26 декабря 2024

ӔМА ИССӔЙ ЦӔГОЛ-АХМАТ МАЛАНГИ БАТАЛЬОНИ ТӔККӔ ЦИТГИНДӔР ИУАЗӔГ!..

17.02.2021 | 16:12

Афганистани тугъди ка архайдта, ӕма устур лӕгдзийнадӕ ка бавдиста уонӕй еу – Цӕголти Македони фурт Ким (1930-2015), зундгонд ӕхсӕнадон ӕма наукон архайӕг, инӕлар-майор, философон наукити доктор. Цӕголти Кимӕн ци бантӕстӕй, етӕ кӕд устур уадзимисти аккаг адтӕнцӕ, уӕддӕр ӕ рӕстӕги ин ӕ кой ӕгириддӕр нӕ кодтонцӕ – ӕ архайди медесмӕ ин гъӕргӕнӕн нӕ адтӕй. Фал уой туххӕй финсунӕн фадуат куддӕр фӕцӕй, уотӕ  ибӕл берӕ финст ӕрцудӕй. Журнал «Наш современник» 1984 анзи фиццаг номери ниммухур кодта Юрий Теплови документалон очерк «В горах Афганистана». Уоми дзубанди цӕуй Цӕгол-Ахмати туххӕй дӕр. Е ӕй Цӕголти Кими фӕсномуг. Советон ӕфсади советник уогӕй, Цӕголи-фурт цалдӕр хатти уидӕ тугъди цӕхӕри, адтӕй нифсхаст, ӕндиуд, берӕ ка зудта, уӕхӕн ахургонд ӕма тугъдон.

Дӕлдӕр мухур кӕнӕн еци очеркӕй еу скъуддзаг.

 

Нерӕнгӕ дӕр ма мӕ цӕстити рази ӕй еци уиндгун адӕймаги сорӕт. Бӕрзонд къӕдзӕхтӕ ӕма устур дорти рази – саухелӕ, саузакъӕгин, фусдзармӕй худ, ӕнӕдус кӕрцӕ ибӕл, автомат ӕма деденӕг ӕ къохи – уотемӕй нигъгъуди кодтон Маланги.  Уогӕ ’й уой фӕсте ма фӕууидтон ӕнӕ закъӕй, ӕ цӕсгон адтӕй ӕвеппайди ӕригондӕрхуз…

Фал Малангбӕл ниффинсӕн нӕййес, цалинмӕ ӕндӕр адӕймаг,  Афганистани истори ӕма Хъуран хъӕбӕр хуарз ка зудта, уӕхӕн афицери туххӕй радзорӕн, уӕдмӕ. Уогӕ еци гъуддаг дӕр уотӕ ӕнцонтӕй нӕй, уомӕн ӕма еци адӕймагӕн ӕ ном ӕргомӕй исгъӕр кӕнун не ’нгъизтӕй, сосӕггаг адтӕй,  ӕма ’й уомӕ гӕсгӕ ба исхудтан Цӕгол-Ахмат.

… Ралӕудтӕй январь, фӕлмӕн ӕма метгун. Цӕгол-Ахмат рагъуди кодта, бонихатт душманти аккаг нӕй, метбӕл алли къахдзӕф дӕр бӕрӕг ӕй, хуӕнхти ба тӕссаг ӕй зӕйӕ рацӕунӕй. Ӕма, ӕвӕдзи, сӕхе бал ести цъаси нилхъивтонцӕ.

Адӕм ӕмбурд кодтонцӕ митингмӕ. Цӕгол-Ахмат си еуетӕмӕ ӕрӕстӕфтӕй хуӕцӕнгӕрзтӕ сӕ хъӕппӕлти буни. Митингмӕ ӕрӕмбурд ӕнцӕ цуппар кишлаки цӕрӕг адӕм: Удхиль, Кабильбай, Базухейль ӕма Тул-Санги.

