ЯДЕРОН ФУДЦАУТИ ДЗÆНГÆРÆГ ЗÆЛЛАНГ КÆНУЙ ИРИСТОНИ ДÆР…
Авдисæри, 26 апърели, æнæгъæнæ Уæрæсей дæр бæрæггонд бабæй æрцудæй, радиацион фудцаути ка фæммард æй, уони имисæн Бон.
Дуккаг дуйнеуон тугъд ку фæцæй, уæд гермайнаг фашизми нихмæ нæ «æмтохгæнæг» Америки Еугонд Штаттæ Советон Цæдесмæ знаги цæстæй ракастæнцæ æма ядерон хуæцæнгарзæй æртхъерæн кæнун байдæдтонцæ… Нæ бæстæ уæхæн уавæрти архайдта æ ядерон уарт тагъддæр исаразунбæл, кæд бæстæ æ къæхтæбæл нæма ислæудтæй, адæм хуайраггъæуагæ æййафтонцæ, сæ социалон уавæртæ хузæнон нæ адтæнцæ, уæддæр.
Нæ адæм хъазауатонæй кустонцæ æфсад ядерон тухтæй исефтонг кæнунбæл, аразтонцæ заводтæ, «Маяк»-и (Челябинск-40) хузæн кустадон еугæндтæ, ядерон полигонтæ Нæуæг зæнхи, Семипалатински, Тоцки, хуæцæнгарзи нæуæг хузтæ фæлваруни туххæй. Гъудæй дони бунти накæгæнæг атомон флот дæр, стратегион ядерон тугъдон-уæлдæфон флот дæр. Алли рауæнти нæмæ арæзт цудæнцæ атомон электростанцитæ аслан электрон тухæй бæстæ бафсадуни туххæй. Раст зæгъгæй, тæссаг адтæй, атомон электростанцитæ тагъд-тагъд аразгæй рæдуд æруадзунæй.
Ядерон объекттæ хæлæфæй арæзт цудæнцæ, уомæ гæсгæ ба бустæги æдасгонд нæ адтæнцæ радиаци рагъузунæй, радиактивон рагæлститæй алфамбулай нийгъæстæ кæнунæй. Тæссаг рагæлдзæнтæ (отходы) хатгай калд цудæнцæ цадити. Кустадон еугонд «Маяк»-и ба сæ цæугæдон Течамæ исаразтонцæ, дæсгай, сæдæгай километртæ æма æ алливарс цæрæг адæми маргæй ке игъæстæ кæнуй, уобæл нæ гъуди кæнгæй. 1957 анзи кустадон еугонд «Маяк»-и объекттæй еу ку исрæмугъта, уæд е адтæй еугур æхсæнадæн дæр рафæдзæхст: атоми хæццæ тæлаф-тулуфæй косæн нæййес. Еци анз æма фæстæдæр дæр Цæгат Иристони цæргутæй «Маяк»-и адтæй æма медæфсæдти службæ кодтонцæ 350 адæймаги. Беретæ си радиаций амæттаг фæцæнцæ.
Цалинмæ 1986 анзи Чернобыли атомон электростаций ядерон реактор не ’срæмугъта, уæдмæ «Маяк»-и фудбæлахи кой æндеугæ дæр неке кодта, ка си бахаудтæй, уонæй. Айдагъ Советон Цæдесбæл не ’рцудæй устур зиантæ еци исрæмугъдæй, фал еугур дуйнеуон æмæхсæнадæбæл дæр. Исрæмугъди фæстеугутæ уæлдай хъæбæрдæр фæззиндтæнцæ, сæ еуварс кæнунбæл ка куста, уони æнæнездзийнадæбæл. Айдагъ фиццаг дууæ анзей дæргъи Чернобыльмæ æрвист æрцудæй 600 мин æфсæддон службæгæнæгемæй фулдæр, архайдтонцæ еци фудбæлахи фæстеугутæ еуварс кæнунбæл. Сæ фулдæр фæннезгун æнцæ радиаций бæлахæй, иссæнцæ инвалидтæ.
Чернобыли трагедий Иристонæй бахаудтæй дууæ мин адæймагемæй фулдæр. Еци фудбæлахæн æ тæккæ туфули ке адтæнцæ, айдагъ уомæй дæр етæ бавдистонцæ хъæбæр устур лæгдзийнадæ. Уой хæццæ ба ма си беретæ фескъуæлхтæнцæ сæ бæгъатæр æма уодуæлдай хъиамæтæй – хумæтæги си дууинсæйемæн нæ исаккаг кодтонцæ Бæгъатæрдзийнади ордентæ, никки фулдæремæн ба майдантæ æма æндæр аллихузон хуæрзеугутæ.
Чернобыли фудбæлахи фæстеугутæ райеуварс кæнуни Цæгат Иристонæй ка архайдта, уонæй сæ фулдæр иссæнцæ незмæ гæсгæ пенсиесгутæ æма инвалидтæ.
Паддзахади æнæмæнгæ ка гъæуй, еци гъуддæгутæ, уой ба сæ тæккæ æверхъаудæртæ, æнхæст кæнуни ихæстæ ке рагъи бакæнунцæ, æма уой фæдбæл æновудæй ка архайдта, æхебæл дæр æма е ’нæнездзийнадæбæл дæр ка нæ аурста, етæ сæ зæрдæ цæмæннæ гъæуама ма даронцæ, Райгурæн бæстæ сæ иронхуати ке нæ ниууадздзæнæй, ке сæбæл ауоддзæнæй, зæгъгæ, уобæл?! Е гъæуама лæдæрд уа, куд бæсти разамонгутæн, уотæ бунæттон хецауеуæггæнгутæн, лæдæрд син уа е дæр, æма афонæ ‘й еугур ядерон фудбæлæхти фæстеугутæ еуварсгæнгутæн – чернобылæгтæн, маяковонтæн, семипалатинскаг-байконурæгтæн, нæуæгзæнхонтæн, атомон наути службæхæсгутæн, ракетчиктæн-ядерщиктæн, еузагъдæй, ядерон гъомуси хæццæ баст еугур косгутæн дæр, æмхузон бартæ раттун æма син æмхузонæй сæ цардиуаги фарстати гъæугæ хузи агъаз кæнун. Гъулæггагæн, фæндæуа сæ æви нæ, уæддæр сæ цардæн хъæбæр тæссаг æй, аци рохс дуйнейæй фæгъгъæунцæ æмгъудæй раздæр. Уонæмæ абони гъæуама уа социалон гъæуайкæнуйнади еудадзугон гъосдард, гъæуама син уа сæрмагонд реабилитацион центртæ, бюджетон фæрæзнитæй сæмæ гъæуама хауа нивæбæл цæруни фагæ, уæлдайдæр ба æнæ дарæгæй ка байзадæй, тæссаг уавæрти еци архайгути идæдзæ уоститæмæ æма сувæллæнттæмæ.