ИНÆЛАРÆН ЗÆРДÆБÆЛДАРÆН – АЛÆМÆТИ БÆХ!..
«6-я армия временно окружена русскими… Армия может поверить мне, что я сделаю все от меня зависящее для ее снабжения и своевременного деблокирования. Я знаю храбрую 6-ю армию и ее командующего и уверен, что она выполнит свой долг.
Адольф Гитлер».
Дуйней ка некæдма арæзт æрцудæй, еци устур дессаги операций фиццаг хай – немуцаг æфсæдти фронт Сталингради рази æ астæубæл рахаун кæнун, æма сæбæл уотемæй æртеголæ уни пълан исæнхæст æй: æртеголæ дуар æрæхгæдтонцæ советон дууæ фронтей раззагдæр хæйттæ. Тæккæ разæй æмпурстонцæ цæгатæрдигæй нæ танкити 4-аг æма кавалерий 3-аг гвардион корпустæ фестæг æфсæдти агъазæй, хонсарæрдигæй ба тундзтæй нæ 4-аг механизацигонд корпус.
Дони уæллаг фарсмæ 24 ноябри 1942 анзи пурхæнтæгондæй тард æрцудæй знаги 11-аг æфсæддон корпус. Советон æма Калачи районти байеу æнцæ, кæрæдзей къохтæ райстонцæ Сурх Æфсади дууæ фронтей раззагдæр æфсæддон хæйтти тугъдонтæ. Уотемæй Гитлери дууæ æма инсæй дивизий, уæдта ма æ 6-аг будуйрон 160 хаййи æма 4-аг танкон æфсæдти хецæн хæйттæ дæр Сталинградбæл тохгæнæг Сурх Æфсад батардта æртеголи. Уордæмæ тард ка не ’рцудæй знаги æфсæдтæй, етæ ба пурхæгонд цудæнцæ цæугæдæнттæ Волгæ æма Дони астæу итигъд будурти. «Еу æртеголи – 22 дивизий! Е дин æртеголæ!» – сæ фурцийнæй дестæ кодтонцæ Сталингради тохгæнæг бæгъатæртæ. Нæ тугъдтонтæ Гитлери айуангæнгæй, уотæ фæнзтонцæ: «Потерял я колечко под Сталинградом, а в колечке том – двадцать две дивизии…»
Афонæ адтæй, бæхгин гвардий корпус аци операций ци нæдтæбæл рацудæй æма æ ихæстæ куд æнхæст кодта, уобæл æрдзубанди кæнун. Уотæ фæндадтæй Сурх Æфсади Генералон штабæй корпусмæ гъосдаруни туххæй æрвист афицерти дæр.
Уолæфуни рæстæг корпуси командир æ штабмæ изæригон æрбамбурд кодта дивизити командирти æма оперативон кустгæнæг афицерти. Еугурæйдæр адтæнцæ фæллад æма æнæхуссæг, фал зæрдрохс сæ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдтæй.
Плий-фурт фиццаг дзурди барæ равардта Генштабæй æрвист афицерæн. Болкъон П.И. Крикунов æ дзубанди райдæдта уотæ:
– Мæ хестæртæ мин бабарæ кодтонцæ сæ номæй сумахæн зæрдиаг арфæ ракæнун уæ æведуйгæ уæлахездзийнæдти туххæй. Æма хъæбæр æхцæуæнæй æнхæст кæнун мæ хестæрти фæдзæхст… Генералон штаб уæ гвардион корпуси Сталинградбæл тугъдтити архайдæн искодта мæнæ ауæхæн аргъ: «Бæхгин æфсади 3-аг гвардион корпус район Голубинскийи – Б. Набатов – Евлампиевскийи ке байста, уæдта 4-аг танкон корпуси хæйттæ сахар Калачи ке æрфедар æнцæ, е ’знаги сталинградаг къуари фæххецæн кодта, Сталингради нигулæн æрдигæй ка тох кодта, знаги еци æфсадæй æма еци гъуддаг адтæй æ ахедундзийнадæмæ гæсгæ Паулюси къуарбæл оперативон æртухсти кæрон».
