05 декабря 2024

ÆМА АБОНИ ДÆР СИ КУД НÆ УÆН СÆРУСТУР…

23.11.2024 | 17:00

БИЛАОНТИ Павел Устур Фидибæстон тугъди архайгути хæццæ.

Иннæ анз бæрæг кæндзинан нæ Цитгин Уæлахези цуппаринсæй анзей бæрæгбон. Уой кадæн мах дæр нæ газети рагацау райдæдтан мухур кæнун æрмæгутæ. Абони мухур кæнæн уац Советон Цæдеси Бæгъатæр, инæлар-лейтенант Билаонти Павели туххæй. Уомæн нин фæцæй ахсгиаг рæуагæ дæр – æ райгурдбæл 17 октябри исæнхæст æй фондз æма фондзинсæй анзи (1919-1996).

Райгурдæй 1919 анзи 17 октябри поселок Шимановскийи (нур сахар Амури облæсти) службæгæнæги хæдзари. Ахур кодта Салигæрдæни гъæууон скъолай, уæдта Алагири 1-аг астæуккаг скъолай, 1930 анзæй фæстæмæ ба – Дзæуæгигъæуи 5-аг скъолай. Фарæстæймаг къласи фæсте куста гъæдикустгæнгути фæсевæдон бригади бригадирæй завод «Электроцинк»-и, 1936 анзи фæсаууонмæ каст фæцæй астæуккаг скъола. 1937 анзи бацудæй Орджоникидзей Сурхтурусагин æфсæддон училищемæ. Æ фæууни фæсте (1939 анзи) лейтенант Билаони-фурт службæ кæнун райдæдта пулеметон взводи командирæй сахар Ейски. 1940-1941 æнзти ба куста Астрахани фестæгæфсæддон училищей. Устур Фидибæстон тугъди фиццаг мæйти æй рарвистонцæ М.В. Фрунзей номбæл тугъдон академий къурситæмæ. Фидибæсти тугъди архайдта 1942 анзи апърелæй фæстæмæ – Сталинградаг, 2-аг Украинаг фронтти. 1944 анзи 13 сентябри ССР Цæдеси Сæйраг Совети Указмæ гæсгæ ин исаккаг кодтонцæ Советон Цæдеси Бæгъатæри кадгин ном, лæвæрд ин æрцудæй Ленини орден æма майдан «Сугъзæрийнæ Стъалу» (№2279). 1950 анзи каст фæцæй М.В. Фрунзей номбæл Æфсæддон академи, 1961 анзи – Генералон штаби Æфсæддон академи, 1969 анзи ба – еци академий рази Уæлдæр академион къурситæ. 1980 анзæй фæстæмæ инæлар – лейтенант Билаони-фурт æ карæмæ гæсгæ службæй уæгъдæгонд æрцудæй. Цардæй Киеви. Рамардæй 1996 анзи 28 майи. Нигæд æй Киеви Лукьяновски æфсæддон уæлмæрдти. Билаони-фурти ном хæссуй гъæунгæ Дигорай, уоми Кади Аллейи æвæрд æй æ бюст.

Æфсæддон ахурти «тугъд» æ тæккæ карзи бацудæй… Нихмæлæууæг «знагæн» донардæг ци хæйттæ адтæй, етæ саст æрцудæнцæ, нур ба гъудæй донуордæг ма ин ци хæйттæ адтæй, уони дæр æрсæттун. Æма кутемæй? Разæй – урух æма арф цæугæдон, æ сæрти байервæзунæн ба гъæугæ фæрæзнитæ ку неци ес…

Уой нимайгæй, еци ахуртæмæ цæстдаргутæ – етæ ба адтæнцæ Советон Цæдеси Маршæлтæ, игъустгонд æфсæддон специалисттæ, Советон Æфсади номдзуддæр архайгутæ – уой уингæй уотæ æнгъæл адтæнцæ, æма нерæнгæ бал ка уæлахез кодта, уони размæмпурст уоййасæбæл фæггуз уодзæнæй. Фал уæддæр кастæнцæ æма хизтонцæ, идарддæр ци уодзæнæй, зæгъгæ.

