21 декабря 2024

АДÆМ СИ КОДТОНЦÆ СÆ КАРЗДÆР СОМИ!..

11.06.2021 | 21:06

ТОТОЙТИ Михал, (1910-1979) историон наукити доктор

Никки зæрдиагдæрæй Симон архайдта Терки облæсти адæмти II съезди, Пятигорски ка байгон æй, уоми. Съезди унаффитæн адтæй устур ахедундзийнадæ. Съезд раседтæй адæмон, æцæгæй ба советон, хецаудзийнадæ æрфедар кæнун Терки облæсти, Терки облæстæн æхе ба исхудта автономон республикæ Уæрæсей Федераций медæгæ.

Уæхæн унаффæ рахæссуни размæ С. Киров, Н. Буачидзе æма Ю. Фигатнер уотæ бафæдзахстонцæ Тæкъоти С., Гасити А. æма æндæртæн: куддæр большевиктæ радзоронцæ УСФСР-и Адæмон Комиссарти Совети хецаудзийнади дæлбазурмæ бацæттæ уни фарс, уотæ етæ гъæуама æвæстеуатæй радзоронцæ еци фæндони сæрбæл.

 

«ÆНОВУДÆЙ ТОХ КОДТА ПРОЛЕТАРОН РЕВОЛЮЦИЙ ФÆУУÆЛАХЕЗИ СÆРБÆЛТАУ…»

 

Симон съездæн сæрдареуæг кодта æма æ еци уавæрæй хъæбæр арæхстгинæй испайда кодта большевикти фæдзæхст исæнхæст кæнуни туххæй. Еуетæй фæстæмæ делегаттæ сæ еугур дæр исгъæлæс кодтонцæ большевикти еци фæндонбæл.

Тæкъой-фурти бахаст фæндонмæ гæсгæ съезд баунаффæ кодта, цæмæй Дзæуæгигъæуи æма иннæ сахарти сæ гæрзтæ ист æрцæуонцæ афицертæ æма студентти отрядтæн. Уой туххæй Симон тел равардта Дзæуæгигъæумæ æма уой фæсте революцион тухтæ фæннифсгундæр æнцæ еци бандити нихмæ тохи.

Съезд æ куст исхаста Дзæуæгигъæумæ 1918 анзи мартъий 5-аг бони. Равзурста уæлдæр хецаудзийнади оргæн – Терки республики Адæмон Совет. Совети сæрдари хуæдæййевæгæй æвзурст æрцудæй Тæкъоти Симон.

1918 анзи уалдзæги хуæнхаг адæмти ‘хсæн цудæй урух пропагандæ Турки хæццæ бахæстæг кæнуни туххæй. Еци реакцион пропагандæ парахат кодтонцæ Цæликкати Ахмæт æма æндæртæ. Симон карзæй æрлæудтæй еци пропаганди нихмæ, хуæнхаг адæмæн дзурдта, цæмæй цæдес аразонцæ уруссаг пролетариати хæццæ, уруссаг адæми хæццæ. Аци гъуддаги Симон æмзундæй архайдта Б. Калмыков, Н. Катханов Т., Эльдарханов, А. Шарипов æма хуæнхаг адæмти иннæ разамонгути хæццæ.

Цæгат Кавкази Советон хецаудзийнадæ æрфедар кæнуни тохи зундгонддæр архайгутæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ) АБАЙТИ А.Н., ТÆКЪОТИ Симон, Семен БУДЕННЫЙ, Бетал КАЛМЫКОВ, иннети муггæгтæ ба бæрæг нæ ’нцæ. 1920 анз.

