21 декабря 2024

ГАЗАЙТИ Зойӕ: «УӔЛМОНЦ ГЪУДИТӔЙ ДЗИЛЛИ КА НИФСГУН КӔНУЙ, ӔЦӔГ АЙЙЕВАДӔ Е ӔЙ!..»

24.03.2021 | 15:48

Исфӕлдистадон надбӕл ку ӕрлӕудтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕмӕ цӕстуарзонӕй ӕ цӕстӕ ка даруй, аййевади, культури сосӕгдзийнӕдтӕ, сауӕнгӕ си листӕг фӕззелӕнтӕ мин цӕстуарзонӕй ка амудта ӕма нерӕнгӕ дӕр ма амонуй, еци арфиаг ӕма хӕларзӕрдӕ адӕймӕгутӕй еу ӕй Газайти Зойӕ, звукорежиссер, Национ телеуинунади «Иристон ТВ»-й сӕрмагонд авторон программӕ «Ӕнусон Фарн»-и разамонӕг, Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий культури ӕскъуӕлхт косӕг. Е хори тунти хузӕн тавуй ӕ ездондзийнадӕй ӕма ӕ табедзӕдзийнадӕй ӕ уарзон ӕмкосгути, лимӕнти ӕма зонгити. Къӕрцгъос ӕй сӕ алкей тухстаг фарстатӕмӕ, фӕййагъаз кӕнуни алли гъуддаги дӕр, ӕхе некӕд фӕййеуварс кӕнуй.

Мадта ӕ кусти куд арӕхстгин ӕма фӕлтӕрдгун ӕй, уой амонун некӕмӕн гъӕуй. Зойи хузӕн звукорежиссертӕ ӕнцӕ Уӕрӕсей ӕма Иристони уодварни аййевади агоргӕ ӕма ӕнӕиссергӕ адӕймӕгутӕ. Нӕ аййевади косгути алли кари минӕвӕрттӕй Зойи туххӕй ахид фегъосӕн ес уӕхӕн зӕрдиаг загъд, гъома, цалинмӕ нин Зойӕ ес, уӕдмӕ Иристони аййевадӕн, адӕмон ӕма классикон музыкӕн, национ дзурдаййевадӕн, нӕ дзилли уодварни ӕцӕг хӕзнатӕн фесӕфӕн нӕййес. Ӕма аци гъудий ӕцӕгдзийнадӕ, арви рӕсогдзийнадӕй бӕрӕгдӕр ке ӕй, уой рӕстӕг равдиста. Зойӕ нур дӕс ӕма дууинсӕй анземӕй фулдӕр лӕггадӕ кӕнуй нӕ дзиллӕн, се ‘хсӕн тауй ӕцӕг аййевади ӕносон хӕзнатӕ. Уал анземӕ аййевади алли жанрти адӕмон, классикон, нуриккон музыки, театралон аййевади, зӕлтӕфинсуйнади гъуддаги ци арф ӕма берӕвӕрсуг зонундзийнӕдтӕ ӕрӕмбурд кодта, уонӕн хумӕтӕг дзурдтӕй аргъ искӕнӕн дӕр нӕййес. Уомӕ гӕсгӕ ‘й уодварни хӕзнати цӕугӕ цирагъдар, бундорон ӕма энциклопедион зонундзийнӕдти хецау ку рахонӕн, уӕд хъӕбӕр раст уодзинан. Уомӕн ӕма, уой хузӕн изӕдӕнгӕс силгоймагӕй раст зӕгъун, Хуцауи зӕрдӕ балхӕнуни хузӕн ӕй.

Зойи ӕвӕллайгӕ уоди ӕма арф зунди, арфиаг хъиамӕттӕ ӕма уодвӕллойнӕн бӕрзонд аргъгонд ӕрцудӕй Хонсар Иристони дӕр – ӕрӕги ин исаккаг кодтонцӕ аци республики культури ӕскъуӕлхт косӕги кадгин ном. Ӕма ин уой фӕдбӕл хъӕбӕр ӕхцӕуӕнӕй арфитӕ кӕнгӕй, нӕ зӕрдӕ ин зӕгъуй фарни хӕццӕ берӕ ӕнзти хӕссӕд ӕ зундӕй, зӕрдӕхӕлардзийнадӕй, уоди устур ӕма ахедгӕ хуарзӕнхитӕй ма нӕ берӕ ӕнзти куд тава, Иристонӕн куд зӕрдиаг лӕггӕдтӕ кӕнуй, уӕхӕн зӕрдаййев цард куд кӕна берӕ ӕнзти, уой ин Дуйней фарни ӕма нӕ изӕдти цӕстӕ бауарзӕд.

