«ИУАЗÆГУАРЗАГÆ КАВКАЗАГ»
Болкъон æ цæстæ радардта гъæуи цæргутæбæл: фулдæр рацæргæ адæм… Мæтъæл, тарстхуз цæстингас син… Сæ фæсте лæуунцæ немуцаг æфсæддонтæ æд тохæнгæрзтæ… «Фæлмæндæр, ездондæр…» – æ меднимæр æхецæн дзоруй болкъон æма зæрдæлхæнæн гъæлæсиуагæй идарддæр кæнуй æ дзубанди:
– Мадта уин арфæ кæнун, мæ хъазар, мæ еубæстон адæм: фæййервæздзинайтæ уæ гъезæмæрттæй. Рагъуди кæнайтæ, кæддæр нæ фидтæлтæ адтæнцæ сæребарæ, сæ цардæн сæхуæдтæ унаффæгæнæг. Гъе уæдта нæхе бакодтан уруси дæлбарæ… Цуппар æма инсæй анзей дæргъи ба нин большевиктæ нæ цардæй исаразтонцæ фудæбæнттæ-фудæвзарæнтæ. Гъема фагæ фæууæд! Гъæуама нæхуæдтæ уæн нæ цардæн хецæуттæ! Еунæг уруссаг дæр нæбал! Зæнхæ байуардзинан нæ медастæу. Гъæуама раздахæн нæ рагон рæсугъд æгъдæуттæ. Гъæуама нин унаффæгæнæг ма уонцæ силгоймæгтæ æма, сæ билтæбæл æ мади æхсир кæмæн нæма басор æй, уæхæн кæстæртæ… Æз, дан, партион дæн, большевик! Фагæ фæууæд! Табу не ’Скæнæгæн, ковун дæр кæмæ нæ уагътонцæ, еци еунæг кадгин Хуцауæн, æ номбæл алли гъæуи дæр уодзæнæй ковæндонæ. Гъо, гъо, е уодзæнæй агъазиау райарæзт! Æцæг сæребарæ! Балæдæрæн еугур еци хабæрттæ, хуарз адæм… æма мабал кæнæн æведауцæ миутæ… Нецæмæн нæ гъæуй партизанти къуæрттæ, ардаугутæмæ ма игъосетæ! Мæнæ цидæр æнаккаг, æхе «иуазæгуарзагæ кавказаг хонуй», змæнтуй гъуддæгутæ, устур фидбилизтæ аразуй немуци æфсадæн. Бустæги дзæгъæли! Етæ еугурæй дæр æнцæ большевикти ардауæн миутæ нæ хуæрзгæнæг Гитлери нихмæ. Цæмæн? Е нин агъаз ку кæнуй! Федарæй нин зæрдæ ку æвæруй, æз, дан, ирон адæми нæ гъигæ дардзæнæн. Ирæнтти хæццæ, дан, еу тог, еу æстæг ан, ариаг рагфидтæлтæй игурд! Мадта фæййагъаз кæнæн нæ ервæзунгæнæгæн. Не ’нсувæртæн, хуарз адæм! Цæруни фадуат нин æрцудæй, нур, уæ хуарзæнхæй, цотæ уæ хæдзæрттæмæ, æнхæст кæнетæ нæуæг цардиуаги домæнтæ æма æнæмæтæй цæретæ!
Адæм æнæдзоргæй рахæлеу æнцæ. Алкедæр си архайдта тагъддæр æнæмастæй, æнæфидбилизæй æ хæдзарæ иссерунбæл. Фæзи ма байзадæнцæ комендант, гъæуихецау Болат. Етæ гъæуай кодтонцæ болкъони.