Æма дæлæ – дессаг!.. Размæ ци танкитæ æмпурстонцæ, етæ сæ цуд нæ фæннидæндæр кæнгæй, кæрзурдуг фарсбæл ниммедæг æнцæ билгæронмæ, æма дин еу танк ку бацæуидæ дони, æ фæсте иннæ танк, иннæ… Уотемæй танкити æнæгъæнæ дивизи фæддæлдон æнцæ… Уæди уæнгæ ка некæдма ’рцудæй, еци хабар ка уидта, етæ ниссах æнцæ, еци тухстхузæй, хизтонцæ идарддæр ци уодзæнæй, уой…

Уогæ еци æфсæддонти ’хсæн еу си æхе уотæ дардта, цума, уоййасæбæл дессагæй неци æрцудæй. Е адтæй танкон дивизий командир инæлар-майор Билаонти Павел. Кæд æхе æдухстæй æвдиста, уæддæр æ уод ба… «Ма мæ фæффудевгед кæнетæ, мæ сахъигурдтæ! Байархайетæ!.. Исарæхсетæ!..» – раст цума ин æ аци фæдзæхститæ еци танкити бадæг æфсæддонтæ фегъустайуонцæ, уой хузæн си æ меднимæр курдта…

Цанæбæрæг рæстæг рацудайдæ, уотемæй дин, цæстдарæн пункти ка адтæй, уонæй кадæр ку нигъгъæр кæнидæ:

– Уæртæ исзиндтæй!..

БИЛАОНТИ Павел (рахесæрдигæй фиццаг) æфсæддон ахурти рæстæг.

Æцæгæйдæр, донуордæги билгæронмæ хæстæг донæй фæд-фæди зиннун байдæдтонцæ танкитæ. Ку фæууæлбилæ ’нцæ, уæдта еци-еу æмпурст ракодтонцæ размæ…

Уой рауингæй, еугурæйдæр, сæ фиццæгтæ нæ бæсти гъæуайкæнуйнади министради разамунд, хъæбæр зæрдиагæй арфитæ кодтонцæ Билаонти Павелæн, æгайтима ин дессаги агъазиау æргъудидзийнадæ уоййасæбæл æнтæстгинæй исæнхæст кæнун бантæстæй. Билаони-фуртæн е æхцæуæн куд нæ адтайдæ, фал æ цийнæдзийнадæй тухгиндæр разиндтæнцæ имисуйнæгтæ, тугъди цаутæ æма хабæртти фæдбæл.

Æримиста, 1944 анзи мартъий цæугæдон Днестри сæрти бахезуни фæдбæл знаги нихмæ ци карз тугъди архайун багъудæй, уой.

Билаони-фурти æхсæг полк ами равдиста устур лæгдзийнадæ, бæгъатæрæй исæнхæст кодта æ размæ æвæрд ихæстæ. Уой туххæй æфсæддон разамунд аккагбæл банимадтонцæ, цæмæй Билаонти Павелæн Советон Цæдеси Бæгъатæри ном раттонцæ, уой фæдбæл сæ курдиади финстонцæ: «1944 анзи 24 мартъий æхсæвигон гвардий майор Билаонти Павел Семени фурти полк фиццаг бахизтæй Днестри сæрти æма Липкини райони байахæста ахсгиаг плацдарм. Æхсæвæй-бонмæ си ци мæлæтдзаг тугъд фæццудæй, уоми полкки æфсæдтæ ниддæрæн кодтонцæ фудголи батальон 400 æфсæддоней хæццæ, уацари райстонцæ 150 немуцаги, байстонцæ æртæ танки æма 150 бæхи, ниппурхæ кодтонцæ 60 хуæдтолги æд тохæндзаумæуттæ. Уотемæй ба Билаони-фурти полккæй еу лæг дæр нæ фæгъгъудæй, тугъдон техникæй дæр неци фесавдæй…»

Уæлахез къохи ке бафтудæй, е бæрæг адтæй, фал уæдмæ знаг æ кеми æрцудæй, æ хъауритæ нæуæгæй æрæмбурд кодта. Цæугæдон Днестри нигулæн хаййи тæссаг уавæр исæвзурдæй.

