22 декабря 2024

«АМИ КОСГÆ КА НÆ КÆНУЙ, УОМÆН ХУÆРУЙНАГ НÆ ДÆТТУНЦÆ!..»

07.12.2024 | 17:10

Саид-Хусейн БИЦИРАЕВИ конд хузæ «Æрдхуæрдтæ».

Нæ абони цардарæзти нин сагъæссаг ци берæ фарстатæ исунцæ, уонæн, махмæ гæсгæ раст зундамонæнтæ иссерæн ес нæ рагфидтæлти таурæхътæ æма æгъдауæвæрдтити. Уотæ дæр нæмæ кæсуй, æма нæ абони «зундамонгутæ»  нæ фидтæлти уодварни хæзнадонæмæ ахиддæр ку кæсиуонцæ, уоми ци зундамонæн фæдзæхститæ ес, уонæмæ гæсгæ сæ зæгъуйнæгтæ ку аразиуонцæ, уæд сæбæл дзиллæ хъæбæрдæр æууæндиуонцæ, нæ царди хабæрттæ дæр берæ рæвдзæдæрæй цæуиуонцæ. Мæнæ абони ци рагон таурæхъ мухур кæнæн (æ радзоргутæй æй ниффинста МЕДОЙТИ Женя), уой бакæсайтæ – уотæ нæмæ кæсуй, æма ’й балæдæрдзинайтæ, нæ зæрди цæмæ гæсгæ æрæфтудæй, уой…

Раги æма раги еу гъæуи цардæнцæ мадæ æма фурт. Сæ царди фадуæттæ бустæги мæгур, æгудзæг. Ци сæмæ адтæй, е айдагъдæр дууæ гали æма зæнхи гæппæл… Гъе уотемæй сæ царди хабæрттæ кодтонцæ, сæ тухамæлтти хъиамæтæй сæхе дардтонцæ. Уæд дин еу уæхæни мадæ ку ‘рбасæйгæ уидæ æма хуссæнмæ ку бахауидæ. Фуртæн дæр ма ци гæнæн адтæй, æ мади уавæр уотæ адтæй, æма имæ еудадзугдæр зелун гъудæй, кустмæ дæр æй уотæ нæбал евдалдæй æма сæ уавæр бустæги æдзæллагмæ цудæй, ци бахуардтайуонцæ, е сæмæ нæбал адтæй. Мадæ, кæд уæдмæ æ хуссæнæй рахезун æма еуминкъий цидæртæ архайун фæразун байдæдта, уæддæр æнхæстæй косæг адæймаг ба нæбал адтæй… Æма еци уавæрмæ кæсгæй, куд нæ тухстайдæ.

Еууæхæни ба æ фуртæн уотæ зæгъуй:

– Биццеу, ци бахуæрæн, е нæмæ нæбал ес, æма галтæй еу равгæрдæ.

– Æма ма уæд нæ зæнхæ ба цæмæй хумæ кæндзинан?

– Ести мадзæлттæ кæндзинан, фал нур ба мæмæ байгъосæ…

Мæгур лæхъуæнæн ма ци гæнæн адтæй, еу кадæртæ ма ин фæййагъаз кодтонцæ, уотемæй гал равгарстонцæ…

Уалдзæг ралæудтæй. Лæхъуæн бавналдта æ зæнхи гæппæл хумæ кæнунмæ. Уотемæй æй фæууидта еу гъæздуг лæг. Уомæн æ берæ галти ’хсæн еу æнахъæл гал адтæй. Аци лæхъуæни еу галæй хумæгæнгæ ку фæууидта, уæд æй хинцфарст ку ракæнидæ:

– Еу галæй хумæ кæнун дин зин нæй?..

Ци гъæуама загътайдæ æригон хумгæнæг, æ тухст уавæр уотемæй дæр бæрæг ку адтæй.

Гъæздуг лæг ин æ дзуапп дæр нæ бахизта, уотемæй ин рафæдзахста:

– Изæри мæмæ æрбауайæ æма дæмæ хуми рæстæги еу гал ратдзæнæн…

Изæригон, æ уалдзигон куститæ бакодта, уотемæй биццеу гъæздуги хæдзарæ  мæ бацудæй… Нæ зонæн, ци дзубанди сæмæ рауадæй хæдзари хецауи хæццæ, цæбæл бадзубанди кодтонцæ, уой – цидæр адтæй, уæддæр еци тургъæй æригон иуазæг рацудæй, гал си ратардта, уотемæй. Кæнгæ ба ракодта, мæнæ минкъий раздæр ци æзнæт гали кой искодтан, гъе уой. Дуккаг бон æй æхе гали хæццæ исефтигъта, æма уотемæй дууæ галемæй райдæдта хумæ кæнун. Гъæздуг лæги гал ин хъæбæр гъезæмæрттæ бавзарун кодта, фал æй уæддæр æртасун кодта.

Гъæздуг лæг уой ку фæууидта, уæд рагъуди кодта: «Аци лæхъуæн мин ме ’нæсæттон гал ку æрсабур кодта, кустбæл æй ку бафтудта, цæй æма ин мæ зийнадæгæнагæ кизги раттон, кæд уой дæр косунбæл исахур кæнидæ».

Лæхъуæнмæ бацудæй æма загъта:

– Цидæр æвзугъд лæхъуæн дæ. Изæри мæмæ дæ минæвæрттæ æрбарветæ æма дин мæ кизги раттон цардæмбалæн.

Будурæй сæхемæ ку ‘рбаздахтæй, уæд æ мадæн радзурдта, гъæздуг лæг ин ци загъта, уой хабар. Мадæ истухстæй, мах мæгур адæм ан, е махæн æ кизги кутемæй æма цæй цæстæмæ гæсгæ ратдзæнæй, уæдта еци гъæздуг бийнонтæмæ мæ зæронд дивилтæ уæледарæси куд бацæуон, зæгъгæ.

Фал ин уæддæр ци гæнæн адтæй, еугæр сæ кизги фидæ æхе цъухæй байагурдта, уæд ци рæуонæй гъæуама фæттилеф кодтайуонцæ. Æма изæригон мадæ гъæздуги хæдзарæмæ рараст æй. Фал сæ размæ ку исхъæрттæй, уæд уоми ба никки хъæбæрдæр сагъæсти бафтудæй, тухсуй, гъуди кæнуй, медæмæ сæмæ ци амæлæй бацæуа, уобæл.

Уалинмæ хæдзари хецау æхуæдæг æндæмæ ракастæй æма мæгур уоси ку рауидта, уæд æй рафарста, ка дæ æма дæ ци гъæуй, циуавæр гъуддаги фæдбæл æй де ‘рбацуд, зæгъгæ. Уосæ ин къæндзæстугæй загъта:

– Мæнæ мæ мæ биццеу æрбарвиста дæ кизги туххæй.

Дзубанди нæ даргъ кæндзинан, зæгъдзинан айдагъдæр уой, æма гъуддаг фæррæстмæ æйгъæздуг лæг равардта æ кизги мæгур лæхъуæнæн. Æма етæ дæр цардæнцæ, мадта ма син ци гæнæн адтæй… Уæлдайдæр ба – нæуæг киндзæн…

Цæветтонгæ, кизгæ ма е æ фиди хæдзари ку цардæй, уæд æгириддæр неци куста, уомæн æма æнæ уомæй дæр алцидæр, æ боцхаст зæрдæ цидæриддæр байагурдтайдæ, е ин адтæй. Æвæдзи, еци хузи цæруни зæрди адтæй æ нæуæг бийнонти ‘хсæн дæр. Æма фиццаг рæстæгути æгириддæр неци куста. Бийнонтæй ин уой туххæй уайдзæфтæ неке кодта. Фал хуæрунмæ финги сæргъи ку ‘рбадиуонцæ, уæд æй агоргæ дæр нæ бакæниуонцæ. Ке неци куста, уомæ гæсгæ ин хуæруйнаг дæр нæ лæвардтонцæ…

Еу бон ку адтæй, уæд киндзæ, уати ци къелабæл бадтæй, уой алливæрстæ цъилинæй расæрфтитæ кодта, æма ин уæд… минкъий къæбæри морæ равардтонцæ. Уæдта бабæй фулдæр цидæртæ ракуста æма ин æ къæбæри хай фæффулдæр кодтонцæ. Уæд кизгæ рагъуди кодта, зæгъгæ, анæмæ, æвæдзи, ку неци косай, уæд хуæруйнаг дæр нæ дæттунцæ. Æма райдæдта змæлун, архайун, косун. Рауадæй си æцæг хæдзардзин киндзæ.

Уæд дин еу уæхæни гъæздуг лæг ку исфæндæ кæнидæ, цæуон æма, дан, мæ кизги рабæрæг кæнон, куд цæруй, уой мæхе цæститæй фæууинон, зæгъгæ. Уогæ уой размæ дæр æй æ уосæ дæр æ разæй искодта, фæццо сæмæ æма сæ бабæрæг кæнæ, куд цæрунцæ, уой фæууинæ, зæгъгæ.

Æма рараст æй лæг æ кизги бæрæггæнæг. Æ кизги бийнонтæ куддæртæй æригъустонцæ, сæ нæуæг хæстæг сæмæ ке ’рцæудзæнæй, уой, æма сæхе цæттæ кодтонцæ е ’рбацудмæ.

Уалинмæ сæмæ гъæздуг лæг дæр æрбахъæрттæй. Æрбадун æй кодтонцæ кадгиндæр бунати. Бийнонтæ змæлунцæ, цидæриддæр гъудæй, уомæй фингæ рæвдзæ кæнунцæ. Иуазæгмæ е дессаг нæ кастæй, дессаги дессаг имæ е кастæй, æма кæддæри магоса кизгæбæл ци ‘рцудæй, е – куд фæззæгъунцæ, цæстæ дæр ибæл нæ хуæстæй, уотæ цурд архайдта зелæнгæнгути хæццæ. Фидæ бадуй æма дес кæнуй. Уалинмæ ин æ кизгæ къосидзаг бодæнтæ æ къохти фæссагъта:

– Мæнæ аци бодæнтæ ракæдзос кæнæ, ами ка нæ косуй, уомæн хуæруйнаг нæ дæттунцæ…

Гъæздуг лæг хабар балæдæрдтæй… Æма еци цийнæйдзагæй фæммийнасæ кодта æ сиахси хæдзари, уæдта райдзастæй æма æнæзæрдæдзоргæй рараст æй фæстæмæ сæхемæ…

*  *  *

Аци таурæхъ æримисгæй, уой зæгъуйнаг ан, æма сауæнгæ нæ рагфидтæлтæн дæр ахсгиаг адтæй, цæмæй кæстæртæ косунмæ тулаваст уонцæ, цæмæй сæхе фæллойнæй сæхе дарунгъон уонцæ. Уой фæдбæл ма уин уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан еума рагон таурæхъ.

Еу бонгин лæг æрсæйгæ ‘й æма абонти-исонти кодта.  Фал мæлун нæ фæразта. Æ фæсте ци берæ мулк байзайдзæнæй, е ци бауодзæнæй, уобæл адтæй æ тухст. Кæмæн æй уадза? Æ еунæг фуртæй æ зæрдæ нæ рохс кодта – магосайæй цæлуарзагæ, æ къох уазал дони некæд ниттулдта. Æма хуарзæн бун ма искæнæ, лæгъузæн бун ма ниууадзæ. Бадзурдта имæ æма ин уотæ:

– Биццеу, тæрсун, мæ бунтæ мин думгæмæ ку ниддарай, фæллойнæн аргъ кæнун нæ зонис. Исон цо æма дæ уоди номбæл сом бакосæ. Æма уæд æз æнæзæрдæдзоргæй рамæлдзæнæн, дæуæн ба – мæ мулк.

Дуккаг бон биццеу рацудæй сæ хæдзарæй. Хеерхæфсæн бунæтти ибæл бон райевгъудæй, уотемæй изæрæй сæхемæ æрбаздахтæй. Мадæ ‘й ревæдæй ку фæууидта, уæд ин еу гæгъæдин сом февардта, дæ фидæмæ ‘й бахæссæ, зæгъгæ.

Фидæ райста сом æма ‘й æнæдзоргæй арти багæлста. Фурт неци исдзурдта, уотемæй æндæмæ фæрраст æй. Фидæ æ фæсте рагъæр кодта:

– Аци сомбæл ду нæ бафудæбон кодтай, мæн дæ бакуст сом гъæуй! Исон æй æрбахæссæ.

Дуккаг бон дæр бабæй биццеу æ рæстæг æнцонæй рарвиста. Изæрæй æ фидæмæ бацудæй, æ мадæ бабæй ин ци сом равардта, уой хæццæ. Фидæ дæр бабæй æй арти багæлста.

Лæхъуæн сагъæси бахаудтæй, уотемæй мæ нæбал ниууадздзæнæй, зæгъгæ.

Æртиккаг бон сæумæраги кустагор рандæй. Кæми ‘й бакуста, куд æй бакуста, Хуцау æ зонæг, фал изæри фæлладæй еу соми хæццæ ‘рлæудтæй æ фиди размæ. Фидæ ин æ бони фæллойнæ райста, æ цæститæмæ ин æдзинæг никкастæй æма бабæй æй артмæ бадаргъ кодта. Лæхъуæн ибæл сирди хузæн æхе ниццавта, ци косис, бон-изæрмæ мæ хед кæбæл фæккалдтон, уой арти амæттаг цæмæн кæнис, зæгъгæ, æма ин сом æ къохæй раскъафта. Фидæ æ медбилти бахудтæй.