«ЗНАГ СИ ÆМРЕЗÆГИ РЕЗУЙ!..»
Нæ Фидибæсти анзфинстмæ ку ’ркæсæн, уæд си уоййасæбæл берæ цаутæ æма хабæрттæбæл исæмбæлдзинан – уой дæр еу иннемæй ахсгиагдæр æма алæмæттагдæр. Фал си уæддæр кæцидæртæн ба уæлдай, нисанæвдесæг ахедундзийнадæ ес. Уонæй еу æй, 412 анзей размæ ци цау æрцудæй, е – 1612 анзи 4 ноябри дууæ уруссаг æхсаргин лæги Кузьма Минин æма Дмитрий Пожарский, сæхемæ райстонцæ, уой размæ æ исæнхæст кæнун ке неке бон бацæй, еци агъазиау ихæс – бантæстæй син æрбайеу кæнун уруссаг æфсæдтæ (растдæр зæгъгæй ба – адæмон хуæдæфсад) æма сæ фæрразæнгард кодтонцæ, нæ паддзахади сæйраг сахар Мæскуй цæйбæрцæдæр рæстæги дæргъи æдзæсгонæй ка æлдареуæг кодта, еци æлгъистаг польшаг-литвайаг тухесгутæй исуæгъдæ кæнунмæ.
Еци хабар кадæртæ хаттæй-хатт рабарунцæ 1945 анзи 9 майи хæццæ. Æма уæхæн рабарститæ раст нæ ’нцæ. Еуемæй, алли историон цауæн дæр æхе анзфинстити æхе хецæн бунат ес, æма ин аргъгонд дæр гъæуама æхе ахедундзийнадæмæ гæсгæ цæуа. Иннемæй ба, 1612 анзи 4 ноябри нæ уæдиккон паддзахади сæйраг сахар уæгъдæгонд æрцудæй, уой размæ си уæди хецауеуæггæнгути медастæу хæлхъойти фудæй ци фæсарæйнаг æрбалæборгутæ æрбунат кодтонцæ, уонæй. 1945 анзи 9 май ба нин цитгийнаг уомæй æй, æма 1418 боней дæргъи нæ берæнацион бæсти дзиллæ уодуæлдайæй фæттох кодтонцæ гадзирахаттæй нæмæ ’рбалæборæг немуцаг-фашистон æрдонгти нихмæ, хъазауатæй-хъазауатдæр тохи багъæуай кодтонцæ нæ Фидибæсти сæребарæ æма хуæдбаради сæрбæлтау. Уой хæццæ ба ма гермайнаг фашизми цагъардзийнадæй фæййервæзун кодтонцæ Европи берæ паддзахæдтæ. Германий сæйраг сахари бæрæгастæу рейхстаги сæрмæ исфелудта Советон Цæдеси Уæлахези Туруса.
Уомæ гæсгæ ба, еци дууæ цауи æмбæрцæ баруни бунати нæ ’нцæ. Алкедæр си гъæуама цитгингонд цæуа, нæ Фидибæстæн, нæ адæмæн цæмæй агъазиау æнцæ, уомæ гæсгæ.
Уой нимайгæй, 4 ноябрæн Уæрæсей аккаг аргъгонд æрцудæй – 2005 анзæй фæстæмæ аци бон бæрæггонд цæуй куд адæмон еудзийнади Бон.
Уой кæд æрæги исбæрæг кодтан, уæддæр æнгъезуй еума хатт бæлвурддæрæй æримисун, циуавæр цаутæмæ гæсгæ ин уоййасæбæл бæрзонд аргъгонд цæуй æма ин лæвæрд æрцудæй паддзахадон бæрæгбони нисанеуæг. Уой фæдбæл берæ æрмæгутæ фæззиннуй дзиллон хабархæссæг фæрæзнити. Мах газети дæр ибæл цудæй дзубанди. Фал уæддæр еума хатт æримисæн еци недзамани хабæрттæ – уой дæр уотид ракой кæнуни туххæй нæ, фал цæмæй лæдæрд уа: рагон æностæй абони уæнгæ дæр нæ Фидибæстæн алкæддæр адтæй æдзæстуарзонтæ, сæ гæнкъуртæ нæмæ ка хуардта æма нæмæ гæппæрвонгæй ка лæудтæй, уæхæнттæ. Гъæуама сæ зонæн, раги дæр ци адтæнцæ æма нур дæр ци ’нцæ, уой. Æма сæмæ гъæуама мах дæр, куд гъæуй, уæхæн зæрдихатт дарæн.