– Гъæуй æндиудæй, арæхстгинæй æма æнæнгъæлти архайун, – загъта æфсади инæдар-лейтенант Ф.Ф. Жмиаченко. – Билаонти Павел æй дæсни командир, æз ибæл æууæндун æма ин ихæс кæнун æфсæддон хæйттæй разамунд дæттун.

Уавæр ба, æцæгæйдæр, уоййасæбæл хумæтæг нæ адтæй. Махонтæ ке фæссорæги кодтонцæ, еци знаги бон уоййасæбæл нецибал исуодзæнæй, зæгъгæ, гъуди кæнун æгириддæр раст нæ адтайдæ. Алкæддæр фуддæрмæ æнгъæл кæсун фæгъгъæуй. Уомæн æма къæппæги ка бахауй, етæ, ка сæбæл æртумбул уй, уонæбæл фæууæлахез уа, уæхæн цаутæ тугъди историй кæд ахид нæ, уæддæр ес.

– Знаг махмæ цæмæ æнгъæлмæ кæсуй? – бафарста æ командирти Билаонти Павел æма æхуæдæг дзуапп равардта. – Гъо, е уотæ æнгъæлуй, æма мах си нæхе гъæуай кæндзинан. Мах ба æндæр хузи бакæндзинан: размæ æмпурсдзинан, æнæмæнгæ айдагъдæр размæ!

БИЛАОНТИ Павел (астæуæй æфсæддон дарæси) Уæлахези Паради архайгути хæццæ 1984 анзи 9 Майи.

Карз нимпурститæ исаразгæй Билаонти Павели æфсæддонтæ ниддæрæн кодтонцæ знаги дууæ фестæг æфсæддон полкки, артиллерион дивизион, зенитон полк, уацари райстонцæ 800 немуцаг æфсæддони æма афицери. Уомæй уæлдай æргæлстонцæ знаги аст хуæдтæхæги, райстонцæ берæ аллихузон трофейтæ…

Уæд полккæн ци уæлахез бантæстæй, е син цийнаг куд нæ адтайдæ, фал Билаони-фурти ба ма сагъæсти дæр бафтудта. Фæстугъд дæр æй етæ æнцад нæ уагътонцæ.

– Еци тугъди рæстæг нин фадуат ку фæцайдæ танкитæ уайтæккæ донуордæг фæккæнунæн, уæд, баууæндетæ, уæхæн уæззау уавæри нæ бахаудтайанæ, – арф ниууолæфгæй дзоридæ Павел. – Фал уæд уæхæн равгитæ нæма адтæй…

Æма уæхæн равгитæ кутемæй исаразæн ес, уобæл еудадзуг сагъæс кодта. Æ тугъдон фæлтæрддзийнадæй æй зудта, цæугæдæнтти сæрти бахезгæй фестæг æфсæдти знаги нихмæ тох кæнун багъæуидæ æнæ танкитæй, сæ агъаз ба сæ хъæбæрæй-хъæбæрдæр бæргæ гъæуидæ. Ци исарæзтæуа, цæмæй танкитæ æма фестæг æфсад еумæ архайгæй, цит, бахезонцæ цæугæдæнтти сæрти? Еци фарста æ сагъæстæй нæ цох кодта тугъди рæстæг дæр æма уой фæсте дæр. Уæлдайдæр ба тугъди фæсте, уомæн æма уæд нæ бæсти Гæрзефтонг Тухти разамунди размæ æвæрд æрцудæй евгъуд тугъди берæвæрсуг фæлтæрддзийнадæй советон æфсæдти цæттæкæнуйнади гъуддаги æнхæстæй испайда кæнуни ихæс. Æма еци гъуддаги ахсгиагдæр фарстатæй ба еу адтæй дони цæлхдорти сæрти хезун. Уобæл сагъæс кæнгæй Билаони-фурт рагъуди кодта: «Æма нур дони сæрти нæ, фал цæугæдони бунти цæугæй ба?..» Æ еци гъудий фæдбæл аразун байдæдта фæлварæнтæ. Уалинмæ къохи æфтуйун байдæдтонцæ фиццаг æнтæстдзийнæдтæ дæр. Дони бунти еу билгæронæй иннемæй бацудæй еу танкон экипаж, уой фæсте ба взвод, ротæ…

