«ДЕДЕНÆГ ДÆР Æ БОНИ АЛЛИХУЗОН ÆРТТЕВУЙ…»
Нæ номдзуд поэт Мамсурати Темирболат е ’мдзæвгитæй еуеми уотæ финста: «Дидинæг дæр йæ боны алыхуызон æрттивы…» Æма уотæ нæй адæймаги цардвæндаг, æ ирисхъæ?.. Уой нæ адæм недзамантæй ба абони уæнгæ дæр æхебæл нæ бавзурста æма нерæнгæ дæр ма æвзаруй? Уогæ нуриккон хабæртти кой нæ кæндзинан, уомæн æма нæ дзубанди æндæр цаути фæдбæл уодзæнæй…
Куд æнгъæлæн, уотемæй уин зудгонд уодзæнæй, нæудæсæймаг æноси бæрæгастæу æнзти не ’мзæнхонтæ къуæрттæ-къуæрттæй сæ цардиуаги уавæртæ фæххузæнондæр кæнуни зæрдтæй цæун байдæдтонцæ Туркмæ. Уæди рæстæгути æвдесæнтæмæ гæсгæ, фиццаг уолæн адтæй Кавказаг тугъди фæсте. Уæд ранæхстæр æнцæ не ’мзæнхонтæй пусулмон динбæл хуæст ка адтæй, еци адæм. Худтонцæ сæ мухаджиртæ. Бæрцæй берæ нæ адтæнцæ. Аци æзмæлди сæргъи лæудтæй Баделий бундар Абисалти Алимурза. Æ хæццæ Туркмæ рандæнцæ Абисалти, Туйгъанти, Хъубадти, Хъанухъти, Хъусати æма Козурти муггæгти минæвæрттæ. Аци муггæгтæ сæ хæццæ райстонцæ, ихуæрсти сæмæ ка адтæй, еци косгути дæр. Уони фæсте ба Туркмæ рафтудæнцæ не ’мзæнхонти иннæ къуæрттæ. Сæ бæрцæ ба адтæй дзæвгарæ фулдæр. Разамунд ба син лæвардта тагауйраг æлдар, уруссаг æфсади инæлар-майор Кундухти Муссæ. Уæд уой хæццæ сæ цæрæнбунат раййивтонцæ фондз мин бийнонти: Æлдаттатæ, Хъанухътæ, Кундухтæ, Мамсуратæ, Тхостæ, Дударатæ æма æндæртæ.
Кæд æма уæлдæр ранимад муггæгти минæвæрттæ сæ цæрæнбунат раййивтонцæ, сæ политикон цæстингаси туххæй, уæд фæстæдæр ба Туркмæ ци берæ адæм ниххæррæтт кодтонцæ, уонæн сæ еци фæндони рæуонæ цæхгæрмæ æндæр адтæй – цудæнцæ хуæздæр цардагор, сæ мæгур, се ’гудзæг цардиуаги уавæртæ фæррæвдзæдæр кæнуни туххæй.
Уогæ нæхстæр ба кодтонцæ зæрдхъурмæй, сæ фидиуæзæгæй сæ сæ къах нæ хаста. Уой фæдбæл мæнæ куд финста е ’мдзæвги Хъубадти Темурболат:
Туркмæ цæуæм, Туркмæ цæуæм,
Æнæбары цæуæм, лидзгæ кæнæм.
Размæ цæуæм, цæуæм, фæстæмæ кæсгæ.
Хæрзбон зæгъæм, райгуырæн хæхтæн,
Хæрзбон зæгъæн, райгуырæн бæстæн,
Фæстæмæ кæсгæ, фæстæмæ кæсгæ…
Хæрзбон, хæрзбон, нæ хæхтæ, нæ бæстæ
Ныккæут, нырризут, сымах нæ фæстæ.
Мах куы цæуæм, дард бæстæм.
Нал уæм æрцæудзыстæм, мах фæстæмæ.
