ехйай исфæлдистади æрдзæн æхе нивтæ дæр. Уод бауадзуй æррæстæ цæнддори, æрдзæ æма уарзт кæми исæмидолæ унцæ, уоми дуйне дзæгæрæг фестуй. Ехйайæн æ медесгундæр æмдзæвгитæй еу æй «Донгони».
Махмæ кизгæн, дан, донгони
Ходуйнаг æй æртайун.
Уосгорау æз ба билгони
Сæ фæууиндмæ фæттайун.
………………………………………..
Нæ донгон син æ гъæбеси
Ходуйнагæй нæ тæрсуй.
Сæхе ’вдолгæй, гъар æзменси,
Сæ цæнгтæй хор кæсуй.
Ци ’хцæуæн син æй дони ’мбæлдæ!
Фур цийнæй сæ къуар мæлуй.
Сæ ниххудти сæ гури ’змæлд
Мæ зæрдæбæл æмбæлуй.
Æгъзалуй син цæстисугтæ
Донæхсинцъæ ба цума.
Нæ донгонæн, о кизгуттæ,
Басæттетæ æ къума.
Хуарз ма гъуди кæнун, дигорон финсгутæн Дигорай райони газети редакций азгъунсти кæддæр ци æмбурд адтæй, уоми архайгутæй кадæртæ аци æмдзæвги нихмæ куд дзурдтонцæ, уой. Сауæнгæ ма ’й мухурæн аккаг дæр нæ кодтонцæ, æгæр æргомæй, дан, си дзубанди цæуй бæгънæг кизгутти туххæй. Сауæнгæ ма ин редакций косгутæй кадæр ба ма уайдзæф дæр бакодта: «Донгони æртайæг кизгуттæмæ сосæггай кæсунæй æндæр дин кустаг неци адтæй?..» Уæхæн уайдзæфти фæдбæл ци загъдæуа? Догæ уæхæн адтæй. Куд ма гъуди кæнун, уотемæй æй ниммухур кæнунæн аккагбæл дæр нæ банимадтонцæ. Æз ба ’й нимайун Ехйайæн æ устурдæр æнтæститæй еуебæл.
ЗÆРДÆЙ НИВВАРДТОН СИ МÆ УОД – АДÆМÆН ÆЙ КÆНУН НИВОНД…»
Хидирти Ехйа ма æй цалдæр поэми æма радзурдти автор дæр: «Æвеллон цау», «Мæ рохсаггаг ниййергутæ» æма æндæрти. Уони ’хсæн сæрмагонд бунат ахæссуй æ кадæнгæ «Есе». Кадæнги сюжет æнцойнæ кæнуй адæмон таурæхъти бундорбæл. Нæуæг нæй æ темæ, фал имæ автор уойбæрцæ фæззелæнтæ бахаста æма ’й нимайун æнгъезуй æ оригиналон уадзимисбæл. Оригиналон-автобиографион темæбæл финст æй, мæнæ раздæр ке кой искодтон, æ еци поэмæ «Мæ рохсаггаг ниййергутæ» дæр. Аци уадзимис ка бакæса, уой Ехйай бийнонти, уæдта æхе биографи агорун нæбал багъæудзæнæй, уотæ листæг æрлæудтæй æ фæлхæни ирисхъæбæл, сæ берæ мæгурбæнттæбæл.
…Ехйа æхуæдæг нæбал æй, фал ма не ’хсæн ба цæрунцæ, уомæн æ рохс ном не ’носи имисуйнаг кæмæй æй, æ поэтикон цард ба ин даргъдæр ка кæнуй, æ еци рæнгъитæ. Е ’мдзæвгитæй еуеми æхуæдæг ку финста:
Æй уомæ гæсгæ ба мæ зар
Кæми хор бон, кæми мæйдар –
зæрдæй ниввардтон си мæ уод –
Адæмæн æй кæнун нивонд…
КОЛИТИ Витали, Уæрæсей финсгути Цæдеси иуонг