Фæстаг загъд «завершением окружения группы Паулюса» болкъон бакастæй уæлдай зæрдиагдæрæй, уæдта æ цæстингас рахаста командиртæбæл æма, сæ цæсгæнттæ цийнæдзийнадæй куд ниррохс æнцæ, уой æрæстæфгæй, уæд никки игъæлдзæгдæрæй загъта:
– Сталинградбæл æверхъау æма зæнхæбæл ка некæдма ’рцудæй, уæхæн тохи уæ гвардион корпус, Иссæ Александри фурт, кадæ æма намуси æмпурсæн нæдтæбæл дæс суткей дæргъи рацудæй 270 километри 21-аг æфсади разæй, уæдта бабæй танкон 5-аг æфсади рæнгъити. Сумах разæй сумах хузæн æскъуæлхтдзийнадæ ескæд еске равдиста, уæхæн хабар æз некæд фегъустон, æма уогæ дæр кавалерий нæййес уæхæн æфсæддон еугонд, аци операций хузæнæй æхе сумахбæл ка рабара.
Райсетæ уæ хестæртæй, Иссæ Александри фурт æма дæ тохи æмбæлттæ, зæрдиаг арфæ! – болкъон федар æрæлхъивта комкори къох. Командиртæ исистадæнцæ æма æрæмдзæгъд кодтонцæ: æхцæуæн син куд нæ адтайдæ уæхæн арфитæ фегъосун!
– Арфæ дин кæнун, æмбал болкъон! – дзуапп равардта Плий-фурт, фал æ къæсхур цæсгон уомæн иннети хузæн цийнæхуз нæ адтæй. Цæмæннæ, уой лæдæрдтæнцæ æ тугъдон æмбæлттæ: цийфæнди агъазиау æскъуæлхтдзийнади фæсте дæр комкор æ еугæндзон хузæ не ’ййивта, уæдта не ’вдиста æ цийнæ дæр, уæлдай игъæлдзæгдæр нæ фæууидæ – уоййасæбæл хебæлхуæцгæ разиннидæ. Уотæ зæгъидæ: «Хуæздæр æма фулдæр бакæнуни фадуат нин адтæй…» Нур дæр зæгъуй:
– Гъуддаг арфитæмæ кæд æрцудæй, æмбæлттæ, уæд ма уин æз дæр бакæсон еу документ, – æма æ планшетæй исиста дудагъгонд гæгъæдий сифæ, райдæдта æй кæсун: «Поздравляем Вас и всех бойцов, командиров и политработников Вашего гвардейского соединения с успешным выполнением боевых задач по разгрому немецко-фашистских оккупантов.
Отличаясь стремительностью и маневренностью, мужеством и отвагой, личный состав ваших частей одним из первых обрушился на фашистских захватчиков и нанес при этом противнику сокрушительный удар. Вы идете вперед, мужественно преодолевая упорное сопротивление, перемалывая живую силу и технику врага… Ваше успешное наступление, направленное на разгром противника под Сталинградом, еще больше воодушевляет личный состав на дальнейшие подвиги. Вперед, к новым боевым успехам на полный разгром немецко-фашистских оккупантов!..
Военный совет фронта».
Плий-фурт, еуминкъий нигъгъос æй, уæдта игъæлдзæгдæрæй загъта:
– Сæрмагонд арфи радиограммæ нæмæ æрæрвиста фронти командæгæнæг К.К. Рокоссовский дæр.
Командиртæ æрæмдзæгъд кодтонцæ æмхузон зæрдиагæй сæ рагон лимæни арфи загъдбæл.
Генштаби минæвар бакастæй Исси фæллад къæсхур цæсгонмæ, æма барæ ракурдта æ дзубанди кæронмæ фæууни туххæй. Комкори нæ фæндадтæй аци æмбурд дæргъвæтийнæ кæнун, ка рахецæн æй, еци тугъдон операцитæбæл нуртæккæ дзорун, æма е фæббæрæг æй æ цæсгонбæл. Фал хестæртæй корпусмæ минæвари дзубанди æрдæгбæл раскъудтайдæ, е дæр имæ аййев нæ фæккастæй.
– Игъосун дæмæ, æмбал болкъон, – загъта Иссæ æма æрбадтæй æ бунати.
