23 майя 2025

«ДОГЪИ МА УОТÆ ФÆСТАГ!..»

17.05.2025 | 21:45

Мæхчески гъæуи астæуккаг скъолай тургъæмæ куддæр бакъахдзæф кæнай æма си уоми азгъунсти фарсбæл, аци ахурадон уагæдонæ Малити Геуæргий ном хæссуй, зæгъгæ, ку бакæсай, уæд зæрдæбæл уайтæккæдæр æрбалæууй нæ табуйаг поэти алæмæти æмдзæвгæ «Федог»:

 

Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,

Рохсмæ цæуетæ æнгом.

Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,

Скæнтæ муггагмæ стур ном.

Арвмæ мæсуг амайетæ,

Хормæ скæнетæ фæндаг,

Гъæйт, зæрдиуагæй уайетæ,

Догъи ма уотæ фæстаг!

 

Догъи ма уотæ фæстаг… Поэти аци фæдзæхст сæргондæн хумæтæги нæ исæвардтан нæ абони радзубандийæн. Аци скъолай педагогон коллектив дæр уодуæлдайæй уобæл архайунцæ, цæмæй нæ кæстæртæ цардарæзти гъуддæгути ма уонцæ фæстаг, сæ ирисхъи хабæрттæ æнтæстгинæй аразунгъон уонцæ. Уой хæццæ ба син цитгийнаг уонцæ нæ адæми федауцæ æгъдæуттæ, нæ маддæлон æвзаг, цæмæй æй зæрдæй лæдæронцæ, аци дуйнебæл хе æвзаги нимайундзийнадæ æма уобæл дзорунгъонæй устурдæр хуарздзийнадæ ке нæййес, уой. Æвзаг æма культурæ – аци дууæ фæлхæни ци адæмихатмæ нæ уонцæ цæрæццаг, уой æдзунд, лæдæрагæ искондадæбæл банимайæн уогæ дæр нæййес. Æвзаг æма культурæ бæрæг кæнунцæ адæми зундирахаст, сæ цардиуагæ, уой хæццæ комкоммæ баст æнцæ се ’гъдæуттæ æма æфсарæ дæр.

Уомæ гæсгæ ба аци скъолай коллективи архайди ахурадон гъуддæгути æмбæрцæ зингæ æргом æздæхт цæуй зонадон-гъомбæладон мадзæлттæ аразунмæ дæр. Мадта сæ бацæттæ кæнун æма исаразунбæл дæр алкæддæр хъæбæр æновудæй æма хъæппæресгинæй байархайунцæ. Уомæ гæсгæ ба ма уотæ зæгъун дæр æнгъезуй, æма аци æгъдау ами рагон фæткæ ’й, фæлтæрæй-фæлтæрмæ æнхæстгонд цæуй.

Скъолай анзфинст хъæбæр гъæздуг æй аллихузон зæрдæмæдзæугæ цаутæ æма хабæрттæй. Ирæфи райони ци дууадæс скъолай ес, уонæн сæ тæккæ рагондæртæй æй – цæуй ибæл æхсæзинсæй анземæй фулдæр. Советон доги размæ си адтæй дини скъола, кустонцæ си диникустгæнгутæ, фæстæдæр ма си сæргълæууæгæй куста саугин Лаврентий Церетели, æ уæлзæнхон цардæй ку рахецæн æй, уæд æй æвæргæ дæр скъолай тургъи бакодтонцæ. Абони дæр ма ин æ циртмæ зелунцæ ахурдзаутæ. Уогæ Церетели кæстæрти айдагъ ахурадон зонундзийнæдтæй нæ ефтонг кодта, фал ма сæ фæллойнæ кæнунбæл æхцул кодта. Дессаг адтæй е дæр, æма уæд Мæхчески устур рæзбун исаразта. Абони уæнгæ дæр ма æ ниййарæзт бæлæстæй цалдæр рæзæ дæттунцæ. Советон доги ба скъола æ ахурадон архайд нæуæг хузи райаразта. Еугур еци гъуддæгутæ ке хъиамæтти фæрци арæзт цудæнцæ, етæ кæд раги бацудæнцæ се ’носон дуйнемæ, уæддæр сæ абони дæр ма устур зæрдæхцæуæндзийнади хæццæ имисунцæ фæлтæртæ. Етæ адтæнцæ: Гарданти Михал, Малити Геуæрги, Тауасити Фацбай, Колити Юрий, Темирати Додтий, Скъодтати Барис æма Сафиат, Хадати Къайтук æма иннетæ. Хатирæй нин фæууæд, сæ еугурей рохс нæмттæ ке нæ æримистан, е – уомæн ма равгæ уодзæнæй.