БИЛАОНТИ Павелæн æ рæстæги аккаггонд æрцудæй украинаг сахар Хотини (Хмельницкийи облæсти) Кадгин гражданини цитгин ном.

Билаони-фурт аци фарстай фæдбæл радзубанди кæнидæ наукон æмбурдти, бæлвурд дæнцитæй æууæндун кодта еци æргъудидзийнади уæлахездзийнадæбæл.

Цидæр адтæй, уæддæр гъуддаг кæмæй аразгæ адтæй, уони исарази кодта, цæмæй нæуæгдзийнадæ бавзаронцæ сæрмагонд æфсæддон ахурти. Æма мæнæ хатдзæг: æнтæстдзийнадæ.

Уæхæн хабæрттæй ма берæ хæттити фескъуæлхтæй нæ номдзуд æмзæнхон, Советон Цæдеси Бæгъатæр, инæлар-майор Билаонти Семени фурт Павел.

Æфсæддон дæсниадæ Павел хумæтæги нæ равзурста. Æ царди идарддæри над равзаруни рæстæг ибæл ку ралæудтæй, уæд æй берæ расагъæс-басагъæс кæнун нæ багъудæй – уæдмæ æ хестæр æнсувæр Вадим ахур кодта Дзæуæгигъæуи Сурхтурусагин фестæгæфсæддон училищей. «Хъæбæр мæ исразæнгард кодта Вадим еци дæсниадæ ке разурста, е», – имиста уой фæсте Павел. Æма 1937 анзи иссæй еци училищей курсант. Ке хæццæ ахур кодта, уæдта æ ахургæнгутæй æй беретæ æримисиуонцæ æхсицгонæй – бæрзонд, саухелæ иуонггин лæхъуæн ахури адтæй сæрæн, берæ гъуддæгути æхе фæнзуйнагæй æвдиста. Æма ин бантæстæй училище æнтæстгинæй каст фæуун. Гъе уотемæй райдæдта е ’фсæддон ирисхъи дæргъвæтийнæ над. Берæ æма агъазиау цаутæ æма хабæрттæй æ тæккæ идзаг над. Етæ еугурæйдæр бæргæ цæмæдесаг æнцæ, бæлвурдæй сæбæл æрдзоруни аккаг бæргæ ’нцæ, фал газети гæнæнтæмæ гæсгæ нин аци æрмæги уæхæн равгæ нæййес. Фал си уæддæр кæцидæрти ба æримисдзинан.

Æфсæддон училище каст фæууни фæсте лейтенант Билаони-фурт службæ кодта Ейски æфсæддон училищей, 1940-1941 æнзти ба Астрахани фестæгæфсæддон училищей. Тугъди фиццаг мæйти æй рарвистонцæ М.В. Фрунзей номбæл тугъдон академий къурситæмæ.

Билаонти Павел 1942 анзи апърели бахаудтæй фронтмæ, хестæр лейтенантæй. Адтæй Хонсар Нигулæн фронти танкити нихмæ тохæг артиллерион бригади штаби хецауи хуæдæййевæг, архайдта Харькови рæбун тугъдтити, Валуйки рæбун фашистон танкитæн æфсæдти æнæнцайгæ размæмпурстæн нихкъуæрд раттуни уæззау тугъдтити. Ами фæццæф æй, фал тугъди будурæй нæ рацудæй.

