РÆСТБÆЛЦÆУÆГИ ИВУЛД ДОН ДÆР НÆ ЛАСУЙ?..
Уæрæсей мухури Бони фæдбæл нæ нæ дзубанди фæндуй райдайун мæнæ ауæхæн ходæг хабарæй. Цæветтонгæ, советон доги, дан, Мæскумæ се ’носон дуйнейæй æрбафтудæнцæ евгъуд æности номдзуддæр лæгтæ: разагъди балхон Александр Македойнаг, кæддæри тухгиндæр импери Роми император Цезарь æма Франций император Наполеон. Уоми ба ку бахауиуонцæ Сурх фæзи æфсæддон парадмæ, æма хъæбæр цæмæдесæй кастæнцæ, цитæ си цудæй, уомæ.
– Ехх, советон танкитæ мæмæ ку адтайдæ, – нийнæфтæй Александр Македойнаг, – уæд мæнæй уæлахезондæр дуйней неке адтайдæ!..
– Мæнмæ ба советон хуæдтæхгутæ ку адтайдæ, – загъта Цезарь, – уæд дуйне æнæгъæнæйдæр мæ дæлбарæ адтайдæ!..
– Мадта мæнмæ ба газет «Правда» (æ рæстæги Советон Цæдеси тæккæ сæйрагдæр газет. – Ред.) ку адтайдæ, – бабæлдтæй Наполеон, – уæд нуриуæнгæ дæр некема базудтайдæ Ватерлоо!..
Наполеон Ватерлоо цæмæ гæсгæ раймиста, уой уи кæд кадæр нæ зонуй, уæд уин æй цубурæй байамондзинан. Цæветтонгæ, æнæгъæнæ Европи дæр тугъдтитæ ка разгилдта æма си уæлахезон ка ’дтæй, еци Наполеон фæстагмæ ба састи бунати равзурдæй, сауæнгæ Францийæй дæр ма тард æрцудæй. Уæхæн уавæрбæл арази нæ уогæй, багъавта æ кæддæри намус раздахун. Уой туххæй ин тохгæ рауадæй цалдæр европаг паддзахадей еумæйаг тухти нихмæ. Тугъд ба ’рцудæй бельгийаг цæрæнбунат Ватерлоой рæбун. Наполеони æфсæдтæ бунцагъд фæцæнцæ, кæддæри тухгин императори аллайаги кой ба æнæгъæнæ дуйнебæл райгъустæй, анзфинстити æностæмæ байзадæй мухургондæй.
Гъе уомæ гæсгæ е хумæтæги нæ бабæлдтæй газет «Правда»-мæ. Советон доги дзиллон хабархæссæг фæрæзнити еугур, цийфæнди зингæ цаутæ не ’ской кæниуонцæ, адæмæн сæ не ’гъосун кодтонцæ. Е раст адтæй æви нæ, уобæл нуртæккæ нæ дзордзинан, фал еу гъуддаг ба бæлвурд æй – уæди рæстæги дзиллон хабархæссæг фæрæзнити (етæ еугурæйдæр паддзахадон адтæнцæ!..) гъомусеуæг уоййасæбæл ахедгæ адтæй, æма син æнтæстæй æхсæнадон цæстингас гъæугæ хузи аразун. Уæдта, кæд уæмæ нур æнахур фæккæсдзæнæй, уæддæр сæбæл адæм æууæндтæнцæ, сæ сагъæссагдæр фарстати хæццæ фулдæр редакцитæмæ бахатиуонцæ сæхе, æма, баруагæс уи уæд, фулдæр-фулдæр хæттити син агъазгонд дæр æрцæуидæ.
Цума нуриккон дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæн ба сæ гъомусеуæг уæддæр еуцæйбæрцæдæр æй уой хузæн? Уой фæдбæл ахид рацæуй дзубанди, фал… Мæнæ æрæги «Российская газета»-йи мухургонд æрцудæй Уæрæсей журналистти Цæдеси сæрдар Владимир Соловьеви дзубанди. Зæгъун гъæуй уой, æма кæцæйдæр еуварсæй æрбафтуйæг адæймаг нæй, дзиллон хабархæссæг къабази берæ рауæнти фæккуста. Адтæй редактор æма уацхæссæг телеуинунади хабæртти служби, ССР Цæдеси рæстæгути, фæстæдæр ба Уæрæсей телеуинунади «Хабæрттæ»-йи комментатор, исфæлдистадон балцити адтæй Югославий, Косови, Иерусалими, Цæгат полюси Арктики, Антарктиди, интервьютæ иста Советон Цæдеси фиццаг æма фæстаг Президент Михаил Горбачевæй, Президент Борис Ельцинæй æма нæ бæсти нури разамонæг Владимир Путинæй. 2017 анзæй фæстæмæ ба разамунд дæттуй Уæрæсей журналистти Цæдесæн.
Еу загъдæй, дзиллон хабархæссæг фæрæзнити æма информацион итигъдади хабæрттæ ин хуарз зундгонд æнцæ æма бæлвурд лæдæрд æнцæ. Фал, раст зæгъгæй, æ хæццæ ка дзубанди кодта, еци журналист имæ ци фарстатæ равардта æма сæбæл куд исдзуапп кодта, уомæ гæсгæ е секкаг æй. Зæгъæн, фиццаг фарста адтæй:
– Авд анзей размæ дæ Уæрæсей журналистти Цæдеси сæргълæууæгæй ци æмбурди равзурстонцæ, уоми архайгути размæ рацудтæ дæхе сæрмагонд программи хæццæ. Уæдæй нурмæ дин, зæрдæ цæмæйти æвардтай, уонæй ци бантæстæй исæнхæст кæнун?
Æма Владимир Соловьевæн æ дзуапп адтæй уæхæн:
– Раст мæ балæдæрæ æма дæмæ мæхе растауни хузæн ма фæккæсæд, фал, уæд мæхемæ ци ихæстæ райсунвæндæ искодтон, уонæн сæ фулдæр царди уагъд æрцудæнцæ. Мæ зæрди, зæгъæн, адтæй журналистти форумти архайд нæуæг хузи райаразун. Раздæр арæзт цудæнцæ Мæскуй æма регионти. Раздæр си æрæмбурд уиуонцæ фулдæр уомæ гæсгæ, цæмæй си кæмæндæр æ райгурæн бон дзиллонæй исбæрæг кодтайуонцæ, æма мадзал еци-еу хузи рацæуидæ: берæ арфити фæсте ба рабадиуонцæ идзаг фингити сæргъи. Еци фæткæ мах еуцæйдæрбæрцæ фендæрхузи кодтан.
Журналистти Цæдеси Устави амунд цæуй, нæ архайди сæйрагдæр ихæстæй еу æй не ’мкосгути еумæйаг ахурадон æмвæзадæ бæрзонддæр, æнхæстдæр æма ахедгæдæр кæнун. Журналисттæ гъæуама сæ цæстæ даронцæ, сæ равзурст дæсниади уавæр цæхуæн æй абони æма нури домæнтæмæ гæсгæ идарддæр гъæуама цирдæмæ арæзт æй, уомæ. Уой туххæй ба æргъуди кодтан, «Инфорум»-ахуртæ аразун федералон æмвæзадæбæл. Уæрæсей тæккæ устурдæр рауагъдæтти редактортæ æма зундгонддæр журналисттæ сæ дæсниади фæлтæрддзийнади хæццæ зонгæ кæнунцæ бунæттон дзиллон хабархæссæг фæрæзнити косгути, цидæриддæр нæуæгдзийнæдтæ фæззиннуй, уони хæццæ. Евгъуд авд анзей дæргъи уæхæн мадзæлттæ арæзт æрцудæй Уæрæсей алли регионти – дæс æма æртинсæйей бæрцæ.
АХСГИАГ ЗÆГЪУЙНАГ
Владимир СОЛОВЬЕВ, Уæрæсей журналистти Цæдеси сæрдар:
– Уæрæсей журналистти Цæдеси иуонгти бæрцæ нуртæккæ æй дæс æма æртинсæй мин адæймагемæй фулдæр. Анзмæ нæбæл рæстæмбес нимадæй бафтуйуй 1-1,5 мин адæймаги. Уонæн сæ фулдæр æнцæ, дзиллон хабархæссæг фæрæзнити æцæгæйдæр æнтæстгинæй ка архайуй, уæхæн исфæлдистадон косгутæ. Фал, гъулæггагæн, фæстаг рæстæгути зиннун байдæдта еу æведауцæ фæткæ: нæ Цæдеси иуонг исунмæ кадæртæ, уæлдайдæр ба æригæнтти ’хсæнæй, бабæллунцæ, цæмæй син уой фæрци равгитæ уа багъæуаги сæхе гъуддæгутæ райаразунæн си испайда кæнунæн… Уæхæнттæ нин нæ Цæдесæн зæранхæссæг æнцæ æма си гъæуама нæ рæнгъитæ кæдзосгонд цæуонцæ.
Журналистти, уæлдайдæр ба æ исфæлдистадон над нерæнгæ кæмæн райдæдта, уони цæттæдзийнадæ æма арæхстдзийнадæ бæрзонддæр кæнун, дзубанди дæр ибæл нæййес, ахсгиаг æй. Фал уомæн, махмæ гæсгæ, фагæ ’й сæрмагонд ахуртæ æма семинартæ аразун. Форумти ба гъæуама бундорондæр фарстатæбæл цæуа дзубанди, пайдахæссæг унаффитæ си рахæсгæй. Лæдæрæн æй, журналистти Цæдесмæ нæййес, нæ дзиллон хабархæссæг фæрæзнити абони сагъæссаг фарстатæ гъæугæ хузи райаразунгъон ке фæрци уа, уæхæн рахуæцæнтæ. Фал сæбæл дзорунгъон, хецаудзийнади размæ сæ домæн хузи æвæрун ба куд нæййес?
Зæгъæн, еци сагъæссаг фарстатæй еуей кой Владимир Соловьев æхуæдæг искодта:
– Нæ кусти мах уæлдай фулдæр æнцойнæ кæнæн районти газеттæбæл, уони редакцитæбæл, уомæн æма журналистти Цæдеси иуонгти фулдæр хай косунцæ уомити. Нæ журналистики сæйраг бундор етæ ’нцæ. Уонæн нуртæккæ уæлдай зиндæр æй сæ куст æнхæст кæнун. Еуемæй газетти тиражтæ анзæй-анзмæ бустæги ниллæгмæ хаунцæ, иннемæй ба газеттæ афойнадæбæл нæ хъæртунцæ сæ рафинсгутæмæ, уомæй ба фудгин æй почтæ, кæци комкоммæ ихæсгин æй мухури фæрæзнитæ, ка сæ рафинсуй, уонæмæ афойнадæбæл хъæртун кæнунæй, фал еци гъуддаг гъæугæ хузи не ’нхæст кæнуй, сæ алли рæуæнттæй гъуддаг къулумпи кæнуй. Уобæл кæдæй ардæмæ æма цæйбæрцæбæл берæ дзубанди цæуй, фал…
Уæрæсей журналистти Цæдеси разамонæг дзоргæ бæргæ раст кæнуй, фал еци дзубанди, куд гъæуй, уотæ карзæй нæ цæуй, æндæра е куд æй, æма почтæ мухури фæрæзнитæ рафинсуни туххæй æхцатæн сæ фулдæр хай æхецæн райсуй, æ ихæстæ ба, куд гъæуама уа, уотæ не ’нхæст кæнуй!.. Е уотид æдзæсгондзийнадæ нæй, фал æй уголовон фудракæндæ æма æ исаразæг ба Закъонмæ гæсгæ гъæуама дзуапп дæтта.
Иннæ уæхæн æверхъаудзийнадæ, кæцимæн ба Владимир Соловьев æ кой дæр не ’скодта. Цæветтонгæ, фæстаг инсæй анзей дæргъи газеттæ æма журналтæ кæми гъæуама уæйæ кæнонцæ, еци киоскти нимæдзæ фæмминкъийдæр æй цуппар хатти, куд Уæрæсей еугур рауæнти, уотæ Цæгат Иристони дæр.
– Цæмæй дзиллон мухури фæрæзнити кусти идарддæри размæцуд ирæза æма æнхæстдæргæнгæ цæуа, уой туххæй еудадзугдæр архайун гъæуй сæ парахат кæнуни кустмæ фулдæр æргом æздахун, – зæгъуй мухури индустрий кустуæтти Цæдеси президент Алексей Иванов. – Бæргæ архайæн алли рауæнти дæр, цæмæй киосктæ регионти æхгæнгæ ма кæнонцæ, фал си никки фулдæр игонгонд цæуонцæ, уобæл. Берæ рауæнти нæ фегъосунцæ æма нæ балæдæрунцæ, нæ курдиадæ нин æнхæст дæр кæнунцæ. Фал, гъулæггагæн, берæ регионти бунæттон разамонгутæ ба сæхе нецилæдæрæг искæнунцæ æма (сæ бардзурдæй æви аразийæй?..) киосктæ æхгæд цæунцæ. Гæнæн ку нæбал фæууй, уæд нæ багъæуй комкоммæ губернатортæ æма мэртæмæ нæ гъаст бахæссун. Баруагæс уи уæд, нури уавæрти, нæ бæсти нихмæ информацион тугъд карзæй-карздæр ку кæнуй, уæд уæлдай ахсгиаг гъуддаг иссæй дзиллон-информацион фæрæзнитæ хъæртун кæнуни куст.
Уæлдæр куд загътан, уотемæй фæстаг инсæй анзей дæргъи ци киосктæ нихгæдтонцæ, уони бунæтти байгон кодтонцæ рæзæ æма æндæр продукттæ уæйæгæнæн тукангæндтитæ. Еске зæгъдзæнæй, нуртæккæ алли фарстатæн дæр дзуапп иссерæн ес интернети, фал етæ некæд баййевдзæнæнцæ мухури фæрæзнити ахедундзийнадæ. Уобæл дзорæг æй е дæр, æма хъæбæр беретæ батухсунцæ, редакцитæмæ еци дзорæги дзорунцæ, еци æма еци газет кенæ журнал кæми балхæнæн ес, зæгъгæ.
Беретæй фегъосæн ес уæхæн загъд:
– Адæймагæн хъæбæр гъулæг фæууй, раздæр газеттæ æма журналтæ кæми уæйæ кодтонцæ, уоми нуртæккæ рæзæ, тамакутæ, дæнттæ æма, æндæр рауæнти дæр балхæнæн кæмæн ес, еци продукттæ æма товартæ куд уæйæ кæнунцæ, уомæ кæсгæй.
Бонæй-бонмæ ирæзгæ цæунцæ нæуæг базарадон азгъунститæ, мухур кæми уæйæгонд цæуа, уæхæн киосктæн ба си бунат нæ разиннуй. Газеттæ æма журналтæ кæми уæйæ кæнонцæ, уæхæн киосктæ кунæгæй-кунæгдæр кæнунцæ, æма е рагъуди кæнуйнаг уавæр æй, фал ибæл гъудигæнæг ба нæййес.
* * *
… Берæ, æгæр берæ дæр ма ’нцæ абони дзиллон хабархæссæг фæрæзнити косгутæн сагъæссаг ка ’й, сæ архайди син хъоргæнæг ка ’й, уæхæн фарстатæ. Æма уони фæдбæл ба нæ зæгъуйнæгтæ зæгъдзинан нæ идарддæри дзубандий нæ газети хæстæгдæр номертæй еуеми.
ГÆТИЙТИ Светланæ