Болкъон лæудтæй еу туппури сæрбæл æма кастæй бунмæ, æ комкоммæ дæлвæзи ци устур гъæу æрæнцадæй, уомæ, растдæр зæгъгæй ба, рæзæ бæлæсти ’хсæн сæумон хори тунтæ кæбæл гъазтонцæ æма æ сæр идардмæ кæмæн æрттивта, еци дууæуæладзугон цъæхсæр хæдзаремæ. Еци хæдзарæ, уæдта æ алливарс зæнхитæ дæр кæддæр æ фиди адтæнцæ. Уоми райгурдæй, уоми рарвиста æ амондгун сабийбонтæ, уоми балæдæрдтæй царди фиццаг цийнитæ. Еци тургъи фиццаг хатт исæмбалдæй рæсугъд Гиданни хæццæ, æма æ зæрди иссугъдæй уарзондзийнади арт. Уоми исæмбалдæй æ ниви фиццаг уæззау фæлварæнтæбæл, æ фиди ин ку рамардтонцæ, уæд…
Гъо, гъо, еци æлгъистаг изæр си некæд иронх кодта æ гъезæмайраг царди уæззау нæдтæбæл, æ берæ рахау-бахаути. «Уæдта ин иронхгæнæн дæр нæййес, цалинмæ мæ тог нæ райсон, уæдмæ, – ирайуй æ маст. – Нур дæр ма мæ цæститæбæл уайуй, гъæуи гæвзуктæ нин нæ устур тургъæмæ куд æрбалæбурдтонцæ, е… Дæрæн кодтонцæ, састонцæ, хæлæф кодтонцæ æстонг берæгъти хузæн. Аллирдæмæ скъафтонцæ мæ фиди бунтæ æма сæмæ е дæр, ци миутæ кæнетæ, зæгъгæ, куд исдзурдта, уотæ ‘й еу цъамар… Мæхе еци лæгмармæ бæргæ багæлстон, фал мæ еуварс низзуввут кодта… Ард бахуардтон уæд, раги уа – æрæги уа, уæддæр иссердзæнæн мæ фиди марæги æма си мæ тог райсдзæнæн, зæгъгæ. Гъема ’й, æнгъæлдæн, иссирдтон… Цидæртæ ма фæббæлвурддæр кæнон, уæдта ибæл мæгур бон искодта!..»
Болкъони бабæй æ гъудитæ е ’взонги бæнттæмæ фæххастонцæ. Æвддæсанздзудæй рафтудæй фæсарæнтæмæ, æма æ бонгин ниййергути гъæбеси æнæмæтæ цард ка кодта, еци имонау хаст биццеу æнæнгъæлти зин уавæрти бахаудтæй: тухцæрдтитæ, уæззау куститæ. Еузагъдæй, мæгури сау бæнттæ… Æ мастбæл маст æфтудæй, æма еци æгади уавæрæй фæййервæзуни сæрбæлтау цæттæ адтæй алцæмæ дæр.
Уотемæй æнзтæ цудæнцæ. Туркæй бафтудæй Германимæ. Уалинмæ си Гитлер ку фæззиндтæй, уæд барвæндонæй бацудæй, е ци æфхуæрæг къуæрттæ аразта, уонæй еуемæ. Райдæдта – раст æй æви зулун æй, уой не ’взаргæй, æ бон кæбæлдæр цудæй, уонæн сæ еугуремæй дæр æ мæститæ есун æма си рауадæй тогмондаг лæгмар. Нур мæнæ лæууй æ фидиуæзæги къæсæрбæл Гитлери æфсади болкъони цини.
Еци рæстæг гъæунги бекъæй æрбазиндтæй æхгæд машинæ æма си гъæубæстæбæл райгъустæй:
– Ахтунг!.. Ахтунг!.. Немуци æфсади командæкæнуйнадæ фæстаг хатт игъосун кæнуй: фюрери æфсæддонтæй ма бунæттон адæми къохæй ка фæммард уа, уонæй алке сæрмæ дæр æхст æрцæудзæнæй гъæуи цæргутæй фондз æма инсæй адæймаги!.. Ахтунг!.. Ахтунг!..
Немуцаг æхгæд машинæ райевгъудæй гъæуи кæройнаг гъæунгæбæл æма фæййаууон æй.
