14 ноября 2024

ЗÆРДТАГОНÆЙ БÆЛДТÆЙ АДÆМТИ ÆХСÆН ÆНСУВÆРДЗИЙНАДÆМÆ…

02.11.2024 | 14:00

ХÆЛАРДЗИЙНАДИ ЕУÆЙ-ЕУ МОТИВТÆ КЪОСТАЙ ИСФÆЛДИСТАДИ

Коста среди горцев». Картина Батыра КАЛМАНОВА.

Абони, Уæрæсей зингæдæр паддзахадон бæрæгбæнттæй еуей – адæмон еу-дзийнади Бони – хуæдразмæ Хетæгкати Къостай исфæлдистади туххæй æрмæг ке мухур кæнæн, уомæн ес ахсгиаг дууæ рæуаги: еуемæй, хуæрзæрæги, 15 октябри æ райгурдбæл исæнхæст æй фондз æма астинсæй анзи (1859-1906), иннемæй ба, æ исфæлдистади уæлдай зингæ бунат ахæстонцæ адæмти ’хсæн хæлардзийнади æма еузæрдиуондзийнади туххæй сагъæстæ. Къоста æ исфæлдистадæй дæр, æ цардиуагæй дæр, æма е ’хсæнадон архайдæй дæр адтæй еугур адæмихæттити ’хсæн дæр еудзийнадæбæл æ доги тæккæ разæнгарддæр тохгæнгутæй еу. Е хъæбæр бæлдтæй, цæмæй дзиллитæн, кæцифæнди адæмихæттитæй кенæ кæцифæнди динбæл хуæст уогæй, сæ цардарæзти син сæйрагдæр куд кæрæдземæн æнсувæреуæг кæнун æма æмзунд-æмвæндæй сæхецæн райдзаст исонибон аразун.

 

Хетæгкати Къоста 1893-1897 æнзти цардæй Стъараполи æма куста газет «Северный Кавказ»-и. Аци газет мухургонд цудæй æ официалон редактор Д. Евсееви номæй, фал архивон гæгъæдитæ æма ахургæндти æртасæн куститæ куд амонунцæ, уотемæй е ’цæг редактор, æ сæргълæууæг, æ идейон æздæхт æма политикон цæсгон аразæг ба адтæй Къоста.

Æма ин цæйбæрцæбæл æнтæстгинæй разамунд лæвардта, уомæн ба æвдесæн æй е, æма си ци уадзимистæ æма фельетонтæ мухургонд цудæй, етæ дзиллæн уæлдай цæмæдесаг адтæнцæ, уони фæрци, зæгъун æнгъезуй, стъараполаг газет æ рæстæги нимад адтæй Кавкази мухури фæрæзнитæн сæ хуæздæртæй еуебæл.

«Северный Кавказ», – финста газет «Казбек», – принадлежит к числу одной из корректных кавказских газет, являя собой образец честности, беспристрастия в суждениях о событиях дня и освещении фактов провинциальной жизни».

Нæудæсæймаг æноси фæстаг дæс анзи, Къоста профессионалон журналисти куст ку кодта, еци рæстæг Цæгат Кавкази хуæнхаг адæмти цард, се ’хсæнадон-политикон гъуди хæмбохъула кодта уалдзигон ивулд дони хузæн.

Уæрæсей историй еци æноси 90-аг æнзтæ адтæнцæ фæллойнæгæнæг дзиллити уæди паддзахадон цардарæзти цагъардзийнадæй иссæребарæ уни сæрбæлтау змæлди рæстæг. Цæгат Кавкази адæмти цардиуагæ ба адтæй никки æдзæллагдæр, куд фæззæгъунцæ, бон – тузмæг, æма исонибон – æбæрæг. Уæди  уæхæн уавæртæбæл дзоргæй, лæдæрун гъæуй уой, æма, еуемæй,  уæдмæ капиталистон рахастдзийнæдтæ рауагътонцæ арф уедæгтæ æма æрфедар æнцæ Цæгат Кавкази дæр, иннемæй ба, хуæнхаг адæмтæн фæззиндтæй хе интеллигенци æма сæ национ хелæдæрундзийнадæ исуагъта цардгъон æвзарæ.