Симон хъæбæр хуарз зудта еунæг еци дзамани сæйрагдæр фарстатæ нæ, фал хуæнхаг адæм федæнмæ циуавæр надбæл рацæудзæнæнцæ, уой дæр, æма еци зонундзийнæдтæ хъæбæр хуарз равдиста Терки республики адæмти III съезди. Съезд адтæй Грознай æма бабæй ин сæрдареуæг кодта Тæкъой-фурт. Е æ уодæй уод кодта, цæмæй ци фарстатæбæл дзубанди цудæй, уони фæдбæл большевикон унаффитæ хаст æрцудайдæ. Пятигорски съезди хузæн Грознай съезд дæр цудæй большевикти разамундæй æма æ куст фæцæй æнтæстгинæй.

1918 анзи сæрди райдайæнмæ сæ сæр исхъел кодтонцæ контрреволюцион афицертæ, бавналдтонцæ антисоветон куст кæнунмæ. Дзæуæгигъæуи æма Иристони еци рæстæги афицертæ адтæй æртæ миней бæрцæ. Иристони медæгæ цума уавæри хецау етæ адтæнцæ, сæхе уотæ дардтонцæ. Гъудæй революцион тухтæ никки хъæбæрдæр æрфедар кæнун, сæ разамунд син фæттухгиндæр кæнун.

1918 анзи июни Дигори арæзт æрцудæй УКП(б) – «Кермен»-и Иристони организаций тугъдон-революцион Совет. Æвзурст имæ æрцудæнцæ: Цæголти Геуæрги (сæрдар), Тæкъоти Симон, Гасити Андрей, Ботъоти Амурхан (штаби хецау), Золойти Микъала, Æбати Шамил, Тæкъоти Даукуй æма Елбайти Дзандар. Симони агъазæй арæзт æрцудæй партион организаций федар æнцойнæ – революцион тухти отряд 300 адæймагемæй, æ командир Тауасити Сослæнбег. Назир Катханови курдиадæмæ гæсгæ Кæсæги революцион тухтæй керменистти отряди хузæн тугъдон отрядтæ исаразунæн ка фæййагъаз кодта, уонæй еу адтæй Тæкъой-фурт дæр.

Терки республики адæмти IV съездæн тæссаг адтæй, контрреволюционертæ имæ ку бампурсонцæ, уомæй. Республики Адæмон Комиссарти Совет ракурдта Дигори Тугъдон – Революцион советæй, цæмæй исæрвистайдæ керменистти отряд съезд гъæуай кæнуни туххæй. Курдиадæ исæнхæст кæнунæн Симон Бутати Хъ., Цæголти Г. æма æндæрти хæццæ еу бони æмгъудмæ рарвистонцæ отряд 120 керменистæй, сæ сæргъи Къесати Хъæлæмурзæ, уотемæй. Еци отряд Сурх Æфсади хæйтти хæццæ, Дзæуæгигъæуи æма Грознай косгути отрядти хæццæ, гурдзиаг большевикти отряди хæццæ еумæ бæгъатæр тох кодта Соколови æма Кибирови уорсгвардионти бандити нихмæ Дзæуæгигъæуи 1918 анзи августи уæззау бонти.

Серго Орджоникидзе Дзæуæгигъæумæ ку иссудæй, куд Уæрæсей Хонсари комиссар, уæд Симон косун райдæдта уой амундмæ гæсгæ. Орджоникидзе устур аргъ кодта Симонæн, Иристони сæргълæугутæй сæ еу ке адтæй, уой туххæй.

1918 анзи ноябри кæрони адтæй Терки бæсти адæмти V съезд. Иристони делегаций хæццæ уоми архайдта Симон дæр. Съездæн разамунд лæвардта Серго Орджоникидзе. Уæдмæ контрреволюцион тухтæ дæрæнгонд æрцудæнцæ Терки республики. «Съезди делегаттæн сæ фулдæр хай исгъæлæс кодтонцæ коммунистон фракций фарс», – игъæлдзæгæй дзурдта Симон.

Еци рæстæги бунæтти медæгæ хецаудзийнади оргæнтæ нæбал адтæй. Фехалдæнцæ контрреволюций нихмæ тох кæнуни дзамани. Уомæ гæсгæ Симон съезди размæ æрæвардта округти ревкомтæ исаразуни фæндон. Съезд исарази æй еци фæндонбæл. УКП(б)-ий «Кермени» Цæгат Иристони Центрон Комитет исаразта Цæгат Иристони округи ревком. Еци рæстæги ма арæзт æрцудæй УКП(б)-ий Цæгат Кавкази хуæнхон организаци, æма УКП(б)-ий «Кермени» Цæгат Иристони округи организаци æнæгъæнæй бацудæй уордæмæ. Уой рæнгъитæмæ бацудæнцæ хецæн коммунисттæ дæр – мæхъæлæнттæ, кæсгæнттæ, цæцæйнæгтæ, балхъайрæгтæ æма æндæртæ.

Кæд Терки республики медконтрреволюци дæрæнгонд æрцудæй, уæддæр республики æма еугур Цæгат Кавкази дæр уавæр адтæй уæззау: цæгат æрдигæй æмпурстонцæ Деникини уорсгвардион æфсæдтæ. Терки республики æма еугур Цæгат Кавкази лухгонд цудæй социалистон революций хъисмæт…

Æ автобиографий Тæкъой-фурт еу рауæн уотæ финсуй: «Мах интернационалистон фракций медæгæ къуар хатти дзубанди кодтан еугур организацийæй дæр компартий хæццæ байеу уни туххæй, уомæн æма зудтан: Терки облæсти еци уавæри коммунистти хæццæ байеу унæн адтайдæ устур политикон рахастдзийнадæ. Фал берæ дзубандити фæсте фракци нæ хæццæ ку нæ арази кодта, уæд мах æртемæй (Тæкъоти, Элердов æма Бутырин) рахецæн ан фракцийæй æма бацудан Коммунистон партимæ».

Большевикти партий рæнгъитæмæ бацæуни фæсте Симон никки арфдæр бацудæй дзиллити ‘хсæнмæ, никки зæрдиагдæрæй райдæдта тох кæнун контрреволюций нихмæ, пролетарон революци фæууæлахези сæрбæлтау.

 

«КАДÆ ИН КОДТОНЦÆ ХУÆНХАГ АДÆМТИ ФÆЛЛОЙНÆГÆНÆГ ДЗИЛЛИТÆ…»

 

Деникини æфсæдтæ 1918 анзи декабри æрбахæстæг æнцæ Терки бæстæмæ, уой хæццæ ба ма æ сæр исхъел кодта бунæттон контрреволюци. Уомæ гæсгæ ба арæзт æрцудæй Терки республикæ гъæуайкæнуйнадон Совет, æ сæргъи Серго Орджоникидзе. Еци Совет, Терки республики Адæмон комиссарти Совет, УКП(б)-ий Кавкази крайи æма Дзæуæгигъæуи комитеттæ Терки республики еугур коммунисттæмæ æма фæллойнæгæнгутæмæ фæдздзурдта: «Уæ къохтæмæ тохæнгæрзтæ райсетæ!» Еци зин рæстæги Симон Гъæуайкæнуйнадон Совети æма Адæмон Комиссарти Совети фæдзæхстмæ гæсгæ зæрдиагæй архайдта Иристони æма Мæхъæли революцион тухтæ æмбурд кæнунбæл. Иристони гъæути еци куст кодта Ю. Фигатнери хæццæ.

Серго Орджоникидзе 1919 анзи январи 30-аг бони æхемæ исхудта Тæкъоти Симони æма ‘й исæвардта советон æфсæддонти галеу фланги (Даргъ-Къохæй Киристонгъæумæ) командирæй. Симон æвæстеуатæй райдæдта тугъдон тухтæ æмбурд кæнун, фал берæ бакæнун æ бон нæ бацæй, уомæн æма Шкурой æфсæдтæ æнæнгъæлти æрбампурстонцæ Иристонмæ, байахæстонцæ Æрæдон. Еци рæстæг Симон, Къесати Хъæлæмурзæ æма Тæкъоти Дзандар дæр Æрæдони адтæнцæ. Шкуро базудта, Симон Æрæдони ке æй уой, æма фегъосун кодта, цæмæй æй уодæгасæй ка ‘рбахона, уомæн 40 мин соми ке ратдзæнæй, уæхæн хабар.

Уорситæ ци гъæутæ байахæстонцæ, уонæми ци контрреволюцион элементтæ адтæй, етæ сæхебæл фæххуæстæнцæ, уæлдайдæр ба афицертæ. Æрæдони дæр си берæ адтæй. Деголæ кæнун райдæдтонцæ хæдзарæй-хæдзарæмæ. Симонæн æ уоми ун тæссаг адтæй, æма ‘й еу мегъæ æхсæви Зæнгиати Дадогка æма Данел гъæддзауи уæледарæси фæлластонцæ Зилахармæ, уордигæй ба хуæнхти сæрти – Дигоргоммæ.

 

«Тæкъоти Симон ÆМА Е ‘МБÆЛТТÆ ку нæ адтайуонцæ, уæд крайкоми куст уотæ рæвдзæй нæ рацудайдæ…»

 

Æ хуарз лимæнти фæндонмæ гæсгæ Тæкъой-фурт цалдæр æмбалей хæццæ зумæги Къæрæугоми æфцæги сæрти бахизтæй Гурдзимæ. Ами уайтæккæ райдæдта сосæг куст кæнун, æнхæст кодта партий фæдзæхститæ Кавкази. Калаки арæзт æрцудæй хуæнхаг коммунистон организаций Центрон Комитет, сæрдар ин адтæй Симон. Еци бунати уогæй, Тæкъой-фурт æмбурд кодта хуæнхаг парторганизаций партион косгути, цæттæ сæ кодта Цæгат Кавказ Деникини контрреволюцион æфсæдтæй исуæгъдæ кæнунбæл федæни тохмæ. 1919 анзи августи кæрони Симони æрахæстонцæ æма Метехи ахæстдони фæббадтæй ноябри уæнгæ. Ку æй исуæгъдæ кодтонцæ, уæд бабæй нæуæгæй райдæдта косун Хуæнхон коммунистон комитети.

1919 анзи кæрони Сурх Æфсад ниддæрæн кодта Деникини сæйрагдæр тухтæ æма етæ ледзун райдæдтонцæ Кавказæй. 1920 анзи январи Симон Къæрæугомбæл фæстæмæ æрбахизтæй Дигорæмæ. Æ хæццæ ма адтæнцæ Борихъуати Хъазбег, Гарданти Михал æма кæсгæнттæ Назир Катханов, Хаджи Мидов æма Ахмат Мусукаев.

Партий Кавкази крайкоми фæдзæхст æнхæст кæнгæй, Симон бавналдта Иристони фæллойнæгæнгути Деникини нихмæ исистун кæнуни кустæн разамунд дæттунмæ.

Тæкъоти Симон адтæй партий Кавкази крайкоми бæрнон косæг, уой разамундæй 1920 анзи мартъий партизантæ Иристони ракæдзос кодтонцæ деникинонтæй æма си ниффедар кодтонцæ Советон хецаудзийнадæ. Байзадæй ма Дзæуæгигъæу, фал уой дæр Гикалой отрядтæ, Дзæуæгигъæуи æма Иристони партизанти хæццæ еумæ исуæгъдæ кодтонцæ 24 мартъий.

Райдæдта сабур царди, нæуæг цард аразуни рæстæг. Симон бабæй нæуæгæй нисангонд æрцудæй бæрнон бунæтти. Адтæй УКП (б)-йи Дзæуæгигъæуи комитети иуонг, Дзæуæгигъæуи ревкоми сæрдари хуæдæййевæг, уæдта уæд Терки облæсти ревкоми сæрдари хуæдæййевæг, УКП(б)-ий Терки облæсти оргбюрой иуонг. 1920 анзи августи æвзурст æрцудæй УКП(б)-ий облæстон комитети фиццаг секретарæй, еци-еу рæстæг адтæй Терки облæсти æнхæсткоми сæрдари хуæдæййевæг дæр. Терки облæстæй Хуæнхон Автономон Советон Социалистон республикæ ку исаразтонцæ, уæд 1921 анзи феврали Тæкъоти Симон æвзурст æрцудæй республики Адæмон Комиссарти Совети сæрдарæй.

Симони зæрдиаг революцион кустæн устур аргъ кодта УКП(б)-ий Кавкази крайком, Кавкази зæнхæбæл Деникини æфсæдти нихмæ тугъдæн хатдзæгтæ кæнгæй, крайком уотæ финста: «Ке зæгъун æй гъæуй, мах еу минут дæр нæ иронх кæнæн уой, æма Цæгат Кавкази нæ къохи ци уæлахездзийнæдтæ бафтудæй, уони туххæй фиццагидæр боз ке ан, фæллойнæгæнæг дзиллити гъуддагбæл кæрæй-кæронмæ дæр еузæрдиуон ка адтæй æма бæгъатæрæй ка тох кодта, еци æмбæлттæй: Гикалойæй, Тæкъоти Симонæй, Тогойти Данелæй, Далгатæй, Чабиевæй æма æндæртæй. Етæ ку нæ адтайуонцæ, уæд крайкоми куст уотæ рæвдзæй нæ рацудайдæ».

Хуæнхаг республики Адæмон Комиссарти Совети сæрдарæй Симон бакуста 1922 анзи феврали уæнгæ, уæдта ‘й æхе курдиадæмæ гæсгæ УКП(б) ЦК-й Хонсар Хорискæсæни бюро рарвиста УКП(б)-ий ЦК-ий Кавбюрой бæрни. Æндæр кустмæ ке рацудæй, уой туххæй О. Орахелашвили финста, Симонæн, дан, «устур кадæ кодтонцæ хуæнхаг адæмти фæллойнæгæнæг дзиллитæ, адтæй федар политик – марксист. Хуæнхаг республики еузæрдиуон æма рæстзæрдæ косæг, гъе айдагъдæр æй багъудæй загъта-багътати туххæй хуæнхаг гъуддæгутæй рæстæгмæ хе райеуварс кæнун».

Æхе фæндонмæ гæсгæ Симони Кавбюро рарвиста Гурдзий УКП (б)-ий ЦК-ий бæрни. Ами æй исæвардтонцæ раздæр Калаки æнхæсткоми иуонгæй, уæдта партий Батуми обкоми фиццаг секретарæй. 1922 анзи июни æй исæвардтонцæ УКП(б) Фæскавкази крайкоми агитпропхайади сæргълæууæгæй, еци рæстæг ма адтæй газет «Заря Востока»-йи бæрнон редактори хуæдæййевæг дæр. 1922-1923 æнзти адтæй Гурдзий Центрон Æнхæстгæнæн Комитети иуонг.

Тæкъой-фурти 1923 анзи исуæгъдæ кодтонцæ «Заря Востока»-йи редакций кустæй æма ‘й исæвардтонцæ 26 комиссари номбæл Фæскавкази Коммунистон университети ректорæй (еци рæстæги куста агитпропхайади сæргълæууæгæй дæр).

 

«РÆСТЗÆРДÆЙ ЛÆГГАДÆ КОДТА Æ АДÆМÆН, Æ ФИДИБÆСТÆН…»

 

Партион æма советон оргæнтæ Калакмæ рарвистонцæ курдиадæ, цæмæй Тæкъой-фурти рарветонцæ Хуæнхаг республикæмæ косунмæ. Еци курдиадæмæ гæсгæ Симони исуæгъдæ кодтонцæ УКП(б)-ий Фæскавкази крайкоми æма университети кустæй. Симон æрцудæй Цæгат Иристонмæ. Уæдмæ Хуæнхаг республикæ радехтæ ‘й автономон облæститæбæл. Тæкъой-фурт раздæр куста Цæгат Иристони автономон облæсти æнхæстгæнæг комитети сæрдари хуæдæййевæгæй, уой фæсте ба, 1924 анзи ноябрæй 1927 анзи январмæ партий Цæгат Иристони обкоми фиццаг секретарæй. Адтæй УКП(б)-ий Цæгат Кавкази крайкоми æма Крайи æнхæсткоми иуонг.

Цæгат Иристонæй автономон облæст арæзт ке ‘рцудæй, уомæ гæсгæ облæсти партион организаций размæ æрлæудтæй зин æма бæрнон ихæстæ: æрфедар кæнун гъудæй нæуæгигурд паддзахадæдзийнадæ, кадртæ равзарун гъудæй паддзахадон аппаратмæ, исфедар кæнун гъудæй коопераци æма сахари æма гъæути ‘хсæн æмцегдзийнадæ, адæми ракæнун гъудæй культурон революци рапарахат кæнунмæ æма уотæ идарддæр. Æргом æй зæгъун гъæуй, хæдзарадон, культурон æма паддзахадон арæзтади ци сæйрагдæр гъуддæгутæ конд цудæй, етæ еугурæйдæр адтæнцæ Тæкъой-фурти хъæппæресæй æма уой разамундæй.

Гъе уотемæй, Тæкъоти Симон, раздæр Хуæнхаг республики бæрнон бунати уогæй, уой фæсте ба партий Цæгат Иристони обкоми фиццаг секретарæй косгæй, берæ бакодта Иристони уæдта иннæ хуæнхаг адæмти царди дæр Советон хецаудзийнадæ æма социалистон паддзахадæдзийнадæ æрфедар кæнунæн. Федарæй лæудтæй партий рæнгъити кæдзосдзийнади фарс. Бæгъатæр тох кодта буржуазон национализми нихмæ. Æ гъос хъæбæр дардта фæллойнæгæнгути интернационализми уагæбæл гъомбæл кæнунмæ.

Æнæфедуйгæ царди æнхæст кодта ленинон, экономикон, политикон æма культурон еугур фарстатæ дæр. 1927 анзи мартъий косунмæ рандæ ‘й Мæскумæ æма 1929 анзи октябри уæнгæ адтæй УСФСР-и Рохсади Адæмон комиссаради Н.К. Крупскаяйи хуæдæййевæг (Крупская уæд адтæй Главполитпросвети хецау). Цæйбæрцæдæр рæстæг ахæста УСФСР-и Рохсади Адæмон Комиссаради Главпрофобри сæргълæууæги бунат. Еци рæстæг ма адтæй Хорискæсæни адæмти Коммунистон университети наукон косæг æма ахургæнæг дæр.

Тæкъоти Симон 1930 анзи июнæй ба æ æрахæссуни уæнгæ (1937 анзи июли 30-аг бони) куста Кремли Уæрæсей Центрон Æнхæстгæнæг Комитети нацити хайади хецауи хуæдæййевæгæй.

Иристони номдзуддæр адæймæгутæй еу, Тæкъоти Симон æ еугур революцион æма партион-паддзахадон кустæй равдиста, рæстзæрдæ адæймаг ке адтæй æма æнæфæккеугæй лæггадæ ке кодта æ адæмæн æма Райгурæн бæстæн. Уой ин нæ ниббухстæнцæ нæ адæми знæгтæ, арæзт ибæл æрцудæй æбуалгъ, мæнгард гъуддаг æма ‘й 1937 анзи æрахæстонцæ. 1938 анзи октябри 24-аг бони ахæстдони рамардæй.