«Нæ-æ, фондз æма инсæйгæйттæй тагъд не ’сæскъундзæнæй сæ муггаг, – гъуди кæнуй болкъон гъæугæрони ’рдæмæ кæсгæй. – Фал бахезетæ! Æз уæ исахур кæндзæнæн! Тæрсгæ-резгæй цæрдзинайтæ, куйтæ! Æз, айдагъдæр æз, гъæуама уон аци бæсти хецау! Æма си дуккагæн бунат нæййес, господа коммунисттæ! Æз уин истондзæнæн уæ муггаг, уæ уедагæ! Гъæуама уæ феронх кæнонцæ адæм! Бустæгидæр! Ке нæ бафæндæуа, уони ба цæгъдгæ, ауиндзгæ æфсæйнаг къæндзутæбæл, косæрттаг ауиндзуни хузæн! Фал уой фæстæдæр. Нур ба бал сабургай… Фæлмæн дзурд, зæрдæвæрæнтæ… Гъæуама мин маке балæдæра ме ’цæг фæндитæ, мæ сосæг унаффитæ…»
Сабургай разилдæй, æдзинæг никкастæй, бæрзонд уæйугтæарæзт, даргъ закъæгин лæгмæ – гъæуихецау Болатмæ. «Цæмæдæр гæсгæ имæ æ зæрдæ къæпп кæнуй. Ци кустгæнæг адтæй раздæр? Кæми ма ’й фæууидтон, бæзгин æрфгути бунæй ка кæсуй æма адæймаги бауæри иннердæмæ ка хезуй, еци цъæх цæститæ? Цæмæн æй гъæуй еци даргъ закъæ? Е æй æви нæ?..» Берæ уæхæн гурусхитæ æвзуруй болкъони зæрди сæ фиццаг фембæлдæй нурмæ. Уæдта айдагъ æхе зæрди нæ… Ихæслæвæрд ес, кæмæн æнгъезуй, уонæн… Гъæуама ин тæккæ аци бон фегъосун кæнонцæ бæлвурд хабар…
Болкъонмæ цалдæр къахдзæфи бакодта комендант æма гъæуихецауи ’рдæмæ е ’рфгути бунæй кæсгæй загъта:
– Æндæрæбонтæ Сурх Æфсади над ралух кæнунмæ ци дууæ дивизий рарвистан, уони ниддæрæн кодтонцæ урус, нисангонд бунатмæ дæр нæ бахъæрттæнцæ, уотемæй. Коминарæги сæ надбæл бахизтонцæ æма сæ ниххафтонцæ. Цæмæй базудтонцæ, не ’фсæддон хæйттæ кæд æма кæбæлти цæудзæнæнцæ, уой? Ка нин уæйæ кæнуй нæ тугъдон сосæгдзийнæдтæ? Ка рамардта инæлар фон Клебси? Сумах ку фæрсун æз? Ка æй, нæ фиййи бунмæ немуцæн уæхæн устур бæлæхтæ ка аразуй, еци «иуазæгуарзагæ кавказаг»?
– Агорæн æй, господин болкъон! – цубур дзуапп равардта комендант.
– Лæгъуз æй агоретæ, майор! Æвæдзи нæ багъæудзæнæй агъаз ракорун гестапо кенæ абверæй, – загъта болкъон æма гурусхæгæнгæй бакастæй Болатмæ. – Гъæуихецау дæр нæмæ бæргæ ес…
– Мах дæр архайæн, дæ бæрзонддзийнадæ! – æнæбаригомау загъта гъæуихецау.
– Уинун æй, куд архайетæ, уой! – уайдзæфгæнæгау цæхгæр ралух кодта болкъон æма гъæуи ’рдæмæ фæрраст æй.
Æ фæдбæл цубур къахдзæфтæй фæннæхстæр æй дæлæмæдзуд, тумбултæарæзт комендант, архайуй æ фарсмæ цæунбæл: уæд æ рахес фарс февзуруй, уæд æ галеуæрдигæй. Уонæй дзæвгарæ фæстæдæр, æ сæр æ кæрци æфцæкъуати римæхсгæй, æ къохтæ æ дзиппити нитътъунсгæй, уæззау къахдзæфтæй цæуй Болат. Еуварсæй кæсгæй уотæ зиннуй, цума аци тарæрфуг цæугæй дæр фунæй кæнуй, цума ’й æгириддæр неке æма неци тавуй, сауæнгæ имæ тугъд дæр нæ гъаруй, зæгъгæ. Фал е зингæ уотæ кæнуй. Æцæгæй ба æй фат фехсунæрвонг саздахъи хузæн. Берæ сагъæстæ, берæ гъуддæгутæ ес гъæуихецауæн. Фал уонæй минкъийдæр маст, минкъийдæр сагъæс ба нæй, барвæндонæй æхебæл фашистти фæсдзæуини мæнгæцæсгон ка бакодта, æнæсцохæй карди комбæл ка цæуй, еци Болатмæ дæр. Цæветтонгæ, дуккаг бастдарæг рарветун гъæуй ахсгиаг хабари хæццæ… «Иуазгутæ», – уотæ худта фæсномугæй партизанти, – гъæуама Сор адагæмæ фæззиннонцæ фæсæмбесæхсæвæ дууæ сахаттебæл. Уордигæй ба…»
– Господин гъæуихецау! – фескъудта ин æ гъудитæ болкъон.