Билаони-фурт 1942 анзи кæрони архайдта Сталингради рæбун тугъдтити. Ами æркæсун кодта æхемæ æ хестæр æфсæддон разамонгути дæр æма æ тугъдонти дæр æ лæгдзийнади фæрци. Хутортæ Старокистский æма Коряжинскийи бунмæ фашистти сæ федаргонд бунæттæй фæссоруни тугъдтити рæстæг адтæй 293-аг фестæг дивизий штаби хецауи хуæдæййевæг уогæй, равдиста устур арæхстдзийнадæ æма бæгъатæрдзийнадæ, размæмпурсгути рæнгъити реуæмбæрцæ лæгæрдгæй. Платонови, Голубиновски, Уæллаг Бузиновки райони, капитан Билаони-фурти разамундæй танкон десант адтæй фиццæгти хæццæ æма æрæхгæдта агъазиау фашистон æфсадбæл æнæбасæтгæ цæг. Æ десант ниййахæста знаги 300 æфсæддонти æма афицери, ниддæрæн кодта 17 дзармадзани, 60 хуæдтолги, уацари райста 1200 гитлерон тугъдони æма афицери бæрцæ.

Билаонти Павел 1942 анзи 8 декабри æвæрд æрцудæй Дони фронти 1036-аг фестæг полкки штаби хецауæй, цалдæр бони ба командæ кодта полккæн «Фондз обауебæл» тохи, байахæста хонсар æма хонсар-искæсæйнаг бæрзæндтæ. Æртæ боней дæргъи полк нихкъуæрд лæвардта гитлеронти тухгин æрлæбурдтитæн. Павел æхуæдæг æрæвардта тæккæ хуæздæр бунæтти танкити нихмæ фæрæзнитæ æма æхуæдæг аразта артиллерий æхст.

Зæрдæскъунæг æскъотти хæццæ гитлеронти æхсæзхæтæлгин минометтæ «дорадзагъд» исаразтонцæ дивизий хæйттæбæл. Бæрзондæй æхстонцæ æрдæгмæ зæнхи нигæд фашистон танкити. Ахæстдони бахауæгау, полктæн сæ тухæ басастæй, нæбал син адтæй разамунддæттæг. Мадта командиртæ дæр минкъийæй-минкъийдæр кодтонцæ…

Тæккæ тухстдæр æма тæссагдæр сахатти æртиндæс æхсист федар æнæуинон уæйуги æмпурстонцæ размæ. Махонти лæмæгъ рæнгъитæ ку фæккунæг æнцæ, раст еци сахатти сæ размæ фегурдæй полкки командир Билаони-фурт æма нигъгъæр ласта:

– Еу ампъез дæр фæстæмæ нæ!.. Бæгъатæр командири нифс, арвигъæрау гъæлæс, æндиуд архайд нæ тугъдонти бауорæдтонцæ æма зæнхæбæл нихъхъан æнцæ. Æхуæдæг бабурдæй танкитæхсæн дзармадзанмæ æма фиццаг æхстæй иссугъта раззаг танк.

Тагъдгомау, раст фæткæ райвæргæй, штаби хецау батальон ракодта размæ знаги нихмæ нимпурстмæ. Уой размæ фæстæмæ ка фæлледзæги æй, еци дууæ батальони сæ раздæри бунæттæмæ раздахтæнцæ. Уотæ бакодтонцæ артиллеристтæ дæр. Билаони-фурт æхуæдæг ба нихъхъан æй ставдхæтæлгин пулеметбæл.

Афанасий Емельянови разамундæй артиллеристтæ цурдгомау æрлæудтæнцæ размæмпурсæг знаги бауорамунбæл, фæстæмæ ’й фæлледзæги кæнунбæл æма æ раздахунбæл, нæ фестæг тугъдонтæбæл знаги ’рдигæй цæф мабал æруадзунбæл архайгæй. Тухгин гур-гури хæццæ размæ ралæгарстонцæ сурхстъалугин танкитæ. Сæ фæдбæл тугъди цæхæрмæ сæхе гæлстонцæ фестæг æфсæддонти къуæрттæ. Знаг фæккиудтæй, фæстæмæ рахуæстæй. Бæрзæндтæ байахæссун сæ къохи нæ бафтудæнцæ.