Еци хъиамæтгун адæймæгути арфиаг гъуддæгути фарнæ ба абони идарддæр хæссунцæ скъолай нури ахургæнгутæ, сæ сæргъи Гобати Станислав, уотемæй. Уомæн берæ дæнцитæ ’рхæссæн бæргæ ес, фал сæ еугурей кой ракæнун нин нæ бантæсдзæнæй. Фал уин абони ракæндзинан, æрæги скъолай ци зæрдæмæдзæугæ мадзал арæзт æрцудæй, уой хабар. Æ ном адтæй «Æргом урок маддæлон æвзагбæл», æма, зæгъун æнгъезуй, рауадæй си дессаги зæрдæхцæуæн бæрæгбон. Амонæг ба си адтæй ахургæнæг Синати Зæлинæ. Аци скъолай кæд уотæ берæ æнзти нæма косуй, уæддæр æхе равдиста дæсни æма арæхстгин ахургæнæгæй. Хуарз лæдæруй æвзагæн æхсæнади цардарæзти ци нисанеуæг ес, æ ахедундзийнадæ цæй медæги æй, уой. Æма æновудæй  архайуй æ зонундзийнæдтæй ирæзгæ фæлтæрти  æнхæстæй фæххайгин  кæнунбæл. Еци гъуддаг æ къохи æнтæстгинæй ке æфтуйуй, уомæн бæлвурд æвдесæн иссæй аци мадзал дæр, уæд ин уой исарæзти фæдбæл ци берæ арфитæ загъд æрцудæй, етæ дæр. Мадзали архайунмæ Мæхчески скъоламæ æрæмбурд æнцæ райони ахуради хайади сæргълæууæг Хъæбæлоти Залим, скъолати маддæлон æвзаги ахургæнгутæ. Архайдтонцæ си нæ зундгонд финсгутæ, литературон-аййевадон журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор Скъодтати Эльбрус æма æ хуæдæййевæг Колити Витали, етæ скъолайæн балæвар кодтонцæ аййевадон киунугутæ.

Цæмæдесаг рауадæй урок. Ахурдзаутæ си дзурдтонцæ Малити Геуæргий, Багъæрати Созур æма æндæр зундгонд поэтти æмдзæвгитæ, равдистонцæ хецæн инсценировкитæ. Мадзали архайгути зæрдитæ  сæ аййевадæй барохс кодтонцæ райони культури хайади исфæлдистадон къуари иуонгтæ. Æхе æргъудигонд кафт ракодта Мæрзойти Камиллæ.

Сувæллæнттæ куд дзорунцæ сæ маддæлон æвзагбæл Иристони финсгути уадзимистæ, уомæ байгъосун адтæй устур æхцæуæн гъуддаг.

Мæ радзубандий кæронбæттæни ба ма мæ уой зæгъун фæндуй, æма цæйбæрцæбæл ахсгиаг æй ахургæнæги фæллойнæ. Уомæй берæ аразгæ ’й, цæмæй нæ кæстæртæ байлæгъ кæнонцæ нæ зæрди фæндæуагæ, цæмæй си уæн боз æма сæрбæрзонд.

Скъолай ахургæнæги кустæй абони уæнгæ устур бунтæ некæдма неке искодта. Уæлдай фæрсаг материалон фæрæзнитæ си некæцæй æрбахæсдзæнæ дæ хæдзарæмæ. Уæддæр разиннуй уæхæнттæ, æма сæмæ мулкитæ искæнунæй уæлдæр кæмæ фæууй сæ хъауритæ ирæзгæ фæлтæртæн раттуни нифс æма разæнгарддзийнадæ. Етæ сæ уоди гъардзийнадæ еугурæй дæр исаккаг кæнунцæ ирæзгæ фæлтæри гъомбæладæн, царди сæ фæррæствæндаг кæнунæн. Куд нæ уæн уонæй арфиаг мах нæ еугур дæр!.. Кадæ æма син табугæнгæ æй еци ахургæнгутæн.

Гъо, зин æй ахургæнæги куст, зин æй кæстæр фæлтæрти хæццæ архайун, уæлдайдæр ба нури доги. Еуæрдигæй, ахургæнгутæмæ устур домæнтæ ес сæхемæ, иннердигæй – ахурдзаутæн сæ зундирахаст, алкæд æма алцæмæй бустæги рæстмæ нæ фæууй, æртиккагæй ба ахурадон программитæ бустæги вазуггин, цæмæйдæрти ба æнæлæдæрд дæр…

Еци уавæрти ахурдзаути хæццæ еумæйаг æвзаг иссерун дæр æнцон гъуддаг нæй. Фал уæддæр нæ ахуради косгутæ – еумæйагæй райсгæй – арæхсунцæ сæ арфиаг ихæстæ æнхæст кæнунмæ. Уомæн хуарз æвдесæн иссæй, мæнæ ке кой ракодтон, æвзаги еци бæрæгбон. Æма æ исаразгутæн ба мæ зæрдиагæй фæндуй зæгъун: «Берæ ма уин куд æнтæса, уæхæн хъаурæ уæмæ уæд алкæддæр!..»

Нæ кæстæртæн ба сæ зæрдитæбæл еума хатт æрлæуун кæндзинан Малити Геуæргий фæдзæхст:

 

Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,

Рохсмæ цæуетæ æнгом,

Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,

Скæнтæ муггагмæ стур ном.

 

ГИБИЗТИ Регинæ