Махæн нæ вагæттæ фараст сты,
Бесланы хъæуæй нын рараст сты…
Размæ цæуæм, фæстæмæ кæсгæй.
Нал уæ фендзыстæм, нал нæ фендзыстут…
Аци лæги, æнæбари хехес ка иссæй, уой гъенцъун балæдæрун æнгъезуй – æцæгæлон рауæни цийфæнди рæвдзæдæр уавæртæ дæр бустæги зæрдтагон нæ фæуунцæ. Фал син ци гæнæн адтæй… Сæ цардиуагæ сæ аразун гъудæй. Æма, кæд æцæгæлон бæсти хъæбæр берæ зиндзийнæдтæ син æвзаргæ рауадæй, уæддæр сæ кустуарзондзийнади, се ’гъдау æма ездондзийнади фæрци син е æнтæстæй, мадта сæхе бауарзун кодтонцæ бунæттон адæмæн дæр. Хецауадæ дæр сæмæ зулун цæстæй нæ ракастæй. Исаразтонцæ си цæрæнбунæттæ, кæцимити тумугъæй цардæнцæ. Фал син иннемæй ба сæ Райгурæн бæсти хæццæ бастдзийнадæ ке нæ адтæй, уой туххæй ба хъæбæр хъурдохæн кодтонцæ сæ медхурфи… Æма уæд си алке зæрдæ дæр ристæй Хъубадти Темурболати, «нал уæ фендзыстæм, нал нæ фендзыстут», зæгъгæ, гъенцъун загъдæй. Уæд си, ка ’й зонуй, æруагæс дæр нæ кодтайдæ, ралæудзæнæй уæхæн рæстæг, æма уин фидтæлти райгурæн зæнхæ, уæ ахил бабæрæг кæнуни равгитæ уодзæнæй, зæгъгæ, зæрдæвæрд. Æма æцæгæйдæр уæхæн рæстæгутæ ралæудтæнцæ. Уони, гъулæггагæн, хестæр фæлтæр нæбал æрæййафтонцæ, се ’носон дуйнемæ рандæнцæ рист зæрдитæй, æрхун кæнгæй…
Хуцауæй боз æма, дуйне уотæ æрзилдæй, æма сæ кæстæртæн фадуат фæцæй, æгæрон уарзтæй ци Иристон уарзтонцæ æма уарзунцæ, сæ еци фидтæлти зæнхæ бабæрæг кæнун, сæ хеуæнттæ æма хæстæгути хæццæ базонгæ унæн, кæрæдзебæл бацийнæ кæнунæн. Æма еци гæнæнæй беретæ æвæстеуатæй пайда кæнунцæ. Зæгъæн, евгъуд æноси 80-аг æнзти Дзапарти Темурхъани бийнонтæ Чиколай гъæуи фембалдæнцæ сæ мадии ’рвадтæлтæ Баликъоти хæццæ. Уой туххæй зундгонд журналист, рохсаггаг Амилахуанти Хизир сæрмагондæй ци æрмæг бацæттæ кодта, уой уин уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан. (Газет «Ленинон» 1988 анзи, №143).
* * *
ЦИЙНÆ КÆНУНЦÆ ДЗАПАРТÆ
Паддзахадон арæнæн æ дууердигæй тоггинтæ нæ, фал хæстæг æнсувæртæ ку фæццæруй, æма син берæ æнзти кæрæдзей фæууинуни фадуат ку нæ фæууй, уæд уомæй зиндæр адæймагæн ци уодзæнæй? Уæхæн зиндзийнадæй берæ æнзти дæргъи рист адтæнцæ Дзапарти Темурхъани бийнонтæ. Берæ рæстæги Турки цæргæй, етæ имистонцæ Иристони син ка цардæй, сæ еци хеуæнтти, уæлдайдæр ба, сæ мади ’рвадтæлтæ – Баликъоти. Арви ферттивди хузæн сæмæ ефстагмæ Кавказæй байгъусидæ хабар сæ адгин хæстæгути туххæй, æма уæд еуцæйбæрцæдæр сæ зæрдитæн фенцондæр уидæ. Уотæ æгæрон æй фидтæлти зæнхæмæ бæллундзийнадæ.