90-аг æнзтæмæ Уæрæсей æма фæсарæйнаг капиталисттæ 90-аг æнзтæмæ сæхердигæй фæккодтонцæ æма дехгонд фæцæнцæ хуæнхти аллихузон згъæртæ æма минералтæй гъæздуг зæнхи хæйттæ. Экономикон æгъдауæй дæр Кавказ «саст» æрцудæй æма хуæнхæгти фæстаг нифситæ æма бæлдитæ фунти хузæн фæццидæр æнцæ.

Уæрæсей минкъий адæмти æбарæдзийнади туххæй фæллойнæгæнгути фæтæг В.И. Ленин финста: «Национальный гнет по отношению к последним, неслыханный по своей жесткости и нелепости, скапливал в неполноправных народностях сильнейшую ненависть к монархам. Нечего удивляться, что эта ненависть к тем, которые запрещали даже употребление родного языка и обрекали на безграмотность массы народа, переносилась и на всех великороссов».

Æма уæхæн карз уавæрти хуæнхæгти маст кæцирдæмæ ниццæлхъ кодтайдæ, уомæн устур ахедундзийнадæ адтæй. Къостай хузæн æмтог-æмхæстæг ахургонд æма фæууинæг лæгтæй берæ аразгæ адтæй: сæ зунд, сæ унаффæмæ син игъустонцæ се ’мбæстæгтæ, æууæндтæнцæ сæбæл.

Къоста æма е ’мзæрдиуонтæ уæхæн уæззау æма бæрнон рæстæг цубурзунд надбæл не ’рлæудтæнцæ, сæ архайд идæрдтæбæл райвулдæй. «Ци уодзæнæй нæ исонибон, нæ фæстаг?..» – уобæл адтæй сæ сагъæс. Се ’хсæнадон-политикон æма исфæлдистадон кустæн адтæй еу, фал ахсгиаг нисан – Уæрæсей еугур адæмихæттити ’хсæн æмæууæнкæ, кæрæдзей лæдæрундзийнадæ æма нимайундзийнадæ, æнсувæрдзийнадæ исфедар кæнун, цæмæй æмдух-æмзундæй æнæуинон хуæдхуæцæгади бундор исæскъунонцæ æма фæллойнæгæнгутæ амондгун, сæребарæ цардвæндагмæ рахезонцæ.

Къостай поэтикон æма публицистон исфæлдистади уомæн уотæ уæлдай бæрæг зиннунцæ дууæ сæйраг теми: еуемæй, Кавкази Уæрæсей хæццæ байеуи историон ахедундзийнадæн бæрзонд аргъ кæнун, иннемæй ба, æндиудæй еугæндзон тох исаразун паддзахи хецауади шовинистон, колонизаторон политики нихмæ.

Къоста бæрзонд хаста уруссаг революцион-демократти идейон туруса. Е ’мдзæвгити, æ публицистон уацти е лæдæрун кодта хуæнхаг адæмтæн: кæд паддзахи æфсойни  буни гъезмæрттæ кæнунцæ, карз æфхуæрдтитæ æййафунцæ, уæддæр Кавкази байеу Уæрæсей хæццæ объективон историон цæстингасæй арфиаг гъуддаг адтæй, рохс æма бæлдтаг исонибонмæ син байгон кодта урух над.

Уæрæсей хæццæ байеуи фæсте хуæнхæгтæн сæ цардиуаги, айдагъдæр фæззиндтæнцæ еуцæйбæрцæдæр нæуæгдзийнæдтæ дæр, зæгъæн, еуварсгонд цæун райдæдтонцæ, уæди уавæртæмæ гæсгæ син размæцудæн хъорæй уæлдай æгириддæр ка неци пайда адтæй, уæхæн патриархалон фæткитæ æма æгъдæуттæ. Фæззиндтæнцæ гæнæнтæ æма амæлттæ историон æгъдауæй нæуæг, хуæздæр социалон-экономикон æма æхсæнадон-политикон рахастдзийнæдтæн.

«В течение последнего полустолетия, – финста Къоста 1893 анзи, – русское влияние так изменило самобытность туземцев, и, в частности, осетин, что последние словом «особа» стали характеризовать явление отсталое, не соответствующее современным требованиям жизни».