– Игъосун, дæ бæрзонддзийнадæ!
– Дзæбæх бацæттæ кæнетæ. Абони нæмæ дессаги иуазгутæ уодзæнæй æма, цидæриддæр гъæуй, уой тæккæ хуæздæр хузи бацæттæ кæнетæ!..
Болатæн æ бауæр рауазал æй: «Циуавæр «иуазгутæ»? Æнæргъудийæй исхаудтæй æ цъухæй еци дзурд, æви… мæн «иуазгути» кой кæнунцæ?..»
Болкъон æ дзубанди фæббæлвурддæр кодта:
– Ахсæви мин устур бæрæгбон уодзæнæй!.. Гъæуама фембæлон мæ рагон æмбæлтти хæццæ.
Болат батухстæй, мæ рагон æмбæлтти хæццæ, зæгъгæ, ку загъта, уæд имæ комкоммæ ке никкастæй, уомæй.
«Гæрр, базудта мæ? Æцæг, абони нæ! Нæ гъуддаг нин ма фехалæнтæ абони. Рагæй имæ цæттæ кодтан нæхе…» – æ медсагъæс нецæмæй равдиста, уотемæй еци æнæмæтæхузæй дзуапп равардта:
– Игъосун, дæ бæрзонддзийнадæ!
* * *
Æмбесæхсæвæ. Хъæбæр игъæлдзæг æй болкъон, рохс æй æ зæрдæ, æхецæй боз æй. Алцидæр гъæугæ уагæбæл цæуй, куддæриддæр æй фæндуй, уотæ. Мадта афонæ æй, æвæдзи, æ фæнди сæйрагдæр хаймæ бавналунæн. Бакастæй комендантмæ, æ цæстæ радардта иуазгутæбæл, еу хатт ма секгæнгæй бакастæй Болатмæ æма исистадæй, æ ниуазæн æ къохи, уотемæй.
– Господа! Æз уæ æрбахудтон мæ бæрæгбонмæ, мæ цæргæ-цæрæнбонти кæмæ фæббæлдтæн, еци цийнæдзийнадæмæ! Гъæуама фæууинайтæ, мæ рагон æмбæлтти хæццæ куд фембæлдзæнæн, уой. Еци фембæлд мæ, кæдæй-уæдæй, фæййервæзун кæндзæнæй мæ гурусхæй, мæ берæ æнзти æнгъæлмæкастæй! Мадта мин барæ раттетæ æма уæ базонгæ кæнон… Уотæ зæгъгæй, болкъон нигъгъос æй æма еуцæйбæрцæдæр сабурæй ралæудтæй, фæндадтæй æй æ устур цийни усмæ фæддаргъдæр кæнун. Ниуæзтгун иуазгутæ цæмæдесæй кастæнцæ кæрæдземæ, архайдтонцæ се ’хсæн болкъони сосæг æмбали иссерунбæл. Уæдмæ болкъон нæуæгæй дзорун байдæдта.
– Мæ рагон æмбал, коммунист Хъараманти Бей-Болат! Нæ хъазар гъæуихецау, сосæггай ба нæ нихмæ тохгæнæг, не ’знæгти цъуххæссæг, сæ раздзæуæг! – устур уæлахези хабар игъосунгæнæгау дзурдта болкъон, хæлеугъæлæсæй имæ игъосгæй ка байзадæй, æ еци иуазгутæн.
Æхебæл федар хуæстæй Болат. Нецæмæй равдиста нæдæр æ тухст, нæдæр æ тарст. Змæлгæ дæр нæ фæккодта, нæ фехалдта æ бадт. Сабургай æ цæстингас рахаста уатбæл, иуазæг афицертæбæл, æ медбилти бахудтæй, æ усхъитæ базмæлун кодта:
– Дæ бæрзонддзийнадæ, цæмæн гъæуй гъазæн дзубандитæ кæнун?