Фæндуй мæ аци бийнонти ирисхъи туххæй лæмбунæгдæр радзорун. Темурхъан æхуæдæг дæр Турки райгурдæй. Уордæмæ нæудæсæймаг æноси æрбафтудæй æ фидæ Мæлтъис. Уомæн цард берæ зиндзийнæдтæ бавзарун кодта, фал сæбæл уæлахез кодта. Иссæй устур бийнонтæ, нийвулдæй æ ахил. Мæлтъис дæр æма Темурхъан дæр сæ фæстаг исуолæвди уæнгæ Кавказ фæууинунмæ хъæбæр фæббæлдтæнцæ, фал син еци фадуат нæбал фæцæй… Хуæздæр разиндтæй сæ кæстæрти амонд. Нур нæ паддзахæдти ’хсæн рахастдзийнæдтæ фæффæлмæндæр æнцæ. Федардæр кæнуй хæлардзийнадæ. Уой фæрци фадуат фæцæй Турки цæрæг ирæнттæ æма дигорæнттæн Иристонмæ сæ хæстæгутæ бабæрæг кæнунмæ цæунæн.
Темурхъанæн æ цæуæти хестæр Бобо æй (Уммæхан дæр æй хонунцæ), цæуй ибæл 75 анзи, е ами Иристони райгурдæй. Уомæн æ мадæ Сайлаонти кизгæ адтæй. Уой фæззиани фæсте Темурхъан æрхудта Баликъоти Цæцеуи хуæрæ Губати.
Фиццаг дуйнеуон тугъд райдайуни агъоммæ Темурхъан цæйдæрбæрцæдæр рацардæй Чиколай. Фæстæмæ Туркмæ ку нæхстæр кодта, уæд Бобобæл цудайдæ авд анзи. Надбæл дæр, æцæгæлон бæсти дæр, райдайæни ци берæ зинтæ бавзурстонцæ, етæ ин æ зæрди арф фæд ниууагътонцæ æма сæ, æвæдзи, иронх дæр некæд бауодзæнæй. Тæккæ хъæбæрдæр ба уобæл гъенцъун кодтонцæ, æма берæ æнзти дæргъи сæ адгин хæстæгутæй хецæн ке адтæнцæ.
Цард цудæй, æма син фарнæ хаста. Æрлæмбунæг æнцæ сæ нæуæг цæрæн рауæни Дзапартæ. Темурхъанæн бантæстæй æ кæстæрти тонхи рауадзун. Æ кизгæ Бобо иссæй турккаг киндзæ. Кæд æ зæрди берæ зинтæ ес, уæддæр абони нæй гъæстаг æ цардæй. Æ фурт Иссæ æй тæрхони лæг. Дæсни дарæс хуйæгбæл нимад æй æ кизгæ Нажмиат, иннæ кизгæ Навик косуй ахургæнæгæй райдайæн скъолай. Хъæбæр арфæ кæнуй Бобо æ киндзæ Салмайæй дæр. Е æй афтеки косæг. Кæд æ фидæ турккаг адтæй, уæддæр дзæбæх зонунцæ сæ мади æвзаг. Е æй, ирон-дигорон адæммæ хуæрззæрдæдзийнадæ ке дарунцæ, сæ мадæн аккаг аргъ ке кæнунцæ, уой æвдесæн. Сæ цæрæнбон берæ уæд уæхæн кæстæртæн!
Джамили хæццæ алли фембæлд дæр адæймаги зæрди бауадзуй цидæр дессаг æхцæуæндзийнадæ. Е æй бустæги хуæдæфсармæ, ездон адæймаг, кæдзосзæрди хецау. Е райгурдæй Стамбулмæ хæстæг гъæу Хъарси 1925 анзи. Уоми рарвиста е ’ригон бонтæ. Кæддæриддæр сагъæс кодта æ фидтæлти зæнхæ бабæрæг кæнунбæл æма нур цийнæ кæнуй, æ еци æносон бæлдæ ке исæнхæст æй, уобæл.