– Ӕмбӕлттӕ! – райдӕдта Цӕгол-Ахмат. Уинетӕ ’й, махмӕ ес хъаурӕ, – ӕма бавдиста афгайнаг ӕфсади батальонмӕ. – Фал мах нӕ фӕндуй тохун. Мах нӕ фӕндуй айдагъ сумах тог калун нӕ, фал ма уӕ хӕстӕгути, уӕдта сӕхе хуӕнхти ка римӕхсуй, уони…

Куд баууӕндун кӕна аци адӕми, ӕ къохи газет ка некӕд дардта, Апърели революци уони туххӕй арӕзт ке ’рцудӕй, уой?

Ӕма райдӕдта Хъуранӕй кӕсун сурӕ, кӕций дзурд цудӕй адӕмуарзондзийнади туххӕй.

Еу фӕккасти ӕ цӕститӕ фенгас ӕнцӕ ӕригон адӕймагмӕ, кӕци лӕудтӕй хестӕрти ’хсӕн. Саузакъӕгин, ӕ дзиккотӕ усхъити уӕнгӕ, хуӕцӕнгӕрзтӕ ибӕл ауигъд. Митинги фӕсте Цӕгол-Ахмат бафарста хестӕрти, еци лӕг ка адтӕй, зӕгъгӕ, ӕма нӕ бадес кодта, ку фегъуста:

– Маланг.

Маланг адтӕй, ӕ банди карз ӕгъдау ниввӕрун ка базудта, уӕхӕн бӕгъатӕр сӕргълӕууӕг. Ӕфсадӕй дӕр нӕ фӕттарстӕй, уотемӕй ӕрбацудӕй митингмӕ ӕма сабургай фӕстӕмӕ рандӕ ’й.

– Ӕ хӕццӕ мӕ фембӕлун фӕндуй, – загъта Цӕгол-Ахмат.

– Мах ин фегъосун кӕндзинан.

Фембӕлдмӕ Маланг не ’рбацудӕй. «Митинги ӕй ахӕссун гъудӕй», – уотӕ сагъӕс кодта Цӕгол-Ахмат.

Гъуддаг уотӕ рауадӕй ӕма имӕ Маланг ӕхуӕдӕг ӕрбацудӕй ӕ гъӕуайгӕнӕги хӕццӕ.

– Тӕссаг дин ӕй, – дзоруй имӕ Цӕгол-Ахмат.

– Дӕуӕн дӕр, – загъта Маланг ӕма райамудта ӕ гъӕуайгӕнӕгмӕ.

– Ӕ хуӕцӕнгарз рандӕ кӕнӕд, кенӕдта нӕ дзубанди нӕ рауайдзӕнӕй, – загъта Цӕгол-Ахмат.

Гъӕуайгӕнӕг ӕ хуӕцӕнгарз рандӕ кодта. Цӕгол-Ахмат дӕр ӕ дамбаца стъолбӕл ӕрӕвардта.

– Цал адӕймаги ес дӕ баргъони?

– Ӕртӕсӕдӕ.

– Ма сайӕ. Дууӕсӕдемӕй минкъий фулдӕр.

– Уалдзӕги уодзинан фулдӕр.

– Цӕбӕл тохис, Маланг? Гульбеддинмӕ нийгъустай?

– Нӕгъ. Ӕз мӕхе надбӕл цӕун.

– Мадта адӕми сабур цӕрун цӕмӕннӕ уадзис? Аци нӕуӕг ӕййивддзийнӕдтӕ лӕгъуз ӕнцӕ адӕмӕн?

– Гъе уобӕл радзорунмӕ ӕрбацудтӕн. Фӕндуй мӕ базонун, кӕбӕл ӕууӕндгӕ ‘й?

– Ӕфсӕддон скъола каст кӕми фӕдтӕ?

– Пешавари. Ахур мӕ кодтонцӕ америкаг ӕма египетаг инструктортӕ.

Уотемӕй фӕдздзурдтонцӕ еу-дууӕ сахатти. Маланг исистадӕй, къӕбинетбӕл ӕрзилдӕй, уӕдта загъта:

– Нӕхемӕ дӕ хонун, устурдӕр дзубандий туххӕй. Нӕ тӕрсис?..

Аци радзурди автор Цӕгол-Ахмат ӕма Маланги хӕццӕ ку фӕййеу ӕй, уой размӕ базонгӕ ’й цалдӕр ӕрмӕгей хӕццӕ, дзурд си цудӕй «ислам гъӕуайгӕнгути» къуӕрттӕбӕл.

Уогӕ ба адтӕнцӕ финддӕсӕй инсӕййи уалӕнгӕ. Еу си хундтӕй ИПА, «Афганистани исламаг парти», ӕ сӕргълӕууӕг Хекматиар Гульбеддин. Иннӕ уӕхӕн Сайед Ахмад Гейлани – «Афганистани исламаг революций националон фронти» (НФИПН), – раздзӕуӕг. Берӕ уӕхӕн къуӕрттӕ ма си адтӕй, еу инней ранихъуӕрунмӕ гъавта, цӕмӕй гахгундӕр хай фӕсокеани къерейӕй уой фӕууа.

Еци фӕсокеани къере, сӕдӕ миллион доллӕрей аргъ, адтӕй еци устур хъаурӕ, кӕци еу кодта еци къуӕртти. Сӕ фулдӕр еци къуӕртти сӕргълӕугутӕ адтӕнцӕ бонгинти фурттӕ, кӕцитӕн Апърели революци райста сӕ гъӕздугдзийнӕдтӕ ӕма сӕ бартӕ.

Фал сӕ баргъони ка адтӕй, ӕма хуӕнхти сӕхе ка римахста, уонӕн ба сӕ фулдӕр барвӕндӕй нӕ бахаудтӕнцӕ еци къуӕрттӕмӕ.

Ӕвӕндонӕй бандит ка ’ссӕй, уони ‘хсӕн дӕр берӕ адтӕй уӕхӕнттӕ, ӕма нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, кӕми ’й рӕстдзийнадӕ ӕма ӕцӕгдзийнадӕ, уой.

Еци адӕми хӕццӕ адтӕй Маланг дӕр.

ЦÆГОЛТИ Ким (астæуæй) Афганистани.

Цӕгол-Ахмат ӕ афицери формӕ раййивта, искодта халат, чалма ӕма ранӕхстӕр ӕй еу къуарей хӕццӕ фембӕлдмӕ. Душмантӕбӕл исӕмбӕлунмӕ тӕссаг адтӕй, фал уӕдмӕ идардӕй нади кӕронӕй рауидтонцӕ Маланги…

Берӕ гурусхити фӕсте Маланг нӕуӕг хецаудзийнади фарс ӕрлӕудтӕй. Ӕма еунӕг е на ’дтӕй. Еци рӕстӕги сӕйраг горӕти цудӕй джирга-съезд, уордӕмӕ ӕрцудӕнцӕ  бандитти раздӕри раздзӕугутӕ. 165 адӕймаги ӕрбацудӕй съездмӕ. Ӕргомӕй басастӕнцӕ сӕ рӕдудтитӕбӕл ӕма дзурдтонцӕ, сӕ фудмиутӕ куд исраст кӕнонцӕ сӕ райгурӕн бӕсти рази, уобӕл.

Куд хӕстӕгдӕр зонгӕ кӕнай аци адӕми царди хабӕртти хӕццӕ, уотӕ дӕмӕ хъӕбӕрдӕр багъардзӕнӕй, куд зин лӕдӕрӕн син адтӕй еци уавӕр. Уотӕ 28-анздзуд Насруллайӕн дӕр.

