УАРЗТ ÆМА МАСТ
Терки хуæдбилгæрон лæууй минкъий уорс хæдзарæ. Æзнæт уолæнтæ имæ кæрæдзей сæрти хаугæ лæборунцæ. Фал дзæгъæли, ранихъуæрун æй нæ фæразунцæ æма æмбохгæ сæ над ракæнунцæ идарддæр. Хæдзари фæрстæбæл райзайунцæ сæ пурхæнтæ æма рæвдаугæ медбилти ходунцæ хори тунтæмæ, дони æнæзæрдæ миути туххæй хатир корæгау.
Терки уолæнти гъазтмæ къæразгæй нимдзаст æй æригон кизгæ. Устур сау цæститæ зудæй нихъуæрунцæ се ’знæт сæрбехъулæнттæ. Уоййасæ дестæгæнгæй сæмæ кæсуй, æма æ даргъ тасагæ æнгулдзитæбæл æ фæлмæн къæбæлдзуг дзиккотæ куд тохуй, уой, æвæдзи, лæдæргæ дæр нæ кæнуй.
– Ленæ! – зæгъгæ, цалдæр хатти бæргæ райгъустæй æндаг уатæй…
Фал æй кизгæ игъосгæ дæр нæ фæккæнидæ. Уомæ ’й нæ евдæлуй. Æ зунд æма æ зæрди сæнттæ уолæнти айдæни уинунцæ дессаги хузтæ. Æ зæрдæбæл æрбалæудтæнцæ цалдæр анзей размæ устур царди дуарæй куд резгæ бахизтæй, еци бæнттæ. Мадзора, æ алли загъдæй дæр æфсæрми кодта, адæймагмæ комкоммæ бакæсун дæр не ’ндиудта. Уотемæй æй артисткæ исун фæндадтæй! Нур фæцæнцæ ахури æнзтæ, æма райдæдта театри косун. Изæри фиццаг хатт дзилли размæ рахездзæнæй æ аййевадæ.
«Куд дессаг æма бæллеццаг æй артисти куст?! – гъуди кæнуй Ленæ. – Царди ци дæ, е ди бустæгидæр феронх уæд. Æнæ мардæрцудæй гъарæнгитæ кæнæ… Дæ зæрдæ хъурмæ ку кæна, уæддæр ходæ!.. Уотæ домуй артисти куст».
Æвваст фескъудæй гъудити халбид. Уолæнти зар æ гъостæбæл хъæбæрдæр рауадæй. Уотæ имæ фæккастæй, цума къæразгæ ’рбарæмугътонцæ æма уати тугур нуртæккæ исрæмодздзæнæнцæ, сæ гъæбеси ’й фæлмæн æрбатохдзæнæнцæ æма ’й фæххæсдзæнæнцæ денгизи тугъдадæмæ. Уолæн уолæни соруй… Еу гъуди инней æййевуй. Æвваст дони уорс барцæ фæффæлорс æй, идардæй-идарддæр кæнуй, æма се ’хсæнæй разиндтæй æвзугъд Олеко Дундичи сорæт. Таутиати Солæмани Олеко!.. Парахат медбилтихудт, рæвдаугæ дзубанди Гали хæццæ. Тар æрфгути бунæй мингай зæлтæй зарæгау ка худтæй уарзон кизги хæццæ дзоргæй, еци хъоппæгъ цæститæй ракалдæй масти цæхæр. Стайау æхе фехста, æма ма кизги гъостæбæл рауадæнцæ Олекой федар гъæлæси зæлтæ: «Размæ, æмбæлттæ, размæ!»
«Гъо, Солæман-Дундич знаги хæццæ тугъди арт æй, домбай, цæхæрцæстæ, Терки уолæнтау æзнæт, – гъуди кæнуй Ленæ. – Галяй хæццæ ба рæвдаугæ, сабур, фæлмæн, ходæндзæстæ æма парахат сабур денгизи уолæнтау. Дундич æзнæт хуæнхон дони уолæнти хузæн æй? Æма уæд Галя ба? Е ба гъæуама уа цъетей ирд сауæдонæ. Айнæги æфсæн къæйтæбæл скъæруй форди уолæнтæмæ æма ’й етæ сæ гъæбесмæ райсунцæ рæвдаугæ. Галя гъæуама хуæнхон сауæдонау фæлмæн æма райдзаст уа, гъæуама Дундичи домбай зæрди содзагæ уарзти арт уадза, гъæуама ин æ гъигæбæл гъигæ кæна, æ цийнæбæл ба – цийнæ. Галя æ рæсугъд уарзтæй Дундичбæл гъæуама базуртæ садза мæргъти хæццæ тæхунмæ, знаги хæццæ карз тохи ин æ тухæбæл тухæ æфтауа, æ домбай реу уарзондзийнади цæхæртæй æндонау исфица, цæмæй æ кард ма кæрда, нæмуг си ма хеза».
Уæхæн ихæс ин æ размæ æрæвардта режиссер, уæхæн уавæртæмæ амидин кæнуй Таутиати Солæман Лени.
Æризæр æй… Артисттæ искодтонцæ сæ уæледарæс… Еу дзæнгæрæг, дуккаг, æртиккаг… Æвæдзи, æма Лени зæрдæ æхе фæрстæбæл куд хуаста, уой балæдæрдтæй Солæман æма имæ медбилти бахудтæй. Кизги зæрдæ циуавæрдæр нифсæй байдзаг æй, кумæдæр фæллигъдæй тас, æндиуддзийнадæ æ къабæзти рагъазта.
Фæйнердæмæ фæццудæй æмбæрзæн… Райдæдта спектакль… Еу сценæ инней æййевуй… Ленæ æнæгъæнæй ранигъулдæй Гали царди тумугъти. Раргом æй кизги искурдиадæ, райгон æнцæ æ зæрди сосæгдзийнæдтæ.
Фæцæй спектакль… Тухгин къохæмдзæгъд… Деденгутæ… Кæдзосзæрдæ арфитæ кодтонцæ Ленæн æ фиццаг къахдзæфти туххæй æ ахургæнгутæ, хестæр артисттæ. Фиццаг къахдзæфтæ… Фæндарасти арфитæ… Кизги цийнæйдзаг сагъæстæ æма цæстисугтæ… Циуавæрдæр устур ихæс…
Еци бон ирон театрмæкæсгутæ базонгæ ’нцæ нæуæг искурдиадæгин артисткæ Туменати Лени хæццæ. Еци бонæй фæстæмæ, нур фондз æма инсæй анзи искурдиадæгин артисткæ æ зæрди цæхæрæй лæггадæ кæнуй дзиллитæн.
Фиццаг къахдзæф æнтæстгин рауадæй. Фал уой хигъд æ рази æрæвардта никки вазуггиндæр æма устурдæр ихæстæ: «Гъæуама мæ ахургæнгути, адæми фудæнгъæл ма фæккæнон».
Туменати Ленæ е ’ригон бонти ци сорæттæ исаразта, уони ’хсæн зингæ бунат ахæссуй Пæсæ. Ка нæ зонуй ирон адæмæй аци ном? Кизгæ æ кари бацæуй, æ рæсугъддзийнадæй уосгорти хуссæг идардмæ ку фæссоруй, æвзугъд лæхъуæни хъаурæбæл хъаурæ, æхсарæ æма нифс ку фефтауй, хуæнхаг фиййауи болæмæргъæ ку низзарун кæнуй, уæд æй фæххонунцæ Пæсæ.
Ка ’й Пæсæ? Уосгор æ ходæ æ цæститæбæл дæлæуæзæ ку хаста, киндздзон кизгæ æ медбилхудт, æ цъухи дзурд «æвгъау» ку кодта, еци дзамани Æрæдони седзæргæс силгоймаги хæдзари исæвзурдæй деденæг. Мадæ æхсæвæй-бонмæ æнгъæлмæ кастæй æ райрæзунмæ, цийнæй уагъта æ зæрди мæститæ, авдæнгъæдæбæл æнæхуссæг æхсæвтæ æрвиста. Райрæзтæй, адæми рæнгъæмæ рацудæй Пæсæ. Гъазти ’й фæууидтонцæ уосгор лæхъуæнтæ æма се ’нцойнæдзийнадæ фесавдæй, æхсæвæ сæ хуссæг нæбал ахæссуй. Уайунцæ уосгортæ хонхæй будурмæ. Алкедæр си фæндуй деденæг æ хæдзарæмæ фæххæссун. Гъо, фал еци деденæг æ берæ уосгортæй равзурста айдагъдæр еу – Хæдарцати Æхсарбеги.
Зæрдæ хевæндæ ’й. Æхсарбег кæд мæгур æй, уæддæр е ’фсармæ æма е ’гъдауæй басаста кизги зæрдæ æма си цæрæнбонтæмæ ахæстдонæ искодта.
Туменати Ленæ æхе хъæбæр арæхстгинæй равдиста аци дууæ ролеми лирикон артисткæй. Фал кæд Галя æма Пæсæ еу æгъдаубæл, гъома, уарзæгой кизгуттæ æнцæ, уæддæр сæ артисткæ еухузонæй нæ гъазта. Галя æ уарзтæй кодта нифсхастдæр, топпихуаси тæфæй нæ тарстæй, æ амонди сæрбæлтау, ку багъудайдæ, уæд мæлæт дæр райстайдæ.
Бустæги æндæр адæймаг æй Пæсæ. Е æй фæлмæн, æнæндиуд, ка ’й зонуй, æма гиризгæнагæ Цола, «сайтæнтти фæддзæгъдæн» Сæлимæт тох ку нæ исамадтайуонцæ Пæси амондбæл, уæд талингæ æгъдæутти амæттаг фæцайдæ.
Галя æма Пæсæ дзорæг æнцæ артисткæ лирикон сорæттæмæ дæсни ке арæхсуй, æ фадуæттæ аци æгъдауæй ирон театри æригон фæлтæртæн фæнзуйнаг ке ’нцæ æма сæбæл гъæуама ахур кæнонцæ.
Еувæрсуг нæй Лени исфæлдистадæ. Ци берæ рольти рагъазта, уонæй алкæмæн дæр адтæй æхе меддуйне, кæрæдземæй син ес æнцонæй рартасæн.
Никки бæрзонддæр исхизтæй Туменати Ленæ драматикон рольти гъазгæй. Сæ еугурей туххæй нæ дзордзинан, фал нæ цæстæ рахæссæн Лени гъазтбæл Хетæгкати Къостай «Фатимæ»-йи.
Цæйбæрцæ рæсугъд хуарæнтæ иссеруй артисткæ алли сценæбæл дæр. Наиби хæццæ – уарзон бæдолæ, уарзон кизгæ; Ибрагими хæццæ – царди æцæг æмбал; æ хъæболи хæццæ – уарзагæ мадæ. Мадæ?.. Гъо, нур артисткæ бацудæй агъазиау æма бæрнон ихæси. Ами фагæ нæй уарзон кизги æнкъарæнтæ равдесун. Æма артистки реуи райгъал æнцæ мади рæсугъд æнкъарæнтæ, еузæрдиуондзийнадæ æ цардæмбалмæ. Фатимæмæ уотæ кæсуй, цума æнæгъæнæ дуйнебæл уомæй амондгундæр нæййес, цума ’й хор иннæ адæмæй фулдæр тавуй. Фал æрцудæй агъазиау бæлах. Хорбони арв нигъгъæр кодта. Фæззиндтæй Джамболат. Цард æй феуурста, еугур дуйнебæл æ къох исиста æма ма имæ байзадæй хеуарзондзийнадæ. Фехалдта уарзон бийнонти цард. Рамардта Ибрагими. Хуæнхон сæгутау нирризтæй Фатимæ. Фæццудæй æ зунд. Е æ гъарæнгæй ниррезун кæнуй айнæг къæдзæхтæ, сæ цæстисуг æнæвгъауæй æркалунцæ æносон цъететæ, арауй хуæнхти мади зæрдихалæн кæун.
Уотæ Туменати Ленæ исхизтæй æ бæллеццаг нади уæлдæр къæпхæнмæ. Æ размæ ци устур æма вазуггин ихæс адтæй, е æ къохи бафтудæй, фæббæрзонддæр æй æ арæхстдзийнадæ.
Æма бабæй нæуæгæй размæ! Нæуæг исфæлдистадон фембæлдтитæ, нæуæг æма нæуæг адæмти хъисмæтæй цæруй Ленæ.
Туменати Лени исфæлдистади бæрзонддæр уæлиндзæй нуртæккæ фæлгæсунцæ дууæ домбай силгоймагей сорæти, – Медея æма Нинæ Инали кизгæ.
Еврипиди трагеди «Медея» кæд недзаманти финст æрцудæй, уæддæр абони уæнгæ æ ахедундзийнадæ нæ фæнниллæгдæр æй, нæ рахустæй æ зинг.
Ленæ, Медеи роли гъазгæй, исхизтæй трагедий уæлдæр къæпхæнтæй еуемæ. Уомæн ин устур агъаз бакодтонцæ æ фæлтæрддзийнадæ æма æ кари хъаурæ. Туменати Лени Медея æй хъаурæгин ниййерæг, никки хъаурæгиндæр ба ’й уарзæгой силгоймаг. Уомæн æ федар зæрди гъæбесæйхуæст ракодтонцæ мадæ æма адæймаг-силгоймаг.
Адæймаг-силгоймаг тох кæнуй, цæмæй æ рæсугъд æнкъарæнтæ гъазуйнаг ма исуонцæ æма фæууæлахез æй ниййерæгбæл. Агъазиау этикон фарста: силгоймаг æ гъудитæй, е ’нкъарæнтæй дæлдæр нæ лæууй, æма ’й дæлдæр ка кæнуй, уонæй æ маст райсуй æнæхатирæй, кæд æхе зæрди уедæгтæ рарæдовуй, уæддæр.
Бустæги æндæр хузи æвдесуй Ленæ Нинæ Инали кизги спектакль «Мади зæрди».
Фондз æма инсæй анзи артисткæ ци берæ фæрæзнитæ æма мадзæлттæй куста, фондз æма инсæй анзи ци берæ адæймæгути хъисмæттæ равдиста, уонæбæл, æвæдзи, æ цæстæ рахаста, æвзурста син сæ тæккæ ирддæртæ æма уони хæццæ æрлæудтæй лæгæй-лæгмæ Нинæ Инали кизги хæццæ.
Зин адтæй, уæхæн фæлмæнзæрдæ, фал федар силгоймаги сорæт исаразун. Туменати Ленæ драматикон хузи ци сорæттæ исаразта уонæн сæ хуæздæртæй еу æй Нинæ Инали кизгæ. Тугъд ин райста æ цардамонд. Æнафони седзæргæсæй исгъомбæл кодта æхе фурт Хъазбеги, æхе бæдоли хузæн уарзта æ кæнгæ биццеу Алексейи. Хуæрдæ æма сæ уæледарæсæй цох нæ уагъта. Дуккаг бæлах æрцудæй, мадæ, мæ зинтæн кæрон æрцудæй, зæгъгæ, ку загъта, уæд Хъазбег æ нецæййаг уоси сæр райста æма феронх кодта мади. Фал бабæй уæддæр фæразуй. Нæуæгæй бабæй æ уæлгъос æрбалæудтæй æнамонддзийнадæ. Алексейæн фæззиндтæй е ’цæг мадæ. Еуцæйбæрцæдæр æ гъудитæ никъкъехтæ ’нцæ, сæ райхалун æ бон нæй, фал бабæй ами дæр фæууæлахез æй адæймаг, агъазиау кæдзосзæрдæ.
Уæхæн арф психологон гургъахъ нæдтæбæл рацудæй силгоймаг æма æ сорæт некæд феронх уодзæнæй театрмæкæсгутæй. Нинæ ’й советон уодигъæдæй хайгин силгоймаг.
Туменати Ленæ нуртæккæ æй исфæлдистадон тухи, æ хор арви астæумæ иссудæй. Берæ рæсугъд тунтæ бауафдзæнæй нурма!
1965 анз.
БÆЦИАТИ Агудз (1934-2004) аййевадæртасуйнади кандидат, публицист