Кавкази цæрæг дигорæнттæ æма ирæнтти царди уавæрти туххæй Туркмæ раздæр аллихузон, фулдæр лæгъуз хабæрттæ игъусидæ. Нур Джамиль æма е ’мбæлттæ куд зæгъунцæ, уотемæй, нуриуæнгæ ци игъосиуонцæ, етæ мæнгæттæ ке адтæнцæ, е син бæлвурдæй рабæрæг æй: «Ами нæхе цæститæй фæууидтан, уæ цард æй рæсугъд, амондгун, еци æцæгдзийнадæ ке базудтон, уомæй игъæлдзæг æнцæ нæ зæрдитæ…»
Куд дæмæ кæсуй ами адæми рахаст, зæгъгæ, еци фарстайæн Джамиль равардта уæхæн дзуапп:
– Мах æй уотæ балæдæрдтан, æма не ’рбацуд еугуремæн дæр хъæбæр æхцæуæн æй. Еугурæй дæр нæмæ уотæ дзæбæх цæстæй кæсунцæ, æма нæбал фæззонун хæстæг æма æнæ хæстæг ка ’й, уой. Арфæ кæнæн уой туххæй еугуремæн дæр.
Джамиль берæ æнзти куста гъæууон хæдзаради, службæ кодта турккаг æфсади, уой фæсте ба адтæй фæсарæйнаг балцити, мухургæнæн машинттæ кæми аразунцæ, уæхæн заводи куста. Цубурæй æ бийнонти туххæй. Æ хестæр фурт Гази иссæй инженер, дуккаг – Назим косуй телевизион фабрики, уоми косуй æнсувæрти кæстæр Джаудат дæр. Кизгæ Салиха косуй сæхе хæдзари.
Джамилæн æхе хузæн хуæдæфсармæ ’й æ цардæмбал Сабиа дæр (Сæлбийти кизгæ). Е берæ бафæллойнæ кодта æ сувæллæнтти царди тонхи рауадзунбæл.
Темурхъанæн ма ес еу кизгæ – Джамиля. Уомæй дæр адæймаг хуарзæй уæлдай неци зæгъдзæнæй. Рагон дигорон хуæрзæгъдаудзийнадæ федар æй æ тоги. Æ цардæмбал турккаг æй, Кязим хуннуй, Сæмбегти хуæрифурт. Исгъомбæл кодтонцæ æртæ кизги.
Джамили кæстæр æнсувæр Джафар цæруй Стамбули. Æ бийнойнаг – Цæликкати кизгæ.
Кавказмæ ’рбацуди рæстæг ма Дзапартæбæл еу устур хуарздзийнадæ ’рцудæй – базудтонцæ се ’рвадтæлтæ Митцити. Етæ дæр раздæр Дзапартæй адтæнцæ, фал Митцитæй цæмæн иссæнцæ, уой базонæн ес, раздæр нæ газет «Ленинон»-и, уæдта «Рæстдзинад»-и кæддæр ци уац мухургонд æрцудæй Митцити Лалой зари фæдбæл, уомæй.