Звукорежиссер ГАЗАЙТИ Зойӕ (галеуӕрдигӕй), журналист ФӔРДЗИНТИ Барис, диктор ӔБОЙТИ Риммӕ.

Адӕми цӕстӕ уинагӕ ‘й. Зӕрдӕй игъосун ӕма зӕрди цӕститӕй кӕсун ка фӕразуй, нӕ адӕми ӕцӕг аййевади хӕзнатӕ ци ‘нцӕ, уой ка лӕдӕруй, уӕхӕн адӕм нерӕнгӕ дӕр ма нӕ республики берӕ ес. Уонӕн сӕ фулдӕрей искурдиадӕмӕ гӕсгӕ, уӕдта, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, мӕхе фӕндонӕй Зойӕй ракурдтон, цӕмӕй нин ӕ гъудитӕ зӕгъа еу цалдӕр фарстай фӕдбӕл. Ӕма мин ӕ хӕццӕ ци дзубанди рауадӕй, уой уӕ размӕ хӕссун:

– Аййевадӕ, культури хӕццӕ дӕ цард кутемӕй исбастай?

– Ахур кодтон Алагири дуккаг астӕуккаг скъолай. Еци рӕстӕг си директорӕй куста ӕнӕгъӕнӕ Уӕллагири коми е ‘гъдау ӕма арф зундӕй игъустгонд лӕг, искурдиадӕгин ахургӕнӕг Боцити Кирилл. Музыкӕ ба нин лӕвардта Мистулати Тамарӕ. Е мин рартаста мӕ вокалон искурдиадӕ. Адтӕн скъолай ахурдзаути хори солисткӕ. Архайдтон райони ӕма республикон исфӕлдистадон конкурсти. Байахӕссинӕ си раззаг бунӕттӕ. Республикон конкурстӕ арӕзт цудӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕуи «Сӕрдигон театр»-и. Е уидӕ устур бӕрӕгбон ӕнӕгъӕнӕ Иристонӕн дӕр.

Аци скъолай ма мӕ хӕццӕ еу рӕстӕг ахур кодта Суанти Ким, фӕстӕдӕр иссӕй зундгонд зартӕгӕнӕг. Е разӕнгардӕй архайдта скъолай зартӕгӕнгути ӕма драмон къуӕртти. Фӕндзӕймаг къласи адтайдӕ, ӕвӕдзи, фиццаг хатт уӕд фегъустон, Хетӕгкати Къостай дзурдтӕбӕл арӕзт зар «Ӕнӕ хай» куд заруй, уой. Ӕнахур дессаги гъӕлӕс ин адтӕй уӕд дӕр. Фӕстӕдӕр ба ӕ искурдиадӕ никки ирддӕрӕй ӕма агъазиаудӕрӕй ма раргом ӕй. Еууӕхӕни ба скъолай драмон къуари исӕвардтонцӕ пьесӕ «Бахчисарайский фонтан». Суани-фурт си сӕйраг архайӕги сорӕт куд дӕсни ӕма арӕхстгинӕй исаразта, е ма абони дӕр мӕ зӕрдӕбӕл лӕууй.

– Ахури ӕнзтӕй ахиддӕр цӕхуӕн цаутӕ ӕрлӕууй дӕ зӕрдӕбӕл?

– Скъолай ахургӕнгӕй мӕ зӕрдӕмӕ фулдӕр цудӕнцӕ географий, литератури, уруссаг ӕвзаги уроктӕ. Истори дӕр берӕ уарзтон. Амудта нин ӕй Ӕмбалти Мирзӕ. Ӕ алли урок дӕр адтӕй хъӕбӕр цӕмӕдессаг ӕма медесгун. Рагон дуйней, Устур Фидибӕстон тугъди туххӕй нин ку дзоридӕ, уӕд имӕ хъӕбӕр ӕхцӕуӕнӕй игъустон.

