ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…
Адтæй æма цардæй еу хауллигонд лæг. Еууæхæни надæй еуварс рауæни æ фæллад исуадзуни зæрдтæй æрбадтæй, æма уотемæй цидæр гъудити бацудæй. Уалинмæ дин æ рази сайтан ку февзуридæ æма æ алливарс разелæ-базелæбæл ку иселлæг уидæ.
Лæг имæ нæбал ниббухстæй æма ‘й еци тингунæй фæрсуй:
– Ци рацо-бацо кæнис мæ фæйнæ фæрсти?.. Ести лæгъуз гъуддагбæл цæмæннæ ниххуæцис?
Сайтан имæ мæтъæл каст бакодта:
– Бæстæ аллихузон дестæ-тæмæстæ æргъудигæнгутæ æма фæливд зундамонгутæй ку байдзаг æй, уæд ма дин мæнмæ ести уæхæн гъуддаг хауй?!.
Раст цума нуриккон Уæрæсей цардарæзти туххæй æй еци сайтани загъд, уотæ уæмæ нæ кæсуй? Унаффитæ хæссуни бартæ сæмæ кæми хаунцæ, хецаудзийнади уæхæн бунæтти æрбадун кæмæн бантæсуй, уонæн сæ фулдæр, растдæр зæгъгæй ба, сæ хийнæйдзагдæртæ уайтæккæдæр сæ фæливд миутæ кæнунмæ февналунцæ: алцидæр сæхе æма сæ бийнонти пайдайæн аразунæй уæлдай сæмæ нецæй сагъæс фæууй. Еугурадæмон есбонадæй æнæфсæрмийæй агъазиау мулкитæ бамбурдгæнгæй, уа нæ уа, уæддæр нæ дзуапп дæттун багъæудзæнæй. Уæдта фæсарæнтæмæ фæддунд унцæ – уордæмæ рагацау барветунцæ сæ мулкитæ, балхæнунцæ си галауантæ. Зæгъайтæ, уотæ дин циуавæр сайтан исарæхсдзæнæй?!.
Вячеслав ВОЛОДИН,
Паддзахадон Думи сæрдар – фæсарæйнаг агенттæ ке хонунцæ, уони туххæй закъонтæ фæккарздæр кæнуни фæдбæл: «Гъе уæхæн æй дзуапп, е ‘хцаввонгади, игæртæ æма æндæр уæхæнтти хæццæ нæмæ лæсунмæ ка исфæндæ кæна, уонæн…»
Кæддæр Александр Невский бæргæ загъта: «Хъæмай хæццæ нæмæ ка ‘рбацæуа, е хъæмайæй мард æрцæудзæнæй!..» Уой сæ зæрдæбæл æвæдзи, даргæй, нæ фæсарæйнаг æдзæстуарзонтæ нæмæ хъæмайæй ефтонгæй не ‘ндеунцæ. Налатдæр разиндтæнцæ: Советон Цæдес тухгин кæмæй адтæй, еци адæмон хæдзаради ахсгиагдæр къабæзтæ нин нæхе къохтæй фехалун кодтонцæ, æма нин нур ба æрветунцæ сæхе дзаумæуттæ, нæ «фидибæстон» кустуæтти ма ци ефстаг дзаумæуттæ кæнунцæ, уонæн сæ хæйттæ фулдæр фæсарæйнаг æнцæ… Уæд нæ «дзуаппи» ци ахедундзийнадæ ес?..»
Владимир ЖИРИНОВСКИЙ,
УЛДП-й раздзæуæг: «Æргътæ гъæугæ хузи аразунæн тæккæ хуæздæр мадзал – æрахæссунæн номхигъдтæ кæнун райдайун…»
Баруагæс уи уæд, куддæр еци мадзал федаргонд æрцæуа, уотæ еци номхигъдтæ берæ хезун нæ багъæудзæнæй – кæмæдæрти, фиццагидæр ба, æвæдзи, Жириновскийæн æхемæ, етæ нур дæр цæттæ ‘нцæ. Ци-ци, фал цъуххæсгутæ ба нæмæ алкæддæр фагæ адтæй, абони дæр хъæртунцæ… Уони фудæй цæйбæрцæ рæстзæрдæ адæм бастъалдæй!..
Дмитрий РОГОЗИН, «Роскосмос»-и сæргълæууæг – æцæгæй цæуй дзубанди, гъома, тагъд нæ космонавттæ америкаг наутæбæл тæхдзæнæнцæ, зæгъгæ, уой туххæй: «Нæ, уæхæн дзубанди нæ цæуй. Цæмæн? Нæхемæ ес нæхе наутæ…»
Гъе уотемæй аци хецау нæ космонавтти фæффудевгед кодта сæ бæлдæй: космосмæ фæсарæйнаг наути рабалци кæнун. Нур еци хецау уотæ ма ку бакæнидæ, æма æхуæдæг дæр, уæдта е ‘мкосæг чиновниктæ сæ фæсарæйнаг хуæдтолгитæ нæхе фидибæстон «Волгитæ» æма «Жигулитæ»-й ку раййевиуонцæ. Фал – кунæг!..