Газет «Рæстдзинад»-и Хъанухъти Ленæ ци устур уац ниффинста Туркмæ æ балций туххæй, уоми дзубанди цудæй Дзапарти Джамили туххæй дæр. Уой бакæсгæй, Митцити Кермен, Цæгат Иристони медицинон институти ахургæнæг, æнцойнæ нæбал зудта, гъудити ранигъулдæй, сæ хабар рагæй кæмæн игъуста, æ еци турккаг æрвадтæлти хæццæ ци хузи фембæла, уобæл. Фал, куд фæззæгъунцæ, ке кой кæнай, е къæсæри сæрмæ – мæнæ Дзапартæ сæхуæдтæ æрбафестæг æнцæ Иристонмæ. Е хъæбæр æхцæуæн адтæй Митцитæн. Хъазар иуазгутæн Кермен æ хæдзари ци фембæлд исаразта, уомæн гъæуй устур лæгдзийнадæ, æма е разиндтæй уомæ. Фембæлди сæ хъазар турккаг хæстæгутæбæл бацийнæ кодтонцæ муггаг ,хестæрæй-кæстæрæй сæмæ арфæ кæнунмæ цудæнцæ сæ синхонтæ, зонгитæ…
Фал уæддæр, æвæдзи, аци цийнæдзийнадæ ба арæзт æрцудæй хъæбæрдæр Цорити-Цæголти Сафарбийи кизгæ Зойи фæрци (адæм æй фулдæр Дзапа, зæгъгæ, номæй зудтонцæ). Уомæн Джамиль æ мади æммаддæлон æй.
Зойæ ку базудта Дзапарти хабар, уæд Туркмæ рарвиста хунди гæгъæди. Ниууагъта еугур гъуддæгутæ дæр æма е ’ргом раздахта æ хъазар иуазгутæмæ, рæвдауй сæ æ зæрди гъарæй. Уой туххæй Зойæй еугур Баликъотæ дæр æма иннæ хæстæгутæ дæр хъæбæр боз æнцæ. Æма куд нæ – уæхæн лæгдзийнадæ бавдесунæн устур хъаурæ гъæуй. Баликъоти муггаг, уæдта сæ иннæ хæстæгутæ сæ еугурдæр кади гъуддагбæл нимайунцæ сæ хæдзæртти цитгин иуазгути исбоц кæнун. Адæймагдзийнадæ æвдесæн æй е.
… Ардæмæ цæугæй Дзапартæн сæ над адтæй Батумибæл. Арæнбæл ку ’рфестæг æнцæ, уæд син уоми загътонцæ, Иристонæй уæмæ неке разиндтæй, зæгъгæ.
Джамиль æма е ’мбæлтти фæлластонцæ, фæсарæйнаг иуазгутæ ци туристон бази фæуунцæ, уордæмæ. Зойæ æма е ’мбал Тауасити Сарæ (Баликъоти Цæцеки кизгæ) хабармæ æнгъæлмæ кæсгæй, сæ зонгитæмæ бадтæнцæ Батумий. Уæдмæ сæмæ турбазæй хабар æрбайгъустæй: уæ иуазгутæ æрбахъæрттæнцæ, зæгъгæ. Зин балæдæрæн нæй, еци рæстæги дууæ силгоймаги ци уавæри адтæнцæ, е. Куд фæззæгъунцæ, зæ зæрдитæ уæлдай цæф кодтонцæ. Туристтæ кæми бадтæнцæ, еци залмæ, бакæсгæй Сарæ æ гъæлæсидзаг нигъгъæр кодта:
– Джамиль!
Лæг фæйнердæмæ ракæсæ-бакæсæ кæнун федæдта, дес кодта, мæн ка зонуй, зæгъгæ.
Мæ цæститæбæл гъазуй дууæ синхаг паддзахадей арæнбæл еци фембæлд куд адтæй, е. Хъуритæ, цийни цæстисугтæ…
… Мæйæй фулдæр Дзапартæ ами ’нцæ æма сæ хæстæгутæн се ’мбесбæл дæр хатт нæма фæцæнцæ. Се ’здæхуни рæстæг ба æрбахъæрттæй æма хъæбæр гъенцъун кæнунцæ. Фал, æвæдзи, дзæгъæли æй сæ гъенцъун – райдайæн ес, уодзæнæй ма син берæ æхсицгон фембæлдтитæ Иристони дæр æма Турки дæр. Уадзæ æма æнсувæртæ цæронцæ хæларæй. Æнсувæр берæ ка уарза, лимæндзийнадæн дæр е кæнуй устур аргъ.
* * *
Еци цийнаг фембæлдæй нуриуæнгæ берæ æнзтæ рацудæй. Гъулæггагæн, аци уаци хъайтартæй кадæртæ не ’хсæн нæбал æнцæ. Рохсаг уæнтæ…
Абони ба цард уотæ ’рзилдæй, æма Турки цæрæг æнсувæртæ æма хуæртæн никки хуæздæр фадуæттæ фæззиндтæй сæ Райгурæн бæстæ бабæрæг кæнунæн. Мадта Турки дæр сæ ахид бабæрæг кæнунцæ сæ хеуæнттæ. Се ’хсæн ес федар бастдзийнадæ. Уордæмæ ахид цæунцæ нæ республики минæвæрттæ, исфæлдистадон коллективтæ, исаразунцæ си аллихузон равдиститæ. Турки не ’мзæнхонти диаспорæ «Алан»-æн ес устур кадæ. Æ иуонгтæ ’нцæ инсæй мин адæймагемæй фулдæр. Диаспорæн разамунд дæттуй Хъусати Садреттин. Аци еугонди иуонгтæ ахид иссæунцæ иуазæгуати Цæгат Иристонмæ. Зæгъæн, аци анз нæ республикæ бабæрæг кæнгæй, сæ хъæппæресæй арæзт æрцудæнцæ зæрдæмæдзæугæ культурон-рохсадон мадзæлттæ. Сæ фулдæрей нисанеуæг ба адтæй нæ маддæлон æвзаг багъæуай кæнун æма æ идарддæри райрæзти фæдбæл. Зæгъæн, Цæгат Иристони нæ маддæлон æвзаги сæрбæлтау хъазауатонæй ка архайуй, уонæй устур къуарæн цитгин уавæри исаккаг кодтонцæ æхсæнадæ «Алани»-й сæрмагонд хуæрзеугутæ. (Уой фæдбæл арæзт цитгин мадзали ист къарæ мухур кæнæн дæлдæр). Цæмæдесагæн ба ма уой дæр зæгъун гъæуй, æма еугур рауæнти дæр нæ турккаг æнсувæртæ еугурæй дæр дзубанди кодтонцæ нæ маддæлон æвзагбæл. Уой уомæ гæсгæ баханхæ кодтан, æма еци æгъдау, æвæдзи, махæн, комкоммæ ами Цæгат Иристони ка цæруй, уонæн дæр æй бафæнзуни аккаг – æнæмæнгæ кæми фæгъгъæуй, уоми дæр фулдæрæй-фулдæр хæттити нæбал дзорæн нæ маддæлон æвзагбæл…
Нæ турккаг иуазгутæн нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой хæццæ син ци фембæлд адтæй, уоми син е зæрдиагæй райарфæ кодта, сæ фидтæлтиккон райгурæн бæстæй изол цæргæй, æновудæй ке архайунцæ, маддæлон æвзаг, фидтæлтиккон федауцæ æгъдæуттæ æма фæткитæ цæмæй цардгъон уонцæ, цæмæй уони уодварни гъомусдзийнади фæрци гъомбæл кæнонцæ ирæзгæ фæлтæртæ дæр.
Хъусати Садреттин дæр Сергей Меняйлойæн райарфæ кодта, Турки цæрæг не ’мзæнхонтæмæ дзæбæх цæстингас ке даруй, уæдта алли гъуддаги дæр сæ фарс ке фæууй, уой фæдбæл.
Кæронбæттæни ба ма уой зæгъун гъæуй, æма Цæгат Иристони дзилли æма Турки цæрæг не ’мзæнхонти ’хсæн æнсувæрон рахастдзийнæдтæ æнгонæй-æнгондæр ке кæндзæнæнцæ, е ни федарæй æруагæс кæнуй. Уомæн æвдесæн – мæнæ уин абони ци хабæрттæ ракодтан, етæ.
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ.