14 ноября 2024

ХУÆНХТИ МИНÆВÆРТТÆ

02.11.2024 | 13:57

ХЕЦÆН СКЪУДДЗÆГТÆ РОМАНИ ДУККАГ КИУНУГÆ «ГÆДЗÆ»-ЙÆЙ.

Габо æхенимæр исдзурдта: «Дæ цъух – мудикъос, раст си муд цумæ…»

– Цæмæй фæррæдудæй, уой дин загътон. Еу цъæрна ба хорбæл дæр ма ку разиндзæнæй…

Фиди нифсхастдзийнадæ ’й еуемæй цийнæйдзаг кодта, иннемæй таси æфтудта, уомæн æма нæ зудта, Гагудз имæ ци цæстæй ракæсдзæнæй, уой. Захъайæгтæн Хъесати хестæр æнæсеккагæй фастихадзи адтæй, æ дзубандибæл ин дууæ нæ зæгъдзæнæнцæ.

– Дæ зæрдæбæл дарæ, мæ фурт, адæймаг зæнхæбæл нæ рацæудзæнæй, æ фæсте уæддæр ести фæд нæ ниууадзгæй…

Габо нур ма нур æрлæдæрдтæй, æ фиди дзубандий хатт – раст цума ин идард балций размæ фæдзæхсгæ кодта.

– Гагудз ин æгæр карз тæрхон рахаста. Æ барæ æхе. Кæстæрти неци барæ ес тæрхæнттæ хæссунмæ. Мах ба ин гъæуама аккаг аргъ искæнæн. «Æгæр уæззау уаргъ райста æхемæ мæ фидæ, – расагъæс кодта Габо. – Цæмæй æцæгдзийнадæ исбæлвурд кæнай, уомæн берæ зунд гъæуй».

– Нæ синхон дæ кæд гъæуама исамондгун кæна?

Ку нæ ’й бафарстайдæ, уæд хуæздæр адтайдæ: зæронд лæги цæсгон ратар æй.

– Айдагъ дæуæй нæ зæгъун. Нæ дууемæй дæр. Абони ку нæ, уæддæр исон аци хæдзари хестæри бунат дæумæ хауй.

Æностæмæ ку нæ цæрдзæнæн…

– Дæу бæсти знаг рамæлæд.

Еци загъдмæ ба фидæ бустæги æнаразий тилд бакодта æ сæр: мæлæт ма зæгъæд дæ зæрдæ знагæн дæр.

– Изæри Бæза ами куд уа, уотæ!..

… Дууæ изæрей астæу Дзеу Хангерийтæмæ фелвæстæй.

– Бæза – Гадæгкой иуазæг!

Цуппæркъахуг ниллæг фæйнæг къела æ къахæй æхемæ æрбанхуæрста æма ибæл æрбадтæй. Хæдзари хецау имæ æдзинæг никкастæй. Æхенимæри æй цалдæр хузи ралгъетуни фæсте æ бунатæй фестадæй æма дуармæ хæстæгдæр рацæугæй исдзурдта:

– Хæрæг æхе догъонбæл нимайун ку райдайа, уæд дуйней исæфт ралæууй.

Хангерийи дзубандитæ Дзеуи зæрдæбæл судзийни циргъæй рæхусти хузæн исæмбалдæнцæ. Хæстуолæфт кæнун федæдта, æ цæсгон рагъолæнттæ ’й. Хангерийæн афонæ бæргæ ’й æ цæстингас имæ раййевунæн. Уогæ нецима исаразта уæхæнæй, цæмæй цъамарæй цъамайрагдæри баууæндун кæна, кади аккаг ке æй, уой туххæй.

– Ци æртъæпæн дæ мæ хæдзари? Æви дæ арви буни цæун нæбал фæндуй? Мæ цæсти кæронæй дæр дæ куд нæбал фæууинон, уотæ!

Дзеу Хангерийи зудта æма бабæй си ке фæттарстæй, уомæй æхемæ кæд мæстгун кодта, уæддæр æ бунати бадгæ байзадæй, кæдимайди ба, æ маст ку ’ссæуа æма æ гъæртæ ку фæууонцæ, уæд æй фæрсун райдайдзæнæй. Бæза æма Гадæгкой туххæй хабæрттæ бæхи дæр æрхъан кодтайуонцæ, е ба æ дууæ къахебæл лæугæй байзадæй. Иннæ хатт ин Дзеу нæбал ниххатир кæндзæнæй, нур ба æхебæл ниххуæстæй.

– Цума дæ саугустгæнæг дæн, еци хузи мæмæ дзæгъæл дзорис…

Хæдзари хецауи билтæ æрбанцъулдтæ ’нцæ… Нурæй фæстæмæ Дзеу Хъесати хæццæ æхе æмсæр дард кæндзæнæй.

– Ескæд уой фæууидтай æма марæг æ тоггинти хæдзари хестæрæн бадтæй?

Дзеу Хангерийи цæстингасæн ниффæразта æма уомæй æхецæй фæббоз æй: «Нури хузæн мæ æ буни нæбал рансæнддзæнæй. Æз дæр мæ фидæн фуртæн райгурдтæн!..»

– Æргом дин ку зæгъон, уæд нæ сосæгдзийнадæ римæхсун мæ бон нæбал æй, – басастæй Хангерий.

Дзеуи уæхæн уавæри фиццаг хатт фæууидта æма си фæттарстæй: ку нæ ’й фæттæрсун кæнон, уæд никки æдзæсгондæр кæндзæнæй.

– Алли адæймагæн дæр æ сæр æ губунæй уæлдæр фæууй, дæуæн ба кæми римæхст æй, æма ин е ’нгулдзæй æ къæртмæ райамудта.

Хангериймæ сауæнгæ æ фидтæлтæ нимади дæр нæ ’нцæ. Сæ циртитæй син фæггириз кæнун бандеудзæнæй.

Хæдзари хецау æ цийнæ баримæхсун нæ бафæразта æма æ билти къумтæ базмалдæнцæ. Дзеуи æркъиаги тæф идардмæ фиййи цъæстæ арауй æма имæ неке кæсуй!.. Æхецæн къниази цитгиндзийнадæ домуй… Абони ин æ къох райсæ, æма дæ исон ба кафунбæл байефтиндздзæнæй.

– Уотæ ’й, мæ хор. Нихæси адæмæн ме ’нсувæри хабæрттæ цæмæннæ ракæнис? Ебайи куд рамардта… Мæ кой дæр ди ма феронх уæд. Цæмæ ма лæууис? Цæугæ!..

Дзеу инод кæнун федæдта, æ бон ма адтæй айдагъдæр игонгъæлæсæй уолæфун.

– Нур æй балæдæрдтæн, бундартæ рауадзунмæ дæр дæ нифс цæмæннæ хæссис, уомæн æма Хъесатæй æдас нæ дæ. Сæ тог ке есдзæнæнцæ, е дин дæ нифс сæттуй… Ебайи ду рамардтай! Ду! Мæн ба Бæзабæл ардауис. Де ’нæуинон адæймагæй мæ фæрци фæййервæзунмæ гъавис? – æвзедгæгæнæгау дзурдта Хангерий.

Дзеу æ армитъæпæнти ’хсæн æ сæр нилхъивта, уотемæй хæдзари исдууердæмæ ’й, уæдта æвваст æцæгæлон гъæлæсæй нигъгъæр кодта:

– Фагæ ’й!

Хангерий уотæ ку кæна, уæд ма никкидæр еу лæги тæрегъæди бацæудзæнæй. Æ тухæ сæттун райдæдта. Æ хъаурæ нæбал æй. Цæун гъæуй ардигæй. Бæзай хæццæ сæ кæрæдзей медæги дæр рауайæнтæ.

– Мæ синхони æнцад уадзæ. Аци сæудегер ма нæ багъæудзæнæй, – балæдæрдтæ мæ? Зунд амонунмæ фæцæй Хангерий. – Дæхе фæндæ ма тæрæ!.. Догъон бæхи саргъ хæрæгæн аккаг нæй. Бæза саугустгæнæг адтæй æма уомæй байзайдзæнæй.

Хангерийи билтæ рафæлорс æнцæ: Бæзайæн е ’фхуæрд нæ ниххатир кæндзæнæй. Куййи мард æй ракæндзæнæй, фал уой размæ бал æй æ цуппæртæбæл бурунбæл бафтаудзæнæй.

