29 апреля 2024

АДГИН ДӔР ӔЙ ӔМА ПАЙДА ДӔР!..

28.07.2021 | 16:56

Аци афони, уӕлдайдӕр тӕвдӕ рӕстӕги, фулдӕр хӕттити зӕрдӕ байагоруй харбуз. Ӕ адгин донӕй ком рауазал кӕнунӕй хуӕздӕр ма ци фӕууй. Фал беретӕ нӕ зондзӕнӕнцӕ еугуремӕндӕр уарзон ӕма алкӕмӕндӕр зундгонд зайӕгоймӕ биологион цӕстингасӕй ку ’ркӕсӕн, уӕд ӕй бахӕссӕн ке ес гагарӕзи къӕпхӕнмӕ. Ӕндӕр дзурдтӕй ӕй ку зӕгъӕн, уӕд е ӕй халсарон гагарӕзӕ, уотемӕй ба хауй насӕнгӕсти бийнонтӕмӕ.

Гъе, уӕхӕн цӕхгӕрмӕ хецӕндзийнӕдтӕбӕл ку нӕ гъуди кӕнӕн, уӕд харбуз адӕймаги организмӕн пайда ке ‘й, е зундгонд ӕй хъӕбӕр рагӕй. Ӕ нивтӕ ин абони фӕууинӕн ес мисираг пирамидити фӕрстӕбӕл. Аргъ кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн агъазиау халсартӕбӕл ба нимад цудӕй Рагон Китайи. Уоми кӕддӕр бӕрӕг кодтонцӕ «Харбузи бон» дӕр. Уӕрӕсемӕ ба кӕрдӕгхуз гъолон-молон «къубулойнӕ» ӕрбафтудӕй XVII ӕноси, ӕма зундгонд иссӕй, куд ӕнахур дессаги адгин ӕма ӕнӕнездзийнадӕн пайдахӕссӕг культурӕ.

Ӕцӕгӕйдӕр, организмӕн пайда ке хӕссуй, уобӕл дзоруй харбузи химион исконд. Ӕ сурх фӕлмӕни берӕ ес витаминтӕ С ӕма РР, уӕдта В къуари витаминтӕ, каротин ӕма фолийи тауӕгадӕ.

Гъуддаг уотӕ ’й, ӕма харбуз хуӕрун агъаз кӕнуй организм уӕлдай уӕзӕй фӕййервӕзунӕн. Ӕ ӕвӕрццӕг рахуӕцӕнтӕ ба ӕнцӕ цалдӕр. Фиццагидӕр ами ес донихупп тӕрӕн менеуӕг. Ӕ фӕрци адӕймаги уӕзӕ еу-дууӕ килограммей бӕрцӕ фӕмминкъийдӕр уй, организмӕй уӕлдай тӕнгъӕдтӕ ке рацӕуй, уой туххӕй.

Дуккагӕй, харбуз ӕнцонӕй фесафуй стонги ӕнкъарӕнтӕ. Ӕ пайда ба уой медӕгӕ ‘й, ӕма харбузи фӕлмӕни 100 грамми ӕдеугур ес 35 килокалорий – харбуз байдзаг кӕнуй ахсӕн ӕма адӕймаг феронх уй е ’стонг. Уомӕй уӕлдай, минкъий ахедундзийнадӕ нӕййес аци халсарон гагарӕзи адгин адӕн дӕр. Физиологион ӕртасӕнтӕ куд равдистонцӕ, уотемӕй адгиндзийнадӕ хъӕбӕрдӕр ӕвзурун кӕнуй ӕфсӕсти ӕнкъарӕнтӕ. Уомӕ гӕсгӕ харбузи фӕрци ахсӕн фӕккосуй рӕуӕгдӕр уагӕвӕрди, адӕймаг хуӕруйнагбӕл минкъийдӕр фӕгъгъуди кӕнуй.

Куд загътан, уотемӕй харбуз минкъий пайда нӕ хӕссуй организмӕн. Е агъаз кӕнуй зӕрди тогдадзинтти ӕма ургти незти азарӕй ци рӕсудтитӕ фӕззиннуй бауӕрбӕл, уони дзӕбӕх кӕнгӕй дӕр. Харбузи дон ӕй фруктозӕ ӕвзурунгӕнӕг. Е сӕкӕрӕй игъаугидӕр тагъддӕр батайуй организми.

