05 декабря 2024

Æ ФИДИБÆСТÆН УОДУÆЛДАЙÆЙ ЛÆГГАДÆ КОДТА…

30.11.2024 | 21:21

Рахесæрдигæй дуккаг – Цæликкати Ахмæт, æ фарсмæ бадуй æ мадæ Гиго, уой фарсмæ ба лæууй Ахмæти хуæри кизгæ Цопанати Дибæхан. Еугурей разæй – Ахмæти кæстæр æнсувæр Шамил. Кæрæнтти ка лæууй, еци дууæ лæги ка ’нцæ, е ба бæлвурд нæй.

Цæликкати Ахмæти финст роман «Æнсувæр æнсувæри нихмæ» («Брат на брата») бæргæ цæмæдесаг уадзимис æй, фал æй нæ газети æнæгъæнæй ниммухур кæнуни равгæ ба нин нæййес – æгæр устур æй. Фал си уæддæр ци скъуддзаг (æ кæронбæттæн) рамухур кодтан, е дæр, махмæ гæсгæ, гъæуама сагъæсти бафтауа, нæ абони цардарæзти хабæрттæ æма цаутæ цийфæндиаг кæмæн нæ ’нцæ, уони.

Махæн нæхемæ дæр уой фæдбæл ес зæгъуйнæгтæ æма син сæ кой æнæмæнгæ ракæндзинан нæ газети хæстæгдæр номертæй еуеми. Абони ба нæ фæндуй Цæликкати Ахмæтæн æхе туххæй цубурæй зæгъун. Уотæ ба нæ уомæ гæсгæ бафæндадтæй, æма æ уадзимиси кæрони æ сæйраг хъайтар уæди æверхъаудзийнæдти фудæй фæлледзæги æй æ  фидиуæзæгæй. Уотæ æ рæстæги Цæликкати Ахмæт, номдзуд паддзахадон архайæг æма финсæг, фæлледзæги æй æ райгурæн бæстæй. Æвæндонæй æма зæрдристæй. Цæликкати Ахмæти цардвæндаги цубур радзубандийæн испайда кодта, роман «Брат на брата» ирон æвзагмæ тæлмацгондæй журнал «Мах дуг»-и мухургонд ку ’рцудæй (2002 анзи 9-10 номерти), уæд ин филологон наукити доктор Салæгати Зойæ (1924-2011) ци раздзурд ниффинста, уомæй.

Цæликкати Темболати фурт Ахмæт адтæй айдагъ Иристон æма Цæгат Кавкази нæ, фал Уæрæсей дæр тæккæ нимадидæр лæгтæй еу. Газетти æма журналти æ уацтæ, æ литературон уадзимистæ зиннун райдæдтонцæ XX æноси райдайæни. Уой хæццæ айдагъ литератури куст нæ кодта, фал ма уагъта газеттæ, журналтæ (альманахтæ), киунугутæ: 1910 анзи Бакуй рауагъта альманах «Утро гор», 1915-1916 æнзти газет «Суз» («Дзурд», Мæску), 1919-1920 æнзти газеттæ «Вольный горец» (Тифлис), 1920 анзи газет «Нæуæг цард» (иронау, Тифлис) æма «Ени Дуния» (тюркагау, Тифлис). Æ киунугтæ «Чаша жизни» (Мæску, 1912), «Кавказ и Поволжье» (Мæску, 1913), «В горах Кавказа» (Мæску, 1914) зундгонд адтæнцæ айдагъ Иристони нæ, фал иннæ регионти дæр.

Ахмæт райгурдæй 1882 анзи Пусулмонгъæуи (нури Нæуæггъæуи). Каст фæцæй Стъараполи гимнази æма Мæскуй университети юридикон факультет. Студент уогæй дæр æ гъос дардта æхсæнади гъуддæгутæмæ, архайдта политикон æма идеологон карз тохти, иссæй Уæрæсей социал-демократон косгути партий иуонг æма ’й цалдæр хатти æрахæстонцæ. 1905-1907 æнзти революци састи бунати ку байзадæй, уæд радзурдта косгути æнæпартион съезд исаразуни фарс, æма ’й В.И. Ленин искритикæ кодта.

Цæликкати Ахмæт «кæрæдзебæл баста УСДКП-ий Терки – Дагестани æма Цæгат Кавкази цæдестæ, уæдта Дзæуæгигъæуи, Кубани æма Армавири комитетти куст. Парахат кодта пусулмæнтти национ ирæзти гъудитæ» (С.М. Исхаков. Политические деятели России. 1917, М., 1993, 336 ф.)

Империй берæ æносон историй Пусулмæнтти еугуруæрæсеуон Совет фиццаг хатт фæззиндтæй 1917 анзи 11 майи – бæсти пусулмон адæмти съезди унаффи фæсте. Совети (Милли Шуройи) сæрдарæй æвзурст æрцудæй Цæликкати Ахмæт.