– Тохгæнæг Сурх Æфсади сæйрагдæр бæлдæ исæнхæст æй уæлахезонæй, – дзурдта болкъон. – Æз мæ доклади хъæбæр æхцæуæнæй финсун Генштаби хецаумæ; гвардион æртиккаг кавкорпус æ кадгин ихæс исæнхæст кодта хуарз – тохгæнæг 21-аг æфсади разæй танкон 4-аг корпуси хæццæ æмпурсгæй, фæстаг еуæндæс боней дæргъи вазуггин тугъдон операцитæ æнтæстгинæй æнхæст кæнгæй, исуæгъдæ кодта берæ гъæутæ. Уони хæццæ знаги федаргонд бунæттæ: Цимловский, Платонов, Власов, Уæллаг Бузиновка, Евлампиевский, Стырнабатовский, Осиповка, Малоголубая, Голубинский æма берæ æндæр гъæутæ, байахæста Дони сæрти рахезæн бунæттæ, уæдта танкон 4-аг корпуси раззаг хæйтти хæццæ байеу æнцæ хонсарæрдигæй æмпурсæг Сталингради фронти æфсæдти хæццæ сахар Калачи райони, уотемæй знаги 6-аг æфсад ахæст æрцудæй Сталингради æртеголи.
Кавалерион корпус инæлар Плий-фурти разамундæй размæ æдæрсгæ æмпурста æма пурхæ кодта знаги федæрттæ, дæрæн ин кодта æ резервтæ æма штабтæ, знаги æфсæдти бафтудта мæлæтдзаг тасдзийнади, æ сæйрагдæр хъауритæ ин æздахта æхердæмæ, уотемæй искодта фадуæттæ танкон корпус æма фестæг æфсади дивизитæн размæ æнæ уоййасæбæл агъазиау къулумпитæй æмпурсунæн.
Плий-фуртæн еци дзубандимæ гæсгæ бабæй нæуæгæй æ цæститæбæл рауадæнцæ размæмпурсти цаутæ. Голубинскийи æма Малогубайи райони знаг гъавта кавкорпуси тумугъæй-тумугъдæр æмпурст бауорамунбæл æма ин æ нихмæ еци-еу рæстæг рагæлста æ фестæг æфсæдти, сæдæ танки сæ разæй æмпурстонцæ, уотемæй. Сæдæ танки контратаки цудæнцæ бæхгин полкти нихмæ. Е æнцон бауорамæн æма басæттæн тухæ нæ адтæй!.. Фал комкор нæ фæкъкъех æй: знаги нихмæ æрæвардта æ кавполктæй æртæ æрфестæггондæй, уæдта еугур артиллери æма минометти. Æхуæдæг корпуси сæйраг тухтæ разилдта æмпурсæг знаги фæрсæрдигæй ниррæуегъунмæ æма бардзурд равардта: «Пархоменко æма Котовскийи тугъдон турусатæ бæрзонд исесетæ уæ сæрмæ тохи будури æма мæ фæсте æмпурсетæ бæхтæбæл атаки!..»
Иссæ æрбадтæй æ бæрзонд бæхбæл, кæрддзæмæй фелваста е ’ндон æхсаргард æма ’й бæрзонд исиста æ сæрмæ, уотемæй базмæлун кодта æ бæхи æма æ полкти разæй рампурста знагбæл фæрсæрдигæй атаки. Æмпурсæг знæгтæ сæ тохæндзаумæуттæ исаразтонцæ зæйи тумугъи хузæн æмпурсæг бæхгинти нихмæ, тугъди будури сæрмæ æзнæт денгизи бæрцити хузæн бадтæй знаги дзармадзанти æма минометти зинги хъуæцæ, уæлдæфи ехуарæгау тахтæнцæ нæмгутæ æма тæвдæ æфсæйнаги æсхъезтæ… Фал кавалеристтæй фæстæмæ неке кастæй, фудголи цæхæрæн æ сæрæй неке кувта – сæ еугурдæр фæнзтонцæ сæ разæй æмпурсæг комкор Плий-фурти.
Цæрдæг æма æверхъау атаки кавалеристтæ знаги фестæг æфсæддон хæйтти фæххецæн кодтонцæ сæ танкити æргъауæй æма сæ ниппурхæ кодтонцæ. Танкитæн дæр нæбал адтæй еумæйаг командæгæнæг, уотемæй никъкъулумпи ’нцæ, кæцирдæмæ æмпурстайуонцæ, уой дæр нæбал зудтонцæ, æма сæбæл арт æндзарстонцæ Исси артиллеристтæ…
Фудголи æмпурсæг тухтæ саст æрцудæнцæ, кавалеристтæ байстонцæ знагæй берæ тохæндзаумæуттæ æма бампурстонцæ гъæутæмæ. Ами бабæй сæ размæ фæззиндтæй бустæги æнахур хабар: уæлдæфи фелудта устур туруса. Æ алфамбулай – сæ уæргутæбæл лæууæг æфсæддонти будур. Румынаг корпуси дивизити æфсæддонтæй, афицертæй æма инæлартæй ма уодæгасæй ка байзадæй, етæ сæхе барвæндонæй лæвардтонцæ уацари, Гитлери фарс нæбал тохæн, зæгъгæ…
– Немуци æфсæдтæ, 330 миней бæрцæ æфсæддонтæ, афицертæ æма инæлартæ сæ берæ тугъдон техники хæццæ Сталингради райони ахæст æрцудæнцæ æртеголи, – дзурдта идарддæр Генштаби æрвист болкъон. – Сурх Æфсади аци æскъуæлхтгин операцийæн æмбал нæма адтæй дуйней тугъдон историй! Плий-фурти гвардионтæ аци операций рæстæг тугъди будури ке ниццагътонцæ æма уацари ке райстонцæ знаги æфсæддонтæ æма афицертæй, уони нимæдзæ инсæй минемæй фæффулдæр æй… Корпуси дивизитæ фæстаг тугъдтити знагæй ци трофейтæ байстонцæ, уони еумæ райсгæй нæ фæннимайдзинан, фал си æвдесæнæн æрхæссæн еуцалдæрей: знаги танкитæй гвардионтæ фехалдтонцæ æма басугътонцæ дууæсæдемæй фулдæр; хуæдтæхгутæ байстонцæ аэродромти æхсæрдæс æма инсæй, еу уойбæрцæ ба басугътонцæ уæлдæфи; знаги бæхтæй байстонцæ æртиндæс мини æма æртæсæди; æртæ минемæй фулдæр ба хуæдтолгитæ, дзармадзантæ, пулеметтæ, автоматтæ, тугъдон хуæлцæ æма тохæндзаумæутти скълæдтæ цæйбæрцæ райстайдæ, етæ æнхæст нимад нæма ’нцæ, фал берæ ке ’нцæ, уой уæхуæдтæ зонетæ…
Еци рæстæг уати фæммедæг æй еу майор æма фæдесони гъæлæсиуагæй ку фегъосун кæнидæ:
– Æмбал комкор, нæуæг хабар.
– Игъосун дæмæ. Ци нæуæг хабар ес? – фæккастæй имæ Иссæ дæр.
– Радиограммæ фронти штабæй, – исдзурдта майор æма корпуси командирмæ равардта гæгъæди.
Командиртæ, нæуæг хабар базонунмæ æнгъæлмæ кæсгæй, æгуппæгæй кастæнцæ комкормæ. Е лæугæй æ цæстингас рахаста радиограммæбæл, еуминкъий рæстæг расагъæс кодта, уæдта гъæрæй загъта:
– Æмбæлттæ, фæдеси нæ цæун багъудæй нæуæг районмæ… Æвæстеуатæй цотæ уæ бунæттæмæ æма уæхе тагъддæр æрцæттæ кæнетæ æвæстеуатæй ранæхстæр унмæ. Уæ тугъдон бунæттæ раттетæ бардзурдмæ гæсгæ æндæр æфсæддон хæйттæмæ…
* * *
Разæсгаргути бæрæггæнæнтæй Плий-фурт лæмбунæгдæрæй базудта, фæдеси рацæуни сæр цæмæн багъудæй æ корпуси дивизити, уой. Гитлери бардзурдæй инæлар-фельдмаршæл Манштейн берæ æфсæдтæ æрæмбурд кодта æртеголи æрахæст Паулюси æфсæдти исуæгъдæ кæнунбæл тохмæ æма æмпурсунцæ Сталинградмæ сæ танкити æргъæутти фæсте хонсар æма хорнигулæнæрдигæйти. Манштейни æфсæдтæ адтæнцæ дехгонд æртæ къуаребæл: «Дон», «Холлидт» æма «Гот». Паулюси æфсæдти дæр Гитлер бакодта уой барæ. Деблокадæмæ æмпурсæг Манштейни æфсæдтæ сæ тухæ исаразтонцæ, не ’ндаг фронти раззагдæр хæйттæй Сталинградмæ хæстæгдæр ка лæууй, уони нихмæ – Котельникови æма Тормосини районтæбæл. Германи æфсæдти Генералон штаб рагацау куд нæ исаразтайдæ æртеголи ахæст Паулюси æфсади хæццæ байеу уни пълан. Котельников æма Тормосинæй æмпурсгæй æфсæнвæндæгтæбæл рацæун гъудæй айдагъдæр 35-40 километрей бæрцæ. Уой хæццæ ба ма æфсæнвæндаги станцæ Чир, Дон, Нæуæг Максимовка æма Рычковскийи федаргонд райони немуцæн адтæй тухгингонд æфсæдти къуар æма тохæн рауæнæн æрдзи конд тохæн бунæттæ.
Æхсæвигон æрхъæрттæй ардæмæ Плий-фурти гвардион кавалерион корпус æма танкон 5-аг æфсади рæнгъити тох кæнун байдæдта Рычковскийи, Нæуæг Максимовскийи, Дæллаг-Чирскийи, Ерицкийи æма Лисинскийи районти знаги æфсæдтæй иссæребарæ кæнунбæл. Ами Плий-фурти корпусмæ лæвæрд æрцудæнцæ фæттухгиндæр кæнуни туххæй гвардион 4-аг æма фестæг 258-аг дивизитæ. Иссæ æхуæдæг комкорæй уæлдай ма нисангонд æрцудæй танкон æфсади командири хуæдæййевæгæй дæр.
Дууæ къуæрей дæргъи тогуарæн тугъдтитæ цудæй аци плацдарми. Знаги æ плацдармæй дæрæнгондæй рагæлдзун цæйбæрцæбæл ахсгиаг ихæс адтæй, е бæрæг адтæй, ардæмæ Ставкæ бæрнонæй А.М. Василевскийи ке рарвиста, уомæй дæр.
Уой туххæй А.М. Василевский æхуæдæг уотæ имиста:
– 11 декабри сæумæй мæ фæдздзурдмæ гæсгæ А.А. Ротмистрови танкон 7-аг корпуси командæгæнæн бунатмæ ’рбацудæнцæ хъазауатон 5-аг æфсади командæгæнæг М.М. Попов æма гвардий 3-аг кавалерий корпуси командир Плити Иссæ. Ами мах æмзундæй искарстан еумæйаг архайдæн пълан, Рычковскийи æма Уæллаг-Чирскийи знаги æфсæддон къуæрттæ исеу кæнун ма бауадзæн æма уотемæй ма бафсæронцæ Паулюси æфсæдти деблокировкæ кæнунмæ, уомæн. Ами Плити Иссæ байхæс кодта цæугæдон Чири галеуварс билгæрæнттæ знаги æфсæдтæй ракæдзос кæнун, донгæрæнттæмæ бампурсун æма знаги плацдарм байсун…
Аци бæнтти зуст зумæг æ карзи бацудæй. Думгæ æскъот кодта будурти æма гъæути гъæунгти, æ разæй ратæрæ-батæрæ кодта мет æма æзменсæ, цæсгæнттæ надта æма сугъта æ листæг циргъ æрцийтæй. Термометри джинасу (ртуть) бони уазалæй хъæрттæй 25-30 градусей уæнгæ, æхсæвæ ба ’рхауидæ 40 градусей уæнгæ дæр. Æмпурсæг æфсæдтæн уæхæн зуст рæстæг адтæй уæлдай унгæги бон: нæ син адтæй думги æма ехин уазалæй акъоппити кенæ ескæми уæрмæгонди хе æраууон кæнун дæр, æма тох кодтонцæ дууердæмæ – знаги нихмæ дæр æма бонигъæди фидбилизти хæццæ дæр. Нæ адтæй нæдæр дон, нæдæр артаг… Уæхæн уавæрти интенданттæ дæр куд нæ тухстайуонцæ: сæ хестæртæ сæ ’фхуардтонцæ, уайдзæфти буни сæ фæккæниуонцæ.