Журналист МУКАГЪАТИ Геуӕрги ӕма ГАЗАЙТИ Зойӕ.

Ӕнӕмӕнгӕ ма мӕ зӕгъун фӕндуй Бутати Хъантемури туххӕй, райдайӕн кълӕсти нин адтӕй ахургӕнӕг. Нуртӕккӕ кӕд мӕхе мӕ финстигъӕдӕй растаун мӕ бон ӕй, уӕд айдагъдӕр уой фӕрци. Абони дӕр ӕй ахид ӕримисун. Хъӕбӕр хуарз ахургӕнӕг нин адтӕй. Мах, ӕ ахурдзаутӕ, аргъ ин кодтан, берӕ ‘й уарзтан. Архайдта Устур Фидибӕстон тугъди. Дардта ӕфсӕддони дарӕс, галифе хӕлаф ӕма цулухътӕ. Нуртӕккӕ дӕр ӕ сорӕт мӕ цӕститӕбӕл ахид рагъазуй.

Хестӕр кълӕсти мин уруссаг ӕвзаг лӕвардта Тотойти Зинаидӕ, алгебрӕ – Мӕрзойти Габо. Хъӕбӕр дӕсни ахургӕнӕг адтӕй Габо, уотӕ лӕмбунӕг байамонидӕ нӕуӕг ӕрмӕг, ӕма уой фӕсте уӕлӕнхасӕн урокмӕ цӕттӕ кӕнун дӕр нӕбал гъӕуидӕ. Сӕрмагонд ахурадӕ ба райстон Дзӕуӕгигъӕуи музыкалон училищей. Ами дӕр мин адтӕй дессаги ахургӕнгутӕ: Ӕчети Аркадий, Дзуццати Зарӕ, Николай Петров (лӕвардта нин оркестри дӕсниадӕ). Фиццаг хатт нӕ ӕнӕгъӕнӕ къуарӕй е бахудта радиой оркестрмӕ байгъосунмӕ. Е адтӕй дзенети бунат. Еци рӕстӕг си дирижерӕй куста Геннадий Овечкин. Уой размӕ нӕ симфонион оркестри концертти ахид уинӕ. Фал мӕ радиой оркестрмӕ фиццаг хатт ӕрбакодта Николай Петров. Уоййасӕбӕл дессаг адӕм адтӕнцӕ, ӕма сӕ рази уолӕфун дӕр не ‘ндиудтон. Ескӕд аци оркестр пленкӕбӕл финсдзӕнӕн ӕма музыканттӕн, раст нӕ цӕгъдетӕ, зӕгъгӕ, зӕгъдзӕнӕн, е ми ӕруагӕс дӕр некӕд бацайдӕ.

– Берӕ ӕнзти дӕргъи кустай Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-й звукорежиссерӕй. Ӕма косун ку райдӕдтай, еци фиццаг бӕнттӕй фулдӕр дӕ зӕрдӕбӕл ци бадардтай?

Журналист РЕУАЗТИ Аллӕ (галеуӕрдигӕй), сӕйраг инженер ХЪАНУХЪУАТИ Инессӕ ӕма ГАЗАЙТИ Зойӕ.

– Телеуинунади райдӕдта мӕ дӕсниади фӕндаг. Кустон си звукооператорӕй. Ӕрбаййафтон си, ӕ дӕсниадӕ зӕрдӕй ка уарзта, ӕма ‘й хъӕбӕр хуарз ка зудта, уӕхӕн адӕми: Бетойти Марийи (адтӕй телеуинунади разамонӕг, кустмӕ дӕр мӕ е райста), Ӕгъузарти Ӕхсарбеги (телерадиокомитети разамонӕг), Виктор Пастони, Мӕхъити Ирини, Мерденти Юрийи, Николай Адамови, Хъайтухъти Аслани, Гуриати Гермӕни, Золойти Лиди. Мӕн бабарӕ кодтонцӕ Николай Адамовӕн. Е мин амудта дӕсниади сосӕгдзийнӕдтӕ.