– Цæугæ, – хæдзари хецау ин дуармæ райамудта, æхуæдæг еуварс разилдæй.

Куддæр Дзеу фендæдуар æй, уотæ Хангерий, æ бунатæй фæггæпп кодта, цалинмæ æвзалутæ фунук нæ фестадæнцæ, уæдмæ сæ хуссун кæнун гъудæй. Уадзæ æма Дзеу Бæзамæ мæстæй содза. Æ фонс ин Хъизлармæ раскъæрæг ке нæййес, уой туххæй æй Бæзай хæццæ радзубанди кæнун гъæуй. Зундгин лæг зин уавæри дæр тæлаф-тулуфæй нæ архайуй, цæхгæрмæ дæр нæ ниллæууй. Цæмæйдæр ибæл зæран дæр æрцæудзæнæй, фал сау кусти сæргъи куд æрлæууа? Е ’знæгтæ загътайуонцæ: «Сæрустур Хангерийæй æхе хæдзари ихуæрст рауадæй, исон ба Бæзамæ бæхтæрæгæй бацæудзæнæй…» Цийфæндийæй дæр ниффæразун бал гъæуй. Уой фæсте ба? Дзеуæй испайда кæндзæнæн. Лæгъуз куййæй æ цæфтæ куд феронх унцæ, уотæ æ маст берæ нæ хæссуй. Ци ин зæгъай, уой бакæндзæнæй. Æцæг – фæстæдæр. Нур бал æй Гагудзи хæццæ еу гъудимæ ’рцæун гъæуй.

… Зæронд бадтæй иуазæгуати гъæди бæрзонд лухбæл. Ке зæгъун æй гъæуй, Хангерий некæмæ байгъосдзæнæй, фал уæддæр æгъдау уотæ амонуй: муггаги хестæри бафæрсæ.

– Гагудз!

Зæронд лæг æ бунатæй æзмæлгæ дæр нæ фæккодта. Уой размæ бон Хангерий Ебайи фурттæмæ æнæуагæ цъухæй исдзурдта æма имæ Гагудз æ мулк радех кæнунæй бавзиста, уомæн æма гъæуама алкедæр зона, Ебайи фурттæ æ байзæдтæгтæ ке ’нцæ, Хъесати муггаг идарддæр ка рахъæртун кæндзæнæй æма сæмæ гъæуама маке æууæнда.

Хангерийи бакасти адзалхæссæг хъаурæ куд адтайдæ, уæд, æвæдзи, уотæ бакодтайдæ æма Гагудзæй æрхотуг дæр нæбал байзадайдæ, фал æндæр гæнæн нæййес, бухсун гъæуй козбаугæнæгау хе æвдесун. Æндæра, Хуцау ма зæгъæд, фал муггаги хестæр ин æ зæрдихатти æцæгдзийнадæ ку балæдæрдтайдæ, уæд гъуддаг сæ хуæрзтæй нæ адтайдæ.

– Мæ зæрди дин нæуæг хабар радзорун ес.

Зæронд лæг сабургай æ къеуæ цæститæ байгон кодта. Хангерий ин æ гъоси гъæрæй бадзурдта?

– Раунаффæ кæнунмæ дæмæ ’рбацудтæн!

Зæронди цæститæ æрдæгцъундæ рацæнцæ: лæдæрдтæй æй,  æвæдзи, бабæй æ зæрди ести цъамардзийнадæ æрæфтудæй.

– Амæй хуæздæр рæстæг не ’ссирдтай?

Хуæрифурт æй æхенимæр ралгъиста: «Хуцау дæ мабал исуадзæд!.. Æ карæнтæ еугурæйдæр тъæпæн гъæуи сæ бунæттæ байагурдтонцæ, а ба сæ еугурей фæсте байзадæй…»

– Ци зæгъуйнаг дæ?

Хангерий арф ниууолæфгæй исдзурдта:

– Сторвонс, дан, Хъизлари хуарз аргъ есуй… Бæза сæ рауæйæ кæнунæй зæрдæ æвæруй.

Гагудз аразий тилд бакодта æ сæр. Аци хатт мæлæти æнцондзурд æй. Кæд мæ нæ фегъуста?