– Е гъазæн дзубанди нæй. Устур хатир корун, фал дин, æнгъæлдæн, дæ унаффитæ фехалдтон, Болат. Партизантæмæ ма ’нгъæлмæ кæсæ абони. Де ’рвист лæг сæмæ нæ бахъæрдтæй, мæгурæг, – мæстæймарæгау загъта болкъон.
– Нæ дæ лæдæрун, болкъон…
– Хъæбæр зин мин æй. Уæхæн ездон лæг, уæхæн «иуазæгуарзагæ кавказаг» æма нæ лæдæруй æ номдзуд иуазгути историон ихæс, – болкъон уæлдай гъæрдæрæй загъта, «иуазæгуарзагæ кавказаг», зæгъгæ, æма бабæй æ цæстæ радардта æ иуазгутæбæл.
Болат исистадæй. Уайтæккæ æ размæ февзурдæй комендант æма имæ дамбаца фæддардта:
– Дæ къохтæ!
Иуазæг афицертæй дæр кадæртæ фæллæбурдтонцæ сæ тохæнгæрзтæмæ. Болатмæ радеголæ кодтонцæ, фал е хуарз зудта, кумæ ци хæссун гъæуй, уой.
– Сабур, сабур, господа! Исбадетæ, – загъта болкъон æма идарддæр кодта æ дзубанди. – Уæ бæлах дæр гъе уой медæгæ æй æма берæ цидæртæ нæ лæдæретæ. Уотемæй син уæхæн «лæггæдтæ» кæнетæ – æ дзиппæй исиста цалдæр гæгъæдий гæбази æма сæ кезугай кæсуй. – Рамардтай инæлар Клебси æма ниууагътай финстæг: «Е бал уин æмбæлæггаг. Идарддæр дæр уотæ уодзæнæй. «Иуазæгуарзагæ кавказаг». Исрæмугътай тохæнгæрзти скълад æма бабæй «финстæг» ниууагътай: «А ба уин нæуæг æгъдау æвæрæггаг. «Иуазæгуарзагæ кавказаг». Цалдæр лæгемæн исаразтай ахæстдонæй раледзуни фадуат. Æма бабæй финстæг… Берæ æнцæ, хъæбæр берæ дæ фудракæндтитæ…
Болкъон æхецæй боз уогæй разилдæй æ иуазгутæмæ:
– Сæ еугурей нæ нимайдзæнæн, зонетæ сæ уæхуæдтæ. Нур ба… Арфæ уин кæнун, господа, ке нæмæ ’рбацудайтæ, уой туххæй. Æхцæуæн мин адтæй уæ фæууинун, нур мин бахатир кæнетæ, нæ мæ евдæлуй…
Иуазгутæ нурмæ дæр агурдтонцæ ести рæуонæ аци æнæбари «иуазæгуатæй» фæййервæзуни фадуат. Нур син гæнæн ку фæцæй, уæд æхцæуæнæй хуæрзæхсæвæ загътонцæ фусунæн æма уайтæккæ фендæдуар æнцæ. Уати ма байзадæнцæ комендант æма Болат.
– Герр комендант! Гъæуайгæнгутæ сæ бунæтти ’нцæ? – болкъон комендантмæ бакастæй.
– Гъо, господин болкъон!
– Мæнæ ма радзубанди кæнон æ хæццæ, уæдта æй… ракæнетæ, кумæ уин загътон, уордæмæ. Æцæг, æнæ ’вдесæнтæй, æнæ хæлхъойæй. Цо!..
– Игъосун! – комендант рандæй.