Тугъд рахецæн æй. Зин æма немуцæн ходуйнаг къæппæги дæрæн си фæгъгъæун кодта æхсæз дзармадзани, аст миномети, фæммард си æй сæдæ æфсæддони æма афицерæй фулдæр.

Еци тохи полкки командир Билаони-фурт уæззау цæф фæцæй. Æ лæгдзийнади туххæй Афанасий Емельяновæн исаккаг кодтонцæ Сурх Стъалуй орден, Билаонти Павелæн ба – Сурх Турусай орден.

Куд гъæуама нæ адтайдæ кадгин уæхæн сахъигурд, ка ’й зудта, уони цæсти! Мæнæ си ци зæгъуй 193-аг гвардион полкки комсорг Мансур Абдулин: «Алли æфсæддони дæр баруагæс уи уæд, фæндуй æ командири уставон уарзтæй нæ, фал æхе уарзтæй уарзун, сæрустур си ун. Аци гъуддаги ба устур бунат ахæссунцæ æндаг бакаст дæр, уæледарæс, гъæлæсиуагæ дæр, æцæг адæймаги хузæн зæрдæмæдзæугæ ун. Рæсугъд командир ма нифсгун æма арæхстгин ку уа, уæд æ фæдбæл тугъдонтæ, фæстæмæ дæр нæ фæккæсгæй, цийфæнди арти цæхæри дæр исмедæг уодзæнæнцæ. Полкки рагæй ка адтæй, етæ, нæ сталинградæгтæ, сæ зæрдæбæл дардтонцæ æма нæмæ нæуæг æрбафтуйæггæгтæн дзурдтонцæ тæккæ тæссагдæр рауæн синхаг полкки тугъдонти размæ куд равзурстæй æма нæ батальонти фæстæмæцуд куд бауорæдта, «Фондз обауи», зæгъгæ, ке худтонцæ, еци рауæни тугъди туххæй. Билаони-фурт æй, зæгъæн дæр кæмæн нæййес, уæхæн бæгъатæр. Фæстæмæ рахуæцун нецихузи бакомдзæнæй! Æ цард нивондæн æрхæсдзæнæй, мах дæр æй уомæй бафæнздзинан…»

Сталингради тугъди 193-аг гвардион фестæг полкки тугъдонтæ размæ цудæнцæ капитан Билаони-фурти разамундæй. «Мах уæд нæ полк еци сæрустурæй худтан «Билаон», нæхе ба «билаононтæ». 1943 анзи сæрди Курски бунмæ игъустгонд тугъди майор Билаони-фурти гвардион полк конд æрцудæй, гитлеронти Белгородаг – Харьковаг къуар ка дæрæн кодта, еци сæйраг тухтæмæ. Цудæй, инæлар Жадови æфсад размæ Харьковæй цæгат-нигулæни æрдæмæ кæми рæмугъта, уони тæккæ разæй. Гвардионтæ байахæстонцæ знаги фиццаг траншейтæ, уæдта ин батудтонцæ æ гъæуайкæнуйнади еугур фæрæзнитæ дæр.

Размæмпурстæн хъæбæр хуарз æма нифсгун разамунд ке лæвардта, уой туххæй гвардий майор Билаони-фурт райста Сурх Турусай дуккаг орден.