– Зæгъун…

– Хъесати мæсуг ци дортæбæл лæууй, уони ма ниууæйæ кæнæ, – æ цийнæбæл ин ех дон бакалдта Гагудз.

Ебайи рæстæги дæр еци кируæтти нихмæ адтæй. Нæ фидтæлтæ дæр, дан, æнæ еци армукъайæй цардæнцæ æма, дан, кæд махæн дæр неци уидæ. Хъизларæй, хелагæ бетъинайæй куд тарстæй, уотæ æстъæлфуй. Ирон адæм, дан, лæгъуз æгъдæуттæбæл фæццалх уодзæнæнцæ, нæхе хуарз æгъдæуттæ ба, дан, иронхи байзайдзæнæнцæ.

– Куд дæ балæдæрдтæн, уотемæй мæ бустæги æдули æнгъæл дæ!

Идарддæри дзубанди дзæгъæли адтæй.

Цæмæн уотæ зæгъис? – фиццаг хатт æ медбилти бахудтæй зæронд. – Нартæ сæ лæгъузти рамарунмæ ку рагъавтонцæ, уæд, дан, тæккæ фиццаг æ кард циргъ кæнунмæ февналдта сæ тæккæ сæргъæндæр.

Æ лæдзæгæй зæнхæ ’рцавта.

– Æма куд бакæндзæнæ?

Фæрсгæ бæргæ бакодта, фал дзуапмæ ба æнгъæлмæ нæ бакастæй, уотемæй фæрраст æй гъæунгæмæ.

Еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте нихæси æ зонгæ бунати бадтæй уорзакъæгин хестæрти хæццæ.

Хор хуæнхти фæсте рафтудæй. Дзæвгарæ фæссатæгдæр æй.

– Гæбиц кæд рамардæй, уой ма уи еске гъуди кæнуй? – бафарста Гагудз æма æ алливæрстæмæ ракастæй.

Захъайæгтæ хестæри ном райгъосгæй сæ бунæтти базмалдæнцæ: «Ци мæрдти æй, еци мæрдти хуарзæнхæ ’й уæд!..»

Исистун равзурстонцæ Гадæгко æма Сафарбий дæр. Æрдæггубурæй етæ загътонцæ еци загъд æма фæстæмæ сæ бунæтти ’рбадтæнцæ. Сæ цæсгæнттæбæл фæззиндтæй сагъæси фæд: хестæр еци саударæн бон æхуæдæг дæр ма хуарз ку гъуди кæнуй, уæд ма сæ цæмæн фæрсуй?

– Фарæ уалдзæги нæ фустæ æлвид ку фæцан, уæд нæмæ дууæ изæрей астæу гъæргæнæг нихæсмæ фæззиндтæй, – сабургай исдзурдта Гадæгко.

Æ цæстингас цæмæдæр гæсгæ Агудзбæл æрæнцадæй. Цидæр æцæгæлон имæ фæккастæй, æхемæ игъосунбæл ке фæцæй, уæхæн. Æвваст си æ цæстингас ратудта æма Сафарбийи хæццæ фендзаст уогæй æ сæрæй зæронд лæгмæ райамудта.

– Æ ном ин фæстагæнттæ дæр æримисдзæнæнцæ, – æ дзубанди фæцæй Гадæгко.

Сафарбий ке неци дзурдта, уомæй бæрæг адтæй æ гъуди: «Дæ дзубандитæй еу дæр гæлдзуйнаг нæй…»

Гадæгко æхенимæр расагъæс кодта: Гагудз Гæбици цæмæн æримистайдæ? Кæд, миййаг, е ’рдхуарди надбæл цæун æ зæрди æрæфтудæй? Раги ма ин æй. Тъæпæн гъæуæй ами æхсицгондæрæй гъæуй. Дуккаг уæхæн хестæр гъæуи тагъд рæстæгути нæбал уодзæнæй.

– Уæдæй нурмæ дзæвгарæ рæстæгутæ рацудæй, – исдзурдта Гагудз.

Æ кæстæртæй алкедæр æ бунати æрæвардта, æ фæсте хестæрæн ке ниууадздзæнæй, е дæр ин бæрæггонд адтæй, фал уæддæр дæлæмæ нæ тагъд кодта.

ЦÆГОЛТИ Василий