Фал нæ тугъдонти иуонгти гъар кодта зæрди цийнæдзийнадæ: знаги фæстæмæ тæрун, знагæй мастесуни зинг сæ разæнгард кодта, уотемæй размæмпурст не ’нцадæй.
Нæуæг анзбæл Исси корпуси тугъдонтæ исæмбалдæнцæ нæуæг уæлахездзийнæдти хæццæ: гвардион бæхгинти 5-аг дивизи Суворикиной райони Лисинскийи гъæумæ нимпурста æма си знагæй ниццагъта минемæй фулдæр. Цалдæр бони цæугæдон Чири билгæрæнттæбæл тугъдтити фæсте ба знæгтæй фæгъгъудæй æртæ мин æфсæддонемæй фулдæр. Нæ иннæ дивизитæ танкити агъазæй уæззау тугъдтити хæццæ знагæй исуæгъдæ кодтонцæ Уæллаг-Чирскийи, Ерицкийи, Хæстæгдæр-Мельничныйи, Рычковскийи, уæдта никкидæр ма æндæр цалдæр гъæуи, фæстæдæр знаги æфсæдти пурхæ кæнунæн хъæбæр хуарз ка исбæзтæй, уæхæн бунæттæ.
1943 анзи Нæуæгбони æхсæвæ гвардионти корпуси дивизити æрæййафта Дони сæрти хезгæй. Æфсæддонтæ кæрæдземæн нæуæгбони арфитæ кодтонцæ уæлбæхæй æма сæ тугъдон ихæслæвæрдтæ æнхæст кæнгæй. Корпуси командир æхуæдæг дæр адтæй æфсæдти ’хсæн æма син уæлбæхæй иурста Метин Дадай арфитæ. Еуварсæй бакæсгæй æхуæдæг дæр адтæй цардæгас метин бæхбæлбадæги хузæн: æ сау нимæтбæл, ходæбæл æма бæхбæл кирсæ æ хаугин хизæ æрæвардта æма уорс дардтонцæ. Сауæнгæ ма æ цубур бецъотæ æма гъунтъуз æрфгутæбæл дæр бадтæй кирси хизæ, уотемæй дзурдта:
– Хуарз, мæ лимæнтæ, хъæбæр хуарз нæуæг анз ралæудтæй махæн! Размæмпурсæн анз!.. Берæ нæуæг цийнæдзийнæдти анз!..
Æцæгæйдæр, 1943 Нæуæг анзи бон зæнхи цъарæбæл цæрæг адæмтæй, æвæдзи, Сталингради райони тохæг советон æфсæдтæй арфиагдæр неке адтæй: етæ ами исæзмæлун кодтонцæ æма ракалдтонцæ Германий фашистти цæугæ тугъдон федари бундортæ, етæ ами æрнигулун кодтонцæ фашизми тугъдон хор. Æма рæстаг дуйней адæмтæ сæ нæуæгбони фиццаг арфитæ æцæгæйдæр æрвистонцæ Сурх Æфсадæн – Сталингради æма Кавкази зæнхæбæл фашизми æрдонгти ниппурхгæнæг советон æфсæдтæн.
Нæуæг анзи фиццаг бон гвардион бæхгинти 3-аг корпус байервазтæй Чирски райони немуцаг æфсæдти фæскъилдунмæ æма знæгтæй иссæребарæ кодта сахар Тормосин – фудголи федæрттæй еу, уæдта уой хæццæ ба ма никки берæ станицитæ æма гъæутæ. Советон æфсæдти размæмпурст идарддæр цудæй æнæкъулумпийæй, æма гитлеронтæ бонæй-бонмæ хъæбæрдæр æсхъиудтæнцæ фæстæмæ сæ фæд-фæд, куд фæззæгъунцæ, сæ сæр сæ кой фæцæй, феронх си æй, Сталинградмæ ке ’мпурстонцæ, сæ 22 дивизий æртеголæй фæййервæзун кæнунмæ, е дæр.
Уодзæнæй ма