Размæмпурсти рæстæги корпуси раззаг рæнгъи уогæй, гвардион полк сæребарæ кодта Украини галеу фарси гъæутæ, районтæ, архайдта Полтави тугъди, уæгъдæ кодта Кременчуг. 1943 анзи, Кременчуги бунмæ раззаг къуари хæццæ уогæй, полкки командир уæззау цæф фæцæй. 1944 анзи январи бабæй нæуæгæй æрбафтудæй фронтмæ, куд алкæд, уотæ бабæй æхе бæгъатæрæй равдиста Корсунь-Шевченкой операций. Ами советон æфсæдтæ æртухстæнцæ знаги дæс дивизибæл, еу бригадæ æма берæ аллихузи сæрмагонд æфсæддон хæйттæбæл. Гитлерон командæкæнуйнадæ æрбагæлста нæуæг тухтæ æма бавзурста е ’фсæдтæ къæппæгæй ракæнун. Майор Билаони-фурти 618-аг фестæг полк бунат байахæста Белая Церковьмæ хæстæг æма иннæ хæйтти хæццæ еумæ æрæхгæдта фашистти над. 4 феврали знаги фестæг æфсад 280 танки хæццæ размæ рампурста. Билаони-фурти полк, сæ еугур фæрæзнитæй дæр раст пайда кæнгæй æма нифсгунæй архайгæй хæстæгдæр не ’рбауагътонцæ, цæг æвæрд кæбæл адтæй, еци гитлеронти. Аци гвардионтæ фехалдтонцæ 28 танки, 11 миномети, 8 дзармадзани, рамардтонцæ 400 фашистон салдати æма афицери.

Циртдзæвæн БИЛАОНТИ Павелæн сахар Дигорай Кади Аллейи.

Полкки командирæн исаккаг кодтонцæ Сурх Турусай æртиккаг орден. 1944 анзи 24 мартъий æхсæви, загъд ес еци гæгъæдий, гвардий майор Билаони-фурти полк дивизий æма 40-аг æфсади тæккæ разæй бахизтæй цæугæдон Днестри сæрти Винниций облæсти Могилев – Подольски райони гъæу Липчаний рази æма байахæста гитлеронти ахсгиаг æнцайæн бунæттæ Васильевци, Кабельченци, Гвоздевци. Сутки дæргъи полкки тугъдонтæ не ’суæгъдæ кодтонцæ плацдарм Днестри рахес билæбæл. Атаки цæуæг знаги хæццæ карз тугъдтити ниййахæстонцæ знаги батальон – 400 адæймагей бæрцæ, уацари райстонцæ 150 салдати æма афицери, байстонцæ æртæ танки, фехалдтонцæ 60 автомашини тохæнæрмæги хæццæ, æрахæстонцæ 150 бæхи. 1944 анзи 19 апърели Билаонти Павели гæгъæдитæ æрвист æрцудæнцæ уæлдæр – Советон Цæдеси Бæгъатæри ном ин раттуни туххæй.

Билаони-фурти полк фиццæгти хæццæ бахизтæй цæугæдон Прути сæрти, архайдта игъустгонд Ясси-Кишиневаг операций, уæгъдæ кодта Трансильвани, еугурей разæй бацудæй венгриаг сахар Мишкольцмæ, уой туххæй полккæн равардтонцæ кадгин ном «Мишкольцаг», Уæлдæр командæгæнæг æ бардзурди 1944 анзи 3 декабри арфæ ракодта Мишкольц исуæгъдæ кæнуни тугъдтити архайæг æфсæдтæн. Еци уæлахези кадæн Мæскуй равардтонцæ артиллерион салют.

Билаони-фурти разамундæй гвардион полк хъазауатонæй, зæрдиуагæй архайдта Чехословакий Лучинец, Зволен, Бонскаштевница, Преводза, Брно, Готвальдов æма æндæр рауæнтæ исуæгъдæ кæнунбæл тугъдтити.

Тугъди фæсте, 1950 анзи Билаонти Павел каст фæцæй М.В. Фрунзей номбæл Тугъдон Академи, 1961 анзи ба – Генералон штаби Тугъдон академи, 1969 анзи – уоми Уæлдæр академион къурситæ. Командæ кодта дивизийæн, æфсадæн, адтæй Киеви æфсæддон округи командæгæнæги хуæдæййевæг.

1980 анзи 26 октябри мæйи инæлар-лейтенант Билаонти Павел отставки рацудæй. Æ цардæй рахецæн æй 28 майи 1996 анзи.