Насрулла адтӕй хазайрӕгти раздзӕуӕги фурт. Фӕцӕй каст лицей горӕт Мазари-Шарифи. Ӕ уӕле европаг костюм, ӕндегӕй ба ибӕл кӕрдӕгхуз халат… Автор куд зӕгъуй, уотемӕй имӕ раттуйнаг адтӕй дууӕ фарстай. Цӕмӕн исистун кодта ӕ адӕми нӕуӕг хецаудзийнади нихмӕ (инсӕй мин адӕймаги), уӕдта ’й циуавӕр хъаурӕ балимӕн кодта нӕуӕг цардиуаги хӕццӕ? Фал куд разиндтӕй, уотемӕй тӕккӕ хумӕтӕг фарстатӕбӕл дӕр, еуӕй-еу хатт уотӕ ӕнцон дзуапп раттӕн нӕ фӕууй. Нӕуӕг цард райгуруй хъурдохӕнгӕнгӕй. Ӕма мадӕн цийфӕнди зин ку фӕууй, уӕддӕр ӕ къохтӕ алкӕддӕр байвазуй ӕ сувӕллонмӕ. Уотӕ мадӕ – республикӕ дӕр райвазта ӕ къохтӕ ӕ сувӕллӕнттӕмӕ, ӕ райгурӕн зӕнхи фӕлмӕнадӕ ка нӕ феронх кодта, ӕма е ӕвдесуй, сӕ меддуйне куд раййивта, уой дӕр.

Ӕрхӕссун ӕнгъезуй цалдӕр дӕнцӕги. Кӕстӕр лейтенант Мамат Саден:

– Мах кишлакмӕ ӕрбацӕуиуонцӕ душмантӕ. Мӕ ниййергути мин фӕннадтонцӕ, нӕ мӕнӕуӕ нин райстонцӕ. Сӕ хӕццӕ райстонцӕ нӕ хуӕрифурти. Ӕз тохдзӕнӕн революций сӕрбӕлтау.

Сержант Ашур:

– Ӕз дӕн Бадахманӕй. Службӕ кӕндзӕнӕн ӕфсади, цалинмӕ Афганистани сабурдзийнадӕ ӕрфедар уа, уӕдмӕ.

Уӕхӕн зингӕ ӕййивддзийнадӕ адӕми меддуйнейи сабур нӕ уагъта контрреволюций сӕргълӕугути, фулдӕр ба ӕ исӕзмӕнтӕги.

Ӕ сӕйрагдӕр ӕзмӕнтӕг ба – Рейгани администраци.

Дзӕгъӕли – хумӕтӕги нӕ бабарӕг кодта АЕШ-и паддзахадон секретарь Шульц, афгайнаг контрреволюцион лагертӕ Пешавари бунмӕ ӕма син загъта: «Мах сумах хӕццӕ ан». Пешавари лагертӕ ма бабӕрӕг кодта Пентагони шеф Уайнбергер.

Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма марунбӕл, рӕмодзунбӕл ӕма ӕндӕр фудмиутӕ кӕнунбӕл еци лагерти, ка си адтӕй, уони  ахур кодтонцӕ америкаг инструктортӕ. Еци Насрулла ӕма ӕндӕр уӕхӕнттӕ, джирги архайгутӕ ӕфсӕддон дӕснидзийнадӕ райстонцӕ Пешавари бунмӕ, уони хъиамӕттӕ ӕма берӕ ӕхцатӕй неци рауадӕй, куд фӕззӕгъунцӕ, «плакали денежки», фӕсокеани минӕвӕрттӕ еци лагерти ци бахарз кодтонцӕ, етӕ син фӕдздзӕгъӕли ӕнцӕ. Сӕ харз ба минкъий нӕ адтӕй. Еумӕ, еци фӕсокеани къере ка фунхта, етӕ исхарз кодтонцӕ, америкаг газетти куд финстонцӕ, уотемӕй миллиард доллӕри. Фал ци бацӕй Маланг? Куд рауадӕй ӕ хъисмӕт?

Фӕстаг хатт ма ’й автор фӕууидта афгайнаг ӕфсади капитани дарӕси. Ӕнӕ бецъотӕй ӕма цубурӕлвид сӕригъунтӕ – уотемӕй цума еу-дӕс ӕнзи кӕстӕрхуз зиндтӕй. Революций идеалтӕ ӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг райсгӕй, ӕ фарс ислӕудтӕй, ӕ адӕми хӕццӕ, ӕма тох кодта контрреволюций тухти нихмӕ. Цӕгол-Ахмат ба иссӕй тӕккӕ цитгиндӕр иуазӕг Маланги батальони.