Телеуинунади цубур рӕстӕг ракустон, уотемӕй мӕ раййивтонцӕ радиокомитетмӕ. Ами дӕр ӕрбаййафтон, абони Иристон сӕрбӕрзонд кӕмӕй ӕй, уӕхӕн косгути, журналистти: Хъодзати Ӕхсари, Беккузарти Дзамболати, Фӕрдзинти Бариси, Мӕхӕмӕтти Ахурбеги, Дзанайти Зари, Геннадий Булахи, Дзугати Савелийи, Дзаболати Люси, Хъургъости Марийи. Сӕ рази, ку зӕгъун, уолӕфун дӕр не ‘ндиудтон. Уой ма уомӕ гӕсгӕ дӕр зӕгъун, ӕма нури доги уавӕртӕ куд исӕнахуртӕ ‘нцӕ, мӕ зӕрдӕмӕ си ци нӕ цӕуй, е ӕй, нуртӕккӕ фӕевӕд хестӕрти рази сӕхе бустӕги ӕндӕрхузон ке дарунцӕ. Уӕди дзамани нӕмӕ ӕгъдау ӕма уагӕ бӕрзонд ӕвӕрд адтӕнцӕ.

Радиой косгӕй мин цӕстуарзонӕй сӕ арф ӕма берӕвӕрсуг зонундзийнӕдтӕ лӕвардтонцӕ Такъӕти Валоди ӕма Есиати Сулейман. Абони мӕ бон федарӕй зӕгъун ӕй, кӕд мӕ дӕсниади мӕ къохи ести бафтудӕй исаразун хуарзӕй, уӕд айдагъдӕр аци дууӕ адӕймагей фӕрци. Мӕнӕн Хуцау устур арфӕ ракодта, аци дууӕ хуарз хестӕри мӕ фарсмӕ ке адтӕнцӕ, уомӕй. Муртӕ куд финсун ӕма сӕмӕ куд игъосун, уӕдта микрофон раст куд ӕвӕрун гъӕуй, еугур еци хабӕрттӕ мин Валоди ӕма Сулейман байамудтонцӕ. Ӕз сӕ некӕд феронх кӕндзӕнӕн.

Магнитофони лентӕбӕл уадзимис ниффинсинӕ, уӕдта идарддӕр ба бахауидӕ радиой фонотекӕмӕ. Ами дӕр кустонцӕ, ӕ фӕллойнадон ихӕс дӕсни ӕма бӕрнонӕй ка ӕнхӕст кодта, уӕхӕн дууӕ адӕймаги – Хъулати Динӕ ӕма Зианидӕ Малицкая. Зӕгъӕн ес, ӕма фонотекӕ етӕ исаразтонцӕ. Сӕ карздӕр домӕн адтӕй е, ӕма пленки къопбӕл гъӕуама ӕнӕмӕнгӕ финст адтайдӕ ӕ автори ӕма зартӕгӕнӕги нӕмттӕ, муггӕгтӕ, кӕд финст ӕрцудӕй, цал минутти игъусуй, еугур еци бӕрӕггӕнӕнтӕ. Нӕ фонотеки куст хъӕбӕр бӕрзонд ӕмвӕзадӕбӕл ӕвӕрд адтӕй. Сауӕнгӕ ма нӕмӕ нӕ фӕлтӕрддзийнади хӕццӕ базонгӕ уни зӕрдтӕй Стъараполӕй, Краснодари крайӕй, Тӕтӕрӕй дӕр иссӕуиуонцӕ.

Республикон радиой зӕлтӕфинсӕн студий косгутӕ: ФӔРДЗИНТИ Тамарӕ (галеуӕрдигӕй), ГАЗАЙТИ Зойӕ, АБАЙТИ Азӕ ӕма АЛИККАТИ Тамарӕ.