Пусулмон политикон эмигранттæ Тифлиси 1920 анзи. Бадунцæ (рахесæрдигæй галеуæрдæмæ): Шариф Манатов, Цæликкати Ахмæт, Мустафа Шокай. Лæуунцæ (рахесæрдигæй галеуæрдæмæ): Султан Альдиев, Омар Терегулов, Усман Токумбетов.

Октябри революций агъоммæ Ахмæт иссæй цуппæрæймаг Думи депутат (адтæй пусулмон бюрой сæргълæууæг). 1917 анзи 25 мартъий (Ленин эмиграцийæй ку ’рбаздахтæй, уомæй раздæр) æргомæй тох кæнун райдæдта тугъди нихмæ (Рæстæгмæ хецауади фæсарæйнаг гъуддæгути министр П.Н. Милюков ба тугъд кæронмæ рахъæртун кæнуни фарс адтæй). Июнæй декабри уæнгæ Цæликки-фурт куста «Известия Всероссийского Мусульманского Совета)-йи редакторæй.

Куд зонæн, уотемæй еци рæстæг сæйраг столицæмæ нæхстæр кодта, Гъæддаг дивизи ке худтонцæ, е – революций фарсхуæцгути нихмæ тох кæнунмæ. 31 августи, Дно, зæгъгæ, еци станици Цæликкати Ахмæт исæмбалдæй дивизий командæгæнгути хæццæ æма сæ исарази кодта сæ фæндæ раййевунбæл: сахари цæргутæй мингæйттæй фæййервазтæнцæ мæлæтæй.

Цæликки-фурт ахид дзурдта пусулмæнтти Еугуруæрæсеуон æмбурдти. Ш. Манатови дзубандимæ гæсгæ, В.И. Ленин 1918 анзи январи фембалдæй Сæрæвæрæн æмбурди иуонгтæ Ш. Манатов æма М. Вахитови хæццæ æма загъта, хуарз, дан, уайдæ Цæликкати Ахмæти советон хецаудзийнадæ ’рдæмæ раздахун. Манатов æма Вахитов радзубанди кодтонцæ Ахмæти хæццæ, фал е æ зундирахаст нæ раййивта.

Уомæй раздæр ба (1917 анзи 1 декабри) Цæликки-фурти хæццæ фембалдæй И.В. Сталин. Ахмæт ин загъта: пусулмæнттæ советон хецауади фарс нæ рахуæцдзæнæнцæ.

Цæликкати Ахмæт (галеуæрдигæй дуккаг, лæдзæги хæццæ) «Майкопская газета»-йи редакций косгути хæццæ.

1918 анзи 22 майи Уæрæсей Нацадком Милли Шуройи куст бауорæдта, æма Ахмæт исæздахтæй Иристонмæ. Терки бæсти адæмти 4-аг æмбурди æй равзурстонцæ Терки Адæмон Совети ирон фракций иуонгæй. Фæстæдæр ба ’рлæудтæй Кавкази адæмти меджлиси сæргъи (Калаки). Гурдзий советон цардæвæрд ку ’рфедар æй, уæд Ахмæт æхе райста фæсарæнтæмæ. Фиццаг рафтудæй Константинопольмæ, уæдта Чехословакимæ æма Польшæмæ. Чехословакий Ахмæт уадзун райдæдта журнал «Кавказский горец» (1924 анзи). 1926 анзи Праги геппи уагъд æрцудæй æ роман «Брат на брата».

Ахмæт æ цардæй рахецæн æй  1928 анзи 2 сентябри Варшави. Е ’мбæстаг Елехъоти Тамби журнал «Горцы Кавказа»-йи фиццаг  номертæй еуеми финста, зæгъгæ, Ахмæт сауæнгæ эмиграций зиндæр æнзти дæр æууæндтæй  уруссаг демократий гъомусадæбæл, фал æй фæстæдæр царди зелдохтæ æма цæлхъитæ уæхæн хатдзæгмæ ’ркодтонцæ: Кавкази адæмтæн сæ политикон хуæдбарæдзийнадæбæл тохи зæрдæдаргæ некæбæл æй, сæхецæй уæлдай.

Номдзуд лæги рамарди туххæй фегъосун кодтонцæ газет «Курьер Варшавский» (польшаг æвзагбæл), Парижи уруссаг газет «Последние новости», Берлини уруссаг газет «Руль» æма иннетæ.

Уæди рæстæгути Парижи уагъд  цудæй журнал «Горцы Кавказа». Æма Салæгати Зойæ æ раздзурди куд финсуй, уотемæй уоми (1929 анзи 8-9-аг номерти) мухургонд æрцудæй Ибрагим Чулики (цæцæйнаг политик, æфсæддон архайæг, журналист, цардæй эмиграций Европи) уац, кæцими е уотæ финста: «Стать в качестве друга и брата к близким, быть истинным сыном отчизны и посвятить себя на безвозмездное служение народу – дело великое, требующее воли сильной непоколебимой. Таким был Ахмед…»