Болат хуарз зудта, «æнæ ’вдесæнтæй», «æнæ хæлхъойæй» куд фæккæнунцæ, уой. Айразмæ Дзæгойти Мусси дæр уотæ ранигæдтонцæ уодæгасæй фæсгъæу рагон къирсодзæни. Иннæ уæхæн Елмæрзай фурт Михал… Мадта е дæр… Æ цæститæбæл рауадæнцæ æ партизан æмбæлттæ. Ехх, æ уавæр ин ку зониуонцæ, уæд ма, ка ’й зонуй… Рамæлун дессаг нæй, фал куд уодзæнæнцæ æ бийнонтæ ба?.. Æ фæлмæнзæрдæ цардæмбал Мисурхан… Биццеуи фесæфт си баримахстон… Кæмидæр, мæгурæг, тугъди будури байзадæй, ка ’й зонуй, æнæ нигæдæй… Ку ’й базона, уæд æ еци зиндзийнадæн нæ бафæраздзæнæй… Никки ма аци хабар… Нæ, нæ сæ бауорамдзæнæй æ рист зæрдæ… Мæтъæл гъудитæ исхæлæмулæ ’нцæ Болати сæри. Мæнæ æ цæститæбæл рауадæй æ кизгæ Зæлинæ. Абони сæумæй сæхецæй ку рацудæй, уæд дуари рази къелабæл лæудтæй æма имæ æ минкъий гоккитæ ивазта: «Дада, гæбо…» – гъома, дæ гъæбесмæ мæ исесæ, зæгъгæ… «Ниххатир мин кæнæ, дадай минкъий хор…» – нийнæфтæй Болат æ меднимæр…
– Æвæдзи, лæдæрис, – цума кæцæйдæр идардæй æрбайгъустæй болкъони дзурд, уотæ фæккастæй Болатмæ. – Мæнæн мæ бон æй дæу æнæфæстæмæ фæккæсгæй багæрах кæнун. Нуртæккæ, мæнæ ами… Тугъд… Фал рагæй бæлдтæн аци фембæлдмæ æма мæ фæндуй цидæртæ дæхе цъухæй фегъосун, дæ еуæй-еу гъуддæгутæ хуæздæр балæдæрун…
– Мæ нивæ мин фенцондæр кæнун, нæ? Игъосай! Уæхæн дзубандитæй ке æлхæнай, æз еци сувæллæнттæй нæ дæн, – æ маст рафунхтæй Болатæн.
– Нæ дæ. Ду нуртæккæ дæ еу къахæй цирти лæууис, æма дин не ’нгъезуй уæхæн карз цъухæй дзорун.
Болкъони зæрдæбæл бабæй æрбалæудтæнцæ æ рагон мæститæ. Æ мадæ, æ фидæ, æ гъезæмæрттæ… Æнæуой ба сæ кæд иронх кодта? Фал ин нур æ тоггини уиндæ уæлдай хъæбæрдæр фæррæхуста æ зæрдæ. Гъæуама аци цъамарæн æ уодæй рагъаза, гъæуама ин расæтта æ нифс, æ сæрустурдзийнадæ æма си бауадза тас. Гъо, гъо, тас!..
– Мадта радзубанди кæнæн, æцæг – æргомæй. Æви мæ нæбал базудтай, Болат?
Неци исдзурдта Болат. Е хуарз лæдæрдтæй уой, æма цийфæнди хе багъæуайгæнæн дзубандитæй дæр нецибал рауайдзæнæй, фал æ меднимæр ба уæддæр исфæндæ кодта рæстæгсайæнæн дзубанди райеудагъ кæнун, кæдимайди ба ма æ дуккаг æрвист лæг партизантæмæ ести хузи бахъæрдтæй, зæгъгæ.
– Гъай-гъай, берæ рæстæг рацудæй уæдæй нурмæ. Инсæй анземæй фулдæр, фал мæнæй неци феронх æй æгириддæр. Нæбал æй гъуди кæнис, нæудæсæймаг анзи æхе тургъи ци зæронд лæги рамардтай… æгъатир мард?.. Е мæ фидæ адтæй, мæгурæг…
– Зонун æй. Раги дæбæл фæссекк дæн. Уæ кæддæри хæдзари алливарс æгæр ахид ку зилдтæ, уæд…
– Æма цæмæннæ нæ фæллигъдтæ? Цæбæл дардтай дæ зæрдæ?
– Байрæги æй… Уæдта… Мæ бунат ами адтæй. Дæ «мæгур» фидæ ба… Мæхе уæд ку нæ фæссайдтайнæ æма ин е ’хсаргард æ къохæй ку нæ байстайнæ, уæд мин мæхе сæрмæ гъавта. Ци гæнæн ма мин адтæй…
– Дæхебæл фæххуæстайсæ! Хестæр адтæй, номдзуд лæг, ездон… Мæ бон уин неци адтæй – æгæр æригон ма адтæн… Айдагъдæр ма фурмæстæй кудтæн æма Хуцауæн лигъстæ кодтон, цæмæй мин ескæд ратта мæ тог райсуни равгæ.
