ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…
Нарти хъалтæ устур кувди бадтæнцæ æма мийнасæ кодтонцæ. Сирдон, æ къæредæ кæрци медæг, уотемæй еуварс лæудтæй æма сæмæ уордигæй кастæй. Кувди бадгутæ ‘й уидтонцæ, фал æй сæ фингæмæ еу бахонæг нæ фæцæй.
Уæд Сирдон уордигæй рацудæй сæхемæ, æ тинтикъи кæрцæ искодта æма раздæр кæми лæудтæй, еци бунати бабæй æрлæудтæй.
Нарти хъалтæ ‘й уайтæккæдæр æрæстæфтæнцæ, хъæбæр ездонæй æ размæ бацудæнцæ, фингæмæ ‘й бахудтонцæ æма ‘й исбадун кодтонцæ кадгин бунати. Сирдон æ кæрцæ раласта, æ фарсмæ ‘й æрæвардта, фингæбæл хуæруйнæгтæй хуæздæр ци адтæй, уонæй ин хæйттæ æркарста æма ин сæ æ рази æрæвардта.
– Рахуæрæ, мæ кæрцæ, мæнæ ауæхæн дæр æма ауæхæн дæр, – дзоруй имæ. – Нартæ мæн нæ, фал дæу æрбахудтонцæ сæ кувдмæ.
***
Æма абони дæр уотæ нæ ‘й? Уæрæсей нуриккон «нæртон кувди» фингæбæл аллихузон дессæгтæй тæккæ парахаттæй идзагдæр рауæнтæ æрахæстонцæ айдагъдæр бонгинтæ, уой дæр, ка си куд гъæздугдæр æй, уотæ уæлиаудæр бунæтти æрбадгæй. Еци еугур фæрзеутæ син ке фæрци ‘нцæ, еци хумæтæг фæллойнæгæнгути ба сæ фингитæмæ хæстæг нæ уадзунцæ. Уогæ хаттæй-хатт, сæ рæстзæрди ку фæуунцæ, уæд уонæн дæр сæ уæлдæйттæй битири хузæн цидæртæ рагæлдзунцæ (зæгъæн, сæ пенситæбæл син къапеккитæ бафтаунцæ, сомтæй ба син сæ байсунцæ æргътæ фæббæрзонддæр кæнгæй, аллихузон æримисгæ феддонтæ æма æндæр налат миути фæрци). Цума еци æнæфсес бонгинтæмæ уотæ ба нæ кæсуй, æма еу бони сæри тухст адæм се ‘гудзæгдзийнадæй исфæлмæцгæй, сæ маст есун байдайдзæнæнцæ…
Александр ЕМЕЛЬЯНЕНКО, хæлæмулæгонд тухæвзарæнти богал: «Скъолай адтæн, ахури еумæйаг бæрæггæнæн «æртæ» кæмæн адтæй, уонæй. Нур фæдтæн нефтикустгæнæгбæл деканат (æма уæхæн факультатив дæр ес ?!.) Ес мæмæ дууæ уæлдæр ахургонддзийнади: экономикон æма нефтикустбæл. Æз дæн декан…»
Гъе уотæ ‘й спорстменти карни фæткæ. Деканатмæ бацудæй диплом есунмæ æма си радекан æй. Паддзахадон Думæмæ бацудæй, уæддæр ци ‘й, зæгъгæ, уой базонунмæ æма си радепутат æй. Равзурдæй Федераций Совети – æма си æнæнгъæлти расенатор æй. Еузагъдæй, зундгин ун уоййасæбæл нæ гъæуй – дæ дзæмбути хъаурæ уæд æма алцидæр дæ къохти уодзæнæй.
Аринæ НОВОСЕЛЬСКАЯ, Хъирими культури министр, телеконференций рæстæг æнæфсармæ зæгъдтитæ ниццæлхъ кодта комкоммæ эфири: «Техникæ ку нæбал куста, уæд ми исервазтæнцæ æнæпарламентон зæгъдтитæ…»
– Техникæ нæбал косуй, зæгъгæ, уой рæуонæй культури министрæн æнгъезуй, еци рæстæг ма æ рази ци берæ адæм адтæй (се ‘хсæн силгоймæгтæ дæр куд нæ адтайдæ!..) уæхæн гириззаг дзубандитæ кæнун?.. Еузагъдæй, адæймагæн æ меддуйней культурæ циуавæр уа, æ дзубандитæ дæр уæхæн фæуунцæ – цийфæнди рохситауæн бунат ку ахæсса, уæддæр…
Номдзуд уруссаг комедитæ финсæг Денис ФОНВИЗИНИ (1745-1792) уотæ ку бафарстонцæ, адæймаг æма хайуан цæмæй игъаугидæр æнцæ, зæгъгæ, уæд е равардта дзуапп: «Берæ цæмæйдæрти!.. Хайуанæй адæймаг некæд рауайдзæнæй, адæймагæй ба, уæлдайдæр ба мулкгинтæй, хъæбæр ахид дæр ма хайуан рауайуй».
– Махмæ гæсгæ, бустæги раст нæй, уæхæн барст. Е ‘рдзон искондмæ гæсгæ хайуан, цæйбæрцæ ‘й гъæуй æ бауæри, уомæй фулдæр нæдæр дон нæ баниуаздзæнæй, нæдæр хуæруйнаг бахуæрдзæнæй, уотæ ин бæрцæй æнцæ иннæ гъуддæгутæ дæр. Адæймагæн ба бафсес нецæмæй ес, цæйбæрцæ ин æнтæсуй, уой бæрцæ лæборуй æма лæборуй. Гъенур ба рабаретæ, ка хайуандæр æй…