Харбуз ма пайда ӕй уомӕй дӕр, ӕма клетчатки хӕццӕ е ӕлхъевун райдайуй ставд хӕлори ӕма ратӕруй холестерини уӕлдӕйттӕ. Диетологти гъудимӕ гӕсгӕ, суткӕмӕ харбузи фӕлмӕн хуӕрӕн ес 2,5 килограмми, фал уой кӕнун гъӕуй ӕмхузон – минкъий хӕйттӕй. Уӕлдай хъӕбӕрдӕр аци домӕн ӕнхӕст кӕнун гъӕуй, сӕ ургти дортӕ кӕмӕн ес, еци адӕмӕн. Уомӕн ӕма иннетӕй игъаугидӕр уонӕн харбуз фулдӕр пайда хӕссуй.

Уӕхӕн сӕйгити организми донихуппи цӕнхити ӕмвӕзадӕ харбузи бауӕргъӕдти ӕндӕвдади фӕрци уӕлӕмӕ исхезуй, ӕма тайун райдайунцӕ тӕккӕ устурдӕр дортӕ дӕр. Харбузи дон ӕрдзон ӕгъдауӕй зианхӕссӕг бауӕргъӕдтӕ ӕндӕмӕ ратӕруй игӕрӕй. Уомӕ гӕсгӕ харбузи аци ӕгӕрон пайдабӕл ӕнӕмӕнгӕ гъуди кӕнун гъӕуй, игӕри хроникон незтӕ дзӕбӕх кӕнгӕй, уӕдта хуайраг адӕймагӕн ку нӕ батайуй, еци рӕстӕги дӕр. Аци адгин халсар хуӕрун дохтиртӕ фӕййамонунцӕ антибиотикон медицинон хуастӕй дзӕбӕхкӕнуни кусти фӕсте дӕр.

Раст ку зӕгъӕн, уӕд харбузи фӕлмӕни буни ци хъӕбӕр цъарӕ фӕууй, мах алкӕддӕр гӕлдзгӕ ке фӕккӕнӕн, уой дон никки хъазардӕр ӕй сурх фӕлмӕни донӕй, донихупп тӕрӕн менеугутӕ имӕ фулдӕр ке ес, уой туххӕй. Фӕткъуй дони хӕццӕ исхӕлӕмулӕ кӕнгӕй си ци ниуазуйнаг рауайуй, е берӕ хӕлардӕр ӕма иуонгрӕуӕггӕнӕг дӕр ӕй. Еудзурдӕй, харбузи цъари ци бауӕргъӕдтӕ ес, етӕ дӕр минкъийдӕр пайда нӕ ’нцӕ организмӕн, махмӕ ба уотӕ фӕккӕсуй, цума етӕ нецӕмӕн гъӕунцӕ. Фал уӕхӕн ниуазуйнаг агувзи ӕмбесӕй фулдӕр еу хаттӕн ниуазӕн нӕййес. Уомӕн ӕма тӕссаг ӕй донихупп тӕрӕн менеуӕг ӕгӕр хъаурӕгин ку фӕууа, уомӕй.

Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, адгин харбуз практикон ӕгъдауӕй пайда ӕй еугуремӕн дӕр. Фал ӕ берӕ некӕмӕн бӕззуй, уӕлдайдӕр ба сӕкӕри диабетӕй сӕйгитӕн, сӕ игӕрти дортӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн адӕмӕн, дӕлахсӕнон незтӕ кӕмӕ ес ӕма ӕндӕртӕн. Уомӕй уӕлдай зӕрдӕбӕл дарун гъӕуй, харбуз цӕхгунти хӕццӕ ке нӕ бӕззуй, уой дӕр. Уомӕн ӕма цӕнхӕ тӕнгъӕдӕ ниууорамуй организми, ӕма гӕнӕн ес, ӕ фӕсте рӕсудтитӕ ку расайа, уомӕй.

Кӕронбӕттӕни ба мӕ зӕгъун фӕндуй: гӕнӕн ку уа, уӕд ци харбуз ӕлхӕнайтӕ, уой исбӕрӕг кӕнетӕ, нитраттӕ си ес ӕви нӕ. Етӕ организммӕ ку бахаунцӕ, уӕд зӕрдӕ фӕххӕссуй, губун фӕддон уй, сауӕнгӕ ма уомун дӕр фӕццӕуй. Кӕд халсарти кӕдзосдзийнадӕ исбӕрӕг кӕнун къохи нӕ бафтуйа, уӕддӕр ӕй уӕ бон ӕй балхӕнун, ӕцӕг уой уӕ зӕрдӕбӕл даретӕ – харбузӕн ӕ пайда ӕй ӕ хурфи фӕлмӕн, зианхӕссӕг нитраттӕ ба бамбурд унцӕ цъари.

 

БЕСЛЕХЪОТИ Ирӕ,

дохтир.