Фонотеки косгутӕй ма мӕ зӕгъун фӕндуй дууӕ адӕймагей туххӕй, етӕ ‘нцӕ Бигъдати Зойӕ ӕма Келехсати Райӕ, аци дууӕ адӕймагей ӕновуддзийнадӕ сӕ дӕсниадӕбӕл дессаги дессаг ӕй. Ӕдӕхсӕвӕ-ӕдӕбонӕ фӕллад нӕ зонгӕй, ӕнхӕст кодтонцӕ сӕ размӕ ӕвӕрд ихӕстӕ.

– Берӕ артисттӕн, зартӕгӕнгутӕн, музыканттӕн балӕггадӕ кодтай, сӕ гъӕлӕстӕ, сӕ уадзимистӕ син фӕффинстай магнитофони лентӕбӕл. Нур си ахиддӕр ке ӕримисис?

– Ӕз мӕхе хъӕбӕр амондгун хонун уомӕй, ӕма нӕ зундгонд композитортӕ Кокойти Тӕтӕрхъан ӕма Аслани, Плити Христофор ӕма Гӕбӕрати Ильяй, Хаханти Дудари, Ӕлборти Феликси, Цорионти Резвани хӕццӕ зонгӕ ке адтӕн, сӕ дессаги музыкалон уадзимистӕ син пленкӕбӕл ке финстон.

Мадта Ирон театри ӕрдхуӕрӕни искурдиадӕгин артисттӕ: Тӕбӕхсаути Бало, Сланти Къоста, Саламти Къола, Цӕрукъати Александр, Хъариати Тамарӕ, Гъӕргинти Варя, Икъати Серафин, Туменати Еленӕ, Икъати Мӕирбег, Хъалӕгати Федя, Хурумти Урузмӕг… Еузагъдӕй, нӕ Ирон театри ӕцӕг стъалутӕ ка адтӕнцӕ, уонӕн сӕ еугурей хӕццӕ дӕр кустон, игъустон син комкоммӕ сӕ дессаги гъӕлӕстӕмӕ. Сӕ хӕццӕ исфӕлдистадон кусти ӕмкъахдзӕф кодтон. Уомӕй хонун мӕхе хъӕбӕр амондгун.

Мадта нӕ зартӕгӕнгутӕ Суанти Федӕр ӕма Ким, Котолити Марийӕ, Билаонти Долорес, Годжицати Исахъ (куд дессаги артист ӕма зартӕгӕнӕг адтӕй).

Хестауни туххӕй ӕй нӕ зӕгъун, фал мӕ аци аййевади дӕснитӕ исахур кодтонцӕ музыкӕмӕ, спектакльмӕ, аййевадон уадзимисмӕ раст игъосунбӕл, раст аргъ син кӕнунбӕл, ӕцӕг аййевадон уадзимис нецӕййагӕй ӕртасунбӕл. Кӕд сӕ уодигъӕдӕй аллихузон адтӕнцӕ, уӕддӕр си мӕхецӕн берӕ хуарздзийнӕдтӕ райстон.

Поэт, журналист КЪАДЗАТИ Станислав, ГАЗАЙТИ Зойæ æма радиой фонотеки косæг КЕЛЕХСАТИ Раисæ.

Уӕгъдӕ бон мин некӕд адтӕй. Алкӕддӕр нӕ зӕлтӕфинсӕн студи (Горькийи гъӕунги ма адтӕй уӕд радиой хӕдзарӕ) адтӕй адӕмӕй идзаг. Сӕ хӕццӕ косгӕй си алкӕмӕн дӕр сӕ зӕрдирахаст уидтон ӕма уомӕй кодтон мӕхецӕн пайдайаг, бӕлвурд хатдзӕгтӕ. Мадта хехъӕппӕресадон аййевади зундгонд архайгутӕ Кӕсӕбити Митя, Гулчети Епо, Къодоти Геуӕрги, Гуриати Вано, Цӕгӕрати Созурухъо, Хӕдзарӕгати Дарья, Сланти Ӕхсарбег, Дзиццойти Шамил, Скъиати Морат, Дзугати Барту, Фӕрниати Мӕдинӕт, Хӕуитати Агубе. Етӕ адтӕнцӕ нӕ адӕми исфӕлдистади фарнӕ бӕрзонд ка хаста ирон ӕфсармӕ ӕма ӕгъдауи рохс кӕмӕй цудӕй, уӕхӕн адӕм. Хъӕбӕр ахид ӕма устур ӕхцӕуӕнӕй имисун абони дӕр еци рӕстӕгутӕ.

– Дӕумӕ гӕсгӕ, нуртӕккӕ нӕ национ музыкалон аййевадӕ ци уавӕри ӕй?

– Гъулӕггагӕн, еци гъуддаги Уӕрӕсе цӕмӕй гъӕрзуй, еци «нез» махмӕ дӕр ӕрбахъӕрттӕй. Нуртӕккӕ нӕ бӕсти радиостанцитӕмӕ ку игъосай, уӕд си цӕйбӕрцӕ ӕнӕхъола, ӕнӕуод зартӕ фегъусуй, е нӕ, фал ходуйнаг ӕма аллайаг ӕй. Дессаг ба е ӕй, ӕма син куд ес барӕ эфири унӕн.

Махмӕ дӕр, Иристони, нуртӕккӕ заруни барӕ ес кӕмӕнфӕнди дӕр. Нуртӕккӕ мӕн зарун ку бафӕндӕуа, уӕд некӕмӕ байгъосинӕ, зӕгъинӕ ӕма уартӕ иннетӕ ку зарунцӕ, уӕд ӕз уонӕй цӕмӕй ӕнӕ лӕгдӕр дӕн.

Беретӕ уӕхӕн уӕлӕнгай цӕстӕй ракастӕнцӕ аййевадӕмӕ. Ӕма син «ма кӕнӕ» зӕгъӕг ке нӕййес, нӕ музыкалон аййевади сӕйраг бӕлах дӕр уой медӕги ӕй. Исахид ӕнцӕ, ӕ мелодийӕй ӕма дзурдтӕй дӕр тухарӕзт ка ӕрцӕуй, уӕхӕн нецӕййаг, уӕлӕнгай зартӕ. Нӕ зартӕгӕнгутӕ ба зарунцӕ, ци зар кӕнунмӕ исарӕхсиуонцӕ, уой нӕ, фал циуавӕрфӕнди зар разарунмӕ дӕр сӕ нифс бахӕссунцӕ.

Алли зартӕгӕнӕг дӕр гъӕуама зона е ‘сфӕлдистадон равналӕнтӕ. Ӕма уомӕ гӕсгӕ араза ӕ репертуар. Е ба уомӕн уотӕ ‘й Уӕрӕсей ӕма Иристони дӕр, ӕма нӕмӕ ке нӕбал ес аййевадон советтӕ. Советон цардарӕзти рӕстӕг еци советтӕ алли аййевадон артдзӕстити дӕр адтӕнцӕ. Сӕ иуонгтӕ адтӕнцӕ зундгонд поэттӕ ӕма зартӕгӕнгутӕ, музыканттӕ, артисттӕ, аййевадӕртасгутӕ. Етӕ ӕвзариуонцӕ зар кенӕ цагъдӕн ӕ тексти ӕма мелодий медес, ӕ арӕзт, ӕ темӕ. Ӕма ку бӕззидӕ, уӕд сӕ унаффӕй уадзимис эфири райгъусидӕ. Раст зӕгъун гъӕуй, еци аййевадон советти кусти дӕр аййеппитӕ адтӕй, фал еумӕ райсгӕй сӕ архайд гъӕугӕ ӕма ахедгӕ адтӕй. Телерадиокомпани «Алани»-й аййевадон совет нур берӕ ӕнзти дӕргъи нӕбал косуй. Уӕд исахид ӕнцӕ уӕлӕнгай финст зартӕ ӕма музыкалон уадзимистӕ.

– Уавӕр бахузӕнон кӕнунӕн ба ци хуасӕ ес дӕумӕ гӕсгӕ?

– Нӕуӕгӕй гъӕуй аййевадон совет исаразун. Ӕ иуонгтӕ гъӕуама уонцӕ, аййевади ӕцӕг адӕ ка лӕдӕруй, ӕ дзурди ӕма гъуддаги ӕцӕгӕй уӕзӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн дӕсни поэттӕ, композитортӕ, музыканттӕ, музыкӕртасгутӕ. Айдагъдӕр уӕд уавӕр хуӕздӕрӕрдӕмӕ раййевдзӕнӕй.

– Аййевади надбӕл ка лӕууй ӕма исфӕлдистадон архайд ӕ карнӕн ка равзурста, еци фӕсевӕдӕн ба ци бафӕдзӕхсисӕ?

– Сӕ равзурст надбӕл цӕугӕй фӕсмон куд нецӕбӕл фӕккӕнонцӕ. Сӕ дӕсниади сӕхебӕл ӕновудӕй куд косонцӕ, фулдӕр зонундзийнӕдтӕ райсунмӕ си куд тундзонцӕ ӕма е сӕ къохи куд ӕфтуйа. Нуртӕккӕ концерттӕмӕ ку бацӕуай, уӕд тухгин къохӕмдзӕгъд ци зартӕгӕнӕгӕн ӕма зарӕн искӕнунцӕ, е фулдӕр хатт еци къохӕмдзӕгъди аккаг нӕ фӕууй. Еци гъуддагбӕл ӕз хъӕбӕр дес кӕнун. Хъӕбӕр мӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕ аййевадӕуарзгутӕ, ӕцӕг музыкӕ ци ‘й, уой лӕдӕронцӕ ӕма ‘й ӕнкъаронцӕ. Уӕд син царди дӕр хуарз лӕгъузӕй ӕртасун дӕр ӕнцондӕр уодзӕнӕй.

Номдзуд музыкалон архайæг, ЦÆГАТ Иристони Фæллойни Бæгъатæр ГÆЗДÆНТИ Булат, ГАЗАЙТИ Зойæ, ЦЦæгат Иристони адæмон артисткæ (Ирон театр) ДЗБОЙТИ Зойæ æма журналист ГАСАНТИ Валерий.

Уомӕй уӕлдай ба мӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕригон фӕлтӕр ахиддӕр профессионалон музыкӕмӕ куд игъосонцӕ. Фал имӕ кӕми гъӕуама игъосонцӕ? Фӕстаг къуар анзи радиой финст ку неци цӕуй, уӕд. Телеуинунади ци нӕуӕг студи арӕзт ӕрцудӕй, уоми кӕддӕр ниффинстон культури министради адӕмон инструментти оркестри (ӕ аййевадон разамонӕг ӕма дирижер Уӕрӕсей Федераций адӕмон артист Гӕздӕнти Булат). Фал мӕ уомӕй уӕлдай ма фӕндуй паддзахадон филармоний  нӕ ирон адӕмон инструментти оркестри (ӕ дирижер Ходи Олег) музыканттӕ ци уадзимистӕ цӕгъдунцӕ, уони, уӕдта ма фольклорон инструменталон къуар «Къона»-й музыкалон уадзимистӕ ниффинсун.

Аци кӕстӕрти хъӕбӕр фӕндуй нӕ фидтӕлти музыкалон хӕзнатӕ цардмӕ раздахун. Ӕма ибӕл архайгӕ дӕр кӕнунцӕ. Фал сӕ аййевади хӕццӕ нӕ дзиллӕ хӕстӕгдӕр ӕма хуӕздӕр зонгӕ ку уидӕ, е мӕ хъӕбӕр фӕндуй, ӕма уомӕн ба фадуат гъӕуй. Уомӕй уӕлдай нӕ симфонион оркестри дӕр нур кӕдӕй нурмӕ нӕбал ниффинстон. Нӕ композиторти абони фӕлтӕр ци уадзимистӕ исфӕлдесунцӕ, етӕ дӕр радиойӕй финст нӕ цӕунцӕ, гъулӕггагӕн.

– Зойӕ, адӕймаг исонибони хуӕздӕр нифсӕй цӕруй. Ӕма дӕ бӕлдитӕ Иристони аййевади фарнӕн нӕртон ӕфсерӕ куд рафтауонцӕ, уой дин зӕгъуй нӕ зӕрдӕ. Де ‘ргом ӕма зӕрдибун гъудитӕ нӕ газеткӕсгути рӕнгъӕмӕ ке рахастай, уой туххӕй ба дин арфӕ кӕнун!

 

ГАСАНТИ Валерий,

журналист, финсӕг