Æ финстæгутæ æма уадзимисти Къоста ахид баханхæ кæнидæ, ирон адæм Уæрæсей хæццæ барвæндонæй ке байеу æнцæ, уой, уæдта ма уой дæр, æма знаги цæстингас ке некæд дардтонцæ урусмæ. Уой фæдбæл 1897 анзи Къоста аразийæй финста: «Громадное большинство населения Кабарды, Осетии, Чечни и Кумыкской плоскости настроено на совершенно тихий и мирный лад гражданской жизни».

(Редакцийæй. Иристон Уæрæсей хæццæ байеу унбæл аци анз исæнхæст æй 250 анзи. Æма уой фæдбæл нæ газети берæ номерти мухургонд æрцудæй аллихузон æрмæгутæ. Зæгъæн, еци цауи фæдбæл финст аййевадон уадзимистæн сæ зингæдæр – Цæголти Василийи игъустгонд роман «Хуæнхти минæвæрттæ»-й хецæн хæйттæ. Еума хай ба мухур кæнæн абони дæр – 7-аг фарсбæл).

Уæхæн гъуди дæр имæ ес, гъома, Шамили басасти æма Хорнигулæн Кавкази тугъд фæууни фæсте æнзти, дан, хуæнхаг адæмтæн сæ цард аразунæн фæззиндтæй хуæздæр фадуæттæ æма сæ къохи æфтуйун байдæдта агъазиаудæр социалон-экономикон æнтæстдзийнæдтæ. Кавкази тугъди цаутæбæл финст æй æ кадæнгæ «Кæуæг айнæг». Ами поэт æргомæй зæгъуй: хуæнхаг адæмти Уæрæсей хæццæ байеу – барвæндонæй уа, тухæй уа – уæддæр хуæздæрæрдæмæ фæззиндзæнæй сæ цардбæл. Фиццагидæр еци гъуди бæлвурдæй зиннуй, Къоста хуæнхæгти «недзаманти уæгъдебарæ цард» ке не ’стауй, фал ин е ’цæгдзийнадæ ирд æма реалистон хуарæнтæй ке æвдесуй, уомæй.

Кадæнги архайд цæуй «давно, давно, когда суровый Кавказ во мраке утопал». Айдагъ аци рæнгъитæ дæр бæлвурдæй æвдесунцæ автори цæстингас фидтæлтиккон «сæребарæ догæмæ». Къоста си уоййасæбæл неци уинуй уæхæнæй, хуæнхæгтæ минкъийæй-устурæй сæ уод, сæ цард цæбæл æрæвардтайуонцæ топпи цъухмæ, уæхæн хуарздзийнæдтæй. Уогæ, романтикон хузи æй уæлиау кæнгæй, æнæсайгæй æвдесуй нæ фидтæлти фудæнхæ, аллихузон гъезæмарæдзийнæдтæй æ тæккæ идзаг уæззау цард. Сæрустур æй сæ лæгдзийнадæ æма нифсæй, се ’фсармæ æма келбетæй, фал уæддæр фæсмон нæ кæнуй, «Особа»-й рæстæг ке евгъуйуй æма имæ раздæхæн ке нæбал ес, уобæл, уомæн æма уæд

«…судьбу людей решали

Порыв, каприз и произвол,

Когда для слез, для мук, печали

Гораздо больше было зол;

Когда для варварской забавы,

Людская кровь лилась рекой…»

Этнографион очерк «Особа»-йи дæр Къоста ирон адæми социалон-политикон уавæр Уæрæсей хæццæ байеуи размæ æвдесуй «змæнст», «тухгин муггæгти азар æма тухмиути» дзаманæй. Адæймаг, дан, æ сæр баримæхсуни зæрдтæй æдзæрæг, зиндони бунатмæ лигъдæй, уомæн æма «хонхи цъасæ дуйнейæй еуварс ке адтæй æма æ бацæуæнтæ æхгæд ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ бæллеццаг адтæй».

Раздæри царди уæхæн социалон характеристикæ хуæнхæгти гъуди аразта раст надбæл, æууæндун сæ кодта: паддзахи æфсойни буни гъезæмæрттæ æма уæхеритæ кæд кæнунцæ, уæддæр уруси хæццæ æнгомдзийнадæ дæттуй нифс æма амæлттæ федæни нæуæг, хуæздæр цардиуагæмæ рахезунæн.

ЦÆЛЛАГТИ Владимир (1939-2009), Хетæгкати Къостай номбæл Паддзахадон премий лауреат

Уодзæнæй ма.