– Æз дæр раст гъе уотæ кудтæн, мæ дæндæгутæй мæ къохтæмæ лæбурдтон, дæ «ездон» фидæ мин мæ седзæргæс мади æхецæй ку ’лгъиста, уæдта ’й æхсæй ку ниццавта, уæд. Æхсæй!.. Силгоймаги!.. Мæ ихуæрст, дан, æй!
– Æ ихуæрст! Балæдæрдтæ?! Æ бон ибæл цудæй! Ду ба? Абæргути раздзæуæг! Балæбурдтайтæ кедæр тургъæмæ, балæбурдтайтæ кедæр мулкмæ – тухесæ, тухрæмугъд, скъæфгæ, римæхсгæ… Æма ци? Батадæнцæ уин? Нæ! Фæстæмæ сæ рахæссетæ! Уæдта атитæ-уотитæ дæр нæ! Карст æма барстæй! Ке никъкъаппæ-къуппитæ кодтайтæ, етæ сæ бунати куд уонцæ, уотæ! Æз уин сæ уæ уодтæй исласдзæнæн, цъамартæ! Ду ба… Уæддæр цардæзмæнтæг адтæ æма нур дæр! Исафуйнаг уæддæр æма нур дæр! Уогæ Сталини бæдæлттæ сæ еугурдæр исафуйнаг æнцæ!
– Сталини кой ма кæнæ, æ ном дæ цъухи нæ федауй.
– Æма уин ци равардта Сталин? Кæми æй, зæрдæ уин кæмæй байвардта, еци амондгун цард? Кенæ, тагъд-тагъд райаразунмæ ке гъавтайтæ, еци рохс исонибон? Мæнæ уæ колхозтæ?
– Гъо, фиццаг бал колхозтæ. Айдагъдæр колхозти фæрци бафтуйдзæнæй нæ къохти бæркадгин цард исаразун, нæ паддзахади хъаурæ фæффедар кæнун.
– Мæнгæттæ дзубандитæ! Фидæй-фуртмæ æ цардиуагæ исæвæрун ка нæ базудта, фал нур сæ даргъ æвзæгтæ, сæ бæзгин цæсгон æма се ’дзæсгон миути фæрци царди хецæуттæ ка иссæй, уони унаффитæ! Берæ бæститæбæл фæззилдтæн æма некæд некæми фæууидтон «рæсугъд исонибонмæ» туххæйти тæргæ: «Ниххатир кæнæ, мæ дзæбæх синхаг, рауайæ нæмæ, дæ хуарзæнхæй, дæ «рохс исонибони» сæрбæлтау бал дин абони дæ тог раниуазæн. Нæ дæ фæндуй? Мадта дæ фæллойнæ – еумæйаг къæбецмæ, дæхуæдæг ба – фæндараст… Сибирмæ кенæ ахæстдонæмæ! Сæ хуæздæрти ба – æхсгæ…»
Болкъон лæдæргæ дæр нæ бакодта, Болати алливарс мæстæй цæхæртæ калгæ куд зелдох кодта, уой.
– Æндæр ма уин ци равардта Сталин? – æнæнвæрсонхузæй бакастæй Болатмæ. – Мæгур уæ бон, уæддæр еу хузæнон бæстихай ку исаразтайдæ уæддæр æхецæн кенæ ба уæддæр уæ кустуæттæн. Еу кæлæццаг кæркдони цардтæ, нур ба далæ Гуцирити Боскай цъæхсæртæ æрахæстай. Цæмæн? Мæ фиди хæдзари исаразтайтæ нæуæгдзаути уæсдонæ. Цæмæн? Горæгати Гæбулий хæдзари – скъола, Гæдзойти хæдзари – колхози разамунд, Мæхæмæти хæдзари – тукан, иннæ рауæн – почтæ, мæзгит ба тæхгæ миститæй байдзаг æй… Гъе, е ба уин Сталин! Ести ма зæгъис?
– Гъо, зæгъун. Нæма мæ райевдалдæй. Берæ бæлæхтæн бафæразтонцæ нæ сæртæ. Тугъдтитæ, стонг æнзтæ, æргом æма сосæг знæгти æверхъау миутæ… Бафæразтонцæ адæм, бафæразта парти! Уомæн æма æ сæргъи лæудтæй Сталин!
– «Бафæразтонцæ адæм», – рафæнзта æй болкъон,– нур дæр фæразунцæ. Гъо, фал кæдмæ? Сталин дзиуиттæгти хæццæ исаразта агъазиау цъарæстъегъæн фæрæзнæ, уæ рагъи исбадтæнцæ æма син хафетæ. Етæ ба уæ сайунцæ, стъегъунцæ, марунцæ…
– Æнæрцæф дзурдтæ! Е нæ сумах гъаветæ бастъегъунмæ, фесафунмæ… Мæнæ дæу фæндуй Иристони хецау ун. Адæми мæтæ кæнис? Куд нæ! Дæу гъæуй бæрзонд бунат, гъæздугдзийнадæ, тухæ фæсдзæуинттæ. Дæ козбаугæнгутæ дæ разæй уайунцæ, дæ цъухмæ дин кæсунцæ, дæ цæстингас дин ахæссунцæ, дæ фæууинунмæ кæрæдзей сæрти хаунцæ… Уотемæй ба ди сæ уодхæссæг уинунцæ, фал ду хецау дæ! Дæу бафæндадтæй – уæд лæг цæруй, нæ дæ фæндуй – уæдта хуæрзбон зæгъæд æ цардæн. Æма дин, фæндæуа-нæфæндæуа, сæ сæртæй ниллæг ковунцæ… Ка нин дæ, ци нин дæ? Кæцæй нæмæ æрхаудтæ? Æргом дзубанди агурдтай æма дин æй зæгъун: нæ нæ гъæуис! Ду дæр æма дæ фæсдзæуинттæ дæр! Рабурдæнцæ сæ цъæсгитæй, кæми ци абæрæг, кæми ци лæгмар æма давæг адтæй, етæ æма фæллæбурдтонцæ нæуæг уагæвæрд, нæуæг цард аразунмæ. Беретæ си бæрзонд бунæттæ дæр ахæстонцæ. Мæнгæцæсгæнттæ бакодтонцæ, уæдта æнай-æнойти къæссавæлдæхт фæцæнцæ, æма, уал анзи сæ рони римæхстæй ци кард фæддардтонцæ, уой нин нæ фæсонти ниссагътонцæ, мæгур нæ адтæй еци паддзахадæ? Адтæй! Фал уæддæр нæ фæккиудтæй. Уомæн æма æ сæргъи лæудтæй Сталин! Нур дæр уотæ уодзæнæй, болкъон! Ракæсай тургъæмæ, – къæразгæмæ райамудта Болат, – уартæ еци мет уинис? Тагъд ратайдзæнæй! Сумах дæр уотæ æрбайсæфдзинайтæ.
– Гъо, фал бабæй иннæ анз фæззиндзинан.
– Гъо, уой фæууиндзинан, фал сумах – нæбал! Нæ-æ! Тухæгæнæгæн махмæ бунат нæййес! Æвдесæнтæ? Сталинград, Владикавказ, Мæздæг!.. Æма ма никки берæ æндæр сахартæ! Айдагъ дæхуæдæг нæ, фал ма ’й дæ кæрæй-кæройнæгтæ дæр зондзæнæнцæ, коммунист ка æй, уой!
Уалинмæ гъæугæронæй æрбайгъустæй автоматтæ æма пулеметти къæр-къæр. Ниййазæлдæнцæ гранатти исрæмугъдтитæ æма сæ идард кæмидæр рафæнзтонцæ хуæнхтæ, цума син агъаз кодтонцæ, уой хузæн.
– Бахъæрттæй сæмæ мæ бастдарæг! – бацийнæ кодта Болат.
Болкъон къехæй райзадæй, æхе ку ’рлæдæрдтæй, уæдта бауадæй къæразгæ ’рдæмæ, фал талинги неци рауидта. «Мæ къохтæ мин нæ ниббастонцæ», – ферттивта Болати сæри.
– Хъæбæр хуарз! Мадта уæд уотæ, куййæй ка райгурдæй, е! Кæд мæлгæ, уæд ду дæр мæ хæццæ!
Болкъон цæхгæр фæззилдæй, дамбацамæ фæллæбурдта, фал имæ уæдмæ Болат æхе багæлста, æ устур къохтæй ин æ хорх райахæста æма ибæл ниддæвдæг æй.
Уалинмæ райгъустæй, фудголти зæрдити æгæрон тас ка уагъта, еци партизанти «Ур-а-а!»
ТЕМИРАТИ Давид(1924-2007) драматург, финсæг, актер
1971 анз.