03 декабря 2024

ÆНÆНЕЗ УНМÆ БА НИ КА НÆ БÆЛЛУЙ!..

28.05.2021 | 14:34

Сувæллæнтти республикон центрон сæйгæдони æрæги байгон æй консультативон-диагностикон поликлиникæ (æ азгъунст ин уинетæ къари). Аци æхцæуæн хабар агъазиаубæл банимайун æнгъезуй, уомæн æма нури уæнгæ нæ республики сæйгæ сувæллæнттæй хъæбæр берети сæ незихатт бæлвурддæрæй исбæрæг кæнуни æма син гъæугæ хузи фæййагъази туххæй ласун багъæуидæ æндæр регионтæмæ. Нур ба еци еугур гъуддæгутæ нæхемæ республики аразунæн равгитæ фæззиндтæй.

Аци хабар ма уой æвдесæн дæр æй, æма адæми æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади фарстатæмæ нæ республики разамунд фæстаг цалдæр анзей дæргъи уæлдай лæмбунæг æргом æздахуй. Аци ахсгиаг къабази ци агъазиау зæрдæхцæуæн æййивддзийнæдтæ æрцудæй æма нерæнгæ дæр ма цæуй, е бæлвурдæй зундгонд æй нæ еугуремæн дæр. Фал аци къабази хецæндзийнадæ уæхæн æй, æма си æзинæ ци арæзт æрцудæй, е абони фагæ нæбал æй.

Цардиуаги аллибониккон æййивддзийнæдтæмæ гæсгæ си фæззиннуй нæуæг фарстатæ æма уони ба гъæуй æвæстеуатæй райаразун. Уомæ гæсгæ ба уотæ зæгъун æнгъезуй, æма абони нæ республики адæми æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади ма нæмæ ес, æвæстеуатæй бакосун кæбæл гъæуй, берæ уæхæн гъуддæгутæ.

Республикон клиникон сæйгæдони дохтиртæ æма хестæр медицинон хуæртæ, уæдта Тагъд медицинон агъази республикон клиникон сæйгæдони фельдшерти къуар хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ Уæрæсей Президенти Кади гæгъæдитæй. Еци хуæрзеугутæ син æрæги цитгин уавæри равардта нæ республики Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйло.

Уонæй кæцидæртæбæл Цæгат Иристони Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйло бæлвурдæй æрдзубанди кодта, æрæги Хецауади иуонгтæ, муниципалон скондти разамонгутæ æма æндæр республикон структурон ведомствити разамонгутæн ци урух æмбурд исаразта, уоми. Бæрнон косгутæй алкæмæн дæр комкоммæ бафæдзахста, аци къабази æнæкъулумпи куст райаразуни туххæй ци гъæуама æнхæстгонд цæуа, уой. Цæмæй уавæр кæрæй-кæронмæ бæлвурдгонд уа, уомæ гæсгæ ба Сергей Меняйло зæрдæ байвардта:

– Хæстæгдæр рæстæг бабæрæг кæндзæнæн алли сæйгæдонæ æма фельдшерон-акушерон пункт дæр, радзубанди кæндзæнæн сæ разамонгути æма уонæми еугур косгути хæццæ дæр.

Еудадзугдæр сагъæссаг адтæй æма нерæнгæ дæр ма ’й медицинон къабази косгутæн сæ мизд федуни фарста. Республики разамонæг ведомстви бæрнон косгутæн бафæдзахста, цæмæй æркæсонцæ, иннæ регионти еци фарста куд лухгонд цæуй, еци фæлтæрддзийнадæмæ æма си ци гæнæн æма амал ес, уомæй пайдагонд цæуа.

Уой хæццæ ба сæрмагонд æргом æздæхт æрцудæй уæлдай ахсгиаг фарстамæ – зингæ фæллæмбунæгдæр кæнун гъæуй адæми курдиæттæмæ цæстдард, алли курдиадæмæ дæр гъæуама гъæугæ хузи каст цæуа æма ин лæдæрд дзуапп лæвæрд цæуа, ци фарстати фæдбæл уонцæ, уонæй исаразуни равгитæ ке фæдбæл уа, е гъæуама æнæмæнгæ арæзт цæуа. Администраций сæргълæууæгæн байхæс кодта, цæмæй фæннивæбæлдæр кæна адæми курдиæтти хæццæ кусти фæткæ.

СÆЙГИ Æ ТУХСТÆЙ КА ЕРВÆЗУН КÆНУЙ, Е УОМÆН Æ УОДИ ГАГА ÆЙ!..

Адæми æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади фарстатæ нæмæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уобæл бæлвурд дзубанди цудæй, Сергей Меняйлойæн æрæги ци фембæлд адтæй нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Годжицати Тамерлани хæццæ.

Бæлвурд дзубанди цудæй «Тагъд медицинон агъаз»-и служби архайди, адæми льготон категоритæн лæвар хуастæ дæттуни, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази косгутæн мизд федун æма æндæр ахсгиаг фарстати фæдбæл.

Республики разамонæг æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади уагæвæрди æнæкъулумпи куст æй хецаудзийнади фарстатæн сæ сæйрагдæртæй еу. Уомæ гæсгæ фембæлди рæстæг, Сергей Меняйло ведомстви разамонæги æргом раздахта медицинон косгутæн гъæугæ хузи æма æнхæстæй мизд федуни фарстамæ. Республики разамонæг куд загъта, уотемæй арази нæй, медиктæн мизд ци фæткитæмæ гæсгæ фист цæуй, уомæй.

– Мæнмæ гæсгæ, медицинон косгутæн мизд федуни гъуддаги ес аййеппитæ. Медицинон косгутæн сæрмагонд уæлæнхасæн мизд федунцæ сæ профессионалон дæснидзийнадæ æма фæлтæрддзийнади, уæдта стажи туххæй. Уомæ гæсгæ ба аци æма иннæ фарстатæмæ лæмбунæгдæр æркæсун гъæуй. Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази косгутæн гъæуама фист цæуа аккаг мизд. Е хауй, куд разамонæг специалисттæмæ, уотæ астæуккаг æма кæстæр къæпхæни медицинон косгутæмæ дæр, – уæхæн адтæй æ гъуди Сергей Меняйлойæн.

Сергей МЕНЯЙЛО фембалдæй æма дзубанди кодта Æрæдони центрон сæйгæдони косгути, æма, ардæмæ медицинон агъази фæдбæл ци адæм æрбацудæй, уони хæццæ.

Республики разамонæг ма профилон министри æргом раздахта, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази кусти фæдбæл адæмæй ци гъæститæ цæуй, уонæмæ дæр. Зæгъæн, тухст адæм ахид гъаст кæнунцæ «Тагъд медицинон агъаз»-и служби кустæй. Служби радхæссæг бригадитæмæ берæ хæттити багъæуй сахатгай æнгъæлмæ кæсун. Уогæ уой дæр зæгъун гъæуй, æма е алкæд уотæ уони фудæй нæ рауайуй – аци служби сагъæссаг фарстатæй еу е æй, æма си хуæдтолгитæ фагæ нæ ’нцæ. Æма еци уавæр, ци гæнæн æма амал ес, уомæй гъæуама растгонд æрцæуа æвæстеуатæй.

Нæкæси, Уæрæсей Президент Владимир Путин æрæги æ аллианзон Нистауæни зæрдæ байвардта, уомæй æма 2021-2023 æнзти регионтæмæ никкидæр ма æрвист æрцæудзæнæй тагъд агъази фондз мин хуæдтолги. Уой фæрци тагъд агъази хуæдтолгити парк æнæгъæнæй дæр уодзæнæй нæуæг.

Иннæ ахсгиаг фарста – агъазгъæуагæ адæмæн хуастæ дæттун. Сæйгæ адæмæн гъæуама афойнадæбæл æма æнхæстæй лæвæрд цæуонцæ гъæугæ хуастæ. Сæрмагонд æргом æздахун гъæуй, идарддзæф цæрæн рауæнтæмæ хуастæ куд хъæртунцæ, еци фарстамæ дæр.

«ЕУГУР МЕДИЦИНОН КОСÆНДÆНТТÆ ДÆР ÆНÆМÆНГÆ БАБÆРÆГ КÆНДЗÆНÆН!..»

Мæнæ минкъий раздæр куд байамудтан, уотемæй Сергей МЕНЯЙЛО зæрдæ байвардта еугур медицинон косæндæнттæ дæр æхуæдæг ке бабæрæг кæндзæнæй, уони разамонгути æма косгути, уæдта, медицинон агъаз ци адæми гъæуй, уони хæццæ ке фембæлдзæнæй, уомæй. Æма æ фиццаг балцитæй еу адтæй Æрæдони районмæ, базонгæ ‘й райони Центрон сæйгæдони кусти хæццæ.

Зæгъун гъæуй уой, æма аци медицинон косæндонæ бундорон райарæзти фæсте нæуæгæй байгон æй 2019 анзи. Нуртæккæ сæйгæдони косунцæ авд хайади. Косæндони сæйгитæн ес 126 бунати. Уомæй уæлдай, сæйгæдони размæ косуй поликлиникæ (еу сменæмæ си ес 300 адæймагемæн балæггадæ кæнуни фадуæттæ).

Сæйраг дохтир Моргуати Аслæнбег республики разамонæгæн лæмбунæг радзурдта сæйгæдони хайæдти кусти туххæй, дзуæппитæ ин равардта æ берæ фарстатæн. Сергей Меняйло радзубанди кодта, сæйгæдони хъан ка ‘й, еци сæйгæ адæми хæццæ. Республики разамонæг сæ лæмбунæг фæффæрститæ кодта, цæбæл æй сæ тухст, цæйбæрцæбæл арази ’нцæ медицинон лæггæдти хуæрзгъæдæдзийнадæй, æма æндæр уæхæн гъуддæгутæй.

Аци медицинон косæндони фæстаг рæстæг ци нæуæгдзийнæдтæ фæззиндтæй, уонæй еу æй стоматологон къæбинет. Сæйраг дохтири дзубандимæ гæсгæ, уой байгон кодтонцæ мартъий. Æма нур райони цæргутæн фадуат ес медицинон полисмæ гæсгæ ами хуæрзгъæдæ стоматологон агъаз райсунæн (раздæр ба сæ фулдæр хæттити цæун гъудæй Дзæуæгигъæу æма æндæр рауæнтæмæ). Сæйраг дохтир ма куд баханхæ кодта, уотемæй къæбинети специалисттæ бакустонцæ сæ лæггæдти номхигъд фæффулдæр кæнунбæл дæр.

Сувæллæнтти республикон сæйгæдони консультативон-диагностикон поликлиники.

Мадзæлттæ арæзт цæуй медицинон косæндæнтти архайдмæ æндæр нæуæгдзийнæдтæ бахæссунбæл дæр. Уотæ, хæстæгдæр рæстæг фæгъгъомусгиндæр уодзæнæй лабораторий техникон ефтонггадæ.

Республики разамонæгæн куд радзурдтонцæ, уотемæй сæйгæдони хуарз æмвæзадæбæл æвæрд æй хирургион служби архайд. Бунæттон специалисттæ урухдæрæй пайда кæнунцæ нуриккон медицинон косæнгæрзтæй. Зæгъæн, аци анз хирургтæ, операцитæ кæнгæй, косун райдæдтонцæ лапароскопий фæткæмæ гæсгæ дæр.

– Нуриккон медицинон техники фæрци берæ операцити рæстæг хирургион кардæй пайда кæнун нæбал багъæуй, – загъта Моргуати Аслæнбег. Еци нæуæгдзийнæдти фæрци, ке зæгъун æй гъæуй, операций фæсте сæйгæ адæймаг берæ тагъддæр ислæууй æ къæхтæбæл. Уомæй уæлдай, бæлвурд куст цæуй травматологий хайади раздæри кадæ иснæуæг кæнунбæл дæр. Зæгъæн, нуртæккæ дæр еуæй-еу травматологон операцитæ кæнунцæ айдагъдæр мах сæйгæдони.

Инспекцион балцæн хатдзæгтæ кæнгæй, Сергей Меняйло куд баханхæ кодта, уотемæй районти еугур сæйгæдæнтти дæр гъæуама уа компьютерон хе томограф. Æ гъуди адтæй:

– Нуриккон медицинон косæнгæрзтæ сæйгæдони ку нæ уа, уæд æ архайд ахедгæ хузи нæ уодзæнæй, лæггæдти хуæрзгъæдæдзийнадæ дæр рæстæги домæнтæн дзуапп нæ дæтдзæнæй. Уой лæдæргæй, фиццаградон æргом раздахун гъæуй, цæмæй районти сæйгæдæнттæ дæр идарддæр ефтонггонд цæуонцæ гъæугæ нæуæг техникæй. Ке зæгъун æй гъæуй, республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази иннæ лухкæнуйнаг фарстатæбæл дæр куст цæудзæнæй еудадзугон фæткæмæ гæсгæ. Айдагъдæр гъе уотемæй медицини къабази архайд уодзæнæй адæми пайдайæн.

СÆЙГÆДОНИ КУСТ ГЪÆУАМА ÆГИРИДДÆР МАЦИ ХЪОР КÆНА!..

Сергей МЕНЯЙЛО Октябригъæуи районон сæйгæдони.

Сергей Меняйло бабæрæг кодта Горæтгæрон район дæр, æма æ балций рæстæг сæйраг æргом раздахта æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади косæндæнтти æнæкъулумпи архайдмæ. Бабæрæг кодта райони Центрон сæйгæдони еугур хайæдтæ дæр, исбæлвурд кодта фæлгонцади фæткæ дæр. Аци медицинон косæндони коллективи минæвæртти хæццæ фембæлди рæстæг дзубанди цудæй сæ кусти ци лухкæнуйнаг фарстатæ ес, уонæбæл дæр. Зæгъæн, сæйгæдони косгути дзубандимæ гæсгæ, сæ мизд син федунцæ æртæ къæпхæнемæй – еци æууæлæй медиктæ арази нæ ‘нцæ æма ракурдтонцæ, цæмæй еци фæткæ æййивд æрцæуа. Сергей Меняйло профилон ведомствити разамонгутæн байхæс кодта, цæмæй мизд федуни фæткæ федар кæнгæй, еудадзугдæр нимад цæуонцæ коллективи минæвæртти фæндæнттæ дæр. Уой хæццæ, республики Сæргълæууæг еума хатт фæббæрæг кодта: æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнадæ æма ахуради къабæзти косгутæн мизд федуни системæмæ æййивддзийнæдтæ хаст æрцæудзæнæй, æ фæннивæбæлдæр кæнуни нисани хæццæ.

Сæйгæдони разамунд æма специалисттæ ма сæ зæгъуйнæгтæ загътонцæ сæ кусти æндæр лухкæнуйнаг фарстати фæдбæл дæр. Зæгъæн, нури эпидемиологон уавæрмæ гæсгæ сувæллæнтти хайади рæстæгмæ бунæттæ радех кодтонцæ коронавирусæй сæйгитæн. Уомæ гæсгæ, агъазгъæуагæ сувæллæнтти райони цæрæн рауæнтæй нуртæккæ ласун багъæуй сувæллæнтти республикон клиникон сæйгæдонæмæ. Еци сагъæссаг уавæрбæл дзоргæй, сæйгæдони сæйраг дохтири ихæстæ æнхæстгæнæг Нанити Аскер куд загъта, уотемæй, пандемийи гъомусадæ ку фæннидæн уа, уæд сувæллæнтти хайадæ нæуæгæй косун райдайдзæнæй æнхæстæй æма æнæкъулупийæй.

Сæйгæдони хайæдтæбæл æрзелгæй, Сергей Меняйло еуæй-еу феппайуйнæгтæ бахаста косæндони техникон ефтонггадæмæ. Зæгъæн, реанимаций хайади рæугутæбæл тауæггурæ зелдохгæнæн аппараттæ разиндтæй айдагъдæр дууæ, уонæй дæр еу нæ куста. Республики разамонæг профилон ведомстви минæвæрттæн бафæдзахста, цæмæй аци æма иннæ аййеппитæ æвæстеуатæй райеуварс кæнонцæ.

СÆЙРАГДÆР ИХÆС – АДÆМÆН ГЪÆУГÆ ХУЗИ ÆНХÆСТÆЙ ЛÆГГАДÆ КÆНУН…

Сергей МЕНЯЙЛО Дигори райони сæйгæдони дæр фембалдæй æма дзубанди кодта, ами ци сæйгитæ дзæбæх кæнунцæ, уони, уæдта аци медицинон косæндони косгути хæццæ.

Сергей Меняйло бабæрæг кодта Дигори райони централон сæйгæдонæ дæр. Æрзилдæй си еугур хайæдти дæр æма сæйгæ адæм кæми ’нцæ, еци уæттæбæл дæр, æркастæй аци медицинон косæндони техникон гæнæнтæ æма равгитæмæ, ами косæг медицинон персонали фадуæттæмæ, радзубанди кодта, абони си ке дзæбæх кæнунцæ, еци сæйгити хæццæ. Бафарста сæ, цæйбæрцæбæл зæрдæмæдзæугæ цæстдард сæмæ цæуй, уомæй дæр.

Сæйгæдони разамунди хæццæ дзубандий рæстæг Сергей Меняйло исбæлвурд кодта, ами косæг коллективæн зæрдæдзоргæ ци аллихузон фарстатæ ’нцæ, уони.

Сæйгæдони сæйраг дохтир Сæбанти Нелли куд загъта, уотемæй капиталон исцалцæг кæнуйнаг æнцæ интенсивон терапий уат æма хуæруйнæгтæ цæттæгæнæн блок. Дохтиртæ куд баханхæ кодтонцæ, уотемæй сæмæ нæ фагæ кæнуй нæуæг нуриккон ефтонггæрзтæ, хъæбæр ахсгиагæй сæ нуртæккæ гъæуй наркозон-уолæфæн аппарат æма тоги биохимион анализатор. Уой хæццæ ба ма гъæуй сæрмагонд фæрæзнитæ, истæн кæмæн нæййес, еци сæйгитæ æма инвалидтæ ласунæн. Сергей Меняйло син зæрдæ байвардта, еци æнæмæнгæ райаразуйнаг фарстати туххæй син фæййагъаз кæнунæй. Аци сæйгæдони медицинон косгути фембæлди рæстæг дзубанди цудæй адæми æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади нуртæккæ æвæстеуатæй райаразуйнаг фарстати фæдбæл.

Республики разамонæг куд баханхæ кодта, уотемæй, фиццаги-фиццагидæр, исаразун гъæуй аци къабази гъомусгин системæ. Дзубанди цæуй уобæл, цæмæй медицинон агъаздзийнадæ дæттуни хецæн хузти специализаци агъазиаудæр пайдахæссæг хузи дехгонд цæуа республики сæйгæдæнтти медастæу.

Адæмæн дæсни æма бæрзондтехнологон æгъдауæй агъаз кæнуни нисанеуæгæй районтæ гъæуама федаргонд уонцæ бæлвурд сæйгæдæнттæмæ. Зæгъæн, Дигори райони центрон сæйгæдонæ æнхæст кæндзæнæй хирургион æгъдауæй æхсæнрайонон ихæстæ. Сæйраг дохтиртæ гъæуама сæ медастæу баунаффæ кæнонцæ, ка си æхемæ кæци ихæстæ райсдзæнæй, уобæл. Нæ сæйраг ихæс ба æй еу – адæми бон цæмæй уа æнцонæй медицинон агъаздзийнадæй испайда кæнун æма уонæн лæггадæ кæнуни хуæрзгъæдæдзийнадæ гъæугæ хузи бæрзонд уа.

Фембæлди кæронбæттæни Сергей Меняйло сæйгæдони косгутæн райарфæ кодта се ‘мзæрдæ-æмвæндæ фæллойнæ æма сæйгæ адæмæн æновудæй лæггади туххæй.

 

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта Бичилти Алетæ.