22 декабря 2024

КАДÆНГИТИ ЦÆРУЙНАГ

28.04.2021 | 14:56

Георгий Цаголов

ПРОМЕТЕЙ

За горами гори, хмарою повити,

Засiян горем, кровiю политi,

Спокон вiку Прометея

Там орел карае,

Що день божий, довбе ребра,

Сердце розбивае…  (Т.Г. Шевченко. «Кавказ»)

 

… И проходят годы… А титан великий,

Истекая кровью, чистой и святой,

Все в цепях томится на вершине дикой,

Все глядит на небо с верой и тоской…

И проходят годы… А орел, как прежде,

Все сидит над жертвой, грудь когтями рвет…

И невольно гаснут светлые надежды,

И страдалец в правду верить устает…

Пусть проходит время… Пусть мелькают годы

Верю я: настанет лучезарный час…

Разомкнутся цепи… Грянет гимн свободы…

И не будет стона… И вздохнет Кавказ…

 

БАЗОРКИН Идрис, (1910-1993) Мæхъæли адæмон финсæг

Æз ме ’мбæлтти хæццæ – Ардасенти Хадзибатæр, Хъазбегти Хъазбег æма Хъайтухъти Геуæри хæццæ – Цæгат Кавкази Дуккаг педагогон институти ку ахур кодтан, уæд нин кастæнцæ еу хуарз предмет – бæстæзонуйнадæ. Институти адтæй бæстæзонæн музей дæр, разамунд ин лæвардта профессор Пожидаев. Е адтæй, æ предмет берæ ка уарзта, Кавказ хъæбæр хуарз ка зудта, уæхæн адæймаг. Æ кабинети нин нæ адæмти этнографи, литературæ æма аййевади туххæй лекцитæ кастæнцæ профессортæ Æлборти Барис, Дзагурти Губади, ахургæнæг М. Мальсагов æма иннетæ.

Нæ райгурæн æрдзи туххæй нин зæрдибунæй дзурдта Мария Павели кизгæ Преображенская. Е адтæй æвæллайгæ, дæсни альпинист. Æ мæхъæлон æмбæлццон – надамонæг Яни Бузуртанови хæццæ е еуæндæс хатти исхизтæй Сæнай хонхи цъопмæ.

Махæн, хуæнхаг адæми цæуæтæн, уæд фиццаг хатт ахурмæ байгон æнцæ нæдтæ æма еци разагъди адæймæгути фæрци цæмæдесæй ахур кодтан нæ фидтæлти бæсти рæсугъддзийнæдтæ уинун æма уарзун. Мах лæдæрдтан, еци бæстæ алкæд уотæ сæребарæ ке нæ адтæй, уой. Хуæрзæрæги дæр ма хуæнхаг адæм тох кодтонцæ æрдзи сау тухти нихмæ, æгудзæгмæ сæ ка æртардта, еци æхсæнадон цардæвæрди нихмæ, бунæттон æма æрцæуæг æфхуæргути нихмæ.

Еунæг хотухти æнхусæй нæ цудæй тох. Хъæбæр пайда адтæй æхседгæ дзурд. Е седтæй дзиллитæмæ, хормæ калдта æдзæсгон, галеу миутæ, царди цъумурдзийнæдтæ, æвдиста, фæллойнæгæнгути исæфтмæ ка æркодта, еци хуæдхуæцæг паддзахи æма æ фæсдзæуинтти цæсгон.

Хуæнхаг интеллигенций тæккæ номдзуддæртæй еу адтæй ирон финсæг æма æхсæнадон косæг Цæголти Геуæрги. Уой ном фиццаг хатт фегъустан, минкъий раздæр ке кой искодтон, еци ахургæндтæй.

 

Æ циргъзунд, медесгун уац «Край беспросветной нужды»-й Геуæрги хъæбæр нифсхастæй радзурдта е ’мбæстаг хуæнхаг адæми барти сæрбæл, карзæй истох кодта Уæрæсей паддзахи колониалон политики нихмæ. Цæголи-фурт берæ æвдесæнтæ æрхаста хуæнхаг адæми мæгур цардæй, хъæбæр раст син исхузæ кодта сæ хъисмæт, сæ бæллецтæ, сæ тох. Кавкази ци уавæр исæвзурдæй, уоми тæккæ фудгиндæр адтæнцæ паддзах æма æ лæггадгæнгутæ.

Институт каст ку фæдтæн, уæд косунмæ рандæ дæн мæхъæли тæккæ рæбуйнагдæр гъæутæй еуемæ – Хамхини интернатмæ. Еци гъæу адтæй хуæнхти тæккæ дæлбазур, райдзаст дæлвæзи.

Мæ кусти фиццагидæр бакæнуйнагбæл банимадтон, скъоламæ цæун афонæ кæмæн æй, еци сувæллæнттæбæл æрзелун æма сæбæл номхигъд исаразун. Уомæ гæсгæ мæ æрзелун багъудæй Мæхъæли еугур хуæнхаг гъæутæбæл дæр. Раст мæмæ еци æнзти фæззиндтæй мæ райгурæн Мæхъæли адæмæн естæмæй банхус кæнуни бæллец. Уомæ гæсгæ скъолай кустæй уæлдай ма мæ гъос дардтон мæхъæли этнографи, истори, адæмон исфæлдистадæ, æвзаг, топонимикæ æма материалон культури еугур фарстатæмæ дæр. Еци гъуддæгутæ кæнгæй мæ зæрдæбæл æрлæудтæй, Цæголти Геуæрги ХХ æноси райдайæни Мæхъæли хуæнхти уавæр ци публицистикон уаци равдиста, е…

Е адтæй 1933 анзи. Мæхъæлон зæронд лæгти хæццæ дзубанди кодтон, æма мин етæ радзуртонцæ уæхæн хабар. Æригон, дан, ку адтан, уæд нæмæ ардæмæ, хуæнхтæмæ, иуазæгуати æрбацудæй еу ахургонд ирон лæг. Гъæутæбæл, дан, зилдæй æма адæми фарста, куд цæрунцæ, куд косунцæ, ци гъæуæгтæ æййафунцæ, уонæбæл. Цидæриддæр, дан, фегъосидæ, уони финста, æ реуи дзиппи римхæстæй ке дардта, еци киунуги. Æ хæццæ адтæй, хуæнхбæсти цардиуагæ хуарз ка зудта, еци дзамани, еугур Кавкази дæр дзурддзæугæ лæгбæл нимад ка адтæй, еци Яни Бузуртанов. Яни ирон лæги худта æ иуазæг æма ин æнхус кодта тæлмаци гъуддаги, кенæ æндæр естæмæйти.

 

Еци хабæрттæ мин фиццаг хатт ракодта Салгийи гъæуккаг Белан Эльжаркиев. Е хуæнхбæсти æ рæстæги нимад адтæй тæккæ кæрдзиндæттондæр лæгтæй еуебæл. Сæ гъæу уæхæн рауæн æвæрд адтæй, æма бæлцæнттæй еу дæр еци рауæн æнæ æрфусунгæнгæ нæ фæцæй. Иуазгутæн æгасцо зæгъун, цæнхæ æма сæ кæрдзинæй исиуазæг кæнун гъæуи цæргутæ нимадтонцæ устур кади гъуддагбæл. Салгийи гъæуæй идарддæр рандæ ун ке фæндæ уидæ, е ба æ изæр бахассидæ Эгикали гъæумæ. Ами дæр мин ракодтонцæ еци ирон лæги кой. Белан ци хабар кодта, уой ма фегъустон Газдиев Шахботæй. Еци рæстæг ибæл цудайдæ 60 анземæй фулдæр. Арæхстæй уруссагау дзорунмæ дæр. Базудта æй Дзæуæгигъæуи губернатори гъæуайгæнæгæй ку куста, уæд.

Ирон иуазæги ма гъуди кодта Бæрæхи гъæуккаг зæронд лæг Барахоев Хату дæр. Ирон биццеу, дан, адтæй хъæбæр бæгъатæр, уомæн æма, дан, хуæнхæгти гъезæмарæ уавæри туххæй æ гъаст бахæссунмæ гъавта паддзахæн æхемæ.

Мæнæй уæд федарæй баруагæс æй, еци лæг æнæмæнгæ Цæголти Геуæрги ке адтæй, е.

Уой фæсте уавæртæ уотæ рауадæнцæ, æма мин поэти хæццæ исæмбæлуни фадуат нæбал фæцæй. Фадуат мин ку фæцæй, уæдта Геуæрги æгас нæбал адтæй. Абони дæр мæ зæрдæ ресуй, æ фæууинун мин ке нæ бантæстæй, уобæл.

Цалдæр анзей размæ, «Æности тарæй», зæгъгæ, еци роман финсунвæндæ ку искодтон, уæд зæронд тетрæдти ‘хсæн иссирдтон, Белан, Шахбот æма Хатуй дзурдтæй ке ниффинстон, еци хабæрттæ.

Революций размæ ирон интеллигенций уæхæнттæ берæ адтæй, æфхуæрд хуæнхаг адæми бартæбæл, уæлдайдæр ба мæхъæли фæллойнæгæнгути бартбæл нифсхаст æма æргомæй ка дзурдта.

Мæ адæми царди еци догæ æвдесгæй, мæ бон нæ адтæй мæ романи уæхæн цаутæ нæ раргом кæнун, уомæн æма е æй нæ адæми хæлардзийнади хъæбæр хуарз æвдесæн. Уомæй идарддæр æз берæ хæттити гъуди кодтон, хуæнхаг адæмбæл уотæ æновуд ка адтæй, уойбæрцæ хуæрзти син ка бацудæй, еци лæги ном арфи дзурдтæй иссерунбæл. Æма мин фенхус æй, уæлдайдæр ци хабари кой кодтон, е. Адæмон таурæхъти аккаг ка иссæй, еци ирон лæги фæлгонцæй испайда кодтон мæ романи. Æма кæд мæ бон федарæй зæгъун нæй, еци лæг Цæголти Геуæрги æй, зæгъгæ, кæд мæмæ уой туххæй фагæ æвдесæнтæ нæййес, уæддæр ибæл гурусхæ некæд кодтон. Уомæ гæсгæ мæ романи хъайтари дæр исхудтон Геуæрги, æ муггаг ба ин барæй нæ ниффинстон. Æз байархайдтон мæ хъайтари Цæголти Геуæргий менеугутæй фæххайгин кæнунбæл. Уой туххæй рагацау фæдздзубанди кодтон æ кизгæ Марийи хæццæ. Мæ романи испайда кодтон Цæголи-фурти æмдзæвгитæй дæр. Никки ма мæ фæндæ адтæй нæ адæмти ’хсæн хæлар рахастдзийнæдтæ равдесун – сауæнгæ еци талингæ æнзти дæр мæхъæл ирон иуазæги уотæ кæми исбоц кодтонцæ, е, æвæдзи, берæ гъуддæгутæбæл дзорæг æй.

 

Æхцæуæн мин адтæй, критиктæ мæ романи еци хаймæ сæрмагондæй сæ гъос ке æрдардтонцæ, е. Цалдæр анзей размæ еци хаййи скъуддзаг мухургонд æрцудæй «Мах дуг»-и.

Геуæргий фæлгонц, æ еугур архайд, æ еугур менегутæй, ка ’й зонуй, бустæги Цæголи-фурти хузæн нæй, фал æй уæддæр еци лæгмæ гæсгæ исаразтон, хъазар мин æй æма ’й, æвæдзи, бахæсдзæнæн романи дуккаг киунугæмæ дæр. Уомæй мæ зæрди æй райарфæ кæнун, ирон дзурддзæугæ лæгтæн, хуæнхаг адæми сæрбæлтау æ цард нивондæн ка ‘рхаста æма абони таурæхъти цæруйнаг ка иссæй, еци гуппурсартæн.

 

1971 анз.