СÆ ТУРУСАТÆ СИН ИСÆВДУЛДТОНЦÆ ЛÆКЪÆРДИ
Еци бон Минин æма Пожарскийи уруссаг æфсæдтæ карз нимпурстæй бампурстонцæ, Мæскуй нуртæккæ тукан «Сувæллæнтти дуйне» кæми ’й æма Паддзахадон универмаги ’рдæмæ, басастонцæ Китай-сахари гъæуайкæнуйнадæ, нуртæккæ Никольскаяйи гъæунгæ Лубянски фæзæмæ кæми рахезуй, уоми. Уотемæй æмпурсгæ цудæнцæ Сурх фæзи ’рдæмæ. Къниаз Пожарскийæн бантæстæй, ци уæззау тохæнгæрзтæ имæ адтæй, уони знаги нихмæ комкоммæ исаразун æма сæ æхсун байдæдта. Кремли ци польшаг-литвайаг тухгæнгутæ æрфедар æнцæ, уони карнæ карзæй лухгонд æрцудæй. Сæ раздзæуæг, польшаг болкъон Юзеф Будзило 7 ноябри æ къох бафинста, састи бунати ке байзадæнцæ, уой туххæй гæгъæдибæл. Мæскуй Кремли фарсмæ лæкъæрди æгадæ гæлст æрцудæнцæ знаги турусатæ.
Е дессаги æнæнгъæлæги цау иссæй – уомæй дууæ мæйи раздæр ба æ зæрди къуми дæр некæмæн æрцудайдæ, польшаг-литвайаг тухгæнгути уруссаг адæм уоййасæбæл æгади тард ракæндзæнæнцæ сæ зæнхæй, е. Речь Посполитойи (уæди рæстæги Европи тухгин паддзахæдтæй еу. – Ред.) паддзахадон архайæг æма историк Станислав Кобержицкий лæмбунæг æрфинста, еци рæстæг Варшави уæлдæрлæууæг хецауади уавæр: «Уæлдæрлæууæг разамундмæ уруссæгти карни мæтæ æгириддæр нæ адтæй, уомæн æма сæ нимадтонцæ, берæ хæттити ка фæммулд уидæ, уæхæн нихмæлæугутæбæл æма сæбæл æнцонтæй ке фæууæлахез уодзæнæнцæ, уобæл уойбæрцæбæл федар æууæндтæнцæ æма сæ медастæу тæрхæнттæ хастонцæ Мæскуйæй польшæйаг бæстихай исаразунбæл».
Мард ци арс нæма ’рцудæй, уой цар рагацау дехтæ кæнун ке не ’нгъезуй, уой фæдеси дзæнгæрæг сæ гъостæбæл æрцудæй 1612 анзи. Уæд сæ нихмæ исистæг адæми бон бацæй, Мæскумæ ци 12 мин адæймаги æрбансæндунмæ гъавта, уони бауорамун. Етæ ба адтæнцæ Литвай цитгин гетмæн Ян Кароль Ходкевичи æвзаргæ æфсæдтæ. Етæ гъавтонцæ, Мæскуй Кремли федарæй ка æрбунæттон æй, сæ еци æмзæнхонтæн хуæлцæласæг адæм, фал дæрæнгонд æрцудæнцæ æма ледзæги фæцæнцæ. Кремли ци æфсæддон хай лæудтæй, етæ ’стонгдзийнадæ æвзарун байдæдтонцæ. Пожарский син æргомæй загъта, цæмæй сæхе уацари раттонцæ, фал ин етæ æфхуæрæни дзуапп равардтонцæ: «Пожарский, дæ финстæг уой аккаг нæй, цæмæй æй шляхтаг гъостæ игъосонцæ. Лæгдзийнадæй дæ хæрæгæнгæс æма Хуцауи рази ба гъомурун. Амæй фæстæмæ нæмæ уæхæн æрра гъудити хæццæ дæхе мабал æрхатæ, дæ адæми ба сæ дзубурти хæццæ сæ хæдзæрттæмæ рауадзæ».
Польшаг-литвайæгтæ уруссаг тухæ ке нецæмæ дардтонцæ, уоми дессагæй неци адтæй. Циуавæр нихмæлæууæг уидта Юзеф Будзило æ комкоммæ? Фиццаг хатт ке нихмæ тох кодта, етæ бустæги æдзæллагхуз адтæнцæ: «Айдагъ медæггаг хæдæнтти æнæ хæлæфтæй. Цалдæр тугъдонемæ еунæг къерах æма топпихуасæ армидзаги æмбес…»
Минин æма Пожарский Мæскумæ ци тохæг адæми дуккаг къуар æрбакодтонцæ, уони ’хсæн сæйрагдæр адтæнцæ ефстаг «æрмæгуруæвæг» гъæздугутæ æма æрмдæснитæ, растдæр зæгъгæй ба фулдæр – хумæтæг адæм. Уæрæсей паддзахади хуæздæр æма тухгиндæр лæгтæ ба уæдмæ фæццагъди ’нцæ, фæстаг аст анзей дæргъи сæ медастæу ци буцæутæ ’рцæуидæ, уонæмити.
«КÆРОЙНАГ АДÆМ»
«Польшаг-литвайаг æфсад» æма «Мæскуй польшаг байахæст», зæгъгæ, дзурдтæбæл уотæ исахур ан æма нæмæ не ’гъдауæвæрдти уотæ кæсунцæ, цума еци тухæесгутæ айдагъдæр польшæгтæ адтæнцæ, уотæ. Е нæ зунди ниффедар æй. Уотемæй ба, 1604 анзæй райдайæ æма фæстæдæри уæнгæ Речь Посполитойи æрбалæбурдтити тухтæн сæ фулдæр адтæнцæ «черкастæ» ке худтонцæ æма нур «украинаг хъазахъæгтæ» ке хонунцæ, еци адæмтæй.
Советон доги еци хабари кой, цæмæдæр гæсгæ нæ кодтонцæ. Нур ба украинаг историктæ уой нимайунцæ сæ националон æскъуæлхтдзийнадæбæл. «Мæскуй территоритæмæ XVII æноси æстæри архайдтонцæ, зæгъун æнгъезуй, Украинæ-Уæрæсей «шляхтæ» еугурæй дæр». Гъо, уомæй сæрустур æнцæ, фал уотемæй ба сæхе цæмæй растауонцæ, уæхæнæй си неци уинæн. «Шляхтæ», уæдта «украинаг хъазахъæгтæ» уæди рæстæгути сæхе равдистонцæ цъамардæрæй-цъамардæр тухгæнгутæй, лæгмартæй æма æстъегъгутæй. Уони æзнаггади фудæй уруссаг паддзахади хумзæнхити 80 проценти æнæкойгондæй байзадæнцæ.
Æрхæсдзинан минкъий цау. «Еу уæхæни атаман Михаил Баловень зæнхкосæг уацайрæгтæн сæ гъости æма гъæлæсти топпихуасæ ниннæмидæ, уæдта сæбæл бандзаридæ… Уотемæй мæрдтæмæ барвиста æхсæз мин адæймаги. Иннетæн ба бантæстæй сауæнгæ Уорс денгизи уæнгæ исхъæртун. Уоми арт æндзарстонцæ æма сугътонцæ гъæутæ, аргъауæндæнттæ. Айдагъ Онеги уой фæсте иссирдтонцæ тухмард ке ракодтонцæ, уæхæн 2,5 мин адæймагей – зæрæндтæ, силгоймæгтæ, сувæллæнттæ – мæрдтæ.
Еци «украинаг адæм» бадтæнцæ Мæскуй Кремли дæр уæди польшаг хецæутти хæццæ. Айдагъдæр уруси тогæй адæми фæрци берæ нæ фæббадтæнцæ Кремли. Еци рæстæг сæмæ багъардта еу рæстдзийнадæ: «Уруссаг лæг зундгин æй, курухон, æдæрсагæ. Топпи хæццæ ба ин басæттунæн знаг мадзал нæ еруй, æмрезæги си резуй!»
СÆ ФИДБИЛИЗТÆ – СÆХЕ ФУДÆЙ…
Польшаг-литвайаг æма «украинаг адæм»1610-1612 æнзти Мæскубæл ку æртеголæ ’нцæ», уæд сæбæл ци устур бæлæхтæ ’рцудæй, уоми фудгин æнцæ сæхуæдтæ. Еци æнзти гусар Самуил Маскевич куд финста æ бонуги, уомæ гæсгæ: «Махонтæ сæхе дардтонцæ бустæги сирдти хузæн. Бунæттон цæргутæ сæмæ лигъз цæстингасæй ке кастæнцæ, айдагъ е сæ фагæ нæ уидæ, фал ма си сæ зæрдæмæ ци фæццæуидæ, уой дæр тухесæ кодтонцæ, кæми ба гъæздугæн æ уосæ кенæ ба æ кизги? Немуцаг ихуæрст тугъдон Конрад Буссов ба финста: «Æфсæддонтæ къарти фæххуæрд уиуонцæ зундгонд бояртæ æма сæудегерти сувæллæнттæ, уой фæсте ба сæ тухæй байсиуонцæ æма сæ сæхе бæстæмæ сæ ниййергутæ æма хæстæгутæн рарветиуонцæ».
1611 анзи мæскуйæгтæ лæборгути нихмæ ку райистадæнцæ, уæдта сахарбæл арт бандзарстонцæ. Артæндзаргутæй еу адтæй Самуил Маскевич дæр: «Бустæги фæстагмæ зинг е ’цæгæй исхуæстæй, думгæ мах æрдигæй кодта æма арти æвзæгтæ уруси ’рдæмæ рахуæцгæй, уони сæ бунæттæ æма сæ римæхсæнтæй сурдтонцæ. Дуйне еугур æмæнтъери иссæй. Сæ есбон, сæ мулки еу хай син махонтæ фæххæлæф кодтонцæ, иннæ хай ба арти амæттаг бацæй. Хуайрæгтæ фесавдæнцæ…»
Юзеф Будзило æма е ’мтугъдонтæ тугъди фæсте нæудæс къуæрей фæббадтæнцæ талингæ æма слестгæнæн ахæстдони. Фал уæддæр сæрæгасæй райервазтæнцæ. Европаг бæсти син хъæбæр карз тæрхон рахастонцæ. Уруссæгтæ ба сæ цалдæр анзей фæсте